Рацыд 10:1—29

10  Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Бацу фараонмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕз йӕхи бар ауагътон ӕмӕ йӕхимӕ дӕр ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм дӕр ницы бахъардта+, цӕмӕй ацы диссӕгтӕ саразон йӕ цӕстыты раз+  ӕмӕ цӕмӕй ды дӕ фыртӕн ӕмӕ дӕ фырты фыртӕн радзурай, Египет куыд карзӕй бафхӕрдтон ӕмӕ се ’хсӕн цы диссӕгтӕ сарӕзтон, уый тыххӕй+. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ»+.  Ӕмӕ та Моисей ӕмӕ Аарон фараонмӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы дзуттӕгты Хуыцау Йегъовӕ: „Бирӕ ма кӕндзынӕ дӕхи фӕнд?+ Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй мын лӕггад кӕной.  Куы нӕ та сӕ ауадзай, уӕд дын райсом дӕ бӕстӕйыл мӕтыхтӕ рауадздзынӕн+.  Ӕмӕ зӕххы цъар бамбӕрздзысты, ӕмӕ зӕхх нал зындзӕн. Ихы фӕстӕ ма уын цы баззад, цы ма уын аирвӕзт, уый та уыдон бахӕрдзысты, бахӕрдзысты уын уӕ бӕлӕсты сыфтӕ иууылдӕр+.  Дӕ хӕдзӕрттӕ дӕр ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнджыты хӕдзӕрттӕ дӕр мӕтыхтӕй байдзаг уыдзысты. Афтӕ бирӕ уыдзысты, ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр ӕмӕ уыдоны фыдӕлтӕ дӕр, зӕххыл куы фӕзындысты, уӕдӕй абоны онг уыйбӕрц мӕтыхтӕ никуы федтой“»+. Ӕмӕ уыцы ныхӕсты фӕстӕ разылд ӕмӕ фараонӕй рацыд+.  Уый фӕстӕ фараонӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ загътой: «Ацы адӕймаг ма нын фыдбылызтӕ бирӕ ’взарын кӕндзӕн*?+ Ауадз сӕ, ӕмӕ сӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕной. Египет кӕй бабын, уый нӕ уыныс?»+  Ӕмӕ та уӕд Моисей ӕмӕ Аароны фӕстӕмӕ фараонмӕ ӕрбакодтой, ӕмӕ сын уый загъта: «Ацӕут, лӕггад кӕнут уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн+. Зӕгъут-ма мын, чи ацӕудзӕн?»  Моисей та йын загъта: «Немӕ ацӕудзысты ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ зӕрӕдтӕ дӕр, нӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ нӕ чызджытӕ+ дӕр, немӕ акӕндзыстӕм нӕ фысты ӕмӕ не стурты дӕр+, уымӕн ӕмӕ нын Йегъовӕйы номыл бӕрӕгбон уыдзӕн»+. 10  Уӕд ын фараон загъта: «Кӕд уын уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ сывӕллӕтты дӕр искуы ауадзон, уӕд Йегъовӕ ӕцӕгдӕр ис уемӕ!+ Сымахӕн уӕ зӕрдӕйы хорз фӕнд нӕй+. 11  Нӕ уыдзӕн, сымах куыд дзурут, афтӕ! Ӕрмӕстдӕр уӕ нӕлгоймӕгтӕ ацӕуӕнт ӕмӕ лӕггад кӕнӕнт Йегъовӕйӕн. Уый уӕ нӕ фӕндыди?» Ӕмӕ сӕ уыйадыл фараоны разӕй ратардтой+. 12  Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Адар+ дӕ къух Египеты ’рдӕм, ӕмӕ ӕгас Египеты зӕххыл рацӕудзӕн мӕтыхтӕ ӕмӕ уыцы зӕххыл цыдӕриддӕр зайы, ихы фӕстӕ ма дзы цы баззад, уый бахӕрдзысты»+. 13  Ӕмӕ Моисей дӕр йӕ къух адардта Египеты ’рдӕм, ӕмӕ Йегъовӕ уыцы зӕххыл скӕсӕнӕй рауагъта дымгӕ*+. Дымгӕ дымдта ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв. Куы ’рбабон, уӕд дымгӕ йемӕ ӕрбахаста мӕтыхтӕ. 