Дӕ Кадджын Дурынгӕнӕгӕн уый бар дӕттыс, цӕмӕй дӕ ива?
«Дурынгӕнӕджы къухы ӕлыг куыд у, раст афтӕ стут сымах дӕр мӕ къухы» (ЙЕР. 18:6).
ЗАРДЖЫТӔ: 60, 22
1, 2. Данел «Хуыцауӕн тынг зынаргъ» адӕймаг цӕй фӕрцы уыд ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?
ДЗУТТӔГТЫ Вавилонмӕ уацары куы акодтой, уӕд бахаудысты, мӕнгхуыцӕуттӕн ӕмӕ дӕлимонтӕн чи куывта, ахӕм адӕмы ’хсӕнмӕ. Фӕлӕ, Йегъовӕйыл иузӕрдион чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕ, зӕгъӕм, Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы, Вавилоны цӕрджыты зондахастӕй нӕ фӕхъӕстӕ сты (Дан. 1:6, 8, 12; 3:16–18). Данел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Йегъовӕйы нымадтой сӕ Дурынгӕнӕгыл ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кодтой. Ӕмӕ кӕд Данел йӕ царды фылдӕр рӕстӕг Вавилоны фӕцард, уӕддӕр ӕй Йегъовӕйы зӕд схуыдта, «Хуыцауӕн тынг зынаргъ чи у, уыцы адӕймаг» (Дан. 10:11, 19).
2 Рагзаманты-иу дурынгӕнӕг ӕлыджы къуыбар формӕйы атъӕпӕн кодта ӕмӕ-иу дзы афтӕмӕй сарӕзта, цавӕр мигӕнӕн ӕй хъуыд, ахӕм. Абон ӕцӕг чырыстӕттӕ Йегъовӕйы нымайынц Дунедарӕг Хуыцауыл ӕмӕ ӕмбарынц, ӕнӕхъӕн адӕмтӕ дӕр йӕ къухы ӕлыгӕй уӕлдай кӕй не сты. (Бакӕс Йеремийы 18:6.) Стӕй ма Хуыцауӕн йӕ бар цӕуы алы адӕймагыл хицӕнӕй дӕр. Фӕлӕ Йегъовӕ тыхӕй никӕй ивы. Фӕнды йӕ, цӕмӕй нӕхӕдӕг нӕхи раттӕм йӕ къухмӕ. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Хуыцауы къухы фӕлмӕн ӕлыджы хуызӕн цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уый тыххӕй. Мах аныхас кӕндзыстӕм ӕртӕ фарстайыл: 1) Нӕ бон куыд у нӕхи бахизын, Йегъовӕйы уынаффӕтӕм кӕй тыххӕй нал хъусдзыстӕм, уыцы хъуыддӕгтӕй? 2) Хуыцауы къухы фӕлмӕн ӕлыджы хуызӕн кӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уыцы миниуджытӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнын нӕ бон куыд у? 3) Чырыстон ныййарджытӕн сӕ бон куыд у Хуыцауимӕ ӕмгуыст кӕнын, цӕмӕй сын сӕ сывӕллӕтты хуыздӕрырдӕм ива?
ДӔХИ ХИЗ, ДӔ ЗӔРДӔ ЦӔЙ ТЫХХӔЙ НЫДДУР УЫДЗӔН, УЫДӔТТӔЙ
3. Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ цӕй тыххӕй ныддур вӕййы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
3 «Хъахъхъӕнинаг цы у, уыдӕттӕй ӕппӕтӕй тынгдӕр хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ уым гуырынц царды суадӕттӕ»,– фыст ис Ӕмбисӕндты 4:23. Цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур уой, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм? Зӕгъӕм, хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй сӕрбӕрзонд ма суӕм, исты тӕригъӕдджын хъуыддагыл ма бафтӕм, стӕй цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уа. Уыддӕтты тыххӕй адӕймаг, чи зоны, Хуыцауы коммӕ мауал кӕса ӕмӕ ма йӕ ныхмӕ дӕр рацӕуа (Дан. 5:1, 20; Дзут. 3:13, 18, 19). Раст ахӕм хабар ӕрцыд Иудӕйы паддзах Озийыл. (Бакӕс 2 Азфыстыты 26:3–5, 16–21.) Ози фыццаг рӕстӕг Хуыцаумӕ хъуыста, ӕмӕ дзы уый дӕр райгонд уыд ӕмӕ йын ӕххуыс кодта. Фӕлӕ Ози «хъомысджын куы сси, уӕд йӕ зӕрдӕ схъал». Суанг ма кувӕндоны буд ссудзын дӕр сфӕнд кодта, афтӕмӕй та уый ӕрмӕстдӕр сауджынтӕ хъуамӕ арӕзтаиккой. Сауджынтӕ Озийӕн, раст кӕй нӕу, уый куы загътой, уӕд сӕм йӕ маст ссыгъд! Йегъовӕ уыцы сӕрбӕрзонд паддзахы фегад кодта, ӕмӕ Ози суанг йӕ мӕлӕты онг уыд хъотырӕй рынчын (Ӕмб. 16:18).
