Рацыд 13:1—22
13 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта:
2 «Израилы фырттӕй алкӕмӕн дӕр фыццаг цы лӕппу райгуыра, уый-иу мӕнӕн снывонд кӕн. Алы фыццаггуырд дӕр у мӕн – адӕмӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр»+.
3 Ӕмӕ Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл дарут ацы бон. Ацы бон рацыдыстут Египетӕй+, цагъартӕ кӕм уыдыстут, уырдыгӕй*. Уӕ зӕрдыл ӕй дарут, уымӕн ӕмӕ уӕ Йегъовӕ ардыгӕй ракодта йӕ фидар къухӕй+. Уӕдӕ, ӕнхъизӕн цӕуыл ис, ахӕмӕй мацы хӕрут+.
4 Сымах Египетӕй цӕут абон, авивы мӕйы+.
5 Ӕмӕ дӕ Йегъовӕ куы бакӕна ханаайнӕгты, хетты, аморейты, евейты ӕмӕ йевусейты+ зӕхмӕ, дӕуӕн ӕй кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй дӕ фыдӕлтӕн кӕмӕй расомы кодта+, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхмӕ+, уӕд-иу ацы мӕй бӕрӕг кӕн ацы бӕрӕгбон.
6 Авд боны хӕр донгонд дзултӕ+, ӕвдӕм бон та уыдзӕн бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл+.
7 Авд боны хъуамӕ хӕрай донгонд дзултӕ+. Хъуамӕ дӕм ма уа, ӕнхъизӕн кӕуыл ис, ахӕм хӕринаг+ ӕмӕ, кӕм цӕрай, уым дӕм ӕнхъизӕн хъуамӕ макуы уа+.
8 Ӕмӕ-иу уыцы бон дӕ фыртӕн зӕгъ: „Йегъовӕ мын хорздзинад сарӕзта – Египетӕй мӕ ракодта, ӕмӕ ацы бӕрӕгбон уый номыл у“+.
9 Ацы бӕрӕгбон дын уыцы хабар дӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзӕн, цыма дӕ къухыл ӕмӕ дӕ ныхыл фыст ис, афтӕ+, цӕмӕй Йегъовӕйы закъон уа де ’взагыл+, уымӕн ӕмӕ дӕ Йегъовӕ йӕ фидар къухӕй ракодта Египетӕй+.
10 Ӕмӕ хъуамӕ алы аз дӕр ацафон кӕнай ацы бӕрӕгбон+.
11 Ӕмӕ Йегъовӕ дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕн дӕр куыд расомы кодта+, афтӕ дӕ ханаайнӕгты+ зӕхмӕ куы бакӕна ӕмӕ дын ӕй куы ратта,
12 уӕд, фыццаг чи райгуыра, уыцы сывӕллӕтты дӕр ӕмӕ, дӕ фосӕй фыццагзад+ чи уа, уыдоны дӕр хъуамӕ снывонд кӕнай Йегъовӕйӕн+. Фыццаггуырд лӕппутӕ ӕмӕ фыццагзад нӕл фос сты Йегъовӕйы+.
13 Алы фыццагзад къӕлӕуы бӕсты та хъуамӕ фысӕй бафидай. Афтӕ куы нӕ бакӕнай, уӕд та къӕлӕуӕн йӕ бӕрзӕй асӕтт+. Ӕмӕ дын фыццаг цы фырт райгуыра, уый дӕр хъуамӕ балхӕнай+.
14 Ӕмӕ дӕ искуы дӕ фырт куы бафӕрса+, уый цӕмӕн кӕныс, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын зӕгъ: „Йегъовӕ нӕ йӕ фидар къухӕй ракодта Египетӕй+, цагъартӕ кӕм уыдыстӕм, уырдыгӕй+.
15 Фараон йӕхи ныддур кодта ӕмӕ нӕ нӕ уагъта+, ӕмӕ уӕд Йегъовӕ ныццагъта Египеты фыццаггуырдты се ’ппӕты дӕр+: фыццаггуырд лӕппуты дӕр ӕмӕ фыццагзад нӕл фос дӕр+. Ӕмӕ уый тыххӕй нывонд кӕнӕм Йегъовӕйӕн алы фыццагзад нӕл фос дӕр+, алы фыццаггуырд лӕппуйы та балхӕнӕм“+.
16 Ацы бӕрӕгбон дын уыцы хабар дӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзӕн, цыма дӕ къухыл фыст ис ӕмӕ дӕ ныхыл баст у, афтӕ+, уымӕн ӕмӕ нӕ Йегъовӕ йӕ фидар къухӕй ракодта Египетӕй»+.
17 Фараон Израилы адӕмы куы ауагъта, уӕд сӕ Хуыцау цыбыр фӕндагыл – филистимӕгты зӕххыл – нӕ акодта, уымӕн ӕмӕ загъта: «Хӕцын сӕ кӕй хъӕуы, уый куы феной, уӕд фӕфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ фӕстӕмӕ Египетмӕ аздӕхдзысты»+.
18 Гъемӕ сӕ Хуыцау акодта дард фӕндагыл, Сырх денджызы раз чи ис, уыцы ӕдзӕрӕг быдырыл+. Израилы фырттӕ Египеты зӕххӕй рацыдысты, ӕфсад къордтӕ-къордтӕй куыд рацӕуы, афтӕ+.
19 Моисей йемӕ рахаста Иосифы стджытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ Иосиф Израилы фыртты расомы кӕнын кодта. Загъта сын: «Хуыцау уӕм ӕнӕмӕнг ӕркӕсдзӕн+. Ӕмӕ-иу мын уӕд ме стджытӕ ардыгӕй ахӕссут»+.
20 Гъемӕ Израилы фырттӕ Сокхофӕй ацыдысты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Ефамы, ӕдзӕрӕг быдыры кӕрон+.
21 Йегъовӕ цыди сӕ разӕй: бонӕй – мигъы хуызӕн цӕджындзы ӕмӕ сын фӕндаг амыдта+, ӕхсӕв та – артау судзгӕ цӕджындзы ӕмӕ сын рухс кодта. Цыдысты бонӕй дӕр ӕмӕ ӕхсӕвы дӕр+.
22 Бонӕй адӕмы разӕй ӕдзухдӕр цыди мигъы хуызӕн цӕджындз, ӕхсӕв та – артау судзгӕ цӕджындз+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «цагъарты хӕдзарӕй». Кӕс 14 ст. дӕр.