Йезекил 47:1—23
47 Ӕмӕ мӕ фӕстӕмӕ Хӕдзары бахизӕны размӕ ӕрбакодта+ ӕмӕ федтон, Хӕдзары къӕсӕры бынӕй скӕсӕнырдӕм дон+ кӕй кӕлы, уымӕн ӕмӕ Хӕдзары ӕргом здӕхт уыд скӕсӕнырдӕм+. Дон калд бынӕй, Хӕдзары рахиз фарсӕй, ӕмӕ калд нывондхӕссӕнӕн хуссарырдыгӕй.
2 Уый фӕстӕ мӕ цӕгатаг кулдуарыл ӕддӕмӕ рахизын кодта+ ӕмӕ мӕ ӕддӕрдыгӕй, скӕсӕнырдӕм чи каст, уыцы кулдуары размӕ ӕрбакодта+, ӕмӕ федтон, дон+ кӕй кӕлы рахизырдыгӕй.
3 Уыцы адӕймаг барӕн бӕндӕнимӕ ацыд скӕсӕнырдӕм+, абарста иу мин ӕлмӕрины ӕмӕ мӕ доны сӕрты ахизын кодта. Дон хӕццӕ кодта фадхъултӕм.
4 Ногӕй та иу мин ӕлмӕрины абарста ӕмӕ мӕ доны сӕрты ахизын кодта. Дон хӕццӕ кодта уӕрджытӕм.
Абарста ма ноджыдӕр иу мин ӕлмӕрины ӕмӕ та мӕ доны сӕрты ахизын кодта. Дон хӕццӕ кодта синты онг.
5 Ӕмӕ та иу мин ӕлмӕрины абарста. Ӕмӕ цӕугӕдон ахӕм уыд, ӕмӕ йыл мӕ бон нӕ уыд ахизын, уымӕн ӕмӕ дон хӕрдмӕ афтӕ ссыд, ӕмӕ дзы хъуыди ленк кӕнын. Ахизӕн ыл нӕ уыд.
6 Ӕмӕ мын уӕд загъта: «Ай федтай, адӕймаджы фырт?»
Стӕй мӕ фӕстӕмӕ цӕугӕдоны былмӕ ракодта.
7 Куы ’рбаздӕхтӕн, уӕд кӕсын, ӕмӕ цӕугӕдоны былтыл дыууӕрдыгӕй дӕр – дуне бӕлӕстӕ+.
8 Ӕмӕ мын загъта: «Ацы дон кӕлы скӕсӕнмӕ Аравӕйыл+ ӕмӕ кӕлы денджызмӕ+. Уый кӕлы денджызмӕ+, ӕмӕ денджызы дон сдзӕбӕх вӕййы.
9 Ӕмӕ ацы гуылфгӕнгӕ цӕугӕдон кӕмдӕриддӕр кӕла, уым цыдӕриддӕр цӕрӕг удтӕ уа+, уыдон иууылдӕр райгас уыдзысты. Уыдзӕн дзы тынг бирӕ кӕсаг, уымӕн ӕмӕ уырдӕм бахӕццӕ уыдзӕн ацы дон. Денджызы дон сдзӕбӕх уыдзӕн+, ӕмӕ, дон кӕдӕм бахӕццӕ уа, уым алцыдӕр цӕрдзӕн.
10 Ӕмӕ кӕсагахсджытӕ лӕудзысты денджызы былтыл Ен-Гедийӕ+ суанг Ен-Еглаимы онг. Уыцы ран уыдзӕн, кӕсагахсӕн хызтӕ кӕм хус кӕной, ахӕм бынат. Уым уыдзӕн тынг бирӕ алыхуызон кӕсӕгтӕ, Стыр денджызы+ цыхуызӕн кӕсӕгтӕ ис, ахӕмтӕ.
11 Йӕ дон кӕм сцъымара ӕмӕ кӕм схъуына, уыцы бынӕттӕ не сдзӕбӕх уыдзысты+. Уыдон бауыдзысты цӕххы хай+.
