2 Самуилы 21:1—22
21 Давиды рӕстӕджы фӕд-фӕдыл ӕртӕ азы дӕргъы уыди ӕххормаг заман+. Давид уыцы хабары тыххӕй Йегъовӕйы бафарста, ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Саул ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаг аххосджын сты тугныккалды, уымӕн ӕмӕ Саул гаваойнӕгты цагъта»+.
2 Уӕд паддзах гаваойнӕгтӕм+ фӕдзырдта ӕмӕ семӕ аныхас кодта. Гаваойнӕгтӕ та Израилы фырттӕй нӕ уыдысты, фӕлӕ ма аморейтӕй+ чи баззад, уыдонӕй. Израилы фырттӕ сын сомы ракодтой+, нӕ уӕ ныццӕгъддзыстӕм, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ уӕддӕр Саул фесафынмӕ хъавыд+, уымӕн ӕмӕ мӕсты кодта+, Израилы ӕмӕ Иудӕйы фыртты ’хсӕн кӕй цардысты, ууыл.
3 Ӕмӕ Давид гаваойнӕгтӕн загъта: «Цавӕр хорздзинад уын саразон ӕмӕ куыд ссыгъдӕг кӕнон уыцы тӕригъӕд+, цӕмӕй Йегъовӕйы адӕмӕн+ раарфӕ кӕнат?»
4 Гаваойнӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Саулӕй ӕмӕ нӕ йӕ хӕдзаронтӕй нӕдӕр ӕвзист хъӕуы, нӕдӕр сызгъӕрин+, Израилы искӕй амарын дӕр нӕ бар нӕу». Уӕд сын Давид загъта: «Цыфӕнды ма ракурат,– сараздзынӕн уын ӕй».
5 Уыдон паддзахӕн загътой: «Чи нӕ цагъта+ ӕмӕ нӕ Израилы зӕххӕй фесафынмӕ чи хъавыд+,
6 уый сӕрмӕ нын раттут йӕ фырттӕй авд адӕймаджы+, ӕмӕ сӕ мах Йегъовӕйы раз Гивӕйы+ ӕрцауындздзыстӕм+, Йегъовӕйы ӕвзӕрст паддзах Саулы горӕты»+. Ӕмӕ сын паддзах загъта: «Хорз, ратдзынӕн уын сӕ».
7 Фӕлӕ паддзахӕн йӕ цӕст нӕ бауарзта Саулы фырт Ионафанӕн йӕ фырт Мемфивосфейы+ раттын, Давид ӕмӕ Саулы фырт Ионафан Йегъовӕйы раз кӕй расомы кодтой+, уый тыххӕй.
8 Ӕмӕ паддзах ракодта, Саулӕн Айӕйы чызг Рицпӕ+ кӕй ныййардта, уыцы дыууӕ фырты, Армон ӕмӕ Мемфивосфейы, ӕмӕ Саулы чызг Мелхолӕйы+ фондз фырты*, мехолӕйаг Верзелийы фырт Адриелӕн+ кӕй ныййардта, уыдоны.
9 Гаваойнӕгты къухмӕ сӕ радта, ӕмӕ сын уыдон сӕ мӕрдтӕ Йегъовӕйы раз хохыл ӕрцауыгътой+. Афтӕ авдӕй иумӕ ссардтой сӕ мӕлӕт. Амардтой сӕ хуымгӕрдӕнты фыццаг бонты, хъӕбӕрхор кӕрдын куы райдайынц, уӕд+.
10 Айӕйы+ чызг Рицпӕ та йемӕ хъисын+ ахаста, йӕхицӕн ӕй къӕдзӕхыл айтыдта, ӕмӕ уым уыди хуымгӕрдӕнты райдианӕй суанг, къӕвда куы ’руарыд, уыцы боны онг+. Бонӕй сыл уӕларвон мӕргъты+ нӕ уагъта абадын, ӕхсӕв та сӕм хъӕддаг сырдты+ нӕ уагъта хӕстӕг.
11 Цасдӕры фӕстӕ Давидӕн радзырдтой+, Айӕйы чызг Рицпӕ, Саулы номылус, цы сарӕзта, уый.
