Йезекил 5:1—17

5  Адӕймаджы фырт, райс цыргъ хъама ӕмӕ йӕ хилдасӕджы дасӕнау дӕ сӕрыл ӕмӕ дӕ боцъойыл рауадз+. Стӕй райс уӕзбарӕн ӕмӕ дӕ хъуынтӕ ӕртӕ дихы акӕн.  Хъуынтӕн сӕ иу хай басудз горӕты астӕу, горӕты алыварс цы бонтӕ хъуамӕ лӕууай, уыцы бонтӕ куы фӕуой, уӕд+. Уый фӕстӕ райс хъуынтӕн сӕ иннӕ хай ӕмӕ сӕ горӕты алыварс хъамайӕ скӕрд+. Ӕртыккаг хай та дымгӕйӕн ахӕссын кӕн. Ӕз мӕ хъама йӕ кӕрддзӕмӕй сласдзынӕн ӕмӕ йӕ сӕ фӕдыл бафтаудзынӕн+.  Фӕлӕ ӕртыккаг хайӕ иу гыццыл сис ӕмӕ сӕ дӕ фӕдджийы бабӕтт+.  Цы ма дзы баззайа, уыдон та арты баппар ӕмӕ сӕ басудз. Уырдыгӕй арт ахӕлиу уыдзӕн ӕгас Израилы адӕмыл+.  Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ай у Иерусалим. Ӕз ӕй сӕвӕрдтон адӕмты ’хсӕн, бӕстӕты астӕу.  Фӕлӕ уый цыди мӕ тӕрхӕтты ныхмӕ, иннӕ адӕмтӕй фыддӕр митӕ кодта+, йӕ алыварс цы бӕстӕтӕ ис, уыдонӕй ноджы тынгдӕр цыди мӕ закъӕтты ныхмӕ. Уый мын мӕ тӕрхӕттыл йӕ къух систа, мӕ закъӕттӕм гӕсгӕ нӕ цард“+.  Уый тыххӕй афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Сымах, уӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, уыдонӕй фыдзонддӕр уыдыстут+, мӕ закъӕттӕм гӕсгӕ мын нӕ цардыстут ӕмӕ мын мӕ тӕрхӕттӕ не ’ххӕст кодтат+, фӕлӕ ӕххӕст кодтат, уӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, уыдоны тӕрхӕттӕ. Афтӕ нӕу?+  Ӕмӕ уый тыххӕй афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „О горӕт, ӕз дӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн, о, ӕз+, ӕмӕ адӕмты цӕстыты раз дӕ мидӕг сӕххӕст кӕндзынӕн мӕ тӕрхӕттӕ+.  Де ’ппӕт ӕлгъаг миты тыххӕй дын ӕз ахӕм ми бакӕндзынӕн, ӕмӕ афтӕ никуыма бакодтон ӕмӕ никуыуал бакӕндзынӕн+. 10  Дӕ мидӕг фыд хӕрдзӕн йӕ фырты+, ӕмӕ фырт – йӕ фыды. Ӕмӕ дын ӕз дӕ мидӕг сӕххӕст кӕндзынӕн мӕ тӕрхӕттӕ ӕмӕ ма дӕ чи баззайа, уыдоны дымгӕйӕн алырдӕмты фӕхӕссын кӕндзынӕн“+. 11  „Ӕз, удӕгас Хуыцау, сомы кӕнын мӕхицӕй,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– мӕ кувӕндон мын де ’ппӕт ӕнаккаг хъуыддӕгтӕй+ ӕмӕ де ’ппӕт ӕлгъаг митӕй кӕй фӕчъизи кодтай+, уый тыххӕй дын ӕз дӕ адӕмӕй бирӕ нал ныууадздзынӕн+. Нӕ дын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн+ ӕмӕ дыл нӕ бацауӕрддзынӕн+. 12  Дӕ адӕмӕй иу хай амӕлдзӕн фыднизӕй+, дӕ мидӕг сыскъуыйдзысты ӕххормагӕй+. Иннӕ хай дӕ алыварс фӕцагъды уыдзӕн хъамайӕ. Ӕртыккаг хай та ӕз дымгӕйӕн алырдӕмты фӕхӕссын кӕндзынӕн+. Ӕмӕ мӕ хъама йӕ кӕрддзӕмӕй сласдзынӕн ӕмӕ йӕ сӕ фӕдыл бафтаудзынӕн+. 13  Ӕмӕ уӕд мӕ маст ссӕудзӕн+ ӕмӕ сӕм мӕ маст нал судздзӕн+ ӕмӕ ӕрсабыр уыдзынӕн+. Мӕ судзгӕ маст сыл иууылдӕр куы ныккалон, уӕд ӕй базондзысты, ӕз, Йегъовӕ, кӕй домдтон, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр мӕныл уой иузӕрдион+, ӕмӕ дзургӕ дӕр уый тыххӕй кӕй кодтон. 14  Ӕз дӕ фестын кӕндзынӕн ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ дӕ ныффидиссаг кӕндзынӕн, дӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, уыдоны ’хсӕн, дӕ рӕзты чидӕриддӕр цӕуа, уыдоны цӕстыты раз+. 15  Ды суыдзынӕ фидиссаг+ ӕмӕ дӕ кӕндзысты алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ+, дӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, уыдонӕн суыдзынӕ зондзонӕн+ ӕмӕ-иу дӕумӕ кӕсгӕйӕ базыр-зыр кӕндзысты, ӕз мӕстыйӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ дӕ мидӕг мӕ тӕрхӕттӕ куы сӕххӕст кӕнон ӕмӕ дӕ мӕстӕй судзгӕйӕ куы бафхӕрон, уӕд+. Уый загътон ӕз, Йегъовӕ. 16  Ӕххормагдзинады судзгӕ фаттӕ уыл куы суадзон+, цӕмӕй уӕ фесафон ӕмӕ уӕ ныццӕгъдон+, уӕд уыл ноджы карздӕр ӕххормаг заман скӕнын кӕндзынӕн ӕмӕ уын ныссӕтдзынӕн, уӕ гуылтӕ цы хъилтыл ауыгъд вӕййынц, уыдон+. 17  Ӕз уыл ӕххормаг заман скӕнын кӕндзынӕн ӕмӕ уыл сардаудзынӕн тугдзых сырдты+, ӕмӕ уӕ уыдон уӕ сывӕллӕттӕй ӕнӕхай фӕкӕндзысты. Фыдниз уыл сыстдзӕн+, уӕ туг кӕлдзӕн+ ӕмӕ уыл хъама рауадздзынӕн+. Уый загътон ӕз, Йегъовӕ“».

Фиппаинӕгтӕ