Нееми 13:1—31
13 Уыцы бон адӕмӕн Моисейы чиныг+ хъӕрӕй кастысты+, ӕмӕ дзы фыст уыд, аммонӕгтӕн+ ӕмӕ моавӕгтӕн+ уый бар кӕй нӕй, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауы ӕмбырдӕй уой, ӕмӕ афтӕ ӕнустӕм кӕй уыдзӕн+,
2 уымӕн ӕмӕ уыдон Израилы фыртты размӕ къӕбӕр+ ӕмӕ донимӕ+ нӕ рацыдысты. Стӕй ма Валаамы+ дӕр баххуырстой, цӕмӕй сӕ ралгъыстаид+. Фӕлӕ йын нӕ Хуыцау йе ’лгъыст арфӕмӕ фӕкодта+.
3 Ӕмӕ адӕм уыцы закъон+ куы фехъуыстой, уӕд, се ’хсӕн ӕндӕр адӕмты байзӕддӕгтӕй чидӕриддӕр уыд, уыдоны израилӕгтӕй хицӕн кӕнын райдыдтой+.
4 Сауджын Елиашив+ нӕ Хуыцауы хӕдзары хӕрӕндӕтты+ тыххӕй дзуапп лӕвӕрдта ӕмӕ уыди Товийы+ хӕстӕг. Ӕмӕ уымӕй размӕ
5 Товийӕн скодта стыр хӕрӕндон+. Уыцы уаты раздӕр ӕвӕрдтой хоры кувинӕгтӕ+, буд ӕмӕ мигӕнӕнтӕ. Уым ма ӕвӕрдтой, левиттӕм+, зарӕггӕнджытӕм ӕмӕ дуаргӕстӕм хорӕй, ног сӕнӕй+ ӕмӕ сойӕ+ цы дӕсӕм хай ӕмбӕлд, уый ӕмӕ, сауджынтӕн цы мысайнӕгтӕ хастой, уыдон дӕр.
6 Уыцы рӕстӕг ӕз Иерусалимы нӕ уыдтӕн, уымӕн ӕмӕ, Артаксеркс+ Вавилоны ӕртын дыккӕгӕм+ аз куы уыд паддзах, уӕд фӕстӕмӕ паддзахмӕ аздӕхтӕн. Ӕмӕ та дзы цасдӕры фӕстӕ ногӕй мӕхи ракуырдтон+.
7 Гъемӕ Иерусалиммӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд базыдтон, Елиашив+ цы фыдхъуыддаг сарӕзта, уый – Товийӕн+ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары+ кӕрты уат кӕй ӕрцӕттӕ кодта.
8 Ӕз смӕсты дӕн+ ӕмӕ Товийы дзауматӕ иууылдӕр хӕрӕндонӕй ӕддӕмӕ ракалдтон+.
9 Стӕй загътон, цӕмӕй хӕрӕндӕттӕ+ ссыгъдӕг кодтаиккой+. Ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары мигӕнӕнтӕ+, стӕй хоры кувинӕгтӕ ӕмӕ буд+ дӕр фӕстӕмӕ уырдӕм бахастон.
10 Базыдтон ма, левиттӕм цы хӕйттӕ ӕмбӕлд+, уыдон сын кӕй нӕ лӕвӕрдтой, ӕмӕ левиттӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ сӕ лӕггад кӕй ныууагътой ӕмӕ сӕ хуымтӕм кӕй фӕлыгъдысты, уый дӕр+.
11 Ӕмӕ дӕлбар хицӕуттӕн+ бауайдзӕф кодтон+. Загътон сын: «Ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар рохуаты цӕмӕн ныууагътат?»+ Стӕй левитты ӕрӕмбырд кодтон ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ бынӕтты сӕвӕрдтон.
12 Ӕмӕ Иудӕйы адӕм се ’ппӕт дӕр хорӕй+, ног сӕнӕй+ ӕмӕ сойӕ+ дӕсӕм хай+ къӕбицтӕм ӕрбахастой+.
13 Ӕмӕ уӕд ӕз сауджын Шелемийы, писыр Садокы ӕмӕ левит Федайӕйы къӕбицгӕстӕй сӕвӕрдтон, сӕ дӕлбар ма уыд Матфанийы фырт+ Заккурӕн йӕ фырт Ханан дӕр. Уыдон се ’ппӕт дӕр ӕууӕнкджын адӕймӕгтыл нымад уыдысты+. Ӕмӕ сӕ хӕс уыд, цӕмӕй се ’фсымӕртӕй алкӕмӕн дӕр лӕвӕрдтаиккой+, цы сӕм ӕмбӕлд, уый.
14 О мӕ Хуыцау, уыцы хъуыддаджы тыххӕй-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн+, ӕмӕ дӕ хӕдзарыл+ ӕмӕ дзы чи лӕггад кӕны, уыдоныл хъуыдыгӕнгӕйӕ цы ӕнувыд уарзт равдыстон, уый мын ма ферох кӕн+.
15 Уыцы бонты ӕз Иудӕйы федтон, адӕмӕй чидӕртӕ сабаты+ сӕндуцӕнты сӕнӕфсир кӕй цъӕл кодтой, стӕй хор, сӕн, сӕнӕфсир, легъуитӕ+ ӕмӕ ӕндӕр хӕссинӕгтӕ хӕрджытыл+ кӕй ӕвӕрдтой+ ӕмӕ сӕ сабаты Иерусалиммӕ кӕй ластой+. Ӕмӕ сӕ хойрӕгтӕ куы уӕй кодтой, уыцы бон сын бауайдзӕф кодтон.
