Левит 24:1—23
24 Йегъовӕ дарддӕр ныхас кодта Моисеимӕ ӕмӕ йын загъта:
2 «Израилы фырттӕн зӕгъ, ӕмӕ дын хӕссой сыгъдӕг оливӕйы сой цырагъдарӕны кӕнынӕн+, цӕмӕй цырагъдарӕн ӕдзухдӕр судза+.
3 Аарон хъуамӕ ӕдзухдӕр йӕ хъус дара, цӕмӕй Йегъовӕйы раз, ӕмбырды цатыры бадзырды чырыны* цур чи ис, уыцы ӕмбӕрзӕнӕн ӕддӕрдыгӕй, рухс судза изӕрӕй райсоммӕ. Уый у закъон ӕнустӕм сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр.
4 Уый ӕдзухдӕр йӕ хъус дардзӕн+, Йегъовӕйы раз сыгъдӕг сызгъӕринӕй цы цырагъдарӕн+ ис, уымӕн йӕ цырӕгътӕм+.
5 Райс ӕппӕты хуыздӕр ссад ӕмӕ дзы скӕн дыууадӕс гуылы, алы гуылӕн дӕр хъӕуы ефӕйы дыууӕ дӕсӕм хайы ссад.
6 Ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз сыгъдӕг сызгъӕринӕй конд стъолыл+ дыууӕ рӕнхъӕй кӕрӕдзи сӕрыл сӕвӕр: ӕхсӕз гуылы – иуырдыгӕй+, ӕхсӕз – иннӕрдыгӕй.
7 Ӕмӕ дыууӕрдыгӕй дӕр гуылты сӕрыл ӕрӕвӕр сыгъдӕг урс буд, уый уыдзӕн зӕрдылдарӕн дзул+, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинаг Йегъовӕйӕн.
8 Уыцы дзул Йегъовӕйы раз ӕвӕрын хъӕуы алы сабат дӕр+. Уый у бадзырд ӕнустӕм мӕн ӕмӕ Израилы фыртты ’хсӕн.
9 Уыцы дзул уыдзӕн Аарон ӕмӕ йӕ фыртты+, ӕмӕ йӕ хъуамӕ хӕрой сыгъдӕг бынаты+, уымӕн ӕмӕ уый сауджынӕн у уӕлдай табуйаг, уый у йӕ хай, Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй. Уый у закъон ӕнустӕм».
10 Иу израилаг сылгоймагӕн уыди фырт, йӕ фыд та уыди египетаг+. Иухатт уый ӕрбацыд израилӕгты цурмӕ, ӕмӕ, цатыртӕ кӕм уыдысты, уым иу израилагимӕ хыл кӕнын+ райдыдтой.
11 Ӕмӕ израилаг сылгоймаджы фырт райдыдта Хуыцауы ном+ фауын ӕмӕ ӕлгъитын+. Гъемӕ йӕ Моисеймӕ ӕрбакодтой+. Йӕ мады ном уыди Шеломиф, Диврийы чызг, Даны мыггагӕй.
12 Ӕмӕ уыцы лӕппуйы ахстӕй дардтой+, цалынмӕ не сбӕлвырд уыдаид, Йегъовӕ цы зӕгъдзӕн, уый+.
13 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта:
14 «Чи мӕ ’лгъыста, уыцы адӕймаджы ракӕнут цатырты ӕддӕмӕ+, ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ чидӕриддӕр фехъуыста, уыдон ын сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт+, ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр дуртӕй амарӕнт+.
15 Ӕмӕ Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Йӕ Хуыцауы чи ӕлгъита, уыцы адӕймаг хъуамӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп ратта.
16 Йегъовӕйы ном чи фауа, уый хъӕуы амарын+. Адӕм ӕй иууылдӕр хъуамӕ дуртӕй амарой. Хуыцауы ном чифӕнды ма фауа, фӕнды ӕрцӕуӕггаг уӕд, фӕнды израилаг,– хъӕуы йӕ амарын+.
17 Адӕймаг искӕй* куы амара, уӕд ын йӕхи дӕр хъӕуы амарын+.
18 Искӕй фос* чи амара, уый та хъуамӕ бафида – уды тыххӕй уд+.
19 Иу адӕймаг иннӕмӕн куы разиан кӕна, уӕд ын йӕхицӕн дӕр хъӕуы бакӕнын, уый куыддӕриддӕр бакодта, афтӕ+:
20 уӕнджы састӕн – уӕнджы саст, цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт, дӕндаджы састӕн – дӕндаджы саст. Иннӕ адӕймагӕн цы зиан ракодта, раст ахӕм зиан ракӕнын хъӕуы уымӕн дӕр+.
21 Искӕй фос чи амара+, уый хъуамӕ уый тыххӕй бафида+. Адӕймаджы чи амара, уымӕн та йӕхи дӕр хъӕуы амарын+.
22 Иу тӕрхон уын хъуамӕ уа куыд ӕрцӕуӕггагӕн, афтӕ израилагӕн дӕр+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау“»+.
23 Моисей Израилы фырттӕн уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд, Хуыцауы чи ӕлгъыста, уыцы адӕймаджы цатырты ӕддӕмӕ ракодтой ӕмӕ йӕ дуртӕй амардтой+. Израилы фырттӕ бакодтой, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «Ӕвдисӕнады».
^ Комк. «адӕймаджы уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
^ Комк. «фосы уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.