Нееми 5:1—19
5 Фӕлӕ уыцы рӕстӕг адӕм, нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сӕ устытӕ, райдыдтой се ’фсымӕртӕй, дзуттӕгтӕй+, хъаст кӕнын+.
2 Иутӕ сӕ дзырдтой: «Нӕ фыртты ӕмӕ нӕ чызджыты цъынды дӕттӕм, цӕмӕй мӕнӕу самал кӕнӕм ӕмӕ ӕххормагӕй ма амӕлӕм»+.
3 Иннӕтӕ дзырдтой: «Нӕ хуымтӕ, нӕ сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ нӕ хӕдзӕрттӕ цъынды дӕттӕм+, цӕмӕй ӕххормаг заман мӕнӕу самал кӕнӕм».
4 Уыди ма дзы ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ дзырдтой: «Нӕ хуымтӕ ӕмӕ нӕ сӕнӕфсирдӕтты+ тыххӕй ӕхца хӕс исӕм, цӕмӕй паддзахӕн хъалон бафидӕм+.
5 Афтӕмӕй та мах не ’фсымӕртимӕ иу туг стӕм+, ӕмӕ нӕ фырттӕ дӕр уыдоны фырттӕй ницӕмӕй ӕвзӕрдӕр сты, фӕлӕ мах хъуамӕ нӕ фыртты ӕмӕ нӕ чызджыты цагъартӕй дӕттӕм+. Уӕвгӕ, ныр дӕр нӕ чызджытӕй иуӕй-иутӕ цагъартӕ систы. Нӕ бон ницы у бакӕнын, уымӕн ӕмӕ нӕ хуымтӕ ӕмӕ нӕ сӕнӕфсирдӕттӕ кӕйдӕр къухы сты».
6 Куыд хъаст кӕнынц, уый куы федтон ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстон, уӕд тынг смӕсты дӕн.
7 Гъемӕ хъуыддагыл дзӕбӕх ахъуыды кодтон ӕмӕ кадджын лӕгтӕн ӕмӕ дӕлбар хицӕуттӕн бауайдзӕф+ кодтон: «Уый цавӕр стыр проценттӕ+ исут, уымӕй дӕр уе ’фсымӕртӕй?»
Стӕй уыцы хъуыддаджы фӕдыл адӕмы ӕрӕмбырд кодтон+
8 ӕмӕ сын загътон: «Мах ӕппӕт хъарутӕй ууыл архайдтам, цӕмӕй не ’фсымӕрты, дзуттӕгты, иннӕ адӕмты къухӕй фӕстӕмӕ балхӕнӕм+. Ӕмӕ ныр та уӕхӕдӕг уӕй кӕнут уе ’фсымӕрты+, цӕмӕй сӕ сымахӕй ӕлхӕнӕм?» Уыдон хъусӕй лӕууыдысты, цы загътаиккой, уый сын нӕ уыд+.
9 Ӕмӕ сын уӕд ӕз загътон: «Раст нӕ кӕнут+. Хъуамӕ нӕ Хуыцауӕй+ ма тӕрсат+, цӕмӕй иннӕ адӕмты раз, не знӕгты+ раз, ма ныххудинаг+ уӕм?
10 Ӕз дӕр адӕмӕн ӕхца ӕмӕ мӕнӕу ӕфстау дӕттын, стӕй сын ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр дӕттынц. Фӕлӕ уӕ курӕг дӕн, проценттӕ сӕ мауал исӕм+.
11 Уӕ хорзӕхӕй, тӕккӕ абон сын сӕ хуымтӕ+, сӕ сӕнӕфсирдӕттӕ, сӕ оливӕбӕлӕсты дыргъдӕттӕ ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕ фӕстӕмӕ раттут, стӕй сӕ ӕхцайӕ, мӕнӕуӕй, ног сӕнӕй ӕмӕ сойӕ проценттӕн цы сӕдӕйӕм хай райсут, уый дӕр сын фӕстӕмӕ раттут».
12 Уӕд уыдон загътой: «Алцыдӕр сын фӕстӕмӕ ратдзыстӕм+ ӕмӕ сӕ ницыуал ӕрдомдзыстӕм+. Куыддӕриддӕр зӕгъыс, афтӕ бакӕндзыстӕм»+. Ӕмӕ уӕд ӕз сауджынтӕм фӕдзырдтон ӕмӕ, аххосджын чи уыд, уыдоны расомы кӕнын кодтон, афтӕ кӕй бакӕндзысты+.
13 Стӕй цыма мӕ уӕлӕдарӕсы счъилты исты уыд, уыйау сӕ ӕрцагътон ӕмӕ загътон: «Ӕцӕг Хуыцау афтӕ ӕрцӕгъддзӕн, ацы ныхас чи нӕ сӕххӕст кӕна, уыцы адӕймаджы: йӕ хӕдзарӕй ӕмӕ йӕ йӕ исбонӕй ӕнӕхай фӕкӕндзӕн. О, афтӕ йӕ ӕрцӕгъддзӕн, ӕмӕ ӕнӕ ницӕмӕй баззайдзӕн». Уӕд адӕм иууылдӕр загътой: «Аммен!»+ Ӕмӕ Йегъовӕйы кадджын кӕнын райдыдтой+. Гъемӕ адӕм уыцы ныхасмӕ байхъуыстой+.
14 Ӕмӕ ма ноджыдӕр иу хъуыддаг: паддзах мӕ Иудӕйы бӕстӕйӕн хицауӕй+ куы сӕвӕрдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ дыууадӕс азы дӕргъы, Артаксеркс+ дыууынӕм+ аз куы уыд паддзах, уыцы азӕй суанг, ӕртын дыккӕгӕм+ аз куы уыд паддзах, уӕдмӕ, ӕз ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ нӕ истам, хицӕуттӕм цы хойраг ӕмбӕлд, уый+.
15 Мӕ размӕ цы хицӕуттӕ уыд, уыдон та адӕмыл уӕззау уаргъ сӕвӕрдтой, алы бон дӕр сӕ дзулӕн ӕмӕ сӕнӕн истой цыппор сиклы* ӕвзист. Стӕй ма-иу сӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр адӕмӕн сӕхи схицау кодтой+. Фӕлӕ ӕз афтӕ нӕ кодтон+, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй тарстӕн+.
16 Уымӕй уӕлдай, ӕз мӕхӕдӕг дӕр къул амайынӕн ӕххуыс кодтон+ ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнджыты дӕр се ’ппӕты дӕр уырдӕм кусынмӕ ӕрӕмбырд кодтон. Стӕй нӕхицӕн зӕххытӕ дӕр нӕ амал кодтам+.
17 Мемӕ иу фынгыл хордтой сӕдӕ фӕндзай адӕймаджы дзуттӕгтӕй ӕмӕ дӕлбар хицӕуттӕй, стӕй нӕм-иу нӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕй чи ӕрбацыд, уыдон дӕр+.
18 Алы бон дӕр мӕм ӕргӕвстой иу гал, ӕхсӕз нард фысы ӕмӕ кӕрчытӕ*, алы дӕсӕм бон та-иу фынгыл парахатӕй уыд алыхуызон сӕн+. Стӕй сӕ ӕз, хицаумӕ цы хойраг ӕмбӕлд, уый нӕ домдтон, уымӕн ӕмӕ адӕм ӕнӕуи дӕр уӕззау уавӕры уыдысты.
19 О мӕ Хуыцау, ӕрхъуыды-иу кӕн+, ацы адӕмы тыххӕй цы сарӕзтон+, уый ӕмӕ мын дӕ цӕст хорздзинад бауарзӕд+.