Донаргъуыд – ӕнӕмӕнг къахдзӕф, цӕмӕй адӕймаг чырыстон суа
«Донаргъуыд... ныр уӕ уый ирвӕзын кӕны» (1 ПЕТ. 3:21).
1, 2. а) Ныййарджытӕй бирӕтӕн ӕнцой цавӕр фарстатӕ нӕ фӕдӕттынц, сӕ сывӕллоны донаргъуыд райсын куы бафӕнды, уӕд? б) Донаргъуыд чи фӕисы, уыдоны цӕмӕн бафӕрсынц, дӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодтай, зӕгъгӕ? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
МАД ӕмӕ фыд кӕсынц, сӕ чызг, схонӕм ӕй Марийӕ, ӕмӕ ма ноджыдӕр донаргъуыд чи хъуамӕ райса, уыдон куыд сыстадысты, уымӕ. Ныхасгӕнӕг сӕм дыууӕ фарстайы радта, ӕмӕ сын уыдон хъӕрӕй дзуапп радтой. Уый фӕстӕ се ’ппӕт дӕр, уыимӕ Марийӕ дӕр, донаргъуыд райстой.
2 Марийӕйы ныййарджытӕ тынг сӕрыстыр уыдысты, сӕ чызг йӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодта ӕмӕ донаргъуыд кӕй райста, уымӕй. Фӕлӕ уый размӕ йӕ мадӕн ахӕм фарстатӕ ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой: «Мыййаг, донаргъуыд райсынӕн ӕгӕр гыццыл нӕу? Уый йыл цы хӕс ӕвӕры, уый ӕмбары? Хуыздӕр нӕ уаид, иу гыццыл куы банхъӕлмӕ кӕсид?» Ахӕм фарстатыл чырыстон ныййарджытӕй бирӕтӕ фӕхъуыды кӕнынц, сӕ сывӕллоны донаргъуыд райсын куы бафӕнды, уӕд (Еккл. 5:5). Уӕвгӕ, Йегъовӕйӕн хи снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын чырыстӕттӕн у царды ӕппӕты ахсджиагдӕр къахдзӕф. (Кӕс рамкӕ « Дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтай?».)
3, 4. а) Апостол Петр куыд равдыста, донаргъуыд райсын ахсджиаг къахдзӕф кӕй у, уый? б) Донаргъуыд райсын, Ной нау кӕй арӕзта, уыимӕ абарӕн цӕмӕн ис?
3 Апостол Петр донаргъуыды кой кӕнгӕйӕ цӕвиттонӕн ӕрхаста, Ной нау куы арӕзта, уыцы хабар. Уый загъта: «Афтӕ у донаргъуыд дӕр, ныр уӕ уый ирвӕзын кӕны». (Бакӕс 1 Петры 3:20, 21.) Наумӕ кӕсгӕйӕ адӕм ӕмбӕрстой, Ной йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн кӕй снывонд кодта. Уый Йегъовӕйыл уыд иузӕрдион ӕмӕ зӕрдиагӕй арӕзта, Хуыцау ын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый. Ной ахӕм уырнындзинады хицау кӕй уыди, уый фӕрцы йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр Доны хъаймӕты аирвӕзтысты. Цымӕ Петры ныхӕстӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты?
4 Ной нау кӕй арӕзта, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Хуыцауыл ӕууӕндыд. Адӕймаг донаргъуыд кӕй райсы, уый та ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ, Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй радта ӕмӕ кӕй райгас, ууыл баууӕндыд ӕмӕ йӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодта. Донаргъуыд чи райсы, уыдон дӕр Нойау зӕрдиагӕй фӕаразынц, Йегъовӕ сын цы бахӕс кодта, уый. Ӕмӕ Йегъовӕ Доны хъаймӕты Нойы куыд фервӕзын кодта, раст афтӕ, ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд, донаргъуыд чи у ӕмӕ йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдоны дӕр фервӕзын кӕндзӕн (Мар. 13:10; Рарг. 7:9, 10). Уӕдӕ, адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕна ӕмӕ донаргъуыд райса, уый ӕнӕмӕнг хъуыддаг у. Ӕмӕ ууыл фӕстӕ чи кӕны, уымӕн тӕссаг у, йӕхи ӕнусон царды ныфсӕй ӕнӕхай куы фӕкӕна, уымӕй.
5. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
5 Донаргъуыд ахӕм ахсджиаг къахдзӕф кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хорз уаид ацы ӕртӕ фарстамӕ ӕркӕсын: Библи донаргъуыды фӕдыл цы дзуры? Адӕймаджы донаргъуыд райсыны размӕ цы хъӕуы аразын? Йӕ сывӕллонимӕ кӕнӕ ӕндӕр искӕимӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыцы чырыстӕттӕ,
донаргъуыд райсын тынг ахсджиаг къахдзӕф кӕй у, уый сӕ хъуыдыйы цӕмӕн хъуамӕ дарой?БИБЛИ ДОНАРГЪУЫДЫ ФӔДЫЛ ЦЫ ДЗУРЫ
6, 7. а) Иоанн цы донаргъуыд лӕвӕрдта, уый цӕуыл дзурӕг уыд? б) Иоанн донаргъуыд кӕмӕн радта, уыдонӕй иу чидӕр иннӕтӕй цӕмӕй хицӕн кодта?
