Оси 8:1—14
8 «Сыкъайӕ ныууас!+ Знаг Йегъовӕйы хӕдзарыл йӕхи цӕргӕсау рауагъта+, мӕ бадзырды сӕрты кӕй ахызтысты+ ӕмӕ мын мӕ закъон кӕй фехӕлдтой, уый тыххӕй+.
2 Хъӕр мӕм кӕнынц: „О нӕ Хуыцау! Мах, Израилы адӕм, дӕу зонӕм“+.
3 Израил йӕ къух систа, хорз цы у, ууыл+. Уадз ӕмӕ йӕ знаг фӕстейӕ сура+.
4 Сӕхицӕн ӕвӕрдтой паддзӕхтӕ+, фӕлӕ ӕнӕ мӕнӕй. Кънйӕзтӕ ӕвӕрдтой, фӕлӕ-иу мӕн нӕ бафарстой. Се ’взистӕй ӕмӕ-иу сӕ сызгъӕринӕй сӕхицӕн мӕнгхуыцӕуттӕ скодтой+, ӕмӕ уый тыххӕй фесӕфдзысты+.
5 Самари, дӕ роды дын аппӕрстон+. Мӕ маст сӕм ссыгъд+. Кӕдмӕ ма уыдзысты ахӕм уавӕры, ӕмӕ сӕ бон сӕхи ссыгъдӕг кӕнын ма уа?+
6 Уыцы род Израилӕй у+. Хуымӕтӕг ӕрмгуыстгӕнӕг ӕй скодта+. Уый Хуыцау нӕу, уымӕн ӕмӕ Самарийы род нызгъӕлӕнтӕ уыдзӕн+.
7 Дымгӕ тауынц, ӕмӕ тыхдымгӕ ӕркӕрддзысты+. Иу ӕфсир дӕр нӕй+. Иу ӕвзар дӕр ссад нӕ дӕтты+, ӕмӕ куы ратта, уӕддӕр ӕй ӕцӕгӕлӕттӕ аныхъуырдзысты+.
8 Израилы аныхъуырдзысты+. Ныр уыдон иннӕ адӕмты ’хсӕн+ уыдзысты ӕнӕпайда мигӕнӕны хуызӕн+.
9 Дзугӕй йӕхи чи фӕхицӕн кӕны, ахӕм хъӕддаг хӕрӕгау*+ Ассиримӕ ацыдысты+. Ефрем хӕтаг сылгоймӕгтӕ баххуырста+.
10 Ӕмӕ сӕ кӕд иннӕ адӕмтӕй ӕххуырсынц+, уӕддӕр сӕ ныр ӕз иумӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, ӕмӕ иуцасдӕр тухӕн кӕндзысты+ паддзахы ӕмӕ кънйӕзты уаргъы бын.
11 Ефрем йӕ нывондхӕссӕнтӕ сбирӕ кодта, ӕмӕ тӕригъӕдтӕ арӕзта+. Нывондхӕссӕнтӕ скодта, ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтыл бафтыдта+.
12 Мӕ закъонӕй йын бирӕ цыдӕртӕ фыстон+, фӕлӕ сӕ ницӕмӕ дардта+.
13 Кувинагӕн мын дзидза хастой+ ӕмӕ, мӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый хордтой+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Фӕлӕ сын ныр ӕз сӕ фыдракӕндтӕ ӕрхъуыды кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ дзуапп ӕрдомдзынӕн сӕ тӕригъӕдты тыххӕй+. Уыдон Египетмӕ аздӕхтысты+.
14 Израил йе Скӕнӕджы рох кӕнын райдыдта+ ӕмӕ кувӕндӕттӕ аразынмӕ фӕци+, Иудӕ та йӕ фидаргонд горӕттӕ сбирӕ кодта+. Фӕлӕ йын ӕз йӕ горӕттыл арт бафтаудзынӕн, ӕмӕ йын арт йӕ цӕрӕн мӕсгуытӕ аныхъуырдзӕн»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «зебрӕйау».