Нымӕцтӕ 21:1—35

21  Негевы+ царди Арады+ паддзах, ханаайнаг паддзах. Ӕмӕ, Израил Афаримы фӕндагыл кӕй ӕрбацыд, уый куы фехъуыста, уӕд йемӕ схӕцыд ӕмӕ йын йӕ адӕмӕй уацары акодта.  Уӕд Израил Йегъовӕйӕн расомы кодта+: «Кӕд мын ацы адӕмы мӕ къухмӕ раттай, уӕд дын дзырд дӕттын: сӕ горӕттӕ сын сӕфты хай бакӕндзынӕн»+.  Йегъовӕ Израилы фехъуыста, ӕмӕ йын ханаайнӕгты йӕ къухмӕ радта. Ӕмӕ уыдон адӕмы дӕр ӕмӕ сӕ горӕттӕ дӕр сӕфты хай бакодтой. Уый тыххӕй уыцы бынат схуыдтой Хормӕ*+.  Израилӕгтӕ Оры хохӕй+ Сырх денджызы фӕндагыл куы цыдысты, цӕмӕй Едомы+ иувӕрсты ахызтаиккой, уӕд адӕм фӕндагыл сфӕлмӕцыдысты.  Ӕмӕ Хуыцау+ ӕмӕ Моисейы+ ныхмӕ дзурын райдыдтой: «Цӕмӕн нӕ ракодтат Египетӕй? Цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдыры амӕлӕм?+ Ам нӕдӕр дзул ис, нӕдӕр дон+. Ацы ӕнад дзулӕй нӕ зӕрдӕ хӕццӕ кӕны»+.  Уӕд Йегъовӕ адӕмыл маргджын кӕлмытӕ+ рауагъта, ӕмӕ сыл хӕцыдысты, ӕмӕ израилӕгтӕй бирӕтӕ амардысты+.  Ӕппынфӕстаг адӕм Моисеймӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Мах тӕригъӕд ракодтам+, дзырдтам Йегъовӕйы ныхмӕ ӕмӕ дӕ ныхмӕ. Ныллӕгъстӕ кӕн Йегъовӕйӕн, цӕмӕй нӕ ацы кӕлмытӕй фервӕзын кӕна»+. Ӕмӕ Моисей дӕр Хуыцауӕн ныллӕгъстӕ кодта адӕмы тыххӕй+.  Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Сараз маргджын калм ӕмӕ йӕ хъилыл бафидар кӕн. Ӕмӕ-иу искӕуыл калм куы фӕхӕца, уӕд-иу хъуамӕ уыцы калммӕ скӕса, ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзӕн»+.  Моисей уайтагъд дӕр ӕрхуыйӕ калм+ сарӕзта ӕмӕ йӕ хъилыл+ бафидар кодта. Ӕмӕ-иу калм кӕуыл фӕхӕцыд, уый-иу уыцы ӕрхуы калммӕ куы скаст+, уӕд-иу удӕгасӕй баззад+. 10  Уый фӕстӕ Израилы фырттӕ уырдыгӕй араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Овофы+. 11  Овофӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Ийе-Аваримы+, ӕдзӕрӕг быдыры, Моавы раз, скӕсӕнырдыгӕй. 12  Уырдыгӕй ӕрцыдысты Зареды дӕлвӕзмӕ+ ӕмӕ уым ӕрӕвӕрдтой сӕ цатыртӕ. 13  Зареды дӕлвӕзӕй та ӕрцыдысты Арнонмӕ+ ӕмӕ уым ӕрӕвӕрдтой сӕ цатыртӕ. Арнон ис, аморейты арӕнты раз чи райдайы, уыцы ӕдзӕрӕг быдыры. Арнон у Моавы арӕн, Моав ӕмӕ аморейты ’хсӕн. 14  Йегъовӕйы хӕстыты чиныджы дӕр афтӕ уымӕн ис фыст: «Вагеб Суфӕйы, Арноны дӕлвӕз. 15  Дӕлвӕз фӕзилы Ары+ ’рдӕм ӕмӕ цӕуы Моавы арӕнтыл». 16  Уырдыгӕй ацыдысты Беермӕ*+. Уыцы цъайӕ загъта Йегъовӕ Моисейӕн: «Ӕрӕмбырд кӕн адӕмы, ӕмӕ сын ӕз дон ратдзынӕн»+. 17  Уыцы рӕстӕг Израилы адӕм ныззарыдысты ахӕм зарӕг+:«О цъай, гуылф кӕн! Базарут ын, адӕм! 18  Цъай – кънйӕзтӕ йӕ скъахтой. Скъахтой йӕ адӕмы кадджын лӕгтӕХицауы лӕдзӕгӕй+, сӕ лӕдзджытӕй». Уый фӕстӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй араст сты Матаннӕмӕ. 