Псалом 15:1—5

Давиды зарӕг. 15  О Йегъовӕ, кӕй суазӕг кӕндзынӕ дӕ цатыры?+Чи цӕрдзӕн дӕ сыгъдӕг хохыл?+   Ӕнаипп чи у+, рӕстӕй чи цӕры+Ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы рӕстдзинад чи дзуры, уый+.   Уый йе ’взагӕй нӕ кӕны фыдкой+,Иннӕмӕн ӕвзӕрдзинад нӕ аразы+Ӕмӕ йе ’мбалӕй ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ нӕ кӕны+.   Ницӕйаг адӕймаг йӕ цӕсты у ӕгад+,Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдонӕн та кӕны кад+.Ӕмӕ йӕ сомыйӕ йӕхицӕн зиан куы уа, уӕд дӕр йӕ ныхас нӕ ивы+.   Ӕфстау проценттыл нӕ дӕтты+Ӕмӕ ӕнаххос адӕймаджы фӕаххосджын кӕныны тыххӕй гӕртам нӕ исы+.Афтӕ чи кӕны, уый никуы фӕцуддзӕн+.

Фиппаинӕгтӕ