Нееми 7:1—73
7 Куыддӕр къул арӕзт фӕци+, афтӕ йын йӕ дуӕрттӕ сӕвӕрдтон+. Стӕй дуаргӕстӕ+, зарӕггӕнджытӕ+ ӕмӕ левиттӕ+ дӕр ӕвӕрд ӕрцыдысты.
2 Ме ’фсымӕр Ананийы+ ӕмӕ Галуаны+ хицау Ананийӕйы Иерусалимы сӕргъы сӕвӕрдтон, уымӕн ӕмӕ Ананийӕ тынг ӕууӕнкджын+ адӕймаг уыд ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕй бирӕтӕй тынгдӕр тарст+.
3 Ӕмӕ сын ӕз загътон: «Цалынмӕ хур не ’рӕндава, уӕдмӕ-иу Иерусалимы кулдуӕрттӕ+ ма бакӕнут. Ӕхгӕд та-иу хъуамӕ ӕрцӕуой, цалынмӕ дуаргӕстӕ уым лӕууой, уӕдмӕ+. Стӕй ма Иерусалимы цӕрджытӕй дӕр хъӕуы хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрын, сӕ иуты – хъахъхъӕнӕн бынӕтты, иннӕты та – сӕ хӕдзӕртты раз»+.
4 Фӕлӕ горӕт стыр ӕмӕ уӕрӕх уыд, адӕм та дзы гыццыл уыд+. Стӕй хӕдзӕрттӕ дӕр арӕзт нӕма уыдысты.
5 Гъемӕ мын мӕ Хуыцау мӕ зӕрдӕйы+ ахӕм хъуыды сӕвӕрдта, цӕмӕй кадджын лӕгты, дӕлбар хицӕутты ӕмӕ адӕмы ӕрӕмбырд кодтаин, ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм+ гӕсгӕ фыст ӕрцыдаиккой. Уӕд ссардтон, фыццаг чи ’рцыд, уыдоны хӕдзарвӕндӕгтӕ фыст кӕм уыдысты, уыцы чиныг+ дӕр. Фыст дзы уыд:
6 «Мӕнӕ адон сты дӕлбар бӕстӕйы+ цӕрджытӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносор+ уацары+ кӕй акодта ӕмӕ фӕстӕдӕр Иерусалиммӕ ӕмӕ Иудӕйы зӕхмӕ чи ӕрыздӕхт, уыдон. Алчидӕр сӕ ӕрыздӕхт йӕхи горӕтмӕ+.
7 Уыдон ӕрцыдысты Зоровавел+, Йесо+, Нееми, Азари, Раами, Нахмани, Мардохей+, Билшан, Мисфереф, Бигвай, Нехум ӕмӕ Ваанӕимӕ.
Израилы нӕлгоймӕгтӕ нымадӕй уыдысты:
8 Парошы+ фырттӕ – дыууӕ мин сӕдӕ ӕвдай дыууӕ,
9 Сафатийы+ фырттӕ – ӕртӕсӕдӕ ӕвдай дыууӕ,
10 Арахы+ фырттӕ – ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай дыууӕ,
11 Пахаф-Моавы+ фырттӕ, Йешуа ӕмӕ Иоавы+ фырттӕй,– дыууӕ мин астсӕдӕ ӕстдӕс,
12 Еламы+ фырттӕ – иу мин дыууӕсӕдӕ фӕндзай цыппар,
13 Заффуйы+ фырттӕ – астсӕдӕ цыппор фондз,
14 Закхайы+ фырттӕ – авдсӕдӕ ӕхсай,
15 Биннуйы+ фырттӕ – ӕхсӕзсӕдӕ цыппор аст,
16 Бевайы+ фырттӕ – ӕхсӕзсӕдӕ дыууын аст,
17 Азгады+ фырттӕ – дыууӕ мин ӕртӕсӕдӕ дыууын дыууӕ,
18 Адоникамы+ фырттӕ – ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай авд,
19 Бигвайы+ фырттӕ – дыууӕ мин ӕхсай авд,
20 Адины+ фырттӕ – ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай фондз,
