Йереми 46:1—28
46 Йегъовӕ пехуымпар Йеремийӕн загъта адӕмты тыххӕй+ –
2 Египеты+ тыххӕй, фараон Нехойы, Египеты паддзахы+ ӕфсады тыххӕй, Евфраты цӕугӕдоны раз Кархемисы+ чи уыд ӕмӕ, Иосийы фырт Иоаким+ Иудӕйы паддзах цыппӕрӕм аз куы уыд, уӕд Вавилоны паддзах Навуходоносор кӕй ныппырх кодта, уый тыххӕй:
3 «Ӕрцӕттӕ кӕнут гыццыл ӕмӕ стыр уартытӕ, ӕмӕ хӕцынмӕ ацӕут+.
4 Барджытӕ, уӕ бӕхтӕ сифтындзут ӕмӕ сыл сбадут, уе згъӕрхудтӕ ӕркӕнут ӕмӕ цӕттӕйӕ лӕуут. Сцыргъ кӕнут уӕ ӕрцытӕ ӕмӕ скӕнут уе згъӕрхӕдӕттӕ+.
5 „Фыртӕссӕй сӕ зыр-зыр цӕмӕн цӕуы? Лидзӕг фесты, сӕ тыхджын лӕгтӕн се уӕнгтӕ ӕркалдысты. Сӕ сӕртӕ ӕфснайынмӕ фесты+, фӕстӕмӕ дӕр дзы ничи фӕкаст+,– зӕгъы Йегъовӕ.–
6 Цӕрдӕг чи у, уый алидзыныл ма архайӕд, тыхджын чи у, уый та – йӕ сӕр бафснайыныл+. Цӕгатырдыгӕй+, Евфраты цӕугӕдоны был фӕкалдысты ӕмӕ ахаудысты“+.
7 Уӕртӕ уый чи у? Нилы абухгӕ дӕттау чи ӕрбацӕуы?+
8 Египет ӕрбацӕуы Нилы цӕугӕдонау+, абухгӕ цӕугӕдӕттау+. Уый зӕгъы: „Ацӕуон, зӕхх бамбӕрзон, горӕт ныппырх кӕнон ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты фесафон“+.
9 Бӕхтӕ, сыстут! Бӕхуӕрдӕттӕ, размӕ тӕхут! Рацӕуӕнт тыхджын лӕгтӕ, Куш*+ ӕмӕ Фут+, уартыл чи хӕцы, уыдон, ӕмӕ Лудим+, ӕрдын чи цӕттӕ кӕны, уый.
10 Уый у Дунедарӕг Хуыцауы, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы бон, йӕ мастисӕн бон. Уыцы бон йе знӕгтӕй йӕ маст райсдзӕн+. Хъама сӕ ныхъуырдзӕн, сӕ тугӕй йӕхи ӕфсаддзӕн, цалынмӕ йӕ дойны сӕ тугӕй нӕ басӕтта, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг+ Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ нывонд хӕссы+ цӕгатаг зӕххыл, Евфраты цӕугӕдоны цур+.
11 Галаадмӕ ссу ӕмӕ бальзам+ ӕрхӕсс, Египеты чызг+. Дзӕгъӕлы сбирӕ кодтай дӕ хостӕ. Дӕуӕн уӕддӕр ницыуал баххуыс кӕндзӕн+.
12 Кӕй фегад дӕ, уый адӕмтӕ фехъуыстой+, ӕмӕ бӕстӕ дӕ хъӕрӕй байдзаг+. Иу тыхджын лӕг иннӕ тыхджын лӕгыл+ йӕ къах скъуырдта, сӕ дыууӕ дӕр ахаудысты».
13 Вавилоны паддзах Навуходоносор Египеты бӕстӕ басӕттынмӕ кӕй ӕрбацӕудзӕн, уый тыххӕй Йегъовӕ пехуымпар Йеремийӕн загъта+:
14 «Дзурут уый тыххӕй Египеты, хъусын ӕй кӕнут Мигдолы+, хъусын ӕй кӕнут Нофы+ ӕмӕ Тафнисы+. Дзурут: „Сыст, дӕхи бацӕттӕ кӕн+, уымӕн ӕмӕ хъама дӕ алыварс алкӕй ныхъуырдзӕн+.
15 Дӕ тыхджын лӕгты дын цӕугӕдон цӕмӕн фӕласта?+ Сӕ бон фидар фӕлӕууын нӕ баци, уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕ фӕсырдта+.