4, 5. Куы ссӕрбӕрзонд уӕм, уӕд нын тӕссаг цӕмӕй уыдзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
4 Нӕхимӕ лӕмбынӕг куы нӕ кӕсӕм, уӕд мах дӕр ссӕрбӕрзонд уыдзыстӕм. Ӕмӕ нӕм уӕд афтӕ кӕсын райдайдзӕн, цыма иннӕтӕй хуыздӕр стӕм. Стӕй ма, чи зоны, мауал хъусӕм, Библийӕ нын цы уынаффӕтӕ дӕттой, уыдонмӕ (Ӕмб. 29:1; Ром. 12:3). Растдӕр ахӕм хабар ӕрцыд иу хистӕр нӕлгоймагыл, Джим, зӕгъгӕ. Иухатт ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цавӕрдӕр фарстайыл ныхас кодтой, ӕмӕ, цы уынаффӕ рахастой, уый Джимы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Уый радзырдта: «Ӕфсымӕртӕн загътон, зӕгъын уӕм уарзондзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй, ӕмӕ уыйадыл сыстадтӕн ӕмӕ ацыдтӕн». Иу-ӕрдӕг азы фӕстӕ Джим ахызт ӕндӕр ӕмбырдмӕ. Фӕлӕ йӕ уым хистӕр нӕлгоймагӕй нал снысан кодтой, ӕмӕ уый тыххӕй тынг фӕфыдӕнхъӕл. Раст кӕй уыд, уый йӕ афтӕ фидарӕй уырныдта, ӕмӕ ӕмбырдтӕм дӕр нал цыд, ӕмӕ афтӕ ахаста дӕс азы. Куыд загъта, афтӕмӕй уыд тынг сӕрбӕрзонд ӕмӕ йыл цы ’рцыд, уым ма Йегъовӕйы дӕр райдыдта аххосджын кӕнын. Уыцы азты дӕргъы-иу ӕм ӕфсымӕртӕ цыдысты, цӕмӕй йын баххуыс кодтаиккой, фӕлӕ Джимы се ’ххуысы къух райсын нӕ фӕндыд.
5 Джим ма загъта: «Афтӕ мӕм касти, ӕмӕ иннӕтӕ раст не сты, ӕмӕ уыцы хъуыды мӕ сӕрӕй нӕ хызти». Ацы ӕфсымӕры цӕвиттонӕй бӕрӕг у, сӕрбӕрзонд адӕймагӕн исчи йӕ рӕдыдмӕ куы бацамоны, уӕд йӕхи рӕстытӕ кӕнын кӕй райдайы. Ахӕм адӕймаг фӕлмӕн ӕлыджы хуызӕн нал вӕййы (Йер. 17:9). Искуы дӕ ӕмбырды исчи фӕхъыг кодта? Йе та, мыййаг, искуы цавӕрдӕр кадджын хӕстӕй ӕнӕхай фӕдӕ? Ахӕм уавӕры куыд кодтай? Дӕхи куыд дардтай, уый, мыййаг, сӕрбӕрзонддзинадыл дзурӕг уыд? Ӕви-иу сӕйраджыдӕр архайдтай, цӕмӕй ӕмбырды фарн бахъахъхъӕдтаис ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаис? (Бакӕс Псалом 119:165; Колоссӕгтӕм 3:13.)