21 Езекийы хӕдзарвӕндагӕй Атеры+ фырттӕ – нӕуӕдз аст,
22 Хашумы+ фырттӕ – ӕртӕсӕдӕ дыууын аст,
23 Бецайы+ фырттӕ – ӕртӕсӕдӕ дыууын цыппар,
24 Харифы+ фырттӕ – сӕдӕ дыууадӕс,
25 Гаваоны+ цӕрджытӕ – нӕуӕдз фондз,
26 Вифлеемы+ ӕмӕ Нетофӕйы+ цӕрджытӕ – сӕдӕ ӕстай аст,
27 Анафофы+ цӕрджытӕ – сӕдӕ дыууын аст,
28 Беф-Азмавефы+ цӕрджытӕ – цыппор дыууӕ,
29 Кириаф-Иаримы+, Кефирӕйы+ ӕмӕ Беерофы+ цӕрджытӕ – авдсӕдӕ цыппор ӕртӕ,
30 Рамӕйы+ ӕмӕ Гевӕйы+ цӕрджытӕ – ӕхсӕзсӕдӕ дыууын иу,
31 Михмасы+ цӕрджытӕ – сӕдӕ дыууын дыууӕ,
32 Вефилы+ ӕмӕ Гайы+ цӕрджытӕ – сӕдӕ дыууын ӕртӕ,
33 иннӕ Невойы+ цӕрджытӕ – фӕндзай дыууӕ,
34 иннӕ Еламы+ фырттӕ – иу мин дыууӕсӕдӕ фӕндзай цыппар,
35 Харимы+ фырттӕ – ӕртӕсӕдӕ дыууын,
36 Иерихоны+ цӕрджытӕ – ӕртӕсӕдӕ цыппор фондз,
37 Лоды+, Хадиды+ ӕмӕ Онойы+ цӕрджытӕ – авдсӕдӕ дыууын иу,
38 Сенайы+ фырттӕ – ӕртӕ мин фарастсӕдӕ ӕртын.
39 Сауджынтӕ: Йешуайы хӕдзарвӕндагӕй Йедайӕйы+ фырттӕ – фарастсӕдӕ ӕвдай ӕртӕ,
40 Иммеры+ фырттӕ – иу мин фӕндзай дыууӕ,
41 Пашхуры+ фырттӕ – иу мин дыууӕсӕдӕ цыппор авд,
42 Харимы+ фырттӕ – иу мин ӕвддӕс.
43 Левиттӕ: Годевӕйы+ фырттӕй Кадмиилы+ хӕдзарвӕндагӕй Йешуайы фырттӕ – ӕвдай цыппар.
44 Зарӕггӕнджытӕ+, Асафы+ фырттӕ,– сӕдӕ цыппор аст.
45 Дуаргӕстӕ+: Шаллумы+ фырттӕ, Атеры фырттӕ, Талмоны+ фырттӕ, Аккувы+ фырттӕ, Хатиты фырттӕ ӕмӕ Шовайы+ фырттӕ – сӕдӕ ӕртын аст.
46 Нефинейтӕ+: Цихӕйы фырттӕ, Хасуфы фырттӕ, Таббаофы+ фырттӕ,
47 Керосы фырттӕ, Сиайы фырттӕ, Фадоны+ фырттӕ,
48 Леванӕйы фырттӕ, Хагавӕйы+ фырттӕ, Салмайы фырттӕ,
49 Хананы+ фырттӕ, Гидделы фырттӕ, Гахары фырттӕ,
50 Реайӕйы+ фырттӕ, Рецины+ фырттӕ, Некоды фырттӕ,
51 Газзамы фырттӕ, Уззӕйы фырттӕ, Пасеахы фырттӕ,
52 Бесайы+ фырттӕ, меунимӕгты фырттӕ, Нефишсимы+ фырттӕ,
53 Бакбукы фырттӕ, Хакуфы фырттӕ, Хархуры+ фырттӕ,
54 Бацлифы фырттӕ, Мехидӕйы фырттӕ, Харшӕйы+ фырттӕ,
55 Баркосы фырттӕ, Сисарӕйы фырттӕ, Фамахы+ фырттӕ,
56 Нециахы фырттӕ ӕмӕ Хатифӕйы+ фырттӕ.
57 Соломоны+ лӕггадгӕнджыты фырттӕ: Сотайы фырттӕ, Соферефы фырттӕ, Феридӕйы+ фырттӕ,
58 Иаалы фырттӕ, Дарконы фырттӕ, Гидделы+ фырттӕ,
59 Сафатийы фырттӕ, Хаттилы фырттӕ, Похереф-Гаццеваимы фырттӕ ӕмӕ Амоны+ фырттӕ.
