2 Самуилы 10:1—19

10  Уый фӕстӕ Аммоны+ фыртты паддзах амард, ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси йӕ фырт Аннон+.  Уӕд Давид загъта: «Наасы фырт Анноны ме ’нувыд уарзтӕй барӕвдауон, йӕ фыд мӕ куыд барӕвдыдта йе ’нувыд уарзтӕй, афтӕ»+. Ӕмӕ Аннон йӕ фыды зианыл куы хъыг кодта, уӕд ӕм Давид йӕ лӕггадгӕнджыты арвыста+, цӕмӕй йӕ фарсмӕ балӕууыдаиккой. Ӕмӕ Давиды лӕггадгӕнджытӕ Аммоны фыртты зӕхмӕ ӕрцыдысты.  Фӕлӕ Аммоны фыртты кънйӕзтӕ сӕ хицау Аннонӕн загътой: «Ӕнхъӕлыс, ӕмӕ дӕм Давид дӕ фыды ӕфсӕрмӕй ӕрбарвыста ныфсӕвӕрджыты? Мыййаг дӕм Давид йӕ лӕггадгӕнджыты уый тыххӕй не ’рбарвыста, цӕмӕй горӕт басгарой, кӕм дзы цы ис, уый базоной+ ӕмӕ йӕ стӕй ныппырх кӕной?»+  Уӕд Аннон Давиды лӕггадгӕнджыты ӕрцахста, сӕ боцъотӕ сын иуырдыгӕй адаста+, сӕ уӕлӕдарӕсы кӕрӕттӕ сын суанг сӕ ӕгъдты онг ралыг кодта ӕмӕ сӕ афтӕмӕй фӕстӕмӕ арвыста+.  Давидӕн уый тыххӕй куы фӕхабар кодтой, уӕд сын сӕ размӕ адӕмы арвыста, уымӕн ӕмӕ сӕ тынг ныххудинаг кодтой. Паддзах сын загъта: «Цалынмӕ уӕ боцъотӕ нӕ разайой, уӕдмӕ уал Иерихоны+ ут. Стӕй уӕд ӕрыздӕхдзыстут».  Аммоны фырттӕ уый куы бамбӕрстой, ӕмӕ сӕ Давид йе сӕфт федта+, уӕд минӕвӕрттӕ арвыстой ӕмӕ баххуырстой дыууын мин фистӕг хӕстоны сириӕгтӕй Беф-Реховӕй+ ӕмӕ Сувӕйӕ+, стӕй Маахӕйы+ паддзахы ӕмӕ йемӕ иу мин адӕймаджы, ӕмӕ дыууадӕс мин адӕймаджы та – Истовӕй.  Давид уый куы фехъуыста, уӕд Иоавы ӕнӕхъӕн ӕфсадимӕ ӕмӕ тыхджын лӕгтимӕ арвыста+.  Аммоны фырттӕ рацыдысты ӕмӕ горӕтмӕ бахизӕны гӕрзифтонгӕй ӕрлӕууыдысты. Сувӕйаг ӕмӕ реховаг+ сириӕгтӕ та, стӕй, Истовӕй чи уыд, уыдон ӕмӕ Маахӕ слӕууыдысты хицӕнӕй быдыры+.  Иоав уый куы федта, ӕмӕ йӕм разӕй дӕр ӕмӕ фӕстӕрдыгӕй дӕр бырсынц, уӕд Израилы хуыздӕр хӕстонтӕй цасдӕр равзӕрста+ ӕмӕ сӕ сириӕгты ныхмӕ ӕрлӕууын кодта. 10  Иннӕ адӕмы та йе ’фсымӕр Авессӕйы+ бар бакодта, цӕмӕй сӕ уый та Аммоны+ фыртты ныхмӕ ӕрлӕууын кодтаид. 11  Иоав загъта: «Кӕд мыл сириӕгтӕ тых кӕнын райдайой, уӕд мӕм ды ӕрбацӕудзынӕ ӕххуысмӕ. Кӕд дӕуыл Аммоны фырттӕ райдайой тых кӕнын, уӕд та дӕм ӕз ацӕудзынӕн ӕххуысмӕ+. 12  Фидар у, ӕмӕ лӕгдзинад+ равдисӕм – схӕцӕм нӕ адӕмы тыххӕй ӕмӕ нӕ Хуыцауы горӕтты тыххӕй+. Йегъовӕ та бакӕндзӕн, хуыздӕр ӕм куыд кӕсы, афтӕ»+. 13  Гъемӕ Иоав ӕмӕ йӕ адӕм сириӕгтимӕ схӕцыдысты, ӕмӕ сириӕгтӕ сӕ разӕй лидзӕг фесты+. 14  Аммоны фырттӕ уый куы федтой, ӕмӕ сириӕгтӕ лидзынц, уӕд уыдон дӕр Авессӕйӕ лидзӕг фесты ӕмӕ горӕтмӕ балыгъдысты+. Аммоны фырттимӕ тохы фӕстӕ Иоав Иерусалиммӕ ӕрыздӕхт+. 15  Сириӕгтӕ уый куы федтой, ӕмӕ сыл Израил фӕуӕлахиз, уӕд иумӕ ӕрӕмбырд сты. 16  Ӕмӕ Адраазар+ арвыста, Стыр цӕугӕдонмӕ*+ хӕстӕг чи цард, уыцы сириӕгтӕм, ӕмӕ уыдон дӕр Еламмӕ ӕрцыдысты, Адраазары ӕфсады хистӕр Совак+ сӕ сӕргъы, афтӕмӕй. 17  Давидӕн уый тыххӕй куы фӕхабар кодтой, уӕд уайтагъд ӕгас Израил ӕрӕмбырд кодта, Иорданы иннӕ фарсмӕ ахызт ӕмӕ Еламмӕ ӕрцыд. Сириӕгтӕ дӕр гӕрзифтонгӕй рацыдысты Давиды ныхмӕ ӕмӕ йемӕ схӕцыдысты+. 18  Фӕлӕ сириӕгтӕ Израилы разӕй лидзӕг фесты+. Давид сириӕгтӕй амардта авдсӕдӕ бӕхтӕрӕджы+ ӕмӕ цыппор мин барӕджы. Амардта сын се ’фсады хистӕр Совакы дӕр+. 19  Адраазары дӕлбар чи уыд, уыцы паддзӕхтӕ+ уый куы федтой, ӕмӕ сыл Израил фӕуӕлахиз+, уӕд се ’ппӕт дӕр Израилимӕ фидыды бадзырд скодтой ӕмӕ сӕ дӕлбар баисты+. Уӕдӕй фӕстӕмӕ сириӕгтӕ Аммоны фырттӕн ӕххуыс кӕнын нал уӕндыдысты+.

Фиппаинӕгтӕ

Ома Евфратмӕ.