Рацыд 38:1—31
38 Уый фӕстӕ акъацийӕ скодта нывондхӕссӕн судзинаг нывӕндтӕн. Нывондхӕссӕнӕн йӕ цыппар фарсы дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ: йӕ дӕргъ дӕр – фондз ӕлмӕрины, ӕмӕ йӕ уӕрх дӕр – фондз ӕлмӕрины. Йӕ бӕрзӕнд та уыди ӕртӕ ӕлмӕрины+.
2 Стӕй йын йӕ цыппар тигъыл скодта сыкъатӕ+. Сыкъатӕ цыдысты йӕхицӕй. Ӕмӕ нывондхӕссӕныл ӕрхуыйӕ цъар сӕвӕрдта+.
3 Уый фӕстӕ скодта, нывондхӕссӕнимӕ цы мигӕнӕнтӕ хъуамӕ уыдаид, уыдон иууылдӕр: мигӕнӕнтӕ фӕныкӕн, белтӕ, къустӕ, фыдисӕнтӕ ӕмӕ зынгхӕссӕнтӕ. Уыцы мигӕнӕнтӕ иууылдӕр скодта ӕрхуыйӕ+.
4 Нывондхӕссӕнӕн ӕрхуыйӕ скодта сеткӕ дӕр ӕмӕ йӕ бавӕрдта, нывондхӕссӕны кӕрӕттыл цы фӕлгӕтгонд уыди, уый бынмӕ, нывондхӕссӕнӕн йӕ астӕуӕй куыд уыдаид, афтӕ+.
5 Стӕй цыппар тигъыл, ӕрхуы сеткӕмӕ хӕстӕг, скодта цыппар ӕрхуы цӕджы хъилтӕ ӕвӕрынӕн.
6 Уый фӕстӕ йын акъацийӕ скодта хъилтӕ ӕмӕ сыл ӕрхуыйӕ цъар сӕвӕрдта+.
7 Ӕмӕ уыцы хъилтӕ бавӕрдта, нывондхӕссӕнӕн дыууӕрдыгӕй цы цӕгтӕ уыд, уыдоны, цӕмӕй йӕ уыдонӕй хӕссой+. Нывондхӕссӕн скодта фӕйнӕджытӕй, мидӕгӕй уыди афтид+.
8 Стӕй ӕрхуыйӕ скодта стыр аг+ хи ӕхсынӕн, ӕмӕ йын йӕ бынӕвӕрӕн дӕр скодта ӕрхуыйӕ – скодта сӕ, ӕмбырды цатыры бахизӕны раз бӕлвырд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи лӕггад кодта, уыцы сылгоймӕгты кӕсӕнтӕй*+.
9 Уый фӕстӕ скодта ӕмбӕрзӕнтӕ кӕрт+ сӕхгӕнынӕн. Негевы ’рдыгӕй, хуссар фарс, кӕрты ӕмбӕрзӕнтӕ уыдысты сӕдӕ ӕлмӕрины. Уӕфт уыдысты гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй+.
10 Уыди сын дыууын ӕрхуы цӕджындзы ӕмӕ дыууын ӕрхуы бынӕвӕрӕны. Цӕджындзтӕн сӕ зӕгӕлтӕ ӕмӕ сӕ фидаргӕнӕнтӕ та уыдысты ӕвзистӕй+.
11 Цӕгат фарс дӕр ӕмбӕрзӕнтӕ уыдысты сӕдӕ ӕлмӕрины. Уыцы фарсӕн дӕр уыди дыууын ӕрхуы цӕджындзы ӕмӕ дыууын ӕрхуы бынӕвӕрӕны. Цӕджындзтӕн сӕ зӕгӕлтӕ ӕмӕ сӕ фидаргӕнӕнтӕ та уыдысты ӕвзистӕй+.
12 Ныгуылӕнырдыгӕй та кӕрты ӕмбӕрзӕнтӕ уыдысты фӕндзай ӕлмӕрины. Уыцы фарсӕн уыди дӕс цӕджындзы ӕмӕ дӕс бынӕвӕрӕны+. Цӕджындзтӕн сӕ зӕгӕлтӕ ӕмӕ сӕ фидаргӕнӕнтӕ та уыдысты ӕвзистӕй.
13 Кӕртӕн йе скӕсӕн фарс дӕр уыди фӕндзай ӕлмӕрины+.
14 Кӕрты бахизӕнӕй иуырдӕм ӕмбӕрзӕнты дӕргъ уыди фынддӕс ӕлмӕрины. Ӕмӕ сын уыди ӕртӕ цӕджындзы ӕмӕ ӕртӕ бынӕвӕрӕны+.
15 Ӕмӕ кӕрты бахизӕнӕй иннӕрдӕм дӕр ӕмбӕрзӕнты дӕргъ уыди фынддӕс ӕлмӕрины. Уыцырдыгӕй дӕр сын уыди ӕртӕ цӕджындзы ӕмӕ ӕртӕ бынӕвӕрӕны+.
16 Кӕрты ӕмбӕрзӕнтӕ иууылдӕр уыдысты гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй.
