2 Паддзӕхты 6:1—33
6 Пехуымпарты фырттӕ+ Елисейӕн загътой: «Дӕхӕдӕг ӕй уыныс, дӕ разы кӕм+ цӕрӕм, уым нын къуындӕг+ кӕй у.
2 Дӕ хорзӕхӕй, ауадз нӕ, ӕмӕ Иорданмӕ ацӕуӕм. Алчидӕр нӕ фӕйнӕ бӕласы акалдзӕн ӕмӕ уым нӕхицӕн+ хӕдзар сараздзыстӕм». Елисей сын загъта: «Ацӕут».
3 Ӕмӕ йын уӕд сӕ иу загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, ды дӕр дӕ цагъартимӕ рацу». «Хорз, ӕз дӕр ацӕудзынӕн»,– загъта Елисей
4 ӕмӕ семӕ ацыд. Иорданмӕ куы ’рцыдысты, уӕд бӕлӕстӕ калын райдыдтой+,
5 ӕмӕ сӕ иу бӕлас куы калдта, уӕд йӕ фӕрӕты ӕфсӕйнаг+ доны ныххауд. Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Фесӕфтӕн, мӕ буц хицау+, фӕрӕт мӕхи нӕ уыд, кӕмӕйдӕр ӕй ракуырдтон!»+
6 Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг ӕй бафарста: «Кӕм дын ныххауд?» Ӕмӕ кӕм ныххауд, уый йын равдыста. Уӕд Елисей бӕласӕй къалиу ралыг кодта, уым ӕй ныппӕрста, ӕмӕ фӕрӕты ӕфсӕйнаг хӕрдмӕ ссыд+.
7 Ӕмӕ Елисей загъта: «Сис ӕй». Уый дӕр ӕм нывнӕлдта ӕмӕ йӕ систа.
8 Сирийы паддзах+ та Израилы ныхмӕ рацыд. Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытимӕ куы уынаффӕ кодта+, уӕд загъта: «Уым ӕмӕ уым ӕрбынат кӕндзыстӕм»+.
9 Уӕд ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг+ Израилы паддзахмӕ арвыста, уыцы ранмӕ хӕстӕг ма цу+, сириӕгтӕ уырдӕм фӕцӕуынц+, зӕгъгӕ.
10 Ӕмӕ Израилы паддзах дӕр, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг ын цы бынатӕй загъта, уырдӕм фӕхабар кодта+. Афтӕ-иу ӕй Елисей бафӕдзӕхста+, ӕмӕ-иу уый дӕр уыцы ранмӕ хӕстӕг нӕ цыд.
11 Уӕд Сирийы паддзах смӕсты+ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ бафарста: «Ныр-ма мын зӕгъут, махуӕттӕй Израилы паддзахы фарс чи у?»+
12 Йӕ лӕггадгӕнджытӕй йын сӕ иу загъта: «Ничи, мӕ буц хицау, паддзах. Уый израилаг пехуымпар Елисей+ радзуры Израилы паддзахӕн+, ды дӕ мидӕггаг уаты цы фӕдзурыс, уый дӕр»+.
13 Уӕд Сирийы паддзах загъта: «Ацӕут ӕмӕ, кӕм вӕййы, уый базонут, цӕмӕй йӕм арвитон, ӕмӕ йӕ ӕрцахсой»+. Цасдӕры фӕстӕ йын фӕхабар кодтой, Дофаны+, дам, ис.
14 Паддзах уырдӕм уайтагъд бӕхтӕ, хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ стыр ӕфсад арвыста+. Гъемӕ ӕхсӕвыгон горӕтмӕ хӕстӕг бацыдысты ӕмӕ йыл ӕртыхстысты.
15 Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаджы лӕггадгӕнӕг+ райсомӕй раджы куы сыстад ӕмӕ ӕддӕмӕ куы рацыд, уӕд кӕсы, ӕмӕ горӕты алыварс лӕууынц ӕфсӕдтӕ бӕхтимӕ ӕмӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттимӕ. «Сӕфӕм, мӕ хицау!+ – загъта лӕггадгӕнӕг.– Цы бакӕнӕм?»
16 «Ма тӕрс+,– загъта йын Елисей.– Немӕ чи ис, уыдон фылдӕр сты, семӕ чи ис, уыдонӕй»+.
17 Ӕмӕ Елисей скуывта+ ӕмӕ загъта: «О Йегъовӕ, курын дӕ, йӕ цӕстытӕ йын байгом кӕн+, цӕмӕй ӕппӕт дӕр фена». Уӕд Йегъовӕ лӕггадгӕнӕджы цӕстытӕ байгом кодта, ӕмӕ уый федта, Елисейы алыварс+ хӕхтӕ, артау цӕхӕртӕ чи калдта, ахӕм бӕхтӕ ӕмӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕй+ кӕй нал зындысты.
18 Сириӕгтӕ хӕстӕгдӕр цӕуын куы райдыдтой, уӕд Елисей Йегъовӕмӕ скуывта: «Курын дӕ, ацы адӕмы бакуырм кӕн»+. Ӕмӕ сӕ Хуыцау Елисейы ныхасмӕ гӕсгӕ бакуырм кодта.
