Тӕрхонгӕнджыты 13:1—25

13  Израилы фырттӕ та ногӕй райдыдтой, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый кӕнын+, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ цыппор азмӕ филистимӕгты+ къухмӕ радта.  Уыцы рӕстӕг цард иу адӕймаг, Маной+, зӕгъгӕ. Уыди Цорӕйӕ+, Даны+ хӕдзарвӕндагӕй. Йӕ усӕн сывӕллон нӕ гуырд, ӕнӕзӕнӕг уыди+.  Иуафон сылгоймагмӕ Йегъовӕйы зӕд фӕзынд+ ӕмӕ йын загъта: «Кӕд ӕнӕзӕнӕг дӕ ӕмӕ дын сывӕллон нӕ гуыры, уӕддӕр басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ ныййардзынӕ лӕппу+.  Уӕдӕ, дӕ хорзӕхӕй, дӕхи хъахъхъӕн, ма нуаз нӕдӕр сӕн, нӕдӕр карз нозт+, стӕй, сыгъдӕг цы нӕу, ахӕмӕй дӕр мацы хӕр+.  Ды басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ ныййардзынӕ лӕппу. Йӕ сӕрыл сӕрдасӕн хъуамӕ ма андзӕва+, уымӕн ӕмӕ, гуыбынӕй куы рацӕуа, уӕдӕй фӕстӕмӕ+ уыдзӕн Хуыцауы назорей*+. Уый райдайдзӕн Израил филистимӕгты къухӕй ирвӕзын кӕнын»+.  Уӕд сылгоймаг ацыд ӕмӕ йӕ лӕгӕн загъта: «Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг мӕм ӕрбацыд, раст ӕцӕг Хуыцауы зӕды хуызӕн уыди+, йӕ уындӕй адӕймагыл тас ӕфтыд+. Кӕцӕй уыд, уымӕй йӕ нӕ бафарстон, ӕмӕ мын йӕ ном дӕр нӕ загъта+.  Фӕлӕ мын загъта: „Басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ ныййардзынӕ лӕппу+. Уӕдӕ ма нуаз нӕдӕр сӕн, нӕдӕр карз нозт, стӕй, сыгъдӕг цы нӕу, ахӕмӕй дӕр мацы хӕр, уымӕн ӕмӕ уыцы сывӕллон, гуыбынӕй куы рацӕуа, уӕдӕй суанг йӕ мӕлӕты онг уыдзӕн Хуыцауы назорей“»+.  Уӕд Маной Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдта: «Ныххатыр мын кӕн, Йегъовӕ+. Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаджы нӕм ӕрӕрвыстай, ӕмӕ дӕ курӕг дӕн, иу хатт ма нӕм ӕрцӕуӕд ӕмӕ нын бацамонӕд+, цы сывӕллон райгуыра, уымӕн нын цы кӕнгӕ у, уый»+.  Ӕцӕг Хуыцау фехъуыста Манойы+, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы зӕд ногӕй ӕрцыд сылгоймагмӕ, быдыры куы уыд, уӕд. Йӕ лӕг Маной та йемӕ нӕ уыди. 10  Сылгоймаг уайтагъд азгъордта ӕмӕ йӕ лӕгӕн загъта+: «Цом, уый размӕ мӕм чи ӕрбацыд, уыцы адӕймаг та мӕм фӕзынд»+. 11  Маной сыстад, йӕ усимӕ уыцы адӕймагмӕ ацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Ды ныхас кодтай сылгоймагимӕ?»+ Уый йын дзуапп радта: «О, ӕз». 12  Уӕд ын Маной загъта: «Дӕ ныхӕстӕ ӕцӕг разынӕнт. Куыд хъӕудзӕн сывӕллоны хъомыл кӕнын, ӕмӕ цы араздзӕн?»+ 13  Ӕмӕ Йегъовӕйы зӕд Манойӕн загъта: «Сылгоймаг хъуамӕ йӕхи хъахъхъӕна, цӕй тыххӕй йын загътон, ӕппӕт уыдӕттӕй+. 14  Сӕнӕфсирӕй цы аразынц, уыдӕттӕй мацы хӕрӕд, мадӕр сӕн нуазӕд, мадӕр карз нозт+, стӕй, сыгъдӕг цы нӕу, ахӕмӕй дӕр мацы хӕрӕд+. Цыдӕриддӕр ын бафӕдзӕхстон, уый кӕнӕд»+. 15  Маной та Йегъовӕйы зӕдӕн загъта: «Кӕд гӕнӕн ис, уӕд ма дӕ иу гыццыл ныффӕстиат кӕнӕм, сӕныкк дын ацӕттӕ кӕнӕм»+. 16  Фӕлӕ Йегъовӕйы зӕд Манойӕн загъта: «Куы мӕ бауромай, уӕд дӕр дын дӕ къӕбӕрӕй нӕ бахӕрдзынӕн. Фӕлӕ дӕ кӕд фӕнды Йегъовӕйӕн судзинаг нывонд ӕрхӕссын+, уӕд ӕй ӕрхӕсс». Ныр ӕй Маной та нӕ зыдта, уый Йегъовӕйы зӕд кӕй уыди. 17  Ӕмӕ Маной Йегъовӕйы зӕдӕн загъта: «Дӕ ном куыд у?+ Дӕ ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой, уӕд кӕмӕн скад кӕнӕм?» 18  Фӕлӕ йын Йегъовӕйы зӕд загъта: «Мӕ номӕй мӕ цы фӕрсыс? Уый диссаг у!» 19  Гъемӕ Маной райста сӕныкк ӕмӕ хоры кувинаг ӕмӕ сӕ дурыл Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхаста+. Ӕмӕ Хуыцау Маной ӕмӕ йӕ усы раз сарӕзта диссаг. 20  Нывондхӕссӕнӕй арт хӕрдмӕ куы ссыд, уӕд Йегъовӕйы зӕд дӕр, нывондхӕссӕнӕй цы арт цыди, уый мидӕг уӕларвмӕ ссыд Маной ӕмӕ йӕ усы раз+. Уыдон та уайтагъд зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхаудтой+. 21  Йегъовӕйы зӕд нал фӕзынд Маной ӕмӕ йӕ усмӕ. Ӕмӕ уӕд Маной бамбӕрста, уый Йегъовӕйы зӕд кӕй уыди+. 22  Гъемӕ Маной йӕ усӕн загъта: «Удӕгасӕй нӕ баззайдзыстӕм+, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы федтам»+. 23  Фӕлӕ йын йӕ ус загъта: «Йегъовӕ нӕ маргӕ куы кодтаид, уӕд нын нӕ къухӕй судзинаг нывонд ӕмӕ хоры кувинаг нӕ айстаид+, стӕй нын ацы диссӕгтӕ нӕ равдыстаид ӕмӕ, цытӕ фехъуыстам, уыдӕттӕ дӕр нын нӕ фехъусын кодтаид»+. 24  Уый фӕстӕ сылгоймаг ныййардта лӕппу ӕмӕ йӕ схуыдта Самсон+. Лӕппу рӕзыд, ӕмӕ йын Йегъовӕ арфӕ кодта+. 25  Цасдӕры фӕстӕ, Самсон Цорӕ+ ӕмӕ Естаолы+ ’хсӕн Махане-Даны+ куы уыди, уӕд Йегъовӕйы тых*+ Самсоны разӕнгард кӕнын райдыдта.

Фиппаинӕгтӕ

Нысан кӕны «хибаргонд; нывондгонд; хицӕнгонд».
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.