Хъуыддӕгтӕ 16:1—40

16  Павел бахӕццӕ Дервимӕ, стӕй та Листрӕмӕ+. Уым цард иу ахуыргӕнинаг, Тимофей+, зӕгъгӕ. Йӕ мад уыди дзуттаг, Хуыцауӕн кувӕг сылгоймаг, йӕ фыд та уыди грекъаг.  Тимофейӕ тынг ӕппӕлыдысты Листрӕ ӕмӕ Иконийы ӕфсымӕртӕ.  Павелы бафӕндыд Тимофейы йемӕ акӕнын. Фӕлӕ йын уый размӕ сунӕт скодта+, уыцы ран цы дзуттӕгтӕ царди, уыдоны тыххӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ иууылдӕр зыдтой, йӕ фыд грекъаг кӕй у.  Ӕмӕ горӕттыл зылдысты ӕмӕ уырнджытӕн дзырдтой, Иерусалимы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы уынаффӕтӕ рахастой, уыдон, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кодтаиккой+.  Афтӕмӕй ӕмбырдты ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад фидардӕр кодта+ ӕмӕ бонӕй-бонмӕ фылдӕр кодтой.  Стӕй ахызтысты Фригийыл ӕмӕ Галатийы+ бӕстӕйыл, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ бауагъта Хуыцауы ныхас Азийы хъусын кӕнын.  Мисимӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сфӕнд кодтой Вифинимӕ+ ацӕуын, фӕлӕ сӕ Йесо сыгъдӕг тыхы уылты нӕ бауагъта.  Гъемӕ Мисийы рӕзты ацыдысты ӕмӕ ӕрцыдысты Троадӕмӕ+.  Ӕмӕ ӕхсӕвы Павел цӕстылуайӕны федта+: йӕ разы лӕууыд иу македойнаг лӕг ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, Македонимӕ-ма ӕрцу ӕмӕ нын баххуыс кӕн, зӕгъгӕ. 10  Павел уыцы цӕстылуайӕн куы федта, уӕд уайтагъд араст стӕм Македонимӕ+, уымӕн ӕмӕ йӕ бамбӕрстам, Хуыцау нӕ кӕй ӕрвиты, цӕмӕй сын хорз хабар фехъусын кӕнӕм. 11  Гъемӕ Троадӕйӕ науыл рацыдыстӕм ӕмӕ комкоммӕ Самофракимӕ бацыдыстӕм, дыккаг бон та – Неаполмӕ, 12  уырдыгӕй та – Македонийы+ уыцы хайы сӕйраг горӕт Филипптӕм+, Ромы дӕлбар горӕтмӕ. Уым фестӕм цалдӕр боны. 13  Сабаты горӕты кулдуарӕй рахызтыстӕм цӕугӕдоны цурмӕ, куыд хъуыды кодтам, афтӕмӕй кувӕн бынат кӕм уыд, уырдӕм. Уым ӕрбадтыстӕм ӕмӕ дзы цы сылгоймӕгтӕ ӕрӕмбырд, уыдонимӕ ныхас кӕнын райдыдтам. 14  Уыди дзы Фиатирӕйӕ+ иу сылгоймаг, Лидийӕ, зӕгъгӕ,– тарсырх дзаумӕттӕ уӕйгӕнӕг, Хуыцауӕн кувӕг адӕймаг. Уый нӕм лӕмбынӕг хъуыста, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ зӕрдӕ байгом кодта+ ӕмӕ, Павел цы дзырдта, уый йӕ зӕрдӕмӕ арф айста. 15  Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ дӕр донаргъуыд куы райстой+, уӕд нын ныллӕгъстӕ кодта: «Кӕд мӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион адӕймагыл нымайут, уӕд мӕм саккаг кӕнут ӕмӕ мӕ хӕдзары ӕрлӕуут»+. Ӕмӕ нӕ куы нал уагъта, уӕд ӕм ацыдыстӕм+. 16  Иу бон кувӕн бынатмӕ куы фӕцӕйцыдыстӕм, уӕд нӕ размӕ фӕци, йӕ мидӕг дӕлимон+ кӕмӕн уыди ӕмӕ дӕсны чи фарста+, иу ахӕм лӕггадгӕнӕг-чызг. Уыцы чызг дӕсны фӕрсынӕй йӕ хицӕуттӕн бирӕ ӕхца куыста+. 17  Павелы ӕмӕ нӕ фӕдыл цыди ӕмӕ хъӕр кодта+: «Ацы адӕм сты Иунӕг Стыр Хуыцауы цагъартӕ ӕмӕ уын амонынц ирвӕзындзинады фӕндаг». 18  Афтӕ кодта бирӕ бонты дӕргъы. Ӕппынфӕстаг дзы Павел стыхст+, разылд ӕм ӕмӕ дӕлимонӕн загъта: «Йесо Чырыстийы номӕй дын зӕгъын: рацу дзы»+. Ӕмӕ дзы дӕлимон уайтагъд рацыд+. 19  Чызджы хицӕуттӕ уый куы бамбӕрстой, ӕмӕ сӕм ныр ӕхца нал ӕфтдзӕн+, уӕд Павелы ӕмӕ Силӕйы ӕрцахстой ӕмӕ сӕ базары фӕзмӕ* хицӕуттӕм акодтой+. 