12 Цӕугӕдоны былтыл дыууӕрдыгӕй дӕр уыдзӕн алыхуызон дыргъбӕлӕстӕ+. Сӕ сыфтӕр нӕ хус кӕндзӕн+ ӕмӕ сӕ дыргъ никуы фӕуыдзӕн+. Алы мӕй дӕр дӕтдзысты ног дыргътӕ, уымӕн ӕмӕ сӕхи ӕфсадынц, кувӕндонӕй чи кӕлы, уыцы донӕй+. Сӕ дыргътӕ уыдзысты хӕрынӕн, сӕ сыфтӕр та – дзӕбӕх кӕнынӕн»+.
13 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: «Ай у, уӕхицӕн бынӕн кӕй райсдзыстут, уыцы зӕхх – Израилы дыууадӕс мыггаджы зӕхх. Иосифмӕ дзы ӕмбӕлы дыууӕ хайы+.
14 Сымах бынӕн райсдзыстут ацы зӕхх – мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ уӕ фыдӕлтӕн+ кӕй тыххӕй расомы кодтон, ратдзынӕн уын ӕй, зӕгъгӕ, уыцы зӕхх+. Ӕмӕ алкӕмӕ дӕр зӕхх ӕрхаудзӕн, йе ’фсымӕрмӕ цас ӕрхауа, уыйбӕрц. Уыцы зӕхх сымахӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн бынӕн+.
15 Мӕнӕ ай у зӕххӕн йӕ цӕгатаг арӕн – цӕуы Стыр денджызӕй, Хетлонмӕ+ чи цӕуы, уыцы фӕндагыл, стӕй Цедадмӕ+,
16 уый фӕстӕ Хаматмӕ+, Беротмӕ+, Сивраиммӕ, Дамаскы+ арӕн ӕмӕ Хаматы арӕны ’хсӕн чи ис, уымӕ. Дарддӕр цӕуы Гацар-Тихоныл, Авраны+ арӕны ’рдыгӕй чи ис, ууыл.
17 Денджызӕй арӕн цӕуы Гацар-Еноны+ онг – Дамаскы арӕны онг ӕмӕ цӕгатмӕ, цӕгатырдӕм, ӕмӕ Хаматы+ арӕны онг. Уый у цӕгатаг арӕн.
18 Йе скӕсӕйнаг арӕн цӕуы Авран+ ӕмӕ Дамаскы+ ’хсӕн, Галаад+ ӕмӕ Израилы зӕххы ’хсӕн, Иорданы+ рӕзты. Арӕнӕй абарут скӕсӕйнаг денджызы* онг. Уый у скӕсӕйнаг арӕн.
19 Хуссайраг арӕн цӕуы Фамарӕй+ Мериваф-Кадисы+ дӕтты онг, стӕй Египеты дӕлвӕзмӕ+ ӕмӕ Стыр денджызы онг. Уый у хуссайраг арӕн, Негевы ’рдӕм.
20 Ныгуылӕйнаг арӕн у Стыр денджыз – хуссайраг арӕнӕй комкоммӕ Хаматы арӕнты онг+. Уый у ныгуылӕйнаг арӕн».
21 «Ацы зӕхх байуарут уӕ кӕрӕдзийыл, Израилы дыууадӕс мыггагыл.
22 Бынӕн ӕй байуарут кӕрӕдзийыл+ ӕмӕ, уе ’хсӕн чи цӕры ӕмӕ фырттӕ кӕмӕн райгуырд, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтыл+. Ӕмӕ уыдон сымахӕн, Израилы фырттӕн, суыдзысты израилӕгты хуызӕн. Сымахау уыдонмӕ дӕр Израилы мыггӕгтимӕ иумӕ ӕрхаудзӕн бынтӕ+.
23 Ӕрцӕуӕггагӕн бынтӕ раттут, цы мыггаджы ’хсӕн ӕрцард, уыцы мыггагимӕ»,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.
Фиппаинӕгтӕ
^ Ома Мард денджызы.