6 Библимӕ гӕсгӕ, иннӕтӕн донаргъуыд чи лӕвӕрдта, уыдонӕй фыццаг уыд Аргъауӕг Иоанн (Матф. 3:1–6). Адӕм-иу донаргъуыд кӕй райстой, уымӕй-иу равдыстой, Моисейы закъоны ныхмӕ цы тӕригъӕдтӕ арӕзтой, уыдоныл кӕй ӕрфӕсмон кодтой. Фӕлӕ Иоанн донаргъуыд кӕмӕн радта, уыдонӕй иу кӕйдӕр фӕсмон кӕнын ницӕуыл хъуыди, уымӕн ӕмӕ иу тӕригъӕд дӕр нӕ сарӕзта (1 Пет. 2:22). Уый уыд ӕххӕст адӕймаг, Хуыцауы Фырт Йесо Чырысти (Матф. 3:13–17). Йесо донаргъуыд кӕй райста, уымӕй равдыста, цӕттӕ кӕй у йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн раттынмӕ (Дзут. 10:7).
7 Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уыцы рӕстӕг йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр адӕмӕн донаргъуыд лӕвӕрдтой (Иоан. 3:22; 4:1, 2). Уыцы донаргъуыд дӕр ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ-иу адӕм, Моисейы закъоны ныхмӕ цы тӕригъӕдтӕ арӕзтой, уыдоныл ӕрфӕсмон кодтой. Фӕлӕ Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уӕдӕй фӕстӕмӕ, йӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдон донаргъуыд ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй хъуамӕ истаиккой.
8. а) Йесо куы райгас, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бафӕдзӕхста? б) Цӕмӕй адӕймаг Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг суа, уый тыххӕй донаргъуыд цӕмӕн хъуамӕ райса?
8 Н. э. 33 азы Йесо куы райгас, уӕд иухатт фӕзынд 500 адӕймагӕй фылдӕрмӕ. Се ’хсӕн уыдысты нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ ма, чи зоны, сывӕллӕттӕ дӕр. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уӕд загъта ацы ныхӕстӕ: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл, ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын» (Матф. 28:19, 20; 1 Кор. 15:6). Уӕдӕ Йесо ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын куы бафӕдзӕхста, уӕд ын йӕ ныхӕстӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕй сӕдӕгӕйттӕ фехъуыстой. Афтӕмӕй Йесо бамбарын кодта, йӕ фӕдыл цӕуын, кӕнӕ йе ’фсондз йӕхиуыл сӕвӕрын, кӕй фӕнды, уыдоны донаргъуыд райсын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы (Матф. 11:29, 30). Хуыцауӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ баууӕнда, Йегъовӕ йӕ фӕндон Чырыстийы фӕрцы кӕй ӕххӕст кӕны, ууыл. Ӕмӕ уӕд йӕ бон уыдзӕн донаргъуыд райсын дӕр. Ӕрмӕстдӕр ахӕм донаргъуыд у Хуыцауы цӕсты раст. Фыццаг ӕнусы Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмбӕрстой, донаргъуыд райсын ӕнӕмӕнг хъуыддаг кӕй у ӕмӕ-иу уыцы къахдзӕф саразыныл фӕстӕ нӕ кодтой. Ӕмӕ уымӕн Библийы ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ (Хъуыд. 2:41; 9:18; 16:14, 15, 32, 33).
ФӔСТӔ МА КӔНУТ
9, 10. Ефиопаг хицауы ӕмӕ апостол Павелы хабарӕй донаргъуыды тыххӕй цы ис базонӕн?
9 Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 8:35, 36. Ӕркӕсӕм-ма, дзуттаг дин чи райста, уыцы ефиопаг хицауы хабармӕ. Иерусалимы кувӕндонӕй сӕхимӕ куы здӕхт, уӕд ын Йегъовӕйы зӕд йӕ размӕ Филиппы арвыста. Ӕмӕ йыл Филипп куы фембӕлд, уӕд ын райдыдта «Йесойы тыххӕй хорз хабар ӕмбарын кӕнын». Ефиопаг хицау уыцы хабармӕ цы цӕстӕй ракаст? Цы базыдта, уый йӕ зӕрдӕмӕ айста, ӕмӕ йӕ бафӕндыд, Йегъовӕ чырыстӕттӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый аразын. Гъемӕ донаргъуыд райста.
