1 Паддзӕхты 21:1—29
21 Цасдӕры фӕстӕ ӕрцыд ахӕм хабар. Изреелы+, Самарийы паддзах Ахавы галуаны фарсмӕ изреелаг Навуфейӕн уыди сӕнӕфсирдон.
2 Ӕмӕ Ахав Навуфейӕн загъта: «Дӕ сӕнӕфсирдон+ мын ратт+. Мӕ хӕдзармӕ хӕстӕг у, ӕмӕ дзы мӕхицӕн цӕхӕрадон+ скӕнон. Йӕ бӕсты дын хуыздӕр сӕнӕфсирдон ратдзынӕн. Йе та дӕ кӕд фӕнды+, уӕд дын йӕ аргъ бафиддзынӕн».
3 Фӕлӕ Навуфей Ахавӕн загъта: «Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы+, ахӕм хъуыддаг ӕз нӕ бакӕндзынӕн+ – мӕ фыдӕлтӕ бынӕн цы зӕхх райстой, уый дын нӕ ратдзынӕн»+.
4 Ӕмӕ Ахав йӕ хӕдзармӕ мӕстджынӕй ӕмӕ тарӕрфыгӕй ацыд, изреелаг Навуфей йын афтӕ кӕй загъта, мӕ фыдӕлтӕ бынӕн цы зӕхх райстой, уый дын нӕ ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уый тыххӕй. Йӕ хуыссӕныл ӕрхуыссыд, иннӕрдӕм азылд+ ӕмӕ хӕргӕ дӕр нӕ бакодта.
5 Уӕд ӕм йӕ ус Йезавел+ бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Афтӕ ӕнкъард цӕмӕн дӕ?+ Къӕбӕр цӕуылнӕ хӕрыс?»
6 Ахав ын загъта: «Изреелаг Навуфейӕн загътон, зӕгъын мын дӕ сӕнӕфсирдон рауӕй кӕн, йе та дӕ кӕд фӕнды, уӕд дын йӕ бӕсты ӕндӕр сӕнӕфсирдон ратдзынӕн. Фӕлӕ мын уый афтӕ, нӕ, дам, дын ратдзынӕн мӕ сӕнӕфсирдон»+.
7 Уӕд ын йӕ ус Йезавел загъта: «Израилы паддзах ды нӕ дӕ, ӕви?+ Сыст, бахӕр ӕмӕ ма тыхсгӕ дӕр ма кӕн. Изреелаг Навуфейы сӕнӕфсирдон дын мӕхӕдӕг ратдзынӕн»+.
8 Гъемӕ Ахавы номӕй фыстӕджытӕ ныффыста+, паддзахы мыхуыр сыл сӕвӕрдта+ ӕмӕ сӕ арвыста, Навуфеимӕ иу горӕты чи цард, уыцы хистӕр лӕгтӕм+ ӕмӕ кадджын адӕммӕ.
9 Фыстӕджыты ныффыста+: «Комдарӕн бон скӕнут ӕмӕ Навуфейы ӕппӕт адӕмы раз сбадын кӕнут.
10 Йӕ акомкоммӕ та йын сбадын кӕнут дыууӕ+ ӕнаккаг адӕймаджы+, ӕмӕ уыдон йӕ ныхмӕ дзурӕнт+: „Ды Хуыцауы ӕмӕ паддзахы ӕлгъыстай!“+ Стӕй йӕ акӕнут ӕмӕ йӕ дуртӕй амарут»+.
11 Навуфей кӕм цард, уыцы горӕты нӕлгоймӕгтӕ, хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ кадджын адӕм, алцыдӕр сарӕзтой, Йезавел сын куыд загъта, афтӕ – цы фыстӕджытӕ сӕм ӕрбарвыста, уым куыддӕриддӕр фыст уыди, афтӕ+.
12 Комдарӕн бон скодтой+ ӕмӕ Навуфейы ӕппӕт адӕмы раз сбадын кодтой.
13 Стӕй дыууӕ ӕнаккаг лӕджы ӕрбацыдысты, Навуфейы акомкоммӕ сбадтысты ӕмӕ адӕмы раз йӕ ныхмӕ дзурын райдыдтой: «Навуфей Хуыцауы ӕмӕ паддзахы ӕлгъыста!»+ Уый фӕстӕ Навуфейы горӕтӕй ракодтой, дуртӕй йӕ фӕхостой, ӕмӕ амард+.