17 Цӕджындзтӕн сӕ бынӕвӕрӕнтӕ уыдысты ӕрхуыйӕ, сӕ зӕгӕлтӕ ӕмӕ сӕ фидаргӕнӕнтӕ та – ӕвзистӕй. Ӕмӕ цӕджындзтӕн сӕ цъуппытыл дӕр уыди ӕвзистӕй цъар. Кӕрты цӕджындзтӕн сӕ фидаргӕнӕнтӕ иууылдӕр уыдысты ӕвзистӕй+.
18 Кӕрты бахизӕны* цы ӕмбӕрзӕн уыди, уый уӕфт уыди ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй+. Йӕ дӕргъ уыди дыууын ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та уыди фондз ӕлмӕрины – кӕрты ӕмбӕрзӕнты бӕрзӕндӕн+.
19 Йӕ цыппар цӕджындзы ӕмӕ цыппар бынӕвӕрӕны уыдысты ӕрхуыйӕ, сӕ зӕгӕлтӕ ӕмӕ сӕ фидаргӕнӕнтӕ та – ӕвзистӕй. Ӕмӕ цӕджындзтӕн сӕ цъуппытыл дӕр уыди ӕвзистӕй цъар.
20 Цатыры къӕбӕлтӕ ӕмӕ кӕрты ӕмбӕрзӕнты къӕбӕлтӕ та уыдысты ӕрхуыйӕ+.
21 Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ левиттӕ сауджын Аароны фырт Ифамары+ разамындӕй банымадтой, цатырӕн – бадзырды* цатырӕн+ – цы бахъуыд, уыдӕттӕ. Уый уыд левитты хӕс+.
22 Иудӕйы мыггагӕй Веселеил+, Хурӕн йӕ фырт Урийы фырт, сарӕзта, Йегъовӕ Моисейӕн цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр.
23 Йемӕ уыди Даны мыггагӕй Аголиав+, Ахисамахы фырт. Уый къухӕй алцы аразынмӕ дӕр уыди дӕсны, хъуымацыл ӕндахӕй алыхуызон нывтӕ кӕнынмӕ дӕр ӕмӕ ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕндахӕй хъуымӕцтӕ уафынмӕ дӕр.
24 Сыгъдӕг бынаты ӕппӕт куыстытыл дӕр цы сызгъӕрин ацыд, уый уыди, кӕй батилынц, ахӕм нывондӕн кӕй ӕрбахастой+, уыцы сызгъӕрин – ӕдӕппӕтӕй дыууын фараст таланты ӕмӕ авдсӕдӕ ӕртын сиклы+, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй*+.
25 Адӕмӕй фыст чи ’рцыд, уыдон цы ӕвзист ӕрбахастой, уый та уыди сӕдӕ таланты ӕмӕ иу мин авдсӕдӕ ӕвдай фондз сиклы, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй.
26 Нымад чи ’рцыд,– дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыди+,– уыдон уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мины фондзсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы+, ӕмӕ сӕ алкӕмӕй дӕр ӕвзист райстой сиклы ’рдӕг.
27 Сӕдӕ таланты ӕвзист ацыди сыгъдӕг бынаты цӕджындзты ӕмӕ, мидӕгӕй цы ӕмбӕрзӕн уыди, уый цӕджындзты бынӕвӕрӕнтыл. Сӕдӕ бынӕвӕрӕныл ацыд сӕдӕ таланты – алы бынӕвӕрӕныл дӕр иу талант+.
28 Иу мин авдсӕдӕ ӕвдай фондз сиклы ӕвзист та йӕ бахъуыд, цӕмӕй скодтаид цӕджындзты зӕгӕлтӕ, стӕй цӕджындзты цъуппытыл ӕвзистӕй цъар сӕвӕрдтаид ӕмӕ цӕджындзтӕ кӕрӕдзиимӕ баиу кодтаид.
29 Кӕй батилынц, ахӕм нывондӕн цы ӕрхуы ӕрбахастой, уый та уыди ӕвдай таланты ӕмӕ дыууӕ мин цыппарсӕдӕ сиклы.
30 Ӕмӕ уыцы ӕрхуыйӕ скодта, ӕмбырды цатыры бахизӕны цы цӕджындзтӕ уыди, уыдонӕн сӕ бынӕвӕрӕнтӕ, стӕй ӕрхуы нывондхӕссӕн, уыцы нывондхӕссӕны ӕрхуы сеткӕ ӕмӕ, нывондхӕссӕнимӕ цы мигӕнӕнтӕ хъуамӕ уыдаид, уыдон иууылдӕр.
31 Уыцы ӕрхуыйӕ ма скодта кӕрты цӕджындзтӕн сӕ бынӕвӕрӕнтӕ, кӕрты бахизӕны чи хъуамӕ уыдаид, уыцы цӕджындзты бынӕвӕрӕнтӕ, стӕй цатыры къӕбӕлтӕ ӕмӕ кӕрты ӕмбӕрзӕнты къӕбӕлтӕ+ иууылдӕр.
Фиппаинӕгтӕ
^ Ома ӕрхуы кӕсӕнтӕ; ӕрхуы-иу афтӕ слӕгъз кодтой, цӕмӕй дзы адӕймаг йӕхи уыдтаид.
^ Комк. «Кулдуарыл».
^ Комк. «Ӕвдисӕнады».