2 Азфыстыты 22:1—12
22 Йӕ бӕсты йын Иерусалимы цӕрджытӕ паддзахӕй сӕвӕрдтой йӕ кӕстӕр фырт Охозийы*+, уымӕн ӕмӕ, аравиӕгтимӕ+ чи ’рбацыд ӕмӕ Иудӕмӕ чи бабырста, уыцы абырджытӕ йын йӕ хистӕр фыртты ныццагътой+. Ӕмӕ Иудӕйы паддзах сси Иорамы фырт Охози.
2 Охози паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын дыууӕ азы+ ӕмӕ иу аз уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Гофоли+, уыди Амврийӕн+ йӕ фырты чызг.
3 Охози дӕр цыди Ахавы+ хӕдзарвӕндаджы фӕндӕгтыл, уымӕн ӕмӕ йын йӕ фыдхъуыддӕгты йӕ мад+ уыд уынаффӕгӕнӕг.
4 Ахавы хӕдзарвӕндагау уый дӕр арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый, уымӕн ӕмӕ йын йӕ фыды мӕлӕты фӕстӕ уыдон систы уынаффӕгӕнджытӕ+, ӕмӕ йӕ сафгӕ дӕр уый фӕкодта.
5 Уыдоны зондыл цыди+, ӕмӕ Израилы паддзахимӕ, Ахавы фырт Иорамимӕ+ дӕр уый тыххӕй ацыд, цӕмӕй Рамоф-Галаады+ Сирийы паддзах Азаилимӕ+ схӕцыдаиккой. Ӕмӕ уым фатӕхсджытӕ Иорамы фӕцӕф кодтой+.
6 Ӕмӕ паддзах Иорам Изреелмӕ+ ӕрыздӕхт, цӕмӕй йӕ цӕфтӕ сдзӕбӕх кодтаид, уымӕн ӕмӕ, Рамӕйы+ Сирийы паддзах Азаилимӕ куы хӕцыд, уӕд фӕцӕф.
Иудӕйы паддзах, Иорамы+ фырт Азари+ та Изреелмӕ Ахавы фырт Иораммӕ+ рынчынфӕрсӕг ӕрцыд+.
7 Фӕлӕ, Охози Иораммӕ кӕй ӕрцыд, уый уыд Хуыцауӕй+, цӕмӕй йӕ фесӕфтаид+. Ӕмӕ куы ’рцыд+, уӕд Иорамимӕ рацыдысты Намессийы+ фырты фырт Ииуйы размӕ+. Ииуйы та Йегъовӕ байсӕрста+, цӕмӕй Ахавы хӕдзарвӕндаг быныскъуыд фӕкодтаид+.
8 Ииуй куы бавнӕлдта, Ахавы хӕдзарвӕндагӕн цы тӕрхон ӕрцыд хаст, уый ӕххӕст кӕнынмӕ+, уӕд ссардта Иудӕйы кънйӕзты ӕмӕ Охозийӕн йе ’фсымӕрты фыртты+, Охозийы лӕггадгӕнджыты, ӕмӕ сӕ амардта+.
9 Уый фӕстӕ райдыдта Охозийы агурын, ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг ӕрцахстой+, Самарийы+ куы ӕмбӕхст, уӕд, ӕмӕ йӕ Ииуймӕ ӕрбакодтой ӕмӕ йӕ амардтой. Стӕй йӕ бавӕрдтой+, уымӕн ӕмӕ загътой: «Уый Иосафаты+ фырты фырт у, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи агуырдта, уый фырты фырт»+. Ӕмӕ Охозийы хӕдзарӕй, паддзах чи уыдаид, ахӕм ничиуал баззад.
10 Охозийы мад Гофоли+ уый куы федта, ӕмӕ йын йӕ фырты амардтой, уӕд Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй паддзахы байзӕддӕгты се ’ппӕты дӕр ныццагъта+.
11 Фӕлӕ паддзахы фыртты марынмӕ куы хъавыдысты, уӕд паддзахы чызг Иосавеф+ Охозийы фырт Иоасы+ паддзахы фыртты ’хсӕнӕй радавта ӕмӕ йӕ йӕ хъомылгӕнӕгимӕ хуыссӕн уатмӕ бакодта. Ӕмӕ йӕ паддзах Иорамы+ чызг Иосавеф, сауджын Иодайы+ ус, Охозийы хо, уым Гофолийӕ ӕмбӕхста, ӕмӕ йӕ Гофоли нӕ амардта+.
12 Ӕхсӕз азы йӕ ӕмбӕхстой ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары+. Гофоли та уыцы рӕстӕг бӕстӕйӕн+ уыд паддзах+.