6. Исты тӕригъӕдджын хъуыддагыл куы бафтӕм, уӕд нӕ уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн?
6 Адӕймаг исты тӕригъӕдджын хъуыддагыл куы бафта ӕмӕ ма йӕ иннӕтӕй дӕр куы сусӕг кӕна, уӕд ын Библийы уынаффӕмӕ байхъусын зын уыдзӕн. Ӕмӕ йӕм уӕд уыцы тӕригъӕдджын хъуыддаг аразын дӕр ницыуал кӕсдзӕн. Иу ӕфсымӕр загъта, зӕгъгӕ, рӕстӕг куы рацыд, уӕд мӕм мӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ худинаг дӕр нал кастысты (Еккл. 8:11). Иуафон порнографимӕ кӕсыныл чи фӕцахуыр, иу ахӕм ӕфсымӕр та загъта: «Цасдӕры фӕстӕ бафиппайдтон, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хъӕндзинӕдтӕ йеддӕмӕ кӕй ницыуал уыдтон». Уыцы чъизи хъуыддагыл кӕй фӕцахуыр, уый тыххӕй йӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ. Йе ’взӕр ахуыры тыххӕй йын иннӕтӕ куы базыдтой, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуыс бацагуырдта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст стӕм. Фӕлӕ нын уынаффӕ чи дӕтта, уыдонмӕ фаутӕ хӕссын куы райдайӕм кӕнӕ нӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгты тыххӕй Хуыцауӕй хатыр курыны ӕмӕ дзы ӕххуыс агурыны бӕсты нӕхи куы рӕстытӕ кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ ныддур уыдзысты.
7, 8. а) Рагон израилӕгтӕ Йегъовӕйыл кӕй нал ӕууӕндыдысты, уый тыххӕй сӕ зӕрдӕтӕ куыд ныддур сты? б) Сӕ хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
7 Йегъовӕ израилӕгты Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар кодта, уӕд сын бирӕ диссӕгтӕ равдыста. Фӕлӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бирӕ куы нал хъуыди, уӕд сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйыл нал ӕууӕндыдысты. Сӕ зӕрдӕ Хуыцауыл нал дардтой, тас сӕ бацыд ӕмӕ Моисейыл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой. Суанг ма сӕ фӕстӕмӕ Египетмӕ, цагъартӕ кӕм уыдысты, уырдӕм аздӕхын дӕр бафӕндыд! Уӕд Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ тынг фӕрыст ӕмӕ загъта: «Ацы адӕмӕн ма бирӕ уыдзынӕн хынджылӕггаг?» (Ным. 14:1–4, 11; Пс. 78:40, 41). Уыцы израилӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ кӕй ныддур сты ӕмӕ Йегъовӕйыл кӕй нал ӕууӕндыдысты, уый тыххӕй ӕдзӕрӕг быдыры амардысты.
8 Абон ног дунемӕ тынг ӕввахс стӕм ӕмӕ махӕн дӕр нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд цӕуы. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, нӕ уырнындзинад цы уавӕры ис, уымӕ. Зӕгъӕм, нӕ бон у Матфейы 6:33 стихы фыст ныхӕстыл ахъуыды кӕнын. Дӕхимӕ ахӕм фарстатӕ ратт: «Мӕ разы цы нысӕнттӕ февӕрын ӕмӕ цы уынаффӕтӕ фӕхӕссын, уыдонӕй бӕрӕг вӕййы, Йесойы ныхӕстыл ӕцӕгдӕр кӕй ӕууӕндын? Афтӕ никуы вӕййы, ӕмӕ фылдӕр ӕхца бакусыны тыххӕй ӕмбырд фӕцух кӕнын кӕнӕ уацамынды нӕ ацӕуын? Мӕ куыстӕн мӕ фылдӕр рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ дӕттын куы хъӕуа, уӕд куыд бакӕндзынӕн? Ацы дунейӕн уый бар ратдзынӕн, цӕмӕй мын мӕ зондахаст фӕива ӕмӕ ма суанг Йегъовӕйӕн дӕр мауал лӕггад кӕнон?»
9. Уырнындзинады фидар стӕм ӕви нӕ, уый сбӕлвырд кӕнынӕн-иу нӕ зӕрдӕтӕм цӕмӕн хъуамӕ ныккӕсӕм ӕмӕ уый куыд ис аразӕн?
