1 Иоанны 2:1—29

2  Мӕ хъӕбултӕ, ацы ныхӕстӕ уӕм уымӕн фыссын, цӕмӕй тӕригъӕд ма ракӕнат+. Фӕлӕ уӕ кӕд исчи тӕригъӕд ракодта, уӕд та нын Фыды раз ис ӕххуысгӕнӕг+ – рӕстгӕнӕг+ Йесо Чырысти.  Уый у фидауынгӕнӕг+ нывонд+ нӕ тӕригъӕдты+ тыххӕй, ӕмӕ ӕрмӕст мах+ тӕригъӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕгас дунейы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр+.  Кӕд ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм, уӕд ӕй зонӕм, кӕй йӕ базыдтам+.  Афтӕ чи дзуры, ӕз ӕй базыдтон+, зӕгъгӕ, афтӕмӕй та йын йӕ фӕдзӕхстытӕ не ’ххӕст кӕны+, уый сайгӕ кӕны ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы рӕстдзинад* нӕй+.  Фӕлӕ йын йӕ ныхас+ чи ӕххӕст кӕны, уыцы адӕймаг Хуыцауы ӕцӕгдӕр уарзы ӕххӕст уарзтӕй+. Ӕмӕ йӕ уымӕй зонӕм, йемӕ иудзинады кӕй стӕм+.  Афтӕ чи дзуры, ӕз йемӕ иудзинады дӕн+, зӕгъгӕ, уый хъуамӕ цӕргӕ дӕр кӕна, Йесо куыд цард, афтӕ*+.  Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ӕз уӕм ног фӕдзӕхст нӕ фыссын, фӕлӕ рагон фӕдзӕхст+, райдианӕй+ кӕй зонут, уый. Ацы рагон фӕдзӕхст у, сымах кӕй фехъуыстат, уыцы ныхас.  Уӕвгӕ уӕм ног фӕдзӕхст дӕр фыссын, Чырысти кӕй ӕххӕст кодта ӕмӕ сымах дӕр кӕй ӕххӕст кӕнут, уыцы фӕдзӕхст, уымӕн ӕмӕ талынг+ фӕивгъуыйы ӕмӕ ӕцӕг рухс+ ныридӕгӕн рухс кӕны.  Афтӕ чи дзуры, ӕз рухсы дӕн, зӕгъгӕ, афтӕмӕй та йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт уыны+, уый ныр дӕр ма талынджы ис+. 10  Йе ’фсымӕры чи уарзы, уый ис рухсы+, ӕмӕ йын къуылымпыйы хос* ницы уыдзӕн+. 11  Фӕлӕ йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый ис талынджы ӕмӕ цӕугӕ дӕр талынджы кӕны+. Ӕмӕ кӕдӕм цӕуы+, уый дӕр нӕ зоны, уымӕн ӕмӕ йӕ талынг бакуырм кодта. 12  Фыссын уӕм, мӕ хъӕбултӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ* номы+ тыххӕй уӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты. 13  Фыссын уӕм, фыдӕлтӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат, райдианӕй+ чи ис, уый. Фыссын уӕм, ӕрыгӕттӕ+, уымӕн ӕмӕ сымах Фыдбылызыл фӕуӕлахиз стут+. Фыссын уӕм, мӕ хъӕбултӕ+, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат нӕ Фыды+. 14  Фыссын уӕм, фыдӕлтӕ+, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат, райдианӕй+ чи ис, уый. Фыссын уӕм, ӕрыгӕттӕ, уымӕн ӕмӕ сымах стут фидар+, Хуыцауы ныхас ис уӕ зӕрдӕты+ ӕмӕ Фыдбылызыл фӕуӕлахиз стут+. 15  Ма уарзут дуне, нӕдӕр, дунейы цы ис, уый+. Дуне чи уарзы, уый Фыды нӕ уарзы+, 16  уымӕн ӕмӕ дунейы цыдӕриддӕр ис+: тӕригъӕдджын буары монцтӕ+, цӕстыты монцтӕ+ ӕмӕ мулкӕй ӕппӕлын+, – уыдон Фыдӕй не сты, фӕлӕ сты ацы дунейӕ+. 