2 Самуилы 5:1—25
5 Цасдӕры фӕстӕ Израилы мыггӕгтӕ се ’ппӕт дӕр Давидмӕ+ Хевронмӕ+ ӕрцыдысты ӕмӕ загътой: «Мах дӕ туг, де стӕг* стӕм+.
2 Знон дӕр ӕмӕ уый размӕ дӕр+, Саул ма нын куы уыди паддзах, уӕд, Израилы разӕй хӕстмӕ ды цыдтӕ+. Дӕуӕн Йегъовӕ загъта: „Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, ды уыдзынӕ сӕ фыййау+, ӕмӕ ды суыдзынӕ Израилы разамонӕг“»+.
3 Уӕд Израилы хистӕр лӕгтӕ+ се ’ппӕт дӕр паддзахмӕ Хевронмӕ ’рцыдысты, ӕмӕ паддзах Давид Хевроны Йегъовӕйы раз семӕ бадзырд+ скодта. Уый фӕстӕ Давиды сойӕ байсӕрстой+, ӕмӕ сси Израилы паддзах+.
4 Давид паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕртын азы. Ӕмӕ цыппор азы уыд паддзах+.
5 Авд азы ӕмӕ ’рдӕг хицауиуӕг кодта Хевроны, Иудӕйы мыггагыл+. Ӕртын ӕртӕ азы та – Иерусалимы+, ӕгас Израилыл ӕмӕ Иудӕйыл.
6 Паддзах ӕмӕ йӕ адӕм ацыдысты Иерусалиммӕ уыцы зӕххыл цӕрӕг йевусейтимӕ+ схӕцынмӕ. Уыдон та Давидӕн загътой: «Ды ардӕм не ’рбацӕудзынӕ, куырмытӕ ӕмӕ дӕ къуылыхтӕ фӕсурдзысты+», уымӕн ӕмӕ хъуыды кодтой, Давид ардӕм не ’рбацӕудзӕн, зӕгъгӕ.
7 Фӕлӕ Давид уӕддӕр байста фидаргонд горӕт Сион+, ома Давиды горӕт+.
8 Уыцы бон Давид загъта: «Йевусейтимӕ+ чи схӕца, уый донуадзӕн туннелыл+ ахизӕд ӕмӕ ныццӕгъдӕд суанг къуылыхты ӕмӕ куырмыты дӕр, Давид йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыдоны!» Афтӕ дӕр уымӕн дзурынц: «Куырм ӕмӕ къуылых ардӕм не ’рбацӕудзӕн».
9 Давид ӕрцард уыцы фидаргонд горӕты, ӕмӕ йӕ райдыдтой Давиды горӕт хонын. Ӕмӕ йӕ алырдыгӕй, Обауӕй*+ астӕумӕ, ногӕй аразын райдыдта.
10 Давид фидарӕй-фидардӕр кодта+, ӕмӕ ӕфсӕдты+ Хуыцау Йегъовӕ уыд йемӕ+.
11 Тиры паддзах Хирам+ Давидмӕ арвыста йӕ минӕвӕртты+ ӕмӕ сын семӕ арвыста кедрбӕлӕстӕ+, стӕй хъӕддӕсныты ӕмӕ дурамайджыты, ӕмӕ уыдон Давидӕн хӕдзар аразын райдыдтой+.
12 Ӕмӕ Давид бамбӕрста, Йегъовӕ йын Израилы йӕ паддзахы бартӕ кӕй сфидар кодта+ ӕмӕ йын йӕ паддзахад йӕ адӕм Израилы тыххӕй+ кӕй сбӕрзонд кодта+.
13 Давид Хевронӕй куы ’рцыд, уый фӕстӕ ма Иерусалимӕй дӕр йӕхицӕн ӕркодта номылустытӕ+ ӕмӕ устытӕ+, ӕмӕ йын ноджыдӕр фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ райгуырд.
14 Мӕнӕ, Иерусалимы йын чи райгуырд, уыдоны нӕмттӕ: Шаммуй+, Шовав+, Нафан+, Соломон+,
15 Ивхар, Елисуа+, Нефег+, Иафи+,
16 Елишамӕ+, Елиадӕ ӕмӕ Елифелет+.
17 Филистимӕгтӕ уый куы фехъуыстой, ӕмӕ Давиды Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдтой*+, уӕд се ’ппӕт дӕр Давиды агурӕг рацыдысты. Фӕлӕ Давид уый тыххӕй куы фехъуыста, уӕд ацыд, зын бацӕуӕн кӕдӕм уыд, ахӕм бынатмӕ+.
18 Филистимӕгтӕ та ӕрцыдысты ӕмӕ рефаимты дӕлвӕзы+ рацу-бацу кодтой.
19 Уӕд Давид Йегъовӕйы бафарста+: «Ацӕуон ӕмӕ схӕцон филистимӕгтимӕ? Мӕ къухмӕ мын сӕ ратдзынӕ?» Йегъовӕ Давидӕн загъта: «Ацу, ӕнӕмӕнг дын сӕ ратдзынӕн дӕ къухмӕ»+.
20 Уӕд Давид Ваал-Перациммӕ+ ӕрцыд ӕмӕ сӕ уым ныццагъта. Ӕмӕ Давид загъта: «Дӕттӕ куыд ратонынц, афтӕ Йегъовӕ дӕр мӕ разӕй абырста ӕмӕ мын ме знӕгты+ ныппырх кодта». Уыцы бынат Ваал-Перацим*+ дӕр уый тыххӕй схуыдта.
21 Филистимӕгтӕ сӕ мӕнгхуыцӕутты+ уым ныууагътой, ӕмӕ сӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕм айстой+.
22 Уый фӕстӕ та филистимӕгтӕ ногӕй+ ӕрбацыдысты ӕмӕ рефаимты дӕлвӕзы+ рацу-бацу кодтой.
23 Давид та Йегъовӕйы бафарста+, фӕлӕ йын уый загъта: «Комкоммӕ сӕм ма бацу. Фӕстӕты сӕм бацу ӕмӕ сыл бакайы* къутӕрты+ раз дӕхи ныццӕв.
24 Ӕмӕ куыддӕр уынӕр фехъусай, цыма бакайы къутӕрты цъуппытыл исчи фӕцӕуы, афтӕ фӕстиат мауал фӕкӕн+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ дӕ разӕй ацӕудзӕн ӕмӕ филистимӕгты ӕфсад ныццӕгъддзӕн»+.
25 Давид алцыдӕр сарӕзта, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта+, афтӕ, ӕмӕ филистимӕгты Гевӕйӕ+ суанг Газеры+ онг цӕгъдгӕ цыди+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «де стӕг ӕмӕ дӕ буар».
^ Дзут. милло́. Ӕвӕц., арӕзт уыди горӕт хъахъхъӕнынӕн.
^ Комк. «байсӕрстой».
^ Нысан кӕны «Алцы чи атоны, уыцы хицау».
^ «Бака» – дзут. дзырд. Бӕлвырдӕй цы у, уый бӕрӕг нӕу.