Райдиан 16:1—16
16 Аврамы ус Сарӕйӕн зӕнӕг нӕ цыди+. Сарӕйӕн та уыди лӕггадгӕнӕг, египетаг сылгоймаг, Агар, зӕгъгӕ+.
2 Ӕмӕ Сарӕ Аврамӕн загъта: «Курӕг дӕ дӕн, байхъус мӕм. Йегъовӕ мын зӕнӕг нӕ дӕтты+. Курын дӕ, мӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймагимӕ ӕмуат ӕрцу. Кӕд мын уымӕй уӕддӕр уаид сывӕллӕттӕ»+. Ӕмӕ Аврам байхъуыста Сарӕмӕ+.
3 Ӕмӕ Сарӕ йӕ лӕг Аврамӕн усӕн радта йӕ лӕггадгӕнӕджы, египетаг Агары. Уый уыди, Аврам Ханааны зӕххыл дӕс азы куы фӕцард, уӕд+.
4 Аврам дӕр Агаримӕ ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ Агар басывӕрджын. Ӕмӕ, сывӕрджын кӕй у, уый куы базыдта, уӕд йӕ хицаумӕ, Сарӕмӕ, ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсын райдыдта+.
5 Ӕмӕ уӕд Сарӕ Аврамӕн загъта: «Ацы маст ӕз дӕу тыххӕй бавзӕрстон. Мӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаджы дын мӕхӕдӕг радтон*, ӕмӕ, сывӕрджын кӕй у, уый куы базыдта, уӕд мӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсын райдыдта. Йегъовӕ йӕ равзарӕд, мӕнӕй ӕмӕ дӕуӕй раст чи у, уый»+.
6 Уӕд Аврам Сарӕйӕн загъта+: «Дӕ лӕггадгӕнӕг дӕ бар у. Цы дӕ фӕнды, уый йын кӕн»+. Ӕмӕ Сарӕ Агары афтӕ райдыдта ӕфхӕрын, ӕмӕ дзы фӕлыгъди+.
7 Цасдӕры фӕстӕ йӕ Йегъовӕйы зӕд+ ссардта ӕдзӕрӕг быдыры, Сурмӕ фӕндагыл цы суадон уыди, уый раз+.
8 Ӕмӕ йӕ бафарста: «Агар, Сарӕйы лӕггадгӕнӕг, кӕцӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ кӕдӕм цӕуыс?» Агар ын дзуапп радта: «Мӕ хицау Сарӕйӕ алыгътӕн».
9 Ӕмӕ йын уӕд Йегъовӕйы зӕд загъта: «Фӕстӕмӕ дӕ хицау Сарӕмӕ аздӕх ӕмӕ йӕ разы дӕхи ӕрныллӕг кӕн»+.
10 Йегъовӕйы зӕд ма йын ноджыдӕр загъта: «Дӕ байзӕддӕгты дын афтӕ сбирӕ кӕндзынӕн+, ӕмӕ сӕ банымайӕн дӕр нӕ уыдзӕн»+.
11 Стӕй ма Йегъовӕйы зӕд йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Дӕхи бар нӕ дӕ, ӕмӕ дын райгуырдзӕн лӕппу, ӕмӕ-иу ӕй схон Измаил*+, уымӕн ӕмӕ дын Йегъовӕ дӕ дзыназын фехъуыста+.
12 Дӕ фырт уыдзӕн хъӕддаг хӕрӕгау* хивӕнд. Алкӕй ныхмӕ дӕр цӕудзӕн, ӕмӕ алчидӕр цӕудзӕн йӕ ныхмӕ+. Ӕмӕ йе ’фсымӕрты раз цӕрдзӕн цатырты»+.
13 Ӕмӕ уӕд Агар Йегъовӕйы, йемӕ чи ныхас кодта, уыцы Хуыцауы, схуыдта «Ды дӕ алцыуынӕг Хуыцау*+», уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Цымӕ ам ӕцӕгдӕр федтон, мӕн чи уыны, уый?»
14 Уыцы цъай Беер-Лахай-Рои*+ дӕр уымӕн хуыйны. Уый ис Кадес ӕмӕ Береды ’хсӕн.
15 Цасдӕры фӕстӕ Агар Аврамӕн ныййардта лӕппу. Ӕмӕ Аврам, Агар ын кӕй ныййардта, уыцы лӕппуйы схуыдта Измаил+.
16 Агар Аврамӕн Измаилы куы ныййардта, уӕд Аврамыл цыди ӕстай ӕхсӕз азы.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «радтон дӕ риумӕ».
^ Нысан кӕны «Хуыцау хъусы».
^ Кӕнӕ «зебрӕйау».
^ Кӕнӕ «мӕн чи уыны, уыцы Хуыцау», йе та «йӕхи чи уынын кӕны, уыцы Хуыцау».
^ Нысан кӕны «удӕгас чи у ӕмӕ мӕн чи уыны, уыцы Хуыцауы цъай».