Филиппӕгтӕм 4:1—23

4  Гъемӕ уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, кӕй фенынмӕ бӕллын, уыдон, мӕ цин ӕмӕ мӕ кад*+, куыд уын загътон, афтӕ фидар лӕуут+ нӕ Хицауимӕ иудзинады.  Фӕдзӕхсын Еводийы дӕр ӕмӕ Синтихийы дӕр, нӕ Хицауимӕ иудзинады кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ ӕмхуызон куыд хъуыды кӕной+.  Курӕг дӕн дӕуӕй дӕр, мӕ иузӕрдион ӕмкусӕг*+, ӕххуыс кӕн уыцы сылгоймӕгтӕн. Уыдон мемӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм тох кодтой+ хорз хабары тыххӕй Климент ӕмӕ мӕ иннӕ ӕмкусджытимӕ+ иумӕ, сӕ нӕмттӕ+ царды чиныджы+ фыст кӕмӕн сты, уыдонимӕ.  Хицауимӕ иудзинады кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ ӕдзухдӕр цин кӕнут+. Ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын: цин кӕнут!+  Уе ’мбаргӕдзинадӕй*+ уӕ зонӕд алчидӕр. Хицау хӕстӕг у+.  Мӕт мацӕуыл кӕнут+, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут+, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый+.  Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн+, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн, Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ+ ӕмӕ уӕ зонд.  Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, цыдӕриддӕр у ӕцӕг, цыдӕриддӕр у ахсджиаг, цыдӕриддӕр у раст, цыдӕриддӕр у сыгъдӕг+, цыдӕриддӕр у уарзинаг, хорз цӕмӕйдӕриддӕр фӕзӕгъынц, цыдӕриддӕр у хӕрзӕгъдау ӕмӕ раппӕлинаг,– уыдӕттыл хъуыды кӕнут ӕдзухдӕр+.  Мӕ фӕрцы цы базыдтат, цӕуыл баууӕндыдыстут, цы фехъуыстат ӕмӕ цы федтат, уый кӕнут+, ӕмӕ фарны Хуыцау+ уыдзӕн уемӕ. 10  Нӕ Хицауимӕ иудзинады мӕ цинӕн кӕрон нал ис, кӕдӕй-уӕдӕй мыл ногӕй тыхсын кӕй райдыдтат+, уый тыххӕй. Уӕвгӕ мыл уый размӕ дӕр тыхстыстут, фӕлӕ уын уый равдисыны фадат нӕ уыд. 11  Афтӕ уын уый тыххӕй нӕ дзурын, ӕмӕ хъуаг ӕййафын. Ӕз алы уавӕрты дӕр сахуыр дӕн, цы мӕм вӕййы, уый фагыл нымайын+. 12  Ӕз зонын, цы у хъуаг ӕййафын дӕр+ ӕмӕ цы у, алцыдӕр дын парахатӕй уа, уый дӕр. Алы хъуыддаджы дӕр ӕмӕ алы уавӕрты дӕр базыдтон иу сусӕгдзинад: куыд ис цӕрӕн ӕфсӕстӕй дӕр ӕмӕ ӕххормагӕй дӕр, алцыдӕр дын парахатӕй куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ, хъуаг куы ӕййафай+, уӕд дӕр. 13  Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы+. 14  Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, мӕ тыхст уавӕры+ мӕ фарсмӕ кӕй балӕууыдыстут+, уый уыд хорз. 15  Уӕвгӕ, филиппӕгтӕ, уӕхӕдӕг ӕй зонут, хорз хабар фыццаг хатт куы фехъуыстат ӕмӕ ӕз Македонийӕ куы рацыдтӕн, уӕд мын сымах йеддӕмӕ иу ӕмбырд дӕр кӕй нӕ баххуыс кодта ӕмӕ ӕз дӕр ӕндӕр никӕцы ӕмбырдӕн баххуыс кодтон+. 16  Суанг мын Фессалоникӕмӕ дӕр дыууӕ хатты ӕрӕрвыстат, цы мӕ хъуыди, уыдӕттӕ. 17  Уый тыххӕй уын ӕй нӕ дзурын, ӕмӕ мӕ хуынтӕ хъӕуы+, фӕлӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгты+ фӕрцы уӕ хъӕздыгдзинӕдтыл ноджыдӕр бафта. 18  Мӕнӕн алцыдӕр ис, ӕмӕ мын ис фагӕй дӕр фылдӕр. Ӕз цух ницӕмӕй дӕн, уымӕн ӕмӕ мыл Епафродит+ сӕмбӕлын кодта, сымах ын цы рарвыстат, уыдӕттӕ – уӕ хуын у, йӕ адджын тӕф кӕмӕн кӕлы+, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм нывонд+. 19  Сымах та мӕ Хуыцау+, диссаджы хъӕздыгдзинӕдтӕ+ кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау, Йесо Чырыстийы уылты цух ницӕмӕй ныууадздзӕн+. 20  Нӕ Хуыцау ӕмӕ нӕ Фыдӕн кад уӕд ӕнусӕй-ӕнусмӕ!+ Аммен. 21  Йесо Чырыстиимӕ иудзинады+ чи ис, уыцы сыгъдӕджытӕй алкӕмӕн дӕр мӕ номӕй салӕмттӕ раттут+. Салӕмттӕ уын ӕрвитынц, мемӕ чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ. 22  Салӕмттӕ уын ӕрвитынц ӕппӕт сыгъдӕджытӕ дӕр, уӕлдайдӕр та паддзахы* хӕдзарӕй чи у, уыдон+. 23  Ахӕм хорз зӕрдӕйы уаг уын кӕй ис, уый тыххӕй нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй хайджын ут+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «кадыхуд».
Комк. «мемӕ иу ӕфсондзы бын чи фыдӕбон кӕны».
Кӕнӕ «Ӕнцондзырд, ӕнцонтасӕн кӕй стут, уымӕй».
Комк. «цезӕры», ома Ромы императоры.