Рацыд 36:1—38
36 Уыцы куыстытӕ кӕндзӕн Веселеил, стӕй Аголиав+, ӕмӕ ма ноджыдӕр къухӕй арӕхстджын чи у, уыдон – Йегъовӕ сын радта зонд+ ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад+, цӕмӕй зоной, сыгъдӕг бынатӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕ куыд аразгӕ сты, уый, ӕмӕ ӕппӕт дӕр бакӕной, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ»+.
2 Ӕмӕ Моисей фӕдзырдта Веселеилмӕ, Аголиавмӕ ӕмӕ ма ноджыдӕр къухӕй арӕхстджын чи уыди, Йегъовӕ зонд+ кӕмӕн радта, уыцы куыстытӕ аразынмӕ йӕ зӕрдӕ кӕй разӕнгард кодта, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр+.
3 Ӕмӕ уыдон Моисейы разӕй ахастой, сыгъдӕг бынатӕн цы хъуыди, уыдӕттӕ саразынӕн Израилы фырттӕ мысайнагӕн+ цыдӕриддӕр ӕрбахастой, уыдон. Фӕлӕ Израилы фырттӕ ууыл не ’рлӕууыдысты – алы райсом дӕр Моисеймӕ хастой ӕмӕ хастой лӕвӕрттӕ.
4 Ӕмӕ, сыгъдӕг бынатӕн цы хъуыди, уыдӕттӕ чи арӕзта, уыцы арӕхстджын адӕймӕгтӕ кӕрӕдзийы фӕдыл Моисеймӕ цӕуын байдыдтой, сӕ куыст-иу фӕуагътой,
5 ӕмӕ йын дзырдтой: «Йегъовӕ цы загъта, уыдӕттӕ саразынӕн цас хъӕуы, адӕм уымӕй бирӕ фылдӕр хӕссынц».
6 Ӕмӕ уӕд Моисей загъта, цӕмӕй цатыртыл ӕрзилой ӕмӕ адӕмӕн фехъусын кӕной, зӕгъгӕ, нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр мацыуал цӕттӕ кӕнӕнт ӕмӕ мацыуал хӕссӕнт мысайнагӕн. Ӕмӕ адӕм ницыуал хастой.
7 Цы ’рбахастой, уыдон фаг уыдысты ӕппӕт куыстытӕн дӕр, уыдысты фагӕй дӕр фылдӕр.
8 Ӕмӕ, къухӕй арӕхстджын+ чи уыди, уыдон иууылдӕр бавнӕлдтой цатыр+ аразынмӕ. Гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй, ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй ӕмӕ сырх-сырхид ӕндахӕй йын скодтой дӕс ӕмбӕрзӕны, дӕс хайы. Ӕмӕ сыл уый* ӕндӕхтӕй скодта херувимты нывтӕ.
9 Алы хайӕн дӕр йӕ дӕргъ уыди дыууын аст ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та – цыппар ӕлмӕрины. Дӕс хайы дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ.
10 Стӕй дзы фондз хайы баиу кодта кӕрӕдзиимӕ+, ӕмӕ иннӕ фондз хайы дӕр – кӕрӕдзиимӕ.
11 Уый фӕстӕ, фыццаг фондз хайӕ цы стыр ӕмбӕрзӕн рауад, уый иннӕимӕ кӕм хъуамӕ баиу кодтаиккой, уыцы ран ыл йӕ кӕрӕтты ӕрвхуыз цъӕх ӕндахӕй скодта цӕгтӕ. Ӕмӕ афтӕ сарӕзта иннӕ стыр ӕмбӕрзӕны кӕрӕтты дӕр+.
12 Иу ӕмбӕрзӕныл дӕр скодта фӕндзай цӕджы ӕмӕ иннӕ ӕмбӕрзӕныл дӕр, дыууӕ ӕмбӕрзӕны кӕм хъуамӕ баиу кодтаиккой, уыцы фарсыл кӕрӕй-кӕронмӕ скодта фӕндзай цӕджы, иу ӕмбӕрзӕны цӕгтӕ иннӕ ӕмбӕрзӕны цӕгтимӕ куыд бадтаиккой, афтӕ+.
13 Фӕстагмӕ та скодта фӕндзай сызгъӕрин къӕпсыры ӕмӕ уыцы къӕпсыртӕй дыууӕ ӕмбӕрзӕны кӕрӕдзиимӕ баиу кодта, ӕмӕ дзы цатырӕн рауад иу ӕнӕхъӕн ӕмбӕрзӕн+.
14 Уый фӕстӕ сӕгъы къуымбилӕй скодта ӕмбӕрзӕнтӕ цатыр бамбӕрзынӕн. Уыцы ӕмбӕрзӕнтӕ уыдысты иуӕндӕс+.
15 Алы ӕмбӕрзӕнӕн дӕр йӕ дӕргъ уыди ӕртын ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та – цыппар ӕлмӕрины. Иуӕндӕс ӕмбӕрзӕны дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ+.
16 Стӕй фондз ӕмбӕрзӕны баиу кодта кӕрӕдзиимӕ, ӕмӕ иннӕ ӕхсӕз ӕмбӕрзӕны дӕр – кӕрӕдзиимӕ+.