19  Матаннӕйӕ ӕрцыдысты Нагалиилмӕ, Нагалиилӕй – Вамофмӕ+, 20  Вамофӕй та – Моавы+ зӕххыл Фасгӕйы+ хохы раз цы дӕлвӕз ис, уырдӕм. Фасгӕйы хох уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсы Йесимонмӕ+. 21  Уырдыгӕй Израил арвыста минӕвӕрттӕ аморейты паддзах Сигонмӕ+ ахӕм ныхасимӕ: 22  «Бауадз нӕ дӕ зӕххыл ахизын. Дӕ хуымтӕ ӕмӕ дӕ сӕнӕфсирдӕттыл нӕ ацӕудзыстӕм, дӕ цъайтӕй дын дон нӕ бануаздзыстӕм. Мах цӕудзыстӕм паддзахы фӕндагыл, цалынмӕ дӕ зӕххыл нӕ ахизӕм, уӕдмӕ»+. 23  Фӕлӕ Сигон Израилы йӕ зӕххыл ахизын нӕ бауагъта+. Йӕ адӕмы ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ рацыд Израилы ныхмӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ. Ӕрцыд Иаацӕмӕ+ ӕмӕ уым Израилимӕ схӕцыд. 24  Ӕмӕ сӕ Израил карды комӕй ныццагъта+ ӕмӕ сын сӕ зӕхх йӕхи бакодта+ Арнонӕй+ суанг Иавокы+ онг, Аммоны фырттӕм хӕстӕг. Иазер+ у Аммоны+ фыртты арӕн. 25  Израил бацахста уыцы горӕттӕ иууылдӕр, ӕмӕ израилӕгтӕ ӕрцардысты аморейты+ горӕтты, Есевоны+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕтты се ’ппӕты дӕр. 26  Есевон уыди Сигоны+ горӕт. Сигон уыд аморейты+ паддзах. Уый размӕ уый хӕцыд Моавы паддзахимӕ ӕмӕ йын байста йӕ зӕххытӕ иууылдӕр суанг Арноны+ онг. 27  Иннӕтӕй ахынджылӕг кӕныны тыххӕй ӕмдзӕвгӕтӕ чи ӕрхъуыды кӕны, уыдон ахӕм ныхӕстӕ дӕр уымӕн дзурынц:«Ӕрцу Есевонмӕ.Сигоны горӕт арӕзт ӕрцӕуӕд ӕмӕ йӕ сфидар кӕнӕнт. 28  Арт рацыд Есевонӕй+, пиллон арт – Сигоны горӕтӕй.Ӕмӕ аныхъуырдта Ар-Моавы+ ӕмӕ Арноны кувӕн бынӕтты* хицӕутты. 29  Додой дӕ къона, Моав! Уе сӕфт ӕрцыд, о Хамосы+ адӕм!Уый тыххӕй йӕ фырттӕ сӕ бӕстӕйӕ алырдӕмты фӕлидздзысты, йӕ чызджыты йын уацары акӕндзысты Сигонмӕ, аморейты паддзахмӕ. 30  Уӕдӕ сыл фаттӕ суадзӕм.Есевон сӕфт ӕрцӕудзӕн суанг Дивоны+ онг,Сылгоймӕгтӕ – Нофӕйы онг, нӕлгоймӕгтӕ – Медевӕйы онг»+. 31  Ӕмӕ Израил ӕрцард аморейты зӕххыл+. 32  Уӕд Моисей Иазермӕ+ арвыста сгарджытӕ. Ӕмӕ йын израилӕгтӕ бацахстой йӕ дӕлбар горӕттӕ ӕмӕ дзы цы аморейтӕ цард, уыдоны зӕххытӕ байстой+. 33  Уый фӕстӕ иннӕрдӕм фӕзылдысты ӕмӕ ацыдысты Васаны+ фӕндагыл. Уӕд Васаны паддзах Ог+ ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр сӕ ныхмӕ рацыдысты, цӕмӕй Едрейы+ семӕ схӕцыдаиккой. 34  Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ма дзы тӕрс+, дӕ къухмӕ дын ратдзынӕн йӕхи дӕр, йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕмӕ йӕ зӕхх дӕр+. Ӕмӕ аморейты паддзах Сигонӕн, Есевоны чи цард, уымӕн куыд бакодтай, афтӕ бакӕн амӕн дӕр»+. 35  Гъемӕ сӕ цӕгъдын байдыдтой, амардтой йын йӕхи дӕр, йӕ фыртты дӕр ӕмӕ йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр, иу дӕр дзы нал ныууагътой+. Ӕмӕ йӕ зӕхх уыдоны баци+.

Фиппаинӕгтӕ

Нысан кӕны «сӕфты хай кӕнын».
Нысан кӕны «цъай; дзыхъхъ».
Комк. «бӕрзонд бынӕтты». Уыдон уыдысты, мӕнг хуыцӕуттӕн кӕм куывтой, ахӕм бынӕттӕ ӕмӕ кувӕндӕттӕ.