9 Библи нын ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ ӕмӕ ирхӕфсӕнты тыххӕй, стӕй, ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уыдоны тыххӕй цы дзуры, уымӕ куы нӕ хъусӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ ныддур уыдзысты. Кӕд уыцы хабӕрттӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсын райдыдтай, уӕд цы хъуамӕ саразай? Фӕстӕ ма кӕн ӕмӕ, дӕ уырнындзинад цы уавӕры ис, ууыл ахъуыды кӕн! Библи зӕгъы: «Уӕ зӕрдӕтӕм-иу ныккӕсут, уырнындзинады фидар стут ӕви нӕ. Цавӕр адӕймӕгтӕ стут, уый-иу сбӕлвырд кӕнут» (2 Кор. 13:5). Дӕхи-иу ма сай ӕмӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ Хуыцауы Ныхасы фӕрцы сбӕрӕг кӕн, дӕ зондахасты дӕ сраст кӕнын цы хъӕуы, уый.
АЛКӔДДӔР У ФӔЛМӔН ӔЛЫДЖЫ ХУЫЗӔН
10. Йегъовӕйы къухы фӕлмӕн ӕлыджы хуызӕн цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?
10 Цӕмӕй Хуыцауы къухы алкӕддӕр фӕлмӕн ӕлыджы хуызӕн уӕм, уымӕн нын стыр ӕххуыс сты Библи, чырыстон ӕмбырд ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг. Алы бон дӕр Библи куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйӕн уый бар фӕдӕттӕм, цӕмӕй нӕ хуыздӕрырдӕм ива. Рагзаманты Йегъовӕ израилаг паддзӕхтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу Хуыцауы закъон сӕхицӕн рафыстаиккой ӕмӕ-иу ӕй алы бон дӕр кастаиккой (Дык. з. 17:18, 19). Апостолтӕ дӕр зыдтой: цӕмӕй Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕной, уый тыххӕй сӕ хъӕуы Фыстад кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын. Цы чингуытӕ ныффыстой, уыдоны сӕдӕгай хӕттыты ӕмбӕлынц скъуыддзӕгтӕ Дзуттаг Фыстытӕй. Ӕмӕ кӕмӕн хъусын кодтой, уыдоны дӕр разӕнгард кодтой, цӕмӕй Фыстад иртӕстаиккой (Хъуыд. 17:11). Уӕдӕ мах дӕр ӕмбарӕм, тынг ахсджиаг кӕй у Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын (1 Тим. 4:15). Уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй алкӕддӕр уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ Йегъовӕйы къухы фӕлмӕн ӕлыджы хуызӕн уӕм.
11, 12. Йегъовӕ нын чырыстон ӕмбырды руаджы куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фӕивӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
Иегова не виноват» ӕмӕ «Служи Иегове лояльно», зӕгъгӕ.
11 Йегъовӕ зоны, алкӕй дӕр нӕ цавӕр ӕххуыс хъӕуы, уый. Ӕмӕ нӕ цӕмӕй хуыздӕрырдӕм ива, уый тыххӕй пайда кӕны чырыстон ӕмбырдӕй дӕр. Гыццыл раздӕр кӕй кой скодтам, уыцы ӕфсымӕр Джим йӕ зондахаст ивын райдыдта, иу хистӕр нӕлгоймаг ыл куыд тыхсы, уый куы федта, уӕд. Джим загъта: «Цы уавӕрмӕ ӕрцыдтӕн, уый тыххӕй мын уайдзӕфтӕ никуы кодта, фӕлӕ-иу мӕ бафидар кодта. Ӕз ӕй уыдтон, зӕрдиагӕй йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй мын баххуыс кӕна». Иу-ӕртӕ мӕйы фӕстӕ йӕ уыцы хистӕр нӕлгоймаг ӕмбырдмӕ фӕхуыдта. Джим загъта, ӕмбырды йыл тынг кӕй бацин кодтой. Хотӕ ӕмӕ йӕм ӕфсымӕртӕ цы уарзондзинад равдыстой, уый йын тынг баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ зондахаст аивтаид. Джим бамбӕрста, чидӕр ӕй кӕй фӕхъыг кодта, уымӕй бирӕ ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ кӕй ис. Йе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ йын йӕ бинойнаг кӕй ӕххуыс кодтой, уый руаджы сабыргай фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаввахс. Стыр ӕххуыс ма йын фесты, 1992 азы 15 ноябры «Сторожевая башня»-йы цы статьятӕ уыд, уыдон дӕр, «12 Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ та Джим хистӕр нӕлгоймаг сси. Ӕмӕ кӕддӕр йӕхӕдӕг цы уавӕры уыд, ахӕм уавӕры чи бахауд, уыцы ӕфсымӕртӕй бирӕтӕн баххуыс кодта. Джим загъта: «Раздӕр мӕм афтӕ касти, ӕмӕ Йегъовӕмӕ тынг ӕввахс уыдтӕн, фӕлӕ ӕцӕгӕй та афтӕ нӕ уыд! Тынг фӕсмон кӕнын, мӕ зӕрдӕйы сӕрбӕрзонддзинадӕн бынат кӕй радтон. Уый тыххӕй, ахсджиагдӕр цы у, уый нал уыдтон, фӕлӕ иннӕты рӕдыдтытыл сдӕн» (1 Кор. 10:12).
13. Хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕрцы нӕм цавӕр миниуджытӕ фӕзыны ӕмӕ нын уыцы миниуджытӕ куыд ӕххуыс кӕнынц?
13 Хуыцау ма нӕ хуыздӕрырдӕм ивы, кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы. Цымӕ куыд? Адӕмӕн хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нӕ фӕхъӕуы сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ (Гал. 5:22, 23). Ахъуыды-ма кӕн, хъусын кӕй кӕныс, уый фӕрцы дӕм цы хорз миниуджытӕ фӕзынд, ууыл. Чырысти куыд архайдта, афтӕ куы фӕархайӕм, уӕд нӕм адӕм дӕр хуыздӕр байхъусынц ӕмӕ ма нӕм иуӕй-иутӕ ӕндӕр цӕстӕй дӕр ракӕсынц. Зӕгъӕм, дыууӕ хъусынгӕнӕджы Австралийы иу сылгоймагимӕ куы сныхас кодтой, уӕд сӕм уый рамӕсты ӕмӕ сӕм тызмӕгӕй сдзырдта. Фӕлӕ йӕм уыцы Ӕвдисӕнтӕ уӕзданӕй байхъуыстой. Фӕстӕдӕр уыцы сылгоймагӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт, ӕмӕ филиалмӕ писмо ныффыста. Йӕ писмойы хатыртӕ ракуырдта ӕмӕ загъта: «Куыд ӕнӕзонд уыдтӕн! Уыдон мӕм Хуыцауы Ныхасимӕ ӕрбацыдысты, ӕз та сӕ ӕфхӕргӕ бакодтон». Уыцы хабарӕй зыны, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй хъусын кӕнгӕйӕ уӕздан уӕм. Ӕцӕгдӕр, нӕ лӕггады фӕрцы ӕрмӕст иннӕтӕн не ’ххуыс кӕнӕм, фӕлӕ ма нӕхи удыхъӕды дӕр хорз миниуджытӕ фидар кӕнӕм.
УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ ХЪОМЫЛ КӔНГӔЙӔ ХУЫЦАУИМӔ ӔМГУЫСТ КӔНУТ
14. Ныййарджытӕ цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы къухы фӕлмӕн ӕлыджы хуызӕн уой?
14 Гыццыл сывӕллӕттӕ фылдӕр хатт вӕййынц сӕрныллӕг ӕмӕ ног цӕуылдӕрты зӕрдиагӕй фӕахуыр кӕнынц (Матф. 18:1–4). Уымӕ гӕсгӕ зондыл дзурӕг уыдзӕн, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ куы ’ххуыс кӕной, цӕмӕй рӕстдзинад базоной ӕмӕ йӕ бауарзой (2 Тим. 3:14, 15). Цӕмӕй уый сӕ къухы бафта, уый тыххӕй фыццаджыдӕр хъуамӕ сӕхӕдӕг дӕр рӕстдзинад уарзой ӕмӕ сӕ цард Библимӕ гӕсгӕ аразой. Афтӕ куы кӕной, уӕд сывӕллӕттӕн дӕр рӕстдзинад бауарзын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн. Уымӕй уӕлдай ма сывӕллӕттӕ ӕмбардзысты: сӕ ныййарджытӕ сын зонд кӕй амонынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ уыдон дӕр ӕмӕ Йегъовӕ дӕр уарзгӕ кӕнынц.
