2 Азфыстыты 19:1—11

19  Иудӕйы паддзах Иосафат та Иерусалиммӕ йӕ хӕдзармӕ фарнимӕ ӕрыздӕхт+.  Цӕстылуайӕнтӕ+ уынӕг Ананийы фырт+ Ииуй+ паддзах Иосафаты размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Фыдгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнын раст у?+ Йегъовӕйӕ йе сӕфт чи уыны+, уыдоны хъуамӕ уарзгӕ кӕнай?+ Уый тыххӕй дӕм Йегъовӕйы маст ссыгъд+.  Фӕлӕ дӕм Хуыцау хорздзинад+ дӕр федта, уымӕн ӕмӕ ды ацы зӕххӕй фесӕфтай кувӕн цӕджындзтӕ+ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ сарӕзтай ӕцӕг Хуыцауы агурынмӕ»+.  Иосафат цард Иерусалимы. Ӕмӕ та Вирсавийӕ+ суанг Ефремы+ хӕхбӕсты онг адӕмыл зилын райдыдта, цӕмӕй сӕ сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕмӕ раздӕхтаид+.  Ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр, Иудӕйы фидаргонд горӕттӕй алкӕцыйы дӕр сӕвӕрдта тӕрхонгӕнджытӕ+  ӕмӕ сын загъта: «Цы аразут, уымӕ кӕсут+, уымӕн ӕмӕ сымах адӕмы номӕй нӕ тӕрхон кӕнут, фӕлӕ Йегъовӕйы номӕй+. Ӕмӕ тӕрхоны хъуыддаджы уый уемӕ ис+.  Уӕдӕ Йегъовӕйӕ тӕрсут+. Алы хъуыддагыл дӕр лӕмбынӕг хъуыды кӕнут+, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ хӕрамдзинад нӕй+, уый хъулон никӕй кӕны+ ӕмӕ гӕртӕмттӕ нӕ исы»+.  Стӕй Иосафат левиттӕй+, сауджынтӕй+ ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй+ кӕйдӕрты сӕвӕрдта Иерусалимы дӕр, цӕмӕй Йегъовӕйы номӕй тӕрхон кодтаиккой+ ӕмӕ Иерусалимы цӕрджыты хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрстаиккой+.  Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Йегъовӕйӕ тӕрсут+ ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнут, уӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ уӕд. 10  Уе ’фсымӕртӕ уӕм сӕ горӕттӕй цыфӕнды хъуыддагимӕ ма ’рбацӕуой – тугныккалдимӕ+ уа баст ӕви кӕцыдӕр закъон+, фӕдзӕхст+, уагӕвӕрдтӕ+ кӕнӕ тӕрхӕттимӕ+,– бафӕдзӕхсут-иу сӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы раз ма рӕдийой ӕмӕ сымахмӕ дӕр ӕмӕ уе ’фсымӕртӕм дӕр йӕ маст ма ссудза+. Афтӕ кӕнут, цӕмӕй ма фӕаххосджын уат. 11  Йегъовӕимӕ цыдӕриддӕр хъуыддӕгтӕ баст сты+, уыдон ӕвзаргӕйӕ уӕ сӕргъы лӕудзӕн хистӕр сауджын Амари. Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы хистӕр Измаилы фырт Зевади та уӕ сӕргъы лӕудзӕн, паддзахимӕ баст хъуыддӕгтӕ куы ’взарат, уӕд. Левиттӕ дӕр уын уыдзысты цӕстдарджытӕ. Уӕдӕ фидар ут+ ӕмӕ уӕ хъуыддаг кӕнут, ӕмӕ уын Йегъовӕ+ уӕ хорз хъуыддӕгты арфӕгӕнӕг уӕд»+.

Фиппаинӕгтӕ