2 Азфыстыты 7:1—22
7 Соломон куывд куы фӕци+, уӕд уӕларвӕй арт ӕрцыд+ ӕмӕ судзинаг нывонд+ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ аныхъуырдта, ӕмӕ хӕдзар Йегъовӕйы кадӕй+ байдзаг.
2 Ӕмӕ сауджынтӕн сӕ бон нӕ уыд Йегъовӕйы хӕдзармӕ бацӕуын+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзар байдзаг Йегъовӕйы кадӕй.
3 Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр, арт куыд ӕрцыд ӕмӕ хӕдзарыл Йегъовӕйы кад куыд ӕрӕнцад, уый куы федтой, уӕд дурӕй конд кӕрты сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой+, сӕ сӕртӕй ныллӕг, зӕххы онг акуывтой+ ӕмӕ Йегъовӕйӕн арфӕ кӕнын райдыдтой, «уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ+, уымӕн ӕмӕ йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм»+, зӕгъгӕ.
4 Уый фӕстӕ паддзах ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхастой+.
5 Паддзах Соломон нывондӕн ӕрхаста дыууын дыууӕ мин галы ӕмӕ сӕдӕ дыууын мин фысы+. Афтӕмӕй паддзах ӕмӕ ӕппӕт адӕм ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар снывонд кодтой+.
6 Сауджынтӕ+ лӕууыдысты сӕ бынӕтты, семӕ лӕууыдысты левиттӕ+ дӕр, Йегъовӕйӕн кӕй цагъдмӕ зарыдысты, уыцы музыкалон инструменттимӕ+. Уыцы инструменттӕ паддзах Давид+ сарӕзта Йегъовӕйӕн арфӕ кӕнынӕн, цӕмӕй-иу Хуыцауы куы кадджын кодтаид, уӕд-иу левиттӕ цагътаиккой ӕмӕ дзырдтаиккой, «уымӕн ӕмӕ йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм», зӕгъгӕ. Сӕ акомкоммӕ чи лӕууыд, уыцы сауджынтӕ уадындзтӕй+ хъӕрӕй уасыдысты, израилӕгтӕ та се ’ппӕт дӕр кодтой лӕугӕ.
7 Уый фӕстӕ Соломон ссыгъдӕг кодта+, Йегъовӕйы хӕдзары раз цы кӕрт уыд, уымӕн йӕ астӕуккаг хай – уым ӕрхаста судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ фарны нывӕндты фиу, уымӕн ӕмӕ, Соломон цы ӕрхуы нывондхӕссӕн+ скодта, уый фаг нӕ уыд судзинаг нывӕндтӕ, хоры кувинӕгтӕ+ ӕмӕ нывӕндты фиу+ ӕрхӕссынӕн.
8 Уӕд Соломон бӕрӕгбон скодта+, ӕмӕ йемӕ уыд ӕгас Израил дӕр+ – дуне адӕм+, Хаматы+ арӕнтӕй суанг Египеты цӕугӕдоны дӕлвӕзы+ онг цы зӕххытӕ уыд, уырдыгӕй чи ’рцыд, уыдон. Бӕрӕгбон ахаста авд боны.
9 Ӕстӕм бон та сын уыд сӕрмагонд ӕмбырд+, уымӕн ӕмӕ авд боны нывондхӕссӕн нывонд кодтой, ӕмӕ авд боны та уыд бӕрӕгбон.
10 Ӕвдӕм мӕйы дыууын ӕртыккӕгӕм бон паддзах адӕмы сӕ хӕдзӕрттӕм ауагъта, ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ ацыдысты – цин кодтой+, Йегъовӕ Давидӕн ӕмӕ Соломонӕн, стӕй йӕ адӕм Израилӕн+ цы хорздзинӕдтӕ+ ракодта, уыдоныл.
11 Уыйадыл Соломон арӕзт фӕци Йегъовӕйы хӕдзар+ ӕмӕ паддзахы хӕдзар+. Йегъовӕйы хӕдзары тыххӕй ӕмӕ йӕхи хӕдзары тыххӕй йӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр фӕндтӕ уыд, уыдон йӕ къухы бафтыдысты.