14 Ӕмӕ Йезавелӕн фӕхабар кодтой: «Навуфейы дуртӕй амардтой»+.
15 Навуфейы дуртӕй кӕй амардтой, уый Йезавел куы фехъуыста, уӕд Ахавӕн загъта: «Ацу ӕмӕ дын изреелаг Навуфей кӕй нӕ рауӕй кодта, уыцы сӕнӕфсирдон дӕхи бакӕн+, уымӕн ӕмӕ Навуфей ӕгас нал у, амард».
16 Ахав уый куы фехъуыста, ӕмӕ Навуфей амард, уӕд сыстад ӕмӕ изреелаг Навуфейы сӕнӕфсирдонмӕ ацыд, цӕмӕй йӕ йӕхи бакодтаид+.
17 Уӕдмӕ та Йегъовӕ фесвӕйаг Илийайӕн+ загъта+:
18 «Сыст ӕмӕ ацу Самаримӕ, Израилы паддзах Ахавы размӕ+. Ныртӕккӕ уый Навуфейы сӕнӕфсирдоны ис – уырдӕм ацыд, цӕмӕй уыцы сӕнӕфсирдон йӕхи бакӕна.
19 Зӕгъ ын: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Лӕджы амардтай+, ӕмӕ ма йын йӕ зӕхх дӕр дӕхи бакӕнынмӕ хъавыс?“+ Стӕй йын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Куыйтӕ Навуфейы туг кӕм сдӕрдтой, уым+ сдӕрдзысты дӕ туг дӕр“»+.
20 Ахав Илийайӕн загъта: «Ссардтай мӕ, нӕ, ме знаг?»+ Илийа йын загъта: «Ссардтон дӕ. Хуыцау афтӕ зӕгъы: „Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы у, ууыл кӕй бафтыдтӕ+,
21 уый тыххӕй дӕ ӕз бӕллӕхы хай бакӕндзынӕн+ ӕмӕ дӕ фесафдзынӕн+, ӕмӕ Ахавы хӕдзары нӕлгоймаджы мыггагӕй иу дӕр нал ныууадздзынӕн, фесафдзынӕн се ’ппӕты дӕр+, Израилы ӕппӕты ницӕйагдӕр чи у, уый дӕр.
22 Наваты фырт Йеровоамы хӕдзарӕн+ ӕмӕ Ахийы фырт Ваасӕйы хӕдзарӕн+ куыд бакодтон, афтӕ бакӕндзынӕн дӕ хӕдзарӕн дӕр, кӕй мӕ ӕфхӕрдтай ӕмӕ Израилы тӕригъӕды кӕй бафтыдтай, уый тыххӕй“+.
23 Йезавелы тыххӕй та Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Изреелы зӕххыл ӕй куыйтӕ бахӕрдзысты+.
24 Ахавӕн горӕты чи амӕла, уый куыйтӕ бахӕрдзысты, быдыры йын чи амӕла, уый та уӕларвон мӕргътӕ бахӕрдзысты+.
25 Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, ууыл Ахав+ йӕ ус Йезавелы+ ардыдӕй+ куыд бафтыд, афтӕ ничи.
26 Йегъовӕ Израилы фырттӕн сӕ разӕй кӕй фӕсырдта, уыцы аморейтау Ахав дӕр фаджыс-хуыцӕутты+ фӕдыл ацыд ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддӕгтыл бафтыд“»+.
27 Ахав уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта, йӕ уӕлӕ хъисын скодта+ ӕмӕ ком дардта, хъисыны хуыссыд ӕмӕ сӕргуыбырӕй рацу-бацу кодта+.
28 Уӕд Йегъовӕ фесвӕйаг Илийайӕн загъта:
29 «Уыныс, Ахав мӕ разы йӕхи куыд ӕрныллӕг кодта?+ Мӕ разы йӕхи кӕй ӕрныллӕг кодта, уый тыххӕй бӕллӕх йӕ рӕстӕджы не ’руадздзынӕн+. Йӕ хӕдзар ын бӕллӕхы хай бакӕндзынӕн йӕ фырты рӕстӕджы»+.