Титмӕ 1:1—16

1  Павел, Хуыцауы цагъар+ ӕмӕ Йесо Чырыстийы апостол+ – Хуыцауы ӕвзӕрстытимӕ+ нын иу чи у, уыцы уырнындзинадмӕ гӕсгӕ ӕмӕ, бӕлвырдӕй кӕй зонӕм+, уыцы рӕстдзинадмӕ*+ гӕсгӕ. Уый баст у, Хуыцауыл иузӕрдион уай+, уыимӕ  ӕмӕ ӕнцайы ӕнусон царды ныфсыл+ – йӕ бон сайын кӕмӕн нӕу+, уыцы Хуыцау раджы зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта+, ууыл.  Фӕлӕ йӕ рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд йӕ ныхас раргом кодта, нӕ Ирвӕзынгӕнӕг+ Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ мӕ бар+ кӕй бакодтой, уыцы хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕрцы.  Фыссын, нӕ иумӕйаг уырнындзинады мын ӕцӕг хъӕбулау+ чи сси, уыцы Титмӕ. Нӕ Фыд+ Хуыцауы ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг+ Йесо Чырыстийы стыр хорзӕх ӕмӕ фарнӕй хайджын у.  Криты+ дӕ уый тыххӕй ныууагътон, цӕмӕй, раст чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтӕ сраст кӕнай ӕмӕ дын куыд бафӕдзӕхстон+, афтӕ алы горӕты дӕр сӕвӕрай+ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ.  Уый хъуамӕ уа, фау ӕрхӕссӕн+ кӕмӕ нӕй, ахӕм нӕлгоймаг, хъуамӕ йын иу ус йеддӕмӕ ма уа+, йӕ сывӕллӕттӕ хъуамӕ уой уырнӕг, ма сӕ зоной, ӕвзӕр митӕ чи кӕны ӕмӕ хивӕнд+ чи у, ахӕмтӕй.  Цӕстдарӕг у Хуыцауы ӕвӕрд уынаффӕгӕнӕг+, ӕмӕ йӕм хъуамӕ фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа+, ма уа хивӕнд+, мӕстыгӕр+, расыггӕнаг+, йӕ къух макӕмӕ иса*+, ма уа зыд ӕмӕ хи пайда ма агура+,  фӕлӕ хъуамӕ уа уазӕгуарзон*+, уарза хорздзинад, уа ӕмбаргӕ+, раст адӕймаг, иузӕрдион+, хиуылхӕцгӕ+,  иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ фидар хӕца, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, уыцы ныхасыл+, цӕмӕй йӕ бон уа раст*+ ахуырады фӕрцы зонд амонын дӕр ӕмӕ, ныхмӕ чи дзуры, уыдонӕн уайдзӕф бакӕнын+ дӕр. 10  Уым ис бирӕ хивӕнд адӕймӕгтӕ, дзӕгъӕлдзырд чи кӕны+ ӕмӕ адӕмы чи сайы, уӕлдайдӕр та, сунӕты ӕгъдауыл фидар чи хӕцы+, ахӕмтӕ. 11  Уыдонӕн сӕ дзыхтӕ сӕхгӕнын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ хи пайдайы тыххӕй+, цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ амонынц ӕмӕ ӕнӕхъӕн бинонты уырнындзинад халынц+. 12  Сӕхицӕй иу чидӕр, сӕхи пехуымпар*, афтӕ загъта: «Критӕгтӕ ӕдзух кӕнынц сайгӕ, сты тугдзых+ сырдтӕ, магусайӕ гуыбындзӕл». 13  Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Уымӕ гӕсгӕ сын карзӕй уайдзӕф кӕн+, цӕмӕй уырнындзинады фидар*+ уой 14  ӕмӕ дзуттаг аргъӕуттӕм+ ӕмӕ, рӕстдзинад чи ныууагъта+, уыдоны ныхӕстӕм+ ма хъусой. 15  Сыгъдӕг чи у, уыдонӕн алцыдӕр сыгъдӕг у+. Сыгъдӕг чи нӕу+ ӕмӕ уырнындзинад кӕмӕ нӕй+, уыдонӕн та сыгъдӕг ницы у, уымӕн ӕмӕ сӕ зонд дӕр ӕмӕ сӕ цӕсгом+ дӕр у чъизи. 16  Уыдон стыр дзыхӕй дзурынц, Хуыцауы зонӕм+, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтӕй та ӕвдисынц+, кӕй йӕ нӕ зонынц, уымӕн ӕмӕ сты ӕнад ӕмӕ ӕгоммӕгӕс, иу хорз хъуыддагӕн дӕр нӕ бӕззынц+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «ӕцӕгдзинадмӕ».
Кӕс 1Тм 3:3, фип.
Кӕс 1Тм 3:2, фип.
Комк. «ӕнӕниз». Кӕс Тит 2:1 дӕр.
Епименид, н. э. размӕ 6 ӕнусы цӕрӕг критаг поэт.
Комк. «ӕнӕниз».