16 Тирӕгтӕй+ горӕты чи цард, уыдон та-иу кӕсаг ӕмӕ ӕндӕр уӕйгӕнинӕгтӕ+ ӕрбаластой ӕмӕ-иу сӕ сабаты Иудӕйы фырттӕн Иерусалимы уӕй кодтой.
17 Гъемӕ Иудӕйы кадджын лӕгтӕн+ бауайдзӕф кодтон ӕмӕ сын загътон: «Ахӕм фыдхъуыддаг куыд аразут, сабат хынджылӕггаг цӕмӕн кӕнут?
18 Уӕ фыдӕлтӕ дӕр афтӕ нӕ кодтой+, ӕмӕ нын нӕ Хуыцау нӕхиуыл дӕр ӕмӕ ацы горӕтыл дӕр ӕппӕт ацы бӕллӕхтӕ+ уый тыххӕй не ’руагъта? Ныр та сымах сабат+ хынджылӕггаг кӕнут, цӕмӕй Хуыцау Израилмӕ ноджы тынгдӕр смӕсты уа».
19 Сабаты размӕ бон куыддӕр Иерусалимы кулдуӕрттыл аууон андзӕвыд, афтӕ ӕз загътон, цӕмӕй сӕ сӕхгӕдтаиккой+ ӕмӕ цалынмӕ сабат нӕ фӕуыдаид, уӕдмӕ сӕ ма байгом кодтаиккой. Ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнджытӕй цалдӕр адӕймаджы кулдуӕртты раз сӕвӕрдтон, цӕмӕй сабаты кулдуӕрттыл хӕссын мацы уагътаиккой+.
20 Гъемӕ базаргӕнджытӕ ӕмӕ, алыхуызон уӕйгӕнинӕгтӕ кӕмӕ уыд, уыдон се ’хсӕв дыууӕ хатты Иерусалимы ӕдде арвыстой.
21 Ӕмӕ сӕ уӕд ӕз бафӕдзӕхстон+ ӕмӕ сын загътон: «Ӕхсӕв горӕты къулрӕбын цӕмӕн баззайут? Иу хатт ма куы бакӕнат афтӕ, уӕд уыл нӕ бацауӕрддзынӕн»+. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ сабаты никуыуал ӕрбацыдысты.
22 Ӕз левиттӕн+ бафӕдзӕхстон, цӕмӕй сӕхи сыгъдӕг дардтаиккой+ ӕмӕ-иу кулдуӕрттӕ хъахъхъӕнынмӕ рацыдаиккой+, цӕмӕй сабатбон ма фӕчъизи уыдаид+. О мӕ Хуыцау, уыцы хъуыддаджы тыххӕй дӕр-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн+ ӕмӕ мын де стыр ӕнувыд уарзтмӕ+ гӕсгӕ батӕригъӕд кӕн.
23 Уыцы бонты ма базыдтон, дзуттӕгтӕй чидӕртӕ сӕхицӕн азотаг+, аммонаг ӕмӕ моаваг+ устытӕ кӕй ӕрхастой+, уый дӕр.
24 Ӕмӕ сӕ фырттӕн се ’мбис дзырдтой азотӕгты ӕвзагыл – дзуттагау сӕ ничи дзырдта+, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр иннӕ адӕмты ӕвзӕгтыл.
25 Ӕз сын бауайдзӕф кодтон ӕмӕ сӕ ралгъыстон+, кӕйдӕрты та дзы нӕмгӕ дӕр фӕкодтон+ ӕмӕ сын сӕ сӕрыхъуынтӕ ныттыдтон, стӕй сӕ Хуыцауы раз расомы кӕнын кодтон+ ӕмӕ сын загътон: «Уӕ чызджыты сӕ фырттӕн ма дӕттут, стӕй сын сӕ чызджыты дӕр уӕ фырттӕн кӕнӕ уӕхицӕн ма курут+.
26 Израилы паддзах Соломон дӕр уыдоны тыххӕй нӕ фӕрӕдыд?+ Уый хуызӕн паддзах иу адӕммӕ дӕр нӕ уыд+. Йӕ Хуыцау ӕй уарзта+, ӕмӕ йӕ ӕгас Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдта. Фӕлӕ уый дӕр, йӕхицӕн иннӕ адӕмтӕй цы устытӕ ӕрхаста, уыдон тӕригъӕды бафтыдтой+.
27 Уӕдӕ ахӕм ӕвирхъау ми, ахӕм фыдхъуыддаг куыд кӕнут, иннӕ адӕмтӕй устытӕ куыд хӕссут ӕмӕ нӕ Хуыцауыл гадзрахатӕй цӕмӕн цӕут?»+
28 Хистӕр сауджын Елиашивы+ фырт Иойадӕйӕн+ йӕ фырттӕй иу уыд хоройнаг+ Санаваллаты+ сиахс, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй мӕхицӕй фӕсырдтон+.
29 О мӕ Хуыцау, ӕрхъуыды-иу сӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон фӕчъизи кодтой+ сауджынты лӕггад ӕмӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттимӕ+ цы бадзырд скодтай+, уый.
30 Ӕз та сӕ ссыгъдӕг кодтон+, ӕндӕр адӕмтӕй сӕм цыдӕриддӕр хӕццӕ кодта, уымӕй. Стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй алкӕмӕн дӕр йӕхи хъуыддаг бахӕс кодтон+.
31 Бафӕдзӕхстон ма сын, цӕмӕй суг+ афоныл ласой ӕмӕ фыццаг тыллӕг хӕссой.
О мӕ Хуыцау, ӕрхъуыды-иу мӕ кӕн+ ӕмӕ-иу мын дӕ цӕст хорздзинад бауарзӕд+.