12 Ӕмӕ ӕхсӕвы Йегъовӕ Соломонмӕ фӕзынд+ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дын фехъуыстон дӕ куывд+ ӕмӕ мӕхицӕн ацы бынат равзӕрстон+, цӕмӕй мын ацы хӕдзары нывӕндтӕ хӕссой+.
13 Ӕз арвы дуӕрттӕ куы сӕхгӕнон ӕмӕ къӕвда куы нӕ уа+, зӕххыл цыдӕриддӕр зайы, уый мӕтыхтӕн куы бахӕрын кӕнон+ ӕмӕ мӕ адӕмыл фыдниз куы бафтауон+,
14 ӕмӕ мӕ адӕм+, мӕ ном мын чи хӕссы+, уыцы адӕм, сӕхи куы ӕрныллӕг кӕной+, куы мӕм скувой+, куы мӕ ӕрцагурой+ ӕмӕ се ’взӕр фӕндӕгтӕ куы ныууадзой+, уӕд сӕ ӕз уӕлӕрвтӕй фехъусдзынӕн+ ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕндзынӕн+, ӕмӕ сын сӕ зӕхх сдзӕбӕх кӕндзынӕн+.
15 Ныр ардӕм ме ’ргом раздахдзынӕн+ ӕмӕ-иу фехъусдзынӕн+, ацы бынатӕй мӕм цӕй тыххӕй кувой, уый.
16 Ӕз равзӕрстон+ ацы хӕдзар ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кодтон, цӕмӕй мӕ ном+ уым уа ӕнустӕм+. Ӕз ӕм алкӕддӕр мӕ цӕст дардзынӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕ алкӕддӕр уым уыдзӕн+.
17 Дӕ фыд Давидау+ мын куы лӕггад кӕнай ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхстон, уый куы аразай+ ӕмӕ мын мӕ уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ мӕ закъӕттӕ куы ӕххӕст кӕнай+,
18 уӕд дын дӕ паддзахбадӕн сфидар кӕндзынӕн+, дӕ фыд Давидимӕ цы бадзырд скодтон, уымӕ гӕсгӕ+ – ӕз ын загътон, дӕ байзӕддӕгтӕ ӕнустӕм уыдзысты паддзӕхтӕ Израилӕн+, зӕгъгӕ.
19 Фӕлӕ мӕ фӕдыл куы нал цӕуат+, цы фӕдзӕхстытӕ+ ӕмӕ уын цы закъӕттӕ+ радтон, уыдоныл уӕ къух куы сисат, ӕмӕ куы ацӕуат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн+ куы куват ӕмӕ сӕ разы уӕ зонгуытыл куы лӕууат+,
20 уӕд уӕ ӕз бындзарӕй стондзынӕн, кӕй уын радтон, уыцы зӕххӕй+ ӕмӕ мӕ къух сисдзынӕн+, мӕ номы тыххӕй кӕй ссыгъдӕг кодтон+, уыцы хӕдзарыл, ӕмӕ йӕ ӕппӕт адӕмтӕн ӕмбисондӕн дзуринаг+ ӕмӕ фидиссаг фӕкӕндзынӕн+.
21 Ӕмӕ-иу ацы хӕдзары рӕзты, хӕлддзӕгты цӕнд+ чи фестад, уый рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу ӕм дисгӕнгӕ кӕсдзӕн+ ӕмӕ-иу зӕгъдзӕн: „Йегъовӕ ацы бӕстӕйӕн ӕмӕ ацы хӕдзарӕн афтӕ цӕмӕн бакодта?“+
22 Ӕмӕ-иу ын зӕгъдзысты: „Уымӕн ӕмӕ уыдон ныууагътой сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы+, Египеты зӕххӕй сӕ чи ракодта, уыцы Хуыцауы+, ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм аздӕхтысты+ ӕмӕ сӕ разы сӕ зонгуытыл лӕууынц ӕмӕ сын кувынц+. Ӕмӕ сӕ ӕппӕт ацы бӕллӕхты хай дӕр уый тыххӕй бакодта“»+.