Рацыд 37:1—29
37 Уый фӕстӕ Веселеил+ акъацийӕ скодта чырын+. Йӕ дӕргъ уыди дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ’рдӕг, йӕ уӕрх – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг, ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд дӕр – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг+.
2 Ӕмӕ йыл мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр сыгъдӕг сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта. Ӕмӕ йын йӕ кӕрӕттыл алырдыгӕй дӕр сызгъӕринӕй нывӕфтыд скодта+.
3 Уый фӕстӕ сызгъӕрин бадон кодта ӕмӕ дзы сарӕзта цыппар цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кодта чырыны цыппар къахы сӕрмӕ: дыууӕ цӕджы – иуырдыгӕй, дыууӕ – иннӕрдыгӕй+.
4 Стӕй акъацийӕ скодта хъилтӕ ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта+.
5 Ӕмӕ уыцы хъилтӕ дыууӕрдыгӕй чырыны цӕгты бавӕрдта, цӕмӕй йӕ уыдонӕй хастаиккой+.
6 Чырыны сӕр+ дӕр скодта сыгъдӕг сызгъӕринӕй. Йӕ дӕргъ уыди дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ’рдӕг, йӕ уӕрх та – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг+.
7 Стӕй сызгъӕринӕй скодта* дыууӕ херувимы. Скодта сӕ чырыны сӕрӕн йӕ дыууӕ кӕроны+.
8 Иу херувимы дзы иу кӕрон скодта, иннӕйы та – иннӕ кӕрон. Чырыны сӕрӕн сӕ скодта йӕ дыууӕ кӕроны+.
9 Херувимтӕн сӕ базыртӕ уыдысты сӕ сӕрмӕ ӕмӕ чырыны сӕр сӕ базыртӕй ӕмбӕрзтой+. Уыдон уыдысты кӕрӕдзийы акомкоммӕ ӕмӕ кастысты чырыны сӕрмӕ+.
10 Уый фӕстӕ акъацийӕ сарӕзта стъол+. Йӕ дӕргъ уыди дыууӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – иу ӕлмӕрин, йӕ бӕрзӕнд та – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг+.
11 Стӕй йыл сыгъдӕг сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ кӕрӕттыл алырдыгӕй дӕр сызгъӕринӕй нывӕфтыд скодта+.
12 Алырдыгӕй та йын скодта фӕрстӕ армы фӕтӕнӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕрсты кӕрӕттыл дӕр сызгъӕринӕй нывӕфтыд скодта+.
13 Стӕй йын сызгъӕринӕй скодта цыппар цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кодта йӕ цыппар тигъмӕ, йӕ цыппар къахы кӕм уыдысты, уыцы рӕтты+.
14 Цӕгтӕ уыдысты фӕрстӕм хӕстӕг, цӕмӕй-иу уыцы цӕгты бавӕрдтаиккой хъилтӕ стъол хӕссынӕн+.
15 Уый фӕстӕ акъацийӕ скодта стъолхӕссӕн хъилтӕ дӕр ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта+.
16 Сыгъдӕг сызгъӕринӕй ма скодта, стъолимӕ цы мигӕнӕнтӕ хъуамӕ уыдаид, уыдон дӕр: тӕбӕгътӕ ӕмӕ нуазӕн къустӕ, стӕй къустӕ ӕмӕ дурынтӕ кувинаг нозт нывондхӕссӕныл рауадзынӕн+.
17 Стӕй сыгъдӕг сызгъӕринӕй скодта цырагъдарӕн+. Цырагъдарӕнӕн йӕ зӕнгыл уыди къалиутӕ, дидинӕджы къусгӕндтӕ, дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ+.
18 Йӕ зӕнгыл уыди ӕхсӕз къалиуы: ӕртӕ къалиуы – иуырдыгӕй, ӕртӕ къалиуы – иннӕрдыгӕй+.
19 Иуырдыгӕй алы къалиуыл дӕр уыди миндалы дидинӕджы хуызӕн ӕртӕ къусгонды, се ’хсӕнты та – дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ. Ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр алы къалиуыл дӕр уыди миндалы дидинӕджы хуызӕн ӕртӕ къусгонды, се ’хсӕнты та – дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ. Афтӕ конд уыди, цырагъдарӕны зӕнгӕй цы ӕхсӕз къалиуы цыди, уыдонӕй алкӕцы дӕр+.
20 Цырагъдарӕнӕн йӕ зӕнгыл та уыди миндалы дидинӕджы хуызӕн цыппар къусгонды, се ’хсӕнты та – дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ+.
21 Цырагъдарӕныл цы ӕхсӕз къалиуы уыд, уыдонӕй дыууӕйы бынмӕ уыди дидинӕджы къуыбыр, иннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр – дидинӕджы къуыбыр, аннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр – дидинӕджы къуыбыр. Дидинӕджы къуыбыртӕ уыди, цырагъдарӕны зӕнгӕй цы ӕхсӕз къалиуы цыди, уыдонӕй алкӕцыйы бынмӕ дӕр+.
22 Дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ къалиутӕ цыдысты йӕ зӕнгӕй. Цырагъдарӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр конд уыди сыгъдӕг сызгъӕрины иу къӕрттӕй+.
23 Стӕй цырагъдарӕнӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй скодта авд къусы, ӕртыскӕнтӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ сыгъд фителтӕн+.
24 Цырагъдарӕн ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ уыди, уыдон скодта сыгъдӕг сызгъӕрины талантӕй.
25 Стӕй акъацийӕ+ скодта нывондхӕссӕн буд судзынӕн+. Йӕ цыппар фарсы дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ: йӕ дӕргъ дӕр – иу ӕлмӕрин, йӕ уӕрх дӕр – иу ӕлмӕрин. Йӕ бӕрзӕнд та уыди дыууӕ ӕлмӕрины. Йӕ сыкъатӕ цыдысты йӕхицӕй+.
26 Нывондхӕссӕныл уӕлейӕ дӕр, йӕ фӕрстыл дӕр ӕмӕ йӕ сыкъатыл дӕр сыгъдӕг сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта, ӕмӕ йын йӕ кӕрӕттыл алырдыгӕй дӕр сызгъӕринӕй нывӕфтыд скодта+.
27 Уый фӕстӕ йын йӕ дыууӕ фарсыл дӕр йӕ нывӕфтыд кӕрӕтты бынмӕ кӕрӕдзи акомкоммӕ скодта фӕйнӕ дыууӕ сызгъӕрин цӕджы хъилтӕ ӕвӕрынӕн – хъуамӕ йӕ уыдонӕй хастаиккой+.
28 Хъилтӕ йын скодта акъацийӕ ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта+.
29 Скодта ма ноджыдӕр сӕрмагонд сой+ ӕмӕ сыгъдӕг, хӕрздӕф буд+. Уыдон уыдысты дӕсны конд.
Фиппаинӕгтӕ
^ Ома дзӕбугӕй кусгӕйӕ. Кӕс 17, 22 ст. дӕр.