Кӕсджыты фарстатӕ
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ публикациты апостол Павелы лопъосӕрӕй кӕнӕ, бирӕ сӕрыхъуынтӕ кӕуыл нӕй, ахӕмӕй цӕмӕн сныв кӕнынц?
Абон иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон бӕлвырдӕй зӕгъын нӕу, апостол Павел бакастӕй цыхуызӕн уыд, уый. Нӕ публикациты нывгӕнджытӕ Павелы сныв кӕнынц археологийы бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ цыхуызӕн уыд, ахӕмӕй.
Фӕлӕ, Павел бакастӕй цыхуызӕн уыд, уый тыххӕй кӕмдӕрты ис бакӕсӕн. Зӕгъӕм, 1902 азы 1 мартъийы «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыди скъуыддзаг иу чиныгӕй: «Цы зӕгъӕн ис Павелы ӕддаг бакасты тыххӕй? [...] „Павел ӕмӕ Феклӕйы хъуыддӕгтӕ“ чи хуыйны, уыцы къухфысты (фыст ӕрцыд н. э. 150 азмӕ ӕввахс) дзырд цӕуы, Павел цыхуызӕн уыд, ууыл. Уыцы къухфысты Павелы ӕддаг бакасты тыххӕй цас фыст ис, уыйбӕрц, ӕвӕццӕгӕн, никуы, стӕй уыцы фыстытӕ сты ӕууӕнчы аккаг. Апостол дзы ӕвдыст цӕуы „ныллӕг, лопъосӕр, зылынкъах ӕмӕ фидӕрттӕ арӕзтӕй, стӕй кӕрӕдзийыл ныхӕст ӕрфгуытимӕ ӕмӕ даргъ фындзимӕ“».
Иу дзырдуаты уыцы рагон къухфысты тыххӕй фыст ис: «Гӕнӕн ис, ӕмӕ „Павел ӕмӕ Феклӕйы хъуыддӕгты“ кӕцыдӕр хабӕрттӕ историмӕ гӕсгӕ раст сты» (The Oxford Dictionary of the Christian Church, 1997). «Павел ӕмӕ Феклӕйы хъуыддӕгтӕн» ис 80 рагон къопийы грекъаг ӕвзагыл ӕмӕ ма йӕ ратӕлмац кодтой ӕндӕр ӕвзӕгтӕм дӕр. Уымӕй бӕрӕг у, уыцы къухфыстӕн, фыст куы ’рцыди, уӕдӕй фӕстӕмӕ цалдӕр ӕнусы дӕргъы тынг кӕй аргъ кодтой. Уӕдӕ нӕ публикациты нывгӕнджытӕ Павелы куы фӕныв кӕнынц, уӕд сӕ хъуыдыйы фӕдарынц, йе ’ддаг бакасты тыххӕй рагзаманты цы фыст ӕрцыд, уыдӕттӕ.
Фӕлӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, Павел бакастӕй цыхуызӕн уыд, уый зонынӕй ахсджиагдӕр кӕй у ӕндӕр цыдӕр. Павел нырма удӕгас куы уыд, уӕд дзы чидӕртӕ афтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, «ам немӕ куы вӕййы, уӕд... вӕййы лӕмӕгъ, ӕмӕ йӕ ныхас дӕр – ницӕйаг» (2 Кор. 10:10). Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, Павел чырыстон кӕй сси, Йесо Чырысти йӕм диссаджы хуызы кӕй фӕзынд, уый фӕрцы. Йесо дзы йӕхӕдӕг загъта, зӕгъгӕ, «уый у ме ’взӕрст лӕг – уый мын мӕ ном хъусын кӕндзӕн ӕндӕр адӕмтӕн» (Хъуыд. 9:3–5, 15; 22:6–8). Ахъуыды-ма кӕнӕм, уыцы «ӕвзӕрст лӕгӕн» Хуыцауы хъуыддаджы цас бантыст, ууыл. Стӕй ма ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ Павелӕн цы чингуытӕ ныффыссын кодта, уыдон нын цы стыр пайда хӕссынц, ууыл дӕр.
Павел, чырыстон куы нӕма сси, уӕд ын цы бантыст, уыдӕттӕй никуы ӕппӕлыд. Стӕй, бакастӕй цыхуызӕн уыд, уый тыххӕй дӕр никуы ницы ныффыста (Хъуыд. 26:4, 5; Фил. 3:4–6). Уый загъта: «Ӕз дӕн апостолтӕй се ’ппӕтӕй къаддӕр ӕмӕ, апостолы ном хӕссон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн» (1 Кор. 15:9). Фӕстӕдӕр та ныффыста: «Мӕнӕн, сыгъдӕджытӕй се ’ппӕты къаддӕрӕй дӕр къаддӕрӕн, уыцы стыр хорзӕх уый тыххӕй ӕрцыд лӕвӕрд, цӕмӕй ӕндӕр адӕмтӕн хъусын кӕнон Чырыстийы ӕгӕрон хъӕздыгдзинӕдты тыххӕй хорз хабар» (Еф. 3:8). Уӕдӕ, Павел цы хабар хъусын кодта, уый бирӕ ахсджиагдӕр у, бакастӕй цыхуызӕн уыд, уымӕй.