19 Уӕд сын Елисей загъта: «Ай уыцы фӕндаг нӕу ӕмӕ горӕт дӕр уыцы горӕт нӕу. Цомут мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ ӕз акӕндзынӕн, кӕй агурут, уыцы адӕймагмӕ». Йӕхӕдӕг та сӕ ӕркодта Самаримӕ+.
20 Самаримӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд Елисей загъта: «О Йегъовӕ, байгом сын кӕн сӕ цӕстытӕ, цӕмӕй феной, кӕм сты, уый»+. Уӕд сын Йегъовӕ сӕ цӕстытӕ байгом кодта, ӕмӕ уӕд федтой, Самарийы астӕу кӕй сты.
21 Израилы паддзах сӕ куы федта, уӕд Елисейӕн загъта: «Ныццӕгъдон сӕ+, мӕ фыдыхай?+ Ныццӕгъдон сӕ?»
22 «Ма сӕ амар,– дзуапп ын радта Елисей.– Дӕ хъама ӕмӕ де ’рдыны фӕрцы уацары кӕй акӕныс, уыдоны амарыс?+ Къӕбӕр сын ӕрӕвӕр ӕмӕ сын дон ратт, цӕмӕй бахӕрой ӕмӕ бануазой+, ӕмӕ сӕ стӕй сӕ хицаумӕ арвит».
23 Уӕд сын уый дӕр стыр фынгтӕ ӕрӕвӕрдта. Куы бахордтой ӕмӕ куы банызтой, уӕд сӕ ауагъта, ӕмӕ сӕ хицаумӕ ацыдысты. Ӕмӕ уый фӕстӕ сириӕгтӕ Израилы зӕхмӕ нал ӕрбабырстой+.
24 Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ Сирийы паддзах Венадад йе ’фсад иууылдӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ ацыд ӕмӕ Самарийыл ӕртыхст+.
25 Уӕдмӕ Самарийы ӕххормаг заман скодта+. Ӕмӕ знӕгтӕ йӕ алыварс уыйбӕрц рӕстӕг лӕууыдысты, ӕмӕ хӕрӕджы сӕр+ сси ӕстай ӕвзист сиклы аргъ, бӕлоны фаджысӕй+ дыууӕ армыдзаг та – фондз ӕвзист сиклы аргъ.
26 Израилы паддзах горӕты къулы сӕр куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕм иу сылгоймаг ныхъхъӕр кодта: «Мӕ буц хицау, паддзах, баххуыс мын кӕн!»+
27 Паддзах ын загъта: «Йегъовӕ дын куы не ’ххуыс кӕны, уӕд дын ӕз цӕмӕй хъуамӕ баххуыс кӕнон?+ Найгӕнӕн мусӕй дын хор рахӕссон, йе та сӕндуцӕнӕй сӕн кӕнӕ сойлӕмарӕнӕй сой?»
28 Ӕмӕ йӕ стӕй бафарста: «Цы дыл ӕрцыд?» Сылгоймаг загъта: «Ацы сылгоймаг мын афтӕ, дӕ лӕппуйы, дам, нын ратт, цӕмӕй, дам, ӕй абон бахӕрӕм, мӕ лӕппуйы та, дам, райсом бахӕрдзыстӕм+.
29 Гъемӕ мӕ лӕппуйы сфыхтам+ ӕмӕ йӕ бахордтам+. Иннӕ бон ын загътон, зӕгъын, ӕри дӕ лӕппуйы ӕмӕ ныр та уый бахӕрӕм. Фӕлӕ йӕ уый бамбӕхста».
30 Паддзах сылгоймаджы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс йӕ уӕлӕ ӕрыскъуыдта+, ӕмӕ горӕты къулыл куы фӕцӕйцыд, уӕд адӕм федтой, мидӕгӕй йыл хъисын кӕй уыд.
31 Ӕмӕ паддзах загъта: «Хуыцауы фыдӕх мӕ баййафӕд, кӕд ма абон Сафаты фырт Елисейӕн йӕ сӕр йӕ уӕлӕ баззайа!»+
32 Елисей йӕ хӕдзары хистӕр лӕгтимӕ куы бадти+, уӕд ӕм паддзах кӕйдӕр арвыста. Фӕлӕ йӕм нӕма ӕрбахӕццӕ, афтӕ Елисей хистӕр лӕгтӕн загъта: «Уыцы лӕгмары фырт+ мын мӕ сӕр акъуырынмӕ кӕйдӕр кӕй рарвыста, уый зонут? Кӕсут, йе ’рвыст лӕг куы ’рбацӕуа, уӕд-иу дуар сӕхгӕнут ӕмӕ-иу ыл фидар хӕцут, цӕмӕй мидӕмӕ ма ’рбахиза. Уый йӕ фӕстӕ та йӕ хицауы къӕхты хъӕр+ нӕу, ӕви?»
33 Елисей йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ уыцы адӕймаг ӕрбацыд, ӕмӕ паддзах загъта: «Ацы бӕллӕх ныл Йегъовӕ ӕруагъта+. Цӕмӕн ма ӕнхъӕлмӕ кӕсын Йегъовӕмӕ?»+