Рацыд 2:1—25
2 Уыцы рӕстӕг Левийы байзӕддӕгтӕй иу ракуырдта Левийы чызджы+.
2 Ӕмӕ сылгоймаг басывӕрджын ӕмӕ йын райгуырд лӕппу. Сывӕллон куыд рӕсугъд у, уый куы федта, уӕд ӕй ӕртӕ мӕйы+ фембӕхста+.
3 Фӕлӕ йӕ йӕ бон ӕмбӕхсын куы нал уыди+, уӕд райста папирусӕй конд чыргъӕд, байсӕрста йӕ писийӕ+, сывӕллоны дзы нывӕрдта ӕмӕ чыргъӕд Нилы цӕугӕдоны был хъӕзты+ ’хсӕн сӕвӕрдта.
4 Йӕ хо та лӕууыд ӕмӕ дардӕй каст, цы бауыдзӕни, уымӕ+.
5 Уалынмӕ Нилы цӕугӕдонмӕ йӕхи найынмӕ ӕрбацыд фараоны чызг. Йӕ лӕггадгӕнӕг-чызджытӕ цӕугӕдоны был куы рацу-бацу кодтой, уӕд фараоны чызг хъӕзты ’хсӕн ауыдта чыргъӕд. Ӕмӕ йӕ уайтагъд йӕ цагъар-чызгӕн ӕрбахӕссын кодта+.
6 Чыргъӕд куы байгом кодта, уӕд кӕсы, ӕмӕ дзы сывӕллон, лӕппу. Сывӕллон куыдта, ӕмӕ йын фараоны чызг фӕтӕригъӕд кодта+, кӕд афтӕ дӕр загъта, дзуттӕгты сывӕллон у, зӕгъгӕ, уӕддӕр.
7 Уӕд сывӕллоны хо фараоны чызгӕн загъта: «Ацӕуон ӕмӕ дын дзуттӕгтӕй дзидзидарӕг сылгоймаг ӕрбакӕнон, цӕмӕй дын ацы сывӕллоны схӕсса?»
8 Фараоны чызг ын загъта: «Ацу, ӕрбакӕн». Чызг ауад ӕмӕ сывӕллонӕн йӕ мады ӕрбакодта+.
9 Ӕмӕ йын фараоны чызг загъта: «Ахӕсс ацы сывӕллоны ӕмӕ мын ӕй схӕсс. Ӕз дын фиддзынӕн»+. Ӕмӕ сылгоймаг дӕр рахаста сывӕллоны ӕмӕ йӕ хъомыл кодта.
10 Сывӕллон куы байрӕзт, уӕд ӕй фараоны чызгмӕ ӕрбакодта, ӕмӕ сси йӕ фырт+. Ӕмӕ йӕ фараоны чызг схуыдта Моисей*, уымӕн ӕмӕ загъта: «Донӕй йӕ систон»+.
11 Моисей сыстыр, йӕ лӕджы кары бацыд. Ӕмӕ иу бон куы уыди, уӕд рацыд йе ’фсымӕртӕм ӕмӕ федта, цы уӕззау куыст кодтой+. Уӕд кӕсы, ӕмӕ йын египетаг лӕг нӕмы йе ’фсымӕры, дзуттӕгтӕй иуы+.
12 Уӕд йӕ алыварс аракӕс-бакӕс кодта, ӕмӕ дзы куы никӕй федта, уӕд египетаджы амардта ӕмӕ йын йӕ мард змисы бамбӕхста+.
13 Моисей та иннӕ бон дӕр рацыд, ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ дыууӕ дзуттаджы кӕрӕдзиимӕ хыл кӕнынц. Ӕмӕ уӕд, аххосджын чи уыд, уымӕн загъта: «Де ’фсымӕры цӕмӕн нӕмыс?»+
14 Уый та йын загъта: «Чи дӕ сӕвӕрдта махӕн хицауӕй ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй?+ Египетаджы куыд амардтай, мӕн дӕр афтӕ амарынмӕ хъавыс?»+ Ӕмӕ уӕд Моисей фӕтарст ӕмӕ йӕхицӕн загъта: «Базыдтой мӕ!»+
15 Уӕдмӕ хабар фехъуыста фараон дӕр, ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй Моисейы амарой+. Фӕлӕ Моисей фараонӕй алыгъд+ ӕмӕ ӕрцыд Мадиамы зӕхмӕ+, ам ӕрцӕрон, зӕгъгӕ. Уырдӕм куы ’рхӕццӕ, уӕд иу ран цъайы цур ӕрбадт.
16 Мадиамы сауджынӕн+ та уыди авд чызджы. Ӕмӕ иннӕ бонтау ныр дӕр ӕрбацыдысты сӕ фыды фыстӕн дон дарынмӕ. Ӕмӕ цъайӕ дон систой ӕмӕ дондарӕн къанаугӕндтӕ байдзаг кодтой+.
17 Фӕлӕ та уӕдмӕ фыййӕуттӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ чызджыты сӕ дзугтимӕ уырдыгӕй атардтой. Уӕд Моисей сыстад, чызджытӕн баххуыс кодта ӕмӕ сын сӕ фыстӕн дон бадардта+.
18 Чызджытӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд сӕ сӕ фыд Рагуил+ дисгӕнгӕ афарста: «Абон цӕй тагъд ӕрбацыдыстут?»
19 Уыдон ын загътой: «Фыййӕуттӕ нӕ куы хъыгдардтой, уӕд иу египетаг+ нӕ сӕрыл рахӕцыд ӕмӕ ма нын нӕ фыстӕн дӕр дон систа».
20 Уӕд сын сӕ фыд загъта: «Ӕмӕ уыцы лӕг ныр кӕм ис? Цӕмӕн ӕй ныууагътат? Ауайут, ӕрбакӕнут ӕй, ӕмӕ къӕбӕр бахӕра»+.
21 Уый фӕстӕ Моисей сразы уыцы лӕгмӕ цӕрыныл, ӕмӕ йын уый йӕ чызг Сепфорӕйы+ радта.
22 Сепфорӕ йын ныййардта лӕппу, ӕмӕ йӕ Моисей схуыдта Гирсон*+, уымӕн ӕмӕ загъта: «Ӕз дӕн ӕрцӕуӕггаг ӕцӕгӕлон зӕххыл»+.
23 Уымӕй рацыд бирӕ рӕстӕг, ӕмӕ Египеты паддзах амард+. Фӕлӕ Израилы фырттӕ уӕддӕр уыдысты цагъартӕ ӕмӕ удхар кодтой+, ӕмӕ сӕ фыртыхстӕй ӕххуысмӕ дзынӕзтой ӕцӕг Хуыцаумӕ+.
24 Ӕмӕ сын Хуыцау фехъуыста+ сӕ дзыназын+ ӕмӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковимӕ цы бадзырд скодта, уый+.
25 Хуыцау ӕркаст Израилы фырттӕм ӕмӕ федта, цы уавӕры сты, уый.