60 Нефинейтӕ+ ӕмӕ Соломоны лӕггадгӕнджыты фырттӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз дыууӕ адӕймаджы.
61 Тел-Мелахӕй, Тел-Харшийӕ, Херувӕй, Аддонӕй ӕмӕ Иммерӕй+ чи ӕрцыд ӕмӕ, кӕцы хӕдзарвӕндагӕй уыдысты, стӕй уӕвгӕ Израилӕй равзӕрдысты ӕви нӕ, уый бӕлвырдӕй зӕгъын йӕ бон кӕмӕн нӕ уыд, уыдон уыдысты:
62 Делайӕйы фырттӕ, Товийы фырттӕ, Некоды+ фырттӕ – ӕхсӕзсӕдӕ цыппор дыууӕ адӕймаджы.
63 Сауджынтӕй+: Ховайы фырттӕ, Гаккоцы+ фырттӕ ӕмӕ, галаадаг Верзелийы+ чызджытӕй иуы чи ракуырдта ӕмӕ сын сӕ ном чи райста, уыцы Верзелийы+ фырттӕ.
64 Кӕцы мыггагӕй равзӕрдысты, уый сбӕлвырд кӕнынӕн мыггӕгты равзӕрды чиныджы сӕ нӕмттӕ агуырдтой, фӕлӕ сӕ не ссардтой+, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ сыгъдӕг адӕймӕгтыл нӕ банымадтой ӕмӕ сӕ сауджынтӕй+ лӕггад кӕнын нӕ бауагътой.
65 Тиршафӕ*+ дӕр сын уый тыххӕй загъта, цалынмӕ сауджын урим+ ӕмӕ туммимимӕ+ нӕ рацӕуа, уӕдмӕ уӕлдай табуйаг кувинӕгтӕй хъуамӕ ма хӕрат+, зӕгъгӕ.
66 Ӕнӕхъӕн ӕмбырд, адӕм ӕдӕппӕтӕй, уыдысты цыппор дыууӕ мин ӕртӕсӕдӕ ӕхсай адӕймаджы+.
67 Уыдонӕй уӕлдай ма дзы уыд цагъар-нӕлгоймӕгтӕ+ ӕмӕ цагъар-сылгоймӕгтӕ – авд мин ӕртӕсӕдӕ ӕртын авд адӕймаджы+. Семӕ ма уыди дыууӕсӕдӕ цыппор фондз зарӕггӕнӕджы дӕр – нӕлгоймӕгтӕ+ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ+.
68 Бӕхтӕ сӕм уыд авдсӕдӕ ӕртын ӕхсӕз, хӕргӕфстӕ – дыууӕсӕдӕ цыппор фондз+,
69 теуатӕ – цыппарсӕдӕ ӕртын фондз ӕмӕ хӕрджытӕ+ та – ӕхсӕз мин авдсӕдӕ дыууын+.
70 Хӕдзарвӕндӕгты+ хистӕртӕй+ иуӕй-иутӕ ӕппӕт куыстытӕ бакӕнынӕн радтой мысайнӕгтӕ+. Тиршафӕ+ хӕзнадонмӕ радта иу мин сызгъӕрин драхмӕйы*, фӕндзай къусы, ӕмӕ фондзсӕдӕ ӕртын даргъ хӕдоны та сауджынтӕн+.
71 Хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй чидӕртӕ та куыстытӕ бакӕнынӕн хӕзнадонмӕ радтой дыууын мин сызгъӕрин драхмӕйы ӕмӕ дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ ӕвзист минӕйы*+.
72 Иннӕ адӕм та радтой дыууын мин сызгъӕрин драхмӕйы, дыууӕ мин ӕвзист минӕйы ӕмӕ ӕхсай авд даргъ хӕдоны сауджынтӕн.
73 Гъемӕ сауджынтӕ+, левиттӕ, дуаргӕстӕ, зарӕггӕнджытӕ+, адӕмӕй иуӕй-иутӕ, стӕй нефинейтӕ+ ӕмӕ Израилы адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ горӕтты ӕрцардысты+. Ӕвдӕм мӕймӕ+ Израилы фырттӕ сӕхи горӕтты цӕрын райдыдтой+.