15, 16. Ныййарджытӕн сӕ сывӕллоны ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, уӕд сӕ бон куыд у, сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарынц, уый равдисын?
15 Фӕлӕ хатгай, рӕстдзинады чи схъомыл вӕййы, уыцы сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы ныууадзынц кӕнӕ сӕ ӕмбырдӕй ацух кӕнынц. Ахӕм хабар чырыстон бинонтӕн стыр масты хос вӕййы. Хуссар Африкӕйӕ иу хо загъта: «Ме ’фсымӕры мын ӕмбырдӕй куы ацух кодтой, уӕд мын цыма мӕлгӕ акодта, афтӕ уыдтӕн. Мӕ зӕрдӕ скъуыдтӕ кодта!» Фӕлӕ уыцы хо, стӕй йӕ ныййарджытӕ, куыд бакодтой? Уыдон архайдтой, сӕ уавӕры тыххӕй Библийы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 5:11, 13.) Уыцы ныййарджытӕ ӕмбӕрстой, Хуыцау цы дзуры, уымӕ куы байхъусой, уӕд уый алкӕмӕн дӕр пайда кӕй ӕрхӕсдзӕн. Ӕмбӕрстой ма уый дӕр, ӕмӕ адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у. Гъемӕ-иу сӕ фыртимӕ ныхас кодтой, сӕ бинонтӕ цы куыст кодтой, уым-иу цавӕрдӕр фарста ӕнӕ уымӕй аскъуыддзаг кӕнӕн куы нӕ уыд, ӕрмӕстдӕр уӕд.
16 Цымӕ сӕ фырт уый тыххӕй цы хъуыды кодта? Фӕстӕдӕр загъта: «Ӕз зыдтон, мӕ бинонтӕ мӕ се сӕфт кӕй нӕ федтой. Уыдон хъуыстой Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ организацийы разамындмӕ». Ноджыдӕр ма загъта: «Адӕймагӕн йӕ бон ӕххуыс ӕмӕ хатыр ракурын Йегъовӕйы йеддӕмӕ куы никӕмӕйуал вӕййы, уӕд бамбары, Хуыцау ӕй куыд тынг хъӕуы, уый». Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыцы ӕрыгон лӕппу фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд йӕ бинонтӕ куыд цин кодтой! Ӕцӕгдӕр, алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд никуы фӕфыдӕнхъӕл уыдзыстӕм (Ӕмб. 3:5, 6; 28:26).
17. Йегъовӕйы коммӕ кӕсын нын алцӕмӕй ахсджиагдӕр цӕмӕн хъуамӕ уа ӕмӕ нын уый цавӕр пайда ӕрхӕсдзӕн?
17 Пехуымпар Исай ныффыста, дзуттӕгтӕ Вавилоны кӕй ӕрфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ кӕй дзурдзысты: «О Йегъовӕ, ды дӕ нӕ Фыд. Мах стӕм ӕлыг, ды та дӕ нӕ Дурынгӕнӕг, ӕмӕ не ’ппӕт дӕр стӕм дӕ къухты конд». Йсай ма загъта, Йегъовӕйӕн кӕй лӕгъстӕ кӕндзысты: «Нӕ фыдракӕндтӕ [нын] ӕнустӕм дӕ зӕрдыл ма дар. Ӕркӕс-ма, мах иууылдӕр дӕ адӕм стӕм» (Ис. 64:8, 9). Сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд ын, Данелау, тынг зынаргъ суыдзыстӕм. Йегъовӕ нӕ дарддӕр дӕр йӕ Ныхасы фӕрцы, стӕй йӕ сыгъдӕг тых ӕмӕ йӕ организацийы фӕрцы хуыздӕрырдӕм ивдзӕн, ӕмӕ ӕппынфӕстаг суыдзыстӕм Хуыцауы ӕххӕст сывӕллӕттӕ (Ром. 8:21).