Сызгъӕринӕй зынаргъдӕр цы у, уый агур
Искуы сызгъӕрины къӕртт ссардтай? Бирӕтӕ зӕгъдзысты, нӕ, зӕгъгӕ. Фӕлӕ милуантӕ ссардтой, сызгъӕринӕй бирӕ зынаргъдӕр цы у, уый – Хуыцауы зонд, «уый сыгъдӕг сызгъӕриныл дӕр нӕй баивӕн» (Иов 28:12, 15).
БИБЛИ зӕрдиагӕй чи ахуыр кӕны, уыдоны дӕр абарӕн ис, сызгъӕрин чи фӕагуры, уыдонимӕ. Уыдон дӕр хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй Фыстады агурой, аргъ дӕр кӕмӕн нӕй, уыцы хӕзнатӕ. Ӕркӕсӕм-ма, сызгъӕрин цы мадзӕлтты фӕрцы фӕагурынц, уыдонӕй ӕртӕмӕ ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, зондӕн райсӕн дзы цы ис, ууыл.
СЫЗГЪӔРИНЫ КЪӔРТТ ССАРДТАЙ!
Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма доныбыл фӕцӕуыс ӕмӕ ауыдтай, иу гыццылмур дур хурмӕ куыд ӕрттивы, уый. Ӕргуыбыр ӕм кодтай ӕмӕ цин кӕныс, уымӕн ӕмӕ сызгъӕрины къӕртт разынд. Спичкӕйы сӕрӕй гыццылдӕр у ӕмӕ хӕрзхъӕд алмазӕй зындӕр ссарӕн у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ алыварс аракӕс-бакӕс кӕндзынӕ, кӕд ма дзы ноджыдӕр ис, зӕгъгӕ.
Чи зоны, кӕддӕр дӕуыл дӕр ахӕм хабар ӕрцыд, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дын фыццаг хатт дӕ дуар куы бахостой ӕмӕ дын Библийӕ ныфсы хабар куы радзырдтой, уӕд. Ӕвӕццӕгӕн, хорз хъуыды кӕныс, Хуыцауы Ныхасы фыццаг сызгъӕрины къӕртт куыд ссардтай, уый. Чи зоны, уый уыди, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у, уый фыццаг хатт Библийы куы федтай, уӕд (Пс. 83:18). Кӕнӕ та куы базыдтай, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕмбал суай (Иак. 2:23). Ӕвӕццӕгӕн уайтагъд бамбӕрстай, сызгъӕринӕй дӕр зынаргъдӕр цы у, ахӕм цыдӕр кӕй ссардтай, ӕмӕ дӕ фылдӕр хӕзнатӕ агурын бафӕндыд.
НОДЖЫ ФЫЛДӔР СЫЗГЪӔРИН ССАРДТАЙ!
Иуӕй-иу хатт сызгъӕрин ӕрӕмбырд вӕййы гыццыл ӕмӕ стыр цӕугӕдӕтты ӕмӕ вӕййы гыццылмур, лыстӕг нӕмгуыты хуызӕн кӕнӕ кӕсаджы хӕрвы хуызӕн. Сызгъӕрин агургӕйӕ бирӕ чи фыдӕбон кӕны, уыдон ахӕм рӕтты цалдӕр мӕймӕ ссарынц цалдӕр килӕйы сызгъӕрин ӕмӕ вӕййы дӕсгай мин доллӕры аргъ.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтай, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕхимӕ кастӕ, бирӕ сызгъӕрин кӕм ис, ахӕм бынат чи ссардта, уыцы адӕймаджы хуызӕн. Библийы стихтӕ иу иннӕйы фӕдыл кӕй кастӕ ӕмӕ сыл кӕй хъуыды кодтай, уый фӕрцы дӕ зонындзинӕдтыл ӕфтыд ӕмӕ дӕ уырнындзинад фидар кодта. Библийы ахуырӕдтыл хъуыды кӕнгӕйӕ базыдтай, куыд ис Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕн ӕмӕ цы аразын хъӕуы, цӕмӕй йӕ уарзондзинадӕй хайджын уай ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай (Иак. 4:8; Иуд. 20, 21).
Бирӕ сызгъӕрин кӕм ис, ахӕм бынат чи фӕагуры, уыдонау ды дӕр зӕрдиагӕй агуырдтай уырнындзинад Матф. 28:19, 20).
фидаргӕнӕн хӕзнатӕ. Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ куы базыдтай, уӕд дӕ, ӕвӕццӕгӕн, бафӕндыд дарддӕр дӕр архайын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн нывонддзырд раттаис ӕмӕ донаргъуыд райстаис (ДАРДДӔР ДӔР АГУР!
Вулкан кӕм срӕмудзы, уыцы рӕтты ссарӕн вӕййы сызгъӕрины гыццыл муртӕ. Иуӕй-иу рӕтты уыйбӕрц сызгъӕрин вӕййы, ӕмӕ дзы ӕрзӕт (руда) къахын райдайынц, цӕмӕй дзы стӕй сызгъӕрин рахицӕн кӕной. Фыццаг афтӕ фӕзыны, цыма дзы сызгъӕринӕн йӕ кой дӕр нӕй. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ӕрзӕты иу тоннӕйы вӕййы ӕрмӕст 10 граммы сызгъӕрин! Фӕлӕ сызгъӕрин чи агуры, уыдон уӕддӕр сӕхиуыл нӕ фӕауӕрдынц.
Адӕймаг «Чырыстийы тыххӕй сӕйраг ахуырӕдтӕ» куы базоны, уӕддӕр ӕй фӕхъӕуы фыдӕбон кӕнын (Дзут. 6:1, 2). Библи куы фӕахуыр кӕныс, уӕд-иу хъуамӕ архайай, цӕмӕй ног цыдӕртӕ базонай ӕмӕ цы базыдтай, уымӕй царды пайда кӕнай. Цымӕ цы саразӕн ис, цӕмӕй нын Библи ахуыр кӕнын дарддӕр дӕр ӕхсызгон уа ӕмӕ нын пайда хӕсса, кӕд ӕй бирӕ азты дӕргъы ахуыр кӕнӕм, уӕддӕр?
Зӕрдиагӕй ахуыр кӕн. Лыстӕг хъуыддӕгтӕм-иу дӕ хъус тынгдӕр дар. Дарддӕр куы архайай, уӕд Фыстады ссардзынӕ зынаргъ хӕзнатӕ – Хуыцауы зонд ӕмӕ разамынд (Ром. 11:33). Цӕмӕй Фыстад хуыздӕр базонай, уый тыххӕй пайда кӕн, де ’взагыл цыдӕриддӕр кусӕнгӕрзтӕ ис, уыдонӕй. Хуыцауы разамынд ӕмӕ дӕ фарстатӕн Библийы дзуапп куы агурай, уӕд-иу фӕразон у. Иннӕты дӕр-иу бафӕрс, цавӕр стихтӕ ӕмӕ сын статьятӕ баххуыс кодтой ӕмӕ сӕ бафидар кодтой, уымӕй. Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнгӕйӕ цы базоныс, уый-иу иннӕтӕн дӕр радзур.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн нӕ нысан ӕрмӕст нӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕнын нӕу. Апостол Павел фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «зонындзинӕдтӕй адӕймаг йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын райдайы» (1 Кор. 8:1). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Ӕдзухдӕр нӕ бинонтимӕ кӕнӕ нӕхӕдӕг Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ адӕмы дӕр уарзын. Стӕй ма зӕрдӕрухс дӕр уыдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ ссардтам, сызгъӕринӕй зынаргъдӕр цы у, уый (Ӕмб. 3:13, 14).