16 Тынг бирӕтӕ сӕ сӕ къах скъуырынц ӕмӕ фӕкӕлынц. Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзурынц: „Сыст, ӕмӕ аздӕхӕм нӕ адӕммӕ, нӕ райгуырӕн зӕхмӕ, цӕмӕй ӕгъатыр хъамайы амӕттаг ма бауӕм“.
17 Уым ныхъхъӕр кодтой: „Фараон, Египеты паддзах, у хиппӕлой!+ Йӕ бӕрӕгбоны рӕстӕг аивгъуыдта“+.
18 „Ӕз, удӕгас Хуыцау, сомы кӕнын мӕхицӕй,– зӕгъы Паддзах, йӕ ном ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+ кӕмӕн у, уый,– уый ӕрцӕудзӕн ӕмӕ уыдзӕн, Фавор+ хӕхты ’хсӕн куыд у ӕмӕ Кармил+ – денджызы цур, афтӕ.
19 Египеты цӕрӕг чызг+, дӕ дзаумӕттӕ ӕрӕмбырд кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ уацары акӕндзысты+. Ноф+ диссагӕн дзуринаг фӕуыдзӕн, арты хай бауыдзӕн ӕмӕ дзы цӕрӕг нал баззайдзӕн+.
20 Египет у рӕсугъд дыгӕрдыджы хуызӕн. Цӕгатӕй къогъотӕ ратӕхдзысты ӕмӕ йыл сӕхи ныццӕвдзысты+.
21 Ӕмӕ кӕд йе ’ххуырст ӕфсӕддонтӕ хӕрзхаст уӕнгуыты+ хуызӕн сты, уӕддӕр лидзӕг фесты+, иууылдӕр иумӕ алыгъдысты. Сӕ бон фидар фӕлӕууын нӕ баци+, уымӕн ӕмӕ се сӕфты бон ӕрцыд, Хуыцау сын сӕ хъуыддӕгтӕм ӕркаст“+.
22 „Растдӕр калмау сыф-сыф кӕны+. Хъаруджын лӕгтӕ йӕм фӕрӕттимӕ ӕрбацӕудзысты, сугтӕ кӕнынмӕ куыд фӕцӕуынц, афтӕ.
23 Уыдон ын йӕ хъӕд ныццӕгъддзысты+,– зӕгъы Йегъовӕ,– уымӕн ӕмӕ дзы ахизӕнтӕ нӕй. Мӕтыхтӕй+ фӕфылдӕр сты, нымӕц дӕр сын нӕй.
24 Египеты чызг+ фефсӕрмы уыдзӕн. Цӕгатаг адӕмы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн“+.
25 Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Ӕз ме ’ргом аздахдзынӕн, Нойы+ чи ис, уыцы Амонмӕ+, фараонмӕ, Египетмӕ, йӕ хуыцӕуттӕм+ ӕмӕ йӕ паддзӕхтӕм+, фараонӕн йӕхимӕ дӕр ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ чидӕриддӕр дары, уыдонмӕ дӕр“+.
26 „Ӕз сӕ ратдзынӕн, марынмӕ сӕ чи хъавы, уыдоны къухмӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносоры къухмӕ+ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты къухмӕ. Фӕлӕ та дзы уый фӕстӕ раздӕрау адӕм ӕрцӕрдзӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ.
27 „Ды та, Иаков, мӕ лӕггадгӕнӕг, ма тӕрс, ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕйы тас мацы уадзӕд, Израил+. Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард ранӕй дӕ ӕркӕндзынӕн ӕмӕ дын дӕ байзӕддӕгты ӕрбакӕндзынӕн, уацары кӕм сты, уырдыгӕй+. Иаков фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзӕн ӕмӕ йӕхицӕн сабырӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрдзӕн ӕмӕ йын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн+.
28 Ма тӕрс, мӕ лӕггадгӕнӕг Иаков,– зӕгъы Йегъовӕ,– уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн+. Цы адӕмты ’хсӕн дӕ ныххӕлиу кодтон, уыцы адӕмты ныццӕгъддзынӕн+. Фӕлӕ дӕу нӕ фесафдзынӕн+. Куыд дын ӕмбӕлы, уымӕ гӕсгӕ дын зонд бацамондзынӕн+ ӕмӕ дӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн“»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ Ефиопи.