12 Уӕд Давид ацыд Иавис-Галаады+ цӕрджытӕм ӕмӕ Саулы стджытӕ+ ӕмӕ йӕ фырт Ионафаны стджытӕ рахаста, уымӕн ӕмӕ филистимӕгтӕ Саулы Гелвуйы хохыл+ цы бон амардтой, уыцы бон сӕ Беф-Саны фӕзы+ ӕрцауыгътой+, ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ Иавис-Галаады цӕрджытӕ уырдыгӕй радавтой.
13 Гъемӕ Давид Саулы стджытӕ ӕмӕ йӕ фырт Ионафаны стджытӕ уырдыгӕй рахаста. Кӕй ӕрцауыгътой, уыдоны стджытӕ дӕр ӕрӕмбырд кодтой+.
14 Стӕй Саулы ӕмӕ йӕ фырт Ионафаны стджытӕ баныгӕдтой Вениамины зӕххыл, Целӕйы+, йӕ фыд Кис+ кӕм ныгӕд уыд, уым. Ӕмӕ, паддзах цыдӕриддӕр загъта, уый сарӕзтой. Уый фӕстӕ сын Хуыцау фехъуыста сӕ лӕгъстӕтӕ сӕ зӕххы тыххӕй+.
15 Филистимӕгтӕ+ та ногӕй схӕцыдысты Израилимӕ. Давид ӕмӕ сӕм йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕрцыдысты ӕмӕ семӕ схӕцыдысты, ӕмӕ Давид тынг бафӕллад.
16 Ӕмӕ рефаимты*+ байзӕддӕгтӕй сӕ иу, Йесви, зӕгъгӕ, бахъавыд Давиды амарынмӕ. Йӕ ӕрхуы арцы+ уӕз уыд ӕртӕсӕдӕ сиклы*, йӕ астӕуыл та уыди ног хъама.
17 Фӕлӕ Саруйӕйы фырт Авессӕ+ Давиды фарсмӕ ӕрбалӕууыд+ ӕмӕ уыцы филистимаджы амардта. Уӕд Давидӕн йӕ адӕм расомы кодтой: «Немӕ хӕстмӕ нал рацӕудзынӕ+, науӕд Израилы цырагъ+ ахуыссын кӕндзынӕ!»+
18 Уый фӕстӕ та филистимӕгтимӕ Гобы раз бацайдагъ хӕст. Ӕмӕ хушаг+ Сивхай+ амардта Сафуты, рефаимты+ байзӕддӕгтӕй иуы.
19 Ӕмӕ та ногӕй Гобы раз филистимӕгтимӕ хӕст бацайдагъ, ӕмӕ вифлеемаг Йагаре-Оргимы фырт Елханан+ амардта гефаг Голиафы. Уыцы гефагӕн йӕ арцы хъӕд уыди, тынуафӕныл цы ӕндӕхты къӕбӕл вӕййы, уый стӕвдӕн+.
20 Уый фӕстӕ та хӕст бацайдагъ Гефы+. Уым уыд иу ӕнахуыр стыр лӕг, йӕ алы къухыл дӕр ӕмӕ йӕ алы къахыл дӕр уыди ӕхсӕз ӕнгуылдзы – ӕдӕппӕтӕй дыууын цыппар ӕнгуылдзы. Уый дӕр уыди рефаимты+ байзӕддаг.
21 Уыцы адӕймаг Израилӕй хынджылӕг кодта+, ӕмӕ йӕ Давидӕн йе ’фсымӕр Шимейы+ фырт Ионафан+ амардта.
22 Уыцы цыппар лӕджы рефаимтӕн райгуырдысты Гефы+. Ӕмӕ сӕ цыппар дӕр сӕ мӕлӕт ссардтой Давид ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты къухӕй+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Таргумты у афтӕ: «Меровӕ кӕй ныййардта, уыцы фондз фырты (Саулы чызг Мелхолӕ кӕй схъомыл кодта, уыдоны)». Кӕс 2См 6:23.
^ Комк. «Рафӕйы». Сӕ фыды номӕй хуыдтой уӕйгуыты ӕгас мыггаг.
^ 3,42 кг бӕрц.