Ӕмбисӕндтӕ 6:1—35

6  Мӕ хъӕбул, кӕд исты хъуыддаджы искӕй тыххӕй дзырд радтай+, кӕд дӕ къух радтай ӕцӕгӕлонмӕ+,  кӕд дӕ ныхӕстӕй дӕхи сбастай+ ӕмӕ дӕ ныхӕстӕй дӕхи ӕрцахстай,  уӕд, мӕ хъӕбул, дӕхи фервӕзын кӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы адӕймаджы къухтӕм бахаудтӕ+. Афтӕ бакӕн: бацу йӕм, дӕхи йӕ разы ӕрныллӕг кӕн ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕн+.  Дӕ цӕстытӕм хуыссӕг хӕстӕг ма бауадз, цъынд дӕр сӕ ма ’ркӕн+.  Фервӕзын кӕн дӕхи, цӕрдӕг саг* цуанонӕй ӕмӕ цъиу цъиуахсӕгӕй куыд аирвӕзы, афтӕ+.  Зивӕггӕнаг+, ацу мӕлдзыгмӕ+. Бакӕс, куыд кусы, уымӕ, ӕмӕ дзы дӕхицӕн зонд райс.  Уымӕн нӕдӕр хицау ис, нӕдӕр уынаффӕгӕнӕг, нӕдӕр цӕстдарӕг,  фӕлӕ сӕрдыгон фӕцӕттӕ кӕны йӕхицӕн хӕринаг+, хуымгӕрдӕнты афон фембырд кӕны хойраг.  Цас ма хуысдзынӕ, зивӕггӕнаг?+ Кӕд сыстдзынӕ уӕлӕмӕ?+ 10  Иу гыццыл ма афынӕй кӕндзынӕ, иу гыццыл дӕ цӕстытӕ ӕрцъынд кӕндзынӕ, иу гыццыл ма ахуысдзынӕ, дӕ къухтӕ кӕрӕдзийыл авӕргӕйӕ+, 11  ӕмӕ дӕм мӕгуырдзинад ӕрбацӕудзӕн абырӕгау+, тыхст цард – гӕрзифтонг лӕгау+. 12  Ницӕйаг, фыдзӕрдӕ адӕймаг+ ӕдзухдӕр кӕны мӕнг ныхӕстӕ+, 13  йӕ цӕстытӕ фӕныкъулы+, йӕ къахӕй цыдӕртӕ фӕамоны, йе ’нгуылдзтӕй цыдӕртӕ февдисы+. 14  Йӕ зӕрдӕ у ӕвзӕрдзинадӕй дзаг+. Йӕ хъуыдытӕ ӕдзухдӕр сты, цы фыддзинад ракӕна, ууыл+. Адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ кӕны+. 15  Уый тыххӕй йӕ ӕнӕнхъӕлӕджы бӕллӕх баййафдзӕн+, цӕстыфӕныкъуылдмӕ йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ницыуал баххуыс кӕндзӕн+. 16  Йегъовӕ ӕхсӕз хъуыддагӕй уыны йе сӕфт+, о, авд хъуыддаджы сты ӕнад йӕ удӕн+: 17  хъал цӕстытӕ+, мӕнг ӕвзаг+, ӕнаххос туг чи калы, ахӕм къухтӕ+, 18  фыдвӕндтӕ чи кӕны, ахӕм зӕрдӕ+, ӕвзӕрдзинад ракӕнынмӕ чи тагъд кӕны, ахӕм къӕхтӕ+, 19  мӕнг чи дзуры, ахӕм ӕвдисӕн+ ӕмӕ, ӕфсымӕрты кӕрӕдзийы ныхмӕ чи кӕны, ахӕм адӕймаг+. 20  Мӕ хъӕбул, дӕ фыды фӕдзӕхст ӕххӕст кӕн+ ӕмӕ дын дӕ мад цы закъон амоны, уый ма рох кӕн+. 21  Дӕ зӕрдӕйыл сӕ бабӕтт+ ӕмӕ сӕ дӕ хъуырыл бакӕн+. 22  Фӕндагыл куы уай, уӕд дӕ разӕй цӕудзысты+, хуысгӕ куы кӕнай, уӕд дӕ хъахъхъӕндзысты+ ӕмӕ куы райхъал уай, уӕд дыл узӕлдзысты, 23  уымӕн ӕмӕ фӕдзӕхст у цырагъ+, закъон у рухс+, уайдзӕф ӕмӕ зондамынд сты цард+. 24  Уыдон дӕ хъахъхъӕндзысты ӕнаккаг сылгоймагӕй+, хӕлд сылгоймаджы* рӕсугъд ныхӕстӕй+. 25  Ма йын бабӕлл дӕ зӕрдӕйы йӕ рӕсугъддзинадмӕ+, ма дӕ асайӕд йӕ цӕстыты ӕрттывдӕй+, 26  уымӕн ӕмӕ хӕтаг сылгоймаджы тыххӕй адӕймаг ӕрхауы хус къӕбӕрмӕ+, кӕйдӕр усы тыххӕй та фесафы йӕ цард дӕр+. 27  Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг йӕ роны* зынг бавӕра ӕмӕ йӕ уӕлӕдарӕс ма басудза?+ 28  Науӕд уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг судзгӕ цӕхӕртыл цӕуа ӕмӕ йӕ къӕхтӕ ма басудзой? 29  Раст афтӕ у йӕ хабар, искӕй усимӕ чи фӕлымӕн вӕййы, уымӕн дӕр+ – чи йӕм бавнала, уый ӕнӕфхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн+. 30  Давӕг, ӕххормаг кӕй у, уый тыххӕй куы радавы, уӕд ыл адӕмы зӕрдӕ нӕ фӕхуды. 31  Фӕлӕ йӕ куы ’рцахсой, уӕд, цы адавта, уый авд ахӕмӕй бафиддзӕн, хӕдзары йӕм хорзӕй цы ис, уыдон иууылдӕр ратдзӕн+. 32  Сылгоймагимӕ чи хӕты, уый та у ӕнӕзонд*+, афтӕ чи кӕны, уый йӕ уд сафы+. 33  Фыдбылыз ӕй баййафдзӕн ӕмӕ йӕ сӕр фегад кӕндзӕн+, ӕмӕ йӕ худинаг ницӕмӕйуал ныхсдзӕн+. 34  Сылгоймагӕн йӕ лӕг хабар куы базона, уӕд йӕ маст рафыцдзӕн+, ӕмӕ йӕ маст куы иса, уӕд нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн+. 35  Цасфӕнды йын ма фидай,– нӕ дын сӕ айсдзӕн, ӕмӕ йын цыфӕнды стыр лӕвӕрттӕ ма кӕнай,– нӕ йын ӕрфӕлмӕн кӕндзынӕ йӕ зӕрдӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «джейран».
Комк. «ӕндӕрбӕстаджы».
Кӕнӕ «йӕ тары».
Комк. «уымӕн зӕрдӕ нӕй».