20  Гъемӕ сӕ горӕты хицӕутты раз ӕрлӕууын кодтой ӕмӕ загътой: «Ацы дзуттӕгтӕ нын нӕ горӕт змӕнтынц+ 21  ӕмӕ амонынц, махӕн, ромӕгтӕн, ныххӕцӕн кӕуыл нӕй ӕмӕ нын ӕххӕст кӕнӕн кӕй нӕй, ахӕм ӕгъдӕуттӕ»+. 22  Уӕд адӕм иууылдӕр сӕ ныхмӕ сыстадысты. Ӕмӕ горӕты хицӕуттӕ бардзырд радтой, цӕмӕй сын сӕ дарӕс ӕрыскъуыной ӕмӕ сӕ уистӕй фӕнӕмой+. 23  Тынг сӕ куы фӕнадтой+, уӕд сӕ ахӕстоны баппӕрстой ӕмӕ ахӕстонгӕсӕн бардзырд радтой, хорз сӕ хъахъхъӕн, зӕгъгӕ+. 24  Ахӕм бардзырд ын кӕй радтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ уый дӕр ахӕстоны рӕбинагдӕр хайы баппӕрста+ ӕмӕ сын сӕ къӕхтӕ хъӕдын хъадаманты бакодта+. 25  Ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг+ Павел ӕмӕ Силӕ куывтой ӕмӕ Хуыцауы кадӕн зарыдысты+. Ӕмӕ сӕ иннӕ ахст адӕм дӕр хъуыстой. 26  Уалынмӕ зӕхх афтӕ тынг нынкъуысыд, ӕмӕ ахӕстон йӕ бындуры онг нызмӕлыд. Ӕвиппайды дуӕрттӕ иууылдӕр фегом сты, ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ рӕхыстӕ феуӕгъд сты+. 27  Ахӕстонгӕс куы райхъал ӕмӕ ахӕстоны дуӕрттӕ гомӕй куы федта, уӕд йӕ хъама фелвӕста, ӕмӕ хъуамӕ йӕхи амардтаид+ – афтӕ фенхъӕлдта, ӕмӕ ахст адӕм алыгъдысты+. 28  Фӕлӕ Павел ныхъхъӕр кодта: «Дӕхицӕн мацы бакӕн!+ Мах иууылдӕр ам стӕм!» 29  Уӕд уый дӕр цырагъ ӕрбахӕссын кодта, мидӕмӕ балыгъд ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ+ Павел ӕмӕ Силӕйы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд. 30  Стӕй сӕ ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ сӕ бафарста: «Хорз адӕм, цы кӕнын мӕ хъӕуы+, цӕмӕй фервӕзон?» 31  Уыдон ын загътой: «Баууӕнд Хицау Йесойыл, ӕмӕ фервӕздзынӕ+ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр»+. 32  Ӕмӕ йын йӕхицӕн дӕр ӕмӕ, йӕ хӕдзары чидӕриддӕр уыди, уыдонӕн дӕр Йегъовӕйы ныхас хъусын кодтой+. 33  Ахӕстонгӕс сӕ ӕхсӕвы уыцы афон йемӕ акодта ӕмӕ сын сӕ цӕфтӕ ныхсадта. Уый фӕстӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ иууылдӕр ӕвӕстиатӕй донаргъуыд райстой+. 34  Уый фӕстӕ сӕ хӕдзармӕ бахуыдта, фынг сын ӕрӕвӕрдта ӕмӕ, Хуыцауыл кӕй баууӕндыд, ууыл йӕ хӕдзаронтимӕ тынг фӕцин кодта. 35  Куы сбон, уӕд горӕты хицӕуттӕ хъахъхъӕнджыты*+ арвыстой, зӕгъгӕ, зӕгъут, цӕмӕй уыцы адӕмы рауадзой. 36  Ӕмӕ сын ахӕстонгӕс сӕ ныхӕстӕ Павелмӕ фӕхӕццӕ кодта: «Горӕты хицӕуттӕ сӕ адӕмы ӕрбарвыстой, цӕмӕй уӕ рауадзон. Гъемӕ фарнимӕ цӕут». 37  Фӕлӕ сын Павел загъта: «Мах, ромӕгты+, ӕнӕ тӕрхонӕй адӕмы раз фӕнадтой ӕмӕ нӕ ахӕстоны баппӕрстой, ӕмӕ нӕ ныр та сусӕгӕй ӕрвитынц? Нӕ, уадз ӕмӕ сӕхӕдӕг ӕрбацӕуой ӕмӕ нӕ ракӕной». 38  Хъахъхъӕнджытӕ* уыцы ныхӕстӕ горӕты хицӕуттӕм фӕхӕццӕ кодтой. Уыдон куы фехъуыстой, ӕмӕ ромӕгтӕ сты, уӕд старстысты+. 39  Гъемӕ ӕрцыдысты ӕмӕ Павел ӕмӕ Силӕйӕ хатыртӕ ракуырдтой. Ӕмӕ сӕ ахӕстонӕй куы ракодтой, уӕд сӕм бахатыдысты, цӕмӕй горӕтӕй ацӕуой. 40  Фӕлӕ уыдон ахӕстонӕй ацыдысты Лидийӕтӕм. Уым федтой ӕфсымӕрты ӕмӕ сӕ бафидар кодтой+, стӕй сӕ фӕндагыл араст сты.

Фиппаинӕгтӕ

Адӕм-иу кӕм ӕрӕмбырд сты, уыцы бынат.
Ам цы грекъ. дзырд ис, уый нысан кӕны «хъил чи хӕссы, уый».
Кӕс 35 ст., фип.