Тӕрхонгӕнджыты 16:1—31

16  Иухатт Самсон ӕрцыд Газӕмӕ+. Уым федта иу хӕтаг сылгоймаджы ӕмӕ йӕм бацыд+.  Газӕйы цӕрджытӕн фӕхабар кодтой, Самсон, дам, ардӕм ӕрцыд. Ӕмӕ уыцы бынатыл ӕртыхстысты+ ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв хъахъхъӕдтой горӕты кулдуары раз+. Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв ӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты ӕмӕ дзырдтой: «Куыддӕр ӕрбабон уа, афтӕ йӕ амардзыстӕм»+.  Самсон та хуыссыд ӕмбисӕхсӕвмӕ. Стӕй ӕмбисӕхсӕв сыстад, горӕты кулдуары фӕрстыл ныххӕцыд+, ратыдта сӕ се ’хгӕнӕн хъӕдимӕ ӕмӕ, дыууӕрдыгӕй кӕуыл хӕцыдысты, уыцы тарвӕзтимӕ, йе уӕхсчытыл сӕ сӕвӕрдта ӕмӕ сӕ ахаста+, Хевроны+ акомкоммӕ цы хох ис, уый цъупмӕ.  Цасдӕры фӕстӕ Самсон бауарзта иу сылгоймаджы, Далидӕ+, зӕгъгӕ. Уый цард Сорекы дӕлвӕзы.  Уӕд филистимаг цӕдисон паддзӕхтӕ+ Далидӕмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ йын загътой: «Хинӕй+ йыл рацу ӕмӕ нын базон, йе стыр тых цӕй мидӕг ис ӕмӕ йыл куыд фӕтых уӕм. Базон нын, цӕмӕй йӕ ис сбӕттӕн, цӕмӕй йӕ басӕттӕм. Махӕй та дын алчидӕр ратдзӕн иу мин сӕдӕ ӕвзист ӕхцайы»+.  Уый фӕстӕ Далидӕ Самсонӕн загъта: «Курын дӕ, зӕгъ-ма мын, цӕй мидӕг ис де стыр тых ӕмӕ дӕ цӕмӕй хъуамӕ сбӕтта адӕймаг, цӕмӕй дӕ басӕтта?»+  Самсон ын загъта: «Фосы хом нуӕрттӕй+, чи нӕма ныххус, авд ахӕм нуарӕй мӕ куы сбӕттой, уӕд ныллӕмӕгъ уыдзынӕн ӕмӕ иннӕ адӕмы хуызӕн суыдзынӕн».  Гъемӕ филистимаг цӕдисон паддзӕхтӕ+ Далидӕйӕн ӕрбахастой, чи нӕма ныххус, ахӕм авд хом нуары, ӕмӕ йӕ уыдонӕй сбаста.  Иннӕ уаты та филистимӕгтӕ бамбӕхстысты+. Ӕмӕ йын Далидӕ загъта: «Самсон, филистимӕгтӕ+ дӕм ӕрбацӕуынц!» Ӕмӕ уӕд Самсон нуӕрттӕ атыдта, арт кӕй асудзы, ахӕм здыхст ӕндах куыд атонай, афтӕ+. Ӕмӕ нӕ базыдтой, йӕ тых цӕй мидӕг ис, уый+. 10  Уӕд Далидӕ+ Самсонӕн загъта: «Ды мӕ хынджылӕг кодтай, фӕсайдтай мӕ+. Курын дӕ, зӕгъ мын, цӕмӕй дӕ ис сбӕттӕн». 11  Самсон ын загъта: «Ӕппындӕр кӕмӕй нӕма архайдтой, ахӕм ног бӕндӕнтӕй мӕ куы сбӕттой, уӕд ныллӕмӕгъ уыдзынӕн ӕмӕ иннӕ адӕмы хуызӕн суыдзынӕн». 12  Далидӕ дӕр ног бӕндӕнтӕ райста, сбаста йӕ ӕмӕ йын загъта: «Самсон, филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацӕуынц!» Уыцы рӕстӕг та филистимӕгтӕ иннӕ уаты ӕмбӕхстысты+. Ӕмӕ та Самсон бӕндӕнтӕ ӕндӕхтау атыдта, ӕмӕ йӕ къухтӕй ӕрхаудтой+. 13  Уый фӕстӕ Далидӕ Самсонӕн загъта: «Ныры онг мӕ хынджылӕг кодтай, сайдтай мӕ+. Цӕй-ма, зӕгъ мын, цӕмӕй дӕ ис сбӕттӕн»+. Уӕд ын Самсон загъта: «Мӕ авд дзыккуйы мын тынуафӕны ӕндӕхтыл бабий»+. 14  Уый дӕр ын йӕ дзыккутӕ тынуафӕны фасӕнӕй ӕрылхъывта. Стӕй йын загъта: «Самсон, филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацӕуынц!»+ Самсон фехъал ӕмӕ тынуафӕны фасӕн ӕмӕ ӕндӕхтӕ рарӕдывта. 15  Уӕд ын Далидӕ загъта: «Дӕ зӕрдӕ мемӕ куы нӕй, уӕд мын цы цӕсгомӕй дзурыс, уарзын дӕ+, зӕгъгӕ? Ныр мӕ ӕртӕ хатты асайдтай, нӕ мын загътай, де стыр тых цӕй мидӕг ис, уый»+. 16  Гъемӕ йӕ нал ӕмӕ нал уагъта+, ӕдзух ын дзырдта уый тыххӕй ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, ӕмӕ дзы Самсонӕн йӕ бон нал уыди, йӕхи* марыны онг дзы сси+. 17  Ӕмӕ йын ӕппынфӕстаг йӕ зӕрдӕ раргом кодта+ ӕмӕ йын загъта: «Мӕ сӕрыл дасӕн никуы андзӕвыд+, уымӕн ӕмӕ ӕз мӕ мады гуыбынӕй Хуыцауы назорей+ дӕн. Мӕ сӕр ӕлвыд куы ’рцӕуа, уӕд мӕ тых дӕр фесӕфдзӕн, ӕмӕ ныллӕмӕгъ уыдзынӕн, иннӕ адӕмы хуызӕн суыдзынӕн»+. 