17  Дуне дӕр фӕивгъуыйы ӕмӕ йӕ монцтӕ дӕр+, Хуыцауы фӕндон+ чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм+. 18  Мӕ хъӕбултӕ, рӕстӕг бирӕ нал баззад+, ӕмӕ куыд фехъуыстат, афтӕмӕй Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг ӕрцӕуы+. Ныр дӕр Чырыстийӕн бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ+ фӕзынд, ӕмӕ уымӕй зонӕм, рӕстӕг бирӕ кӕй нал баззад, уый. 19  Уыдон уыдысты не ’хсӕн, фӕлӕ махӕй ацыдысты, уымӕн ӕмӕ махӕй нӕ уыдысты+. Махӕй куы уыдаиккой, уӕд немӕ баззадаиккой+. Фӕлӕ уыдон ацыдысты, цӕмӕй рабӕрӕг уа, се ’ппӕт махӕй кӕй не сты+. 20  Сымах Сыгъдӕг Хуыцау байсӕрста йӕ сыгъдӕг тыхӕй+, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр зонут рӕстдзинад+. 21  Уый тыххӕй уӕм нӕ фыссын, ӕмӕ рӕстдзинад нӕ зонут+, фӕлӕ йӕ кӕй зонут+, уый тыххӕй, стӕй, иу мӕнгдзинад дӕр рӕстдзинадӕй кӕй нӕ цӕуы, уый тыххӕй дӕр+. 22  Афтӕ чи зӕгъы, Йесо, дам, Чырысти* нӕу, уый кӕд нӕ сайы, уӕд ма чи сайы?+ Уый у Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг+. Уый нӕдӕр Фыдыл ӕууӕнды, нӕдӕр Фыртыл+. 23  Фыртыл чи не ’ууӕнды, уый Фыдимӕ дӕр иудзинады нӕй+. Фырты тыххӕй ӕргом чи дзуры+, уый та Фыдимӕ дӕр ис иудзинады+. 24  Сымахӕн та зӕгъын: райдианы цы фехъуыстат, уый уӕ зӕрдӕты баззайӕд+. Райдианы цы фехъуыстат, уый уӕ зӕрдӕты куы уа, уӕд сымах дӕр Фыртимӕ дӕр ӕмӕ Фыдимӕ+ дӕр уыдзыстут иудзинады+. 25  Ӕмӕ нын Фыд та зӕрдӕ бавӕрдта ӕнусон цардӕй+. 26  Ацы ныхӕстӕ уӕм фыссын, уӕ асайыныл чи архайы, уыдоны тыххӕй+. 27  Сымах тыххӕй та мӕ уый фӕнды зӕгъын, ӕмӕ уӕ Хуыцау цы сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста+, уый ис уӕ мидӕг ӕмӕ уый хъуаг нал стут, цӕмӕй уӕ исчи ахуыр кӕна+. Кӕй уӕ байсӕрста, уыцы хъуыддаг у ӕцӕг+, мӕнг нӕу, ӕмӕ уӕ уый фӕрцы ахуыр кӕны ӕппӕтыл дӕр+. Ӕмӕ уӕ куыддӕриддӕр сахуыр кодта, афтӕ йемӕ иудзинады ут+. 28  Уӕдӕ, мӕ хъӕбултӕ+, йемӕ иудзинады ут+, цӕмӕй, куы раргом уа+, уӕд нӕ бон уа нӕхи тыххӕй ныфсджынӕй дзурын+ ӕмӕ, куы ’рцӕуа*+, уӕд ма фӕхудинаг уӕм ӕмӕ дзы ма фӕхицӕн уӕм. 29  Хуыцау рӕстаг кӕй у+, уый кӕд зонут, уӕд уый дӕр зонут, ӕмӕ, раст хъуыддӕгтӕ чидӕриддӕр кӕны, уый дӕр уымӕй райгуырд+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».
Комк. «цӕуа, уый куыд цыд, афтӕ».
Комк. «фӕкӕлыны хос».
Ома Йесойы.
Кӕс Мф 2:4, фип.
Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.