14  Ӕмӕ мӕтыхтӕ апырх сты ӕгас Египетыл ӕмӕ сӕ зӕхх нал зынди+. Египетӕгтӕ сӕ сӕрӕн ницыуал зыдтой+. Уӕды онг дӕр сӕм никуы уыди уыйбӕрц мӕтыхтӕ ӕмӕ сӕм уый фӕстӕ дӕр никуыуал уыдзӕн. 15  Мӕтыхтӕ бамбӕрзтой ӕгас зӕхх+ дӕр, ӕмӕ зӕхх сау адардта+. Ӕмӕ ма ихы фӕстӕ быдырты цы баззад ӕмӕ ма бӕлӕсты дыргътӕй дӕр цы аирвӕзт, уыдон дӕр иууылдӕр бахордтой+. Ӕгас Египеты дӕр бӕлӕстыл ӕмӕ, быдырты цы зад, уыдоныл цъӕх сыфтӕр нал баззад+. 16  Гъемӕ фараон уайтагъд фӕдзырдта Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Тӕригъӕд ракодтон уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз дӕр ӕмӕ сымах раз дӕр+. 17  Дӕ хорзӕхӕй, ацы хатт ма мын ныххатыр кӕн+ мӕ тӕригъӕд, ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ скувут+, цӕмӕй мӕ ацы стыр бӕллӕхӕй фервӕзын кӕна». 18  Гъемӕ Моисей фараонӕй рацыд ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывта+. 19  Ӕмӕ Йегъовӕ дымгӕ иннӕрдӕм сарӕзта, ӕмӕ ныгуылӕнырдыгӕй тыхджын дымгӕ сыстад ӕмӕ ахаста мӕтыхты ӕмӕ сӕ Сырх денджызы ныккалдта. Иу мӕтых дӕр нал баззад Египеты зӕххыл. 20  Фӕлӕ Йегъовӕ фараоны йӕхи бар ауагъта, ӕмӕ та фараон йӕ зӕрдӕ ныддур кодта+ ӕмӕ нӕ ауагъта Израилы фыртты. 21  Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Дӕ къух арвмӕ сдар+, ӕмӕ Египеты бӕстӕ саудалынг бауыдзӕн». 22  Ӕмӕ Моисей дӕр йӕ къух арвмӕ сдардта, ӕмӕ ӕгас Египеты дӕр бӕстӕ саудалынг баци. Ӕмӕ афтӕ уыди ӕртӕ боны+. 23  Адӕм кӕрӕдзи нал уыдтой, ӕмӕ сӕ ӕртӕ боны йӕ хӕдзарӕй ничи никуыдӕм ацыд. Израилы фырттӕ кӕм цардысты, уым та уыди рухс+. 24  Уӕд фараон Моисеймӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Ацӕут, лӕггад кӕнут Йегъовӕйӕн+. Ӕрмӕст уӕ фыстӕ ӕмӕ уе стуртӕ ам ныууадзут. Ацӕуӕнт уемӕ уӕ сывӕллӕттӕ дӕр»+. 25  Моисей та йын загъта: «Нӕ, хъуамӕ нын радтай фос дӕр нывондӕн ӕрхӕссынӕн ӕмӕ артыл басудзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуамӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕрхӕссӕм+. 26  Нӕ фос дӕр акӕндзыстӕм немӕ+. Иу дӕр дзы нӕ ныууадздзыстӕм, уымӕн ӕмӕ дзы хъуамӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхӕссӕм+. Ӕмӕ цалынмӕ бынатмӕ бахӕццӕ уӕм, уӕдмӕ та йӕ нӕ зонӕм, Йегъовӕйӕн куы кувӕм, уӕд ын нывондӕн цы ’рхӕсдзыстӕм, уый»+. 27  Фӕлӕ Йегъовӕ фараоны йӕхи бар ауагъта, ӕмӕ та фараон йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ не сразы сӕ ауадзыныл+. 28  Гъемӕ фараон Моисейӕн загъта: «Фесӕф мӕ разӕй!+ Куыннӕуал дӕ фенон, афтӕ бакӕн! Ам ма дӕ куы фенон, уӕд удӕгасӕй нал баззайдзынӕ»+. 29  Ӕмӕ йын уӕд Моисей загъта: «Куыд загътай, афтӕ уыдзӕн. Никуыуал мӕ фендзынӕ»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Ацы адӕймаг ма нын къӕппӕг цас уыдзӕн?»
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.