18  Далидӕ йӕ куы бамбӕрста, Самсон ын йӕ зӕрдӕ кӕй раргом кодта, уӕд уайтагъд арвыста филистимаг цӕдисон+ паддзӕхтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ныр рацӕут, уымӕн ӕмӕ мын йӕ зӕрдӕ раргом кодта»+. Ӕмӕ йӕм филистимаг цӕдисон паддзӕхтӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын ӕхца ӕрбахастой+. 19  Далидӕ Самсоны йӕ уӕрджытыл бафынӕй кодта. Стӕй иу адӕймагмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын уый йӕ авд дзыккуйы ралыг кодта. Ӕмӕ уӕд Далидӕ Самсоныл тых кӕнын райдыдта. Самсон та йӕ тых сафын байдыдта. 20  Ӕмӕ уӕд Далидӕ загъта: «Самсон, филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацӕуынц!» Самсон фехъал ӕмӕ загъта: «Раздӕрау та сӕм рацӕудзынӕн+, ӕмӕ та аирвӕздзынӕн». Йегъовӕ йӕ кӕй ныууагъта, уый та нӕ зыдта+. 21  Гъемӕ йӕ филистимӕгтӕ ӕрцахстой, йӕ цӕстытӕ йын скъахтой+, ӕркодтой йӕ Газӕмӕ+ ӕмӕ йыл ӕрхуы хъадамантӕ+ бакодтой. Ӕмӕ уым ахӕстоны+ куыройыдур зылдта+. 22  Йӕ сӕрыхъуынтӕ та, куы йын сӕ алвыдтой, уый фӕстӕ уыцы бӕзджынӕй рӕзын райдыдтой+. 23  Филистимаг цӕдисон паддзӕхтӕ та ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй сӕ хуыцау Дагонӕн+ стыр нывонд ӕрхастаиккой ӕмӕ сӕхи аирхӕфстаиккой. Уыдон дзырдтой: «Нӕ хуыцау нын не знаг Самсоны нӕ къухмӕ радта!»+ 24  Куыддӕр адӕм Самсоны федтой, афтӕ сӕ хуыцауы кадджын кӕнын райдыдтой+: «Нӕ хуыцау нын нӕ къухмӕ радта не знаджы+, нӕ зӕхх нын чи фесӕфта+ ӕмӕ нын нӕ адӕмӕй бирӕты чи фӕцагъта, уый»+. 25  Сӕ зӕрдӕтӕ куы бахъӕлдзӕг сты+, уӕд загътой: «Самсоны ракӕнут, ӕмӕ нӕ аирхӕфса»+. Гъемӕ йӕ ахӕстонӕй ракодтой, цӕмӕй сӕ аирхӕфстаид+. Ӕмӕ йӕ дыууӕ цӕджындзы астӕу слӕууын кодтой. 26  Уӕд Самсон, йӕ къухыл ын чи хӕцыд, уыцы лӕппуйӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, хӕдзар кӕуыл лӕууы, уыцы цӕджындзтӕм-ма мӕ бакӕн, ӕмӕ сыл банцой кӕнон». 27  Хӕдзар та йедзаг уыди нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕй, уым уыдысты филистимаг цӕдисон паддзӕхтӕ се ’ппӕт дӕр+. Ӕртӕ мин нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы бӕрц та уыдысты хӕдзары сӕр, Самсонмӕ кастысты ӕмӕ йыл худтысты+. 28  Самсон+ Йегъовӕмӕ сдзынӕзта+ ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, курын дӕ, ӕрхъуыды мӕ кӕн+, ӕмӕ ма мын ацы хатт ратт хъарутӕ+, о иунӕг ӕцӕг Хуыцау. Ратт мын уый фадат, цӕмӕй филистимӕгтӕй мӕ маст райсон, мӕ дыууӕ цӕстӕй иуы тыххӕй уӕддӕр райсон мӕ маст»+. 29  Ӕмӕ уӕд Самсон слӕууыд, хӕдзар кӕуыл лӕууыд, уыцы дыууӕ астӕуккаг цӕджындзы ’хсӕн, иуыл дзы рахиз къухӕй ныххӕцыд, иннӕуыл та – галиу къухӕй. 30  Ӕмӕ загъта: «Уадз ӕмӕ мӕ уд филистимӕгтимӕ фесӕфӕд»+. Стӕй цӕджындзтыл йӕ тых, йӕ бонӕй ахӕцыд, ӕмӕ хӕдзар ныккалд, ӕмӕ цӕдисон паддзӕхтӕ ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр адӕм уыди, уыдон йӕ быны фесты+. Самсон йемӕ мӕрдтӕм кӕй барвыста, уыдон, йӕ удӕгасӕй кӕй фӕцагъта, уыдонӕй фылдӕр уыдысты+. 31  Фӕстӕдӕр йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ фыды хӕдзаронтӕ се ’ппӕт дӕр ӕрцыдысты, йӕ мард ын рахастой ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Цорӕ+ ӕмӕ Естаолы+ ’хсӕн, йӕ фыд Маной+ кӕм ныгӕд уыд, уым. Самсон Израилӕн тӕрхон кодта дыууын азы+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «йӕ уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.