17 Уый фӕстӕ, фондз хайӕ цы стыр ӕмбӕрзӕн рауад, уый иннӕимӕ кӕм хъуамӕ баиу кодтаиккой, уыцы фарсыл кӕрӕй-кӕронмӕ скодта фӕндзай цӕджы. Ӕмӕ фӕндзай цӕджы скодта, кӕимӕ йӕ хъуамӕ баиу кодтаиккой, уыцы ӕмбӕрзӕныл дӕр+.
18 Стӕй скодта фӕндзай ӕрхуы къӕпсыры, цӕмӕй дзы дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кодтаиккой ӕмӕ дзы иу ӕмбӕрзӕн рауадаид+.
19 Уый фӕстӕ ма цатырӕн ноджыдӕр скодта ӕмбӕрзӕн сырхӕй ахуырст фысы цӕрмттӕй, ӕмӕ уый ӕддейӕ та – ӕмбӕрзӕн фӕлмӕн сӕракӕй*+.
20 Стӕй цатыры фӕрстӕн акъацийӕ+ скодта, ӕмраст чи лӕууыд, ахӕм цыппӕрдигъон фӕлгӕттӕ.
21 Алы фӕлгӕтӕн дӕр йӕ дӕргъ уыди дӕс ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг+.
22 Алы фӕлгӕтыл дӕр уыди дыгай къӕхтӕ. Афтӕ скодта цатыры цыппӕрдигъон фӕлгӕттӕ иууылдӕр+.
23 Дыууын фӕлгӕты скодта, Негевмӕ, ома хуссарырдӕм+, чи уыд, уыцы фарсӕн.
24 Уыцы дыууын цыппӕрдигъон фӕлгӕтӕн скодта цыппор ӕвзист бынӕвӕрӕны: иу фӕлгӕтӕн йӕ дыууӕ къахимӕ дыууӕ бынӕвӕрӕны, ӕмӕ афтӕ иннӕ фӕлгӕттӕн дӕр+.
25 Цатыры иннӕ фарсӕн дӕр, цӕгат фарсӕн, скодта дыууын цыппӕрдигъон фӕлгӕты+.
26 Ӕмӕ уыцы фӕлгӕттӕн дӕр скодта цыппор ӕвзист бынӕвӕрӕны: иу фӕлгӕтӕн дыууӕ бынӕвӕрӕны, ӕмӕ афтӕ иннӕ фӕлгӕттӕн дӕр+.
27 Цатыры фӕстаг фарсӕн та, ныгуылӕн фарсӕн, скодта ӕхсӕз цыппӕрдигъон фӕлгӕты+.
28 Дыууӕ ӕртӕтигъон фӕлгӕты та скодта цатыры фӕстаг фарсы тигътӕн – уыдон уыдысты быцӕутӕ+.
29 Уыцы фӕлгӕттӕй алкӕцы дӕр бынӕй суанг уӕлӕмӕ конд уыди дыууӕ фӕйнӕгӕй. Дыууӕ фӕйнӕджы баиу сты уӕлейӕ, фыццаг цӕджы раз. Афтӕ скодта дыууӕ фӕлгӕты дӕр, тигътӕн сӕ быцӕутӕ+.
30 Афтӕмӕй фӕлгӕттӕ уыдысты аст, ӕмӕ сын ӕвзист бынӕвӕрӕнтӕ та уыди ӕхсӕрдӕс: иу фӕлгӕтӕн дыууӕ бынӕвӕрӕны, ӕмӕ афтӕ иннӕ фӕлгӕттӕн дӕр+.
31 Стӕй акъацийӕ скодта хъилтӕ, цӕмӕй фӕлгӕттыл хӕцыдаиккой: фондз хъилы, цатыры иу фарс цы фӕлгӕттӕ уыди, уыдонӕн+,
32 фондз хъилы, цатыры иннӕ фарс цы фӕлгӕттӕ уыди, уыдонӕн ӕмӕ фондз хъилы та, цатыры фӕстаг фарс, ныгуылӕн фарс, цы фӕлгӕттӕ уыди, уыдонӕн+.
33 Алы фарсыл дӕр астӕуккаг хъил скодта афтӕ, цӕмӕй уыдаид кӕрӕй-кӕронмӕ+.
34 Фӕлгӕттыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй скодта, хъилтӕ цы цӕгты хъуамӕ уыдаиккой ӕвӕрд, уыдон. Сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта хъилтыл дӕр+.
35 Уый фӕстӕ ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй скодта, мидӕгӕй чи хъуамӕ уыдаид, уыцы ӕмбӕрзӕн+. Йӕ уӕлӕ та йын ӕндӕхтӕй скодта херувимты нывтӕ+.
36 Стӕй ӕмбӕрзӕнӕн акъацийӕ скодта цыппар цӕджындзы ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта, сызгъӕринӕй скодта зӕгӕлтӕ дӕр. Ӕмӕ цӕджындзтӕн скодта цыппар ӕвзист бынӕвӕрӕны+.
37 Цатыры бахизӕнӕн дӕр скодта ӕмбӕрзӕн. Бауӕфта йӕ ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй+.
38 Скодта йын фондз цӕджындзы зӕгӕлтимӕ. Стӕй цӕджындзтӕн сӕ цъуппытыл ӕмӕ сӕ фидаргӕнӕнтыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта, сӕ бынӕвӕрӕнтӕ та сын скодта ӕрхуыйӕ – фондз бынӕвӕрӕны+.