Раргомад 15:1—8

15  Ӕмӕ уӕлӕрвты федтон ӕндӕр диссаг+, стыр ӕмӕ ӕнахуыр: авд зӕды+ авд бӕллӕхимӕ+. Уыцы бӕллӕхтӕ сты фӕстӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы маст+ фӕуыдзӕн уыдонӕй+.  Ӕмӕ федтон авгӕй денджызы+ хуызӕн цыдӕр, цыма артимӕ хӕццӕ уыд, афтӕ. Федтон, сырдыл, йӕ нывыл+ ӕмӕ йӕ номы нымӕцыл+ чи уӕлахиз кӕны+, уыдон кӕй лӕууыдысты авгӕй денджызы цур+, Хуыцауы дыууадӕстӕнон фӕндыртӕ+ сӕ къухты, афтӕмӕй.  Ӕмӕ зарыдысты Хуыцауы цагъар Моисейы+ зарӕг ӕмӕ Уӕрыччы+ зарӕг: «Стыр ӕмӕ диссаг сты дӕ хъуыддӕгтӕ+, о Йегъовӕ, Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцау! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты дӕ фӕндӕгтӕ+, ӕнусты Паддзах!+  Чи нӕ фӕтӕрсдзӕн дӕуӕй+, о Йегъовӕ+, ӕмӕ дын дӕ ном чи не скадджын кӕндзӕн?+ Уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ды дӕ иузӕрдион!+ Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр ӕрцӕудзысты ӕмӕ кувдзысты дӕ разы+, уымӕн ӕмӕ раргом сты дӕ раст тӕрхӕттӕ»+.  Уый фӕстӕ ӕз федтон: уӕлӕрвты+ байгом цатыры*+ сыгъдӕг бынат,  ӕмӕ уырдыгӕй рахызт авд зӕды+ авд бӕллӕхимӕ+. Зӕдтыл уыди сыгъдӕг, цӕхӕркалгӕ кӕттаг дарӕс+, астӕуӕй риумӕ сыл баст уыд сызгъӕрин рӕттӕ.  Ӕмӕ цыппар херувимӕй+ сӕ иу ацы авд зӕдмӕ радта, ӕнусӕй-ӕнусмӕ чи цӕры+, уыцы Хуыцауы мастӕй дзаг авд сызгъӕрин къусы+.  Ӕмӕ сыгъдӕг бынат байдзаг фӕздӕгӕй, Хуыцауы кад+ ӕмӕ тыхӕй, ӕмӕ никӕй бон уыди сыгъдӕг бынатмӕ бацӕуын, цалынмӕ, авд зӕдмӕ цы авд бӕллӕхы+ уыди, уыдон нӕ фесты, уӕдмӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ӕвдисӕнады цатыры».