1 Самуилы 31:1—13
31 Филистимӕгтӕ Израилимӕ схӕцыдысты+, ӕмӕ израилӕгтӕ филистимӕгты разӕй лидзӕг фесты, ӕмӕ сӕ филистимӕгтӕ Гелвуйы+ хохыл цӕгъдгӕ цыдысты+.
2 Филистимӕгтӕ Саул ӕмӕ йӕ фыртты фӕдыл бафтыдысты ӕмӕ ӕппынфӕстаг амардтой Саулы фыртты, Ионафаны+, Аминадавы+ ӕмӕ Малхисуайы+.
3 Саулы алыварс та карз тох бацайдагъ. Уӕд ӕй фатӕхсджытӕ фехстой, ӕмӕ уӕззау цӕф фӕци+.
4 Саул йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕгӕн загъта: «Дӕ хъама+ слас ӕмӕ мӕ амар, цӕмӕй мӕ уыцы ӕнӕсунӕтгӕндтӕ+ ма амарой ӕмӕ мӕ ма фӕхынджылӕг кӕной». Фӕлӕ йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕг не сразы+, уымӕн ӕмӕ тынг фӕтарст. Ӕмӕ уӕд Саул йӕхӕдӕг райста хъама ӕмӕ йыл ӕрхауд+.
5 Саул кӕй амард+, уый йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕг куы федта, уӕд уый дӕр йӕ хъамайыл ӕрхауд ӕмӕ йемӕ амард+.
6 Афтӕ Саул, йе ’ртӕ фырты, йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕг ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр уыцы бон фӕмард сты+.
7 Быдыры ӕмӕ Иорданмӕ хӕстӕг чи цард, уыцы израилӕгтӕ уый куы федтой, ӕмӕ Израилы хӕстонтӕ лидзӕг фесты, Саул ӕмӕ йӕ фырттӕ та амардысты, уӕд сӕ горӕттӕ ныууагътой ӕмӕ алыгъдысты+. Уый фӕстӕ филистимӕгтӕ ӕрцыдысты ӕмӕ уыцы горӕтты ӕрцардысты+.
8 Иннӕ бон филистимӕгтӕ рацыдысты, цӕмӕй мӕрдтӕн сӕ дзаумӕттӕ ӕмӕ сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ сӕхицӕн рахастаиккой+, ӕмӕ Гелвуйы+ хохыл Саул ӕмӕ йе ’ртӕ фырты мӕрдтӕ ссардтой.
9 Ӕмӕ Саулӕн йӕ сӕр+ акъуырдтой, йӕ хӕцӕнгарз ын раластой, стӕй арвыстой ӕгас филистимӕгты бӕстӕмӕ, цӕмӕй уый тыххӕй фехъусын кодтаиккой+ сӕ мӕнгхуыцӕутты+ кувӕндӕтты ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр.
10 Йӕ хӕцӕнгарз+ ын сӕвӕрдтой Астартӕйы+ кувӕндоны, йӕ мард та йын Беф-Саны+ къулыл ӕрцауыгътой.
11 Филистимӕгтӕ Саулӕн цытӕ бакодтой, уый Иавис-Галаады+ цӕрджытӕ куы фехъуыстой,
12 уӕд хъӕбатыр лӕгтӕ иууылдӕр сыстадысты ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв Беф-Санмӕ фӕцыдысты. Саул ӕмӕ йӕ фыртты мӕрдтӕ къулӕй ӕристой, фӕстӕмӕ Иависмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ сӕ уым басыгътой+.
13 Стӕй сын се стджытӕ+ райстой ӕмӕ сӕ Иависы тамариск+ бӕласы бын баныгӕдтой+. Уый фӕстӕ авд боны ком дардтой+.