10 Ныр та ӕркӕсӕм, чырыстӕтты фӕдыл чи зылд, иу ахӕм дзуттаг нӕлгоймаджы хабармӕ. Дзуттӕгтӕ уыдысты Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм, фӕлӕ йӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай фесты. Уыцы нӕлгоймаг дзуттӕгты дины ӕгъдӕуттыл тынг ӕнувыд уыд. Фӕлӕ иу хабары фӕстӕ йӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Чи райгас, уыцы Йесо Чырысти йӕм йӕхӕдӕг уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта. Ӕмӕ йӕм стӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй иу, Анани, куы ’рбацыд, уӕд ын уый дӕр Хъуыд. 9:17, 18; Гал. 1:14). Зын бамбарӕн нӕу, уыцы дзуттаг нӕлгоймаг кӕй уыд, фӕстӕдӕр апостол Павелӕй кӕй зыдтой, уый. Бафиппаинаг уый у, ӕмӕ Павел, Йегъовӕ йӕ фӕндон Йесойы фӕрцы кӕй ӕххӕст кӕны, уый куыддӕр бамбӕрста, афтӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ донаргъуыд райста. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 22:12–16.)
йе ’ххуысыл зӕрдиагӕй сразы. Библийы уыцы нӕлгоймаджы тыххӕй фыст ис: «Уӕд сыстад ӕмӕ донаргъуыд райста» (11. а) Библи чи фӕахуыр кӕны, уыдоны донаргъуыд райсын цӕмӕн бафӕнды? б) Иннӕтӕ донаргъуыд куы фӕисынц, уӕд цы фенкъарӕм?
11 Нӕ рӕстӕджы дӕр, Библи чи фӕахуыр кӕны, уыдонӕй бирӕтӕн – ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр – сӕ хабар афтӕ у. Библийы рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ куы айсынц ӕмӕ сӕм уырнындзинад куы фӕзыны, уӕд сӕ бафӕнды сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын. Районон ӕмӕ регионалон конгрессты алы хатт дӕр вӕййы раныхас донаргъуыды фӕдыл, ӕмӕ йӕм иууылдӕр тынг фенхъӕлмӕ кӕсынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тынг фӕцин кӕнынц, Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнынц, уыдон рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ куы айсынц ӕмӕ сӕ донаргъуыд райсын куы бафӕнды, уӕд. Ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕттӕ уыцы къахдзӕф куы скӕнынц, уӕд сӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ вӕййы. 2017 лӕггады азы донаргъуыд райста 284 000 адӕймагӕй фылдӕр ӕмӕ афтӕмӕй равдыстой, сӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой (Хъуыд. 13:48). Дзырд дӕр ыл нӕй, уыдонӕй алчидӕр бамбӕрста, адӕймаджы донаргъуыд райсын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы, цӕмӕй чырыстон суа. Фӕлӕ цӕмӕй донаргъуыд райстаиккой, уый тыххӕй сӕ цы аразын хъуыди?
12. Библи чи ахуыр кӕны, ахӕм адӕймаг цалынмӕ донаргъуыд нӕ райса, уӕдмӕ йӕ цы хъӕуы аразын?
12 Библи чи ахуыр кӕны, ахӕм адӕймаг цалынмӕ донаргъуыд нӕ райса, уӕдмӕ хъуамӕ базона Хуыцауы ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй, стӕй адӕмы фервӕзын кӕнынӕн цы сарӕзта, уый тыххӕй (1 Тим. 2:3–6). Уый фӕстӕ хъуамӕ бацархайа, цӕмӕй йӕм фӕзына уырнындзинад. Уый йын ӕххуыс кӕндзӕн, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ ныууадзынӕн ӕмӕ йын йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынӕн (Хъуыд. 3:19). Ӕмӕ уый та тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ, Хуыцау йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм хъуыддӕгтӕ чи нӕ ныууагъта, уымӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕгдӕр йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодта (1 Кор. 6:9, 10). Фӕлӕ, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтыл фидар хӕцай, ӕрмӕст уый фаг нӕу. Йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ ӕмбырдтӕм цӕуой ӕмӕ хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы ӕдзухдӕр архайой. Йесо загъта, ацы куыст йе ’цӕг фӕдылдзӕуджытӕ кӕй кӕндзысты (Хъуыд. 1:8). Ӕмӕ кӕд адӕймаг уыцы хъуыддӕгтӕ кӕны, уӕд йӕ бон у Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ йын йӕхи снывонд кӕнын ӕмӕ стӕй донаргъуыд райсын.
ӔХХУЫС СЫН КӔНӔМ, ЦӔМӔЙ ДОНАРГЪУЫД РАЙСЫНМӔ ТЫРНОЙ
13. Нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм, нӕ ахуыргӕнинӕгты донаргъуыд райсын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы, цӕмӕй ӕцӕг чырыстӕттӕ суой?
13 Нӕ сывӕллӕттӕн кӕнӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн уыцы ахсджиаг хъуыддӕгты куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, донаргъуыд райсын сӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы, цӕмӕй Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ суой. Уӕд семӕ уӕндондӕрӕй ныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕйӕн хи снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын ӕнӕмӕнг хъуыддаг кӕй у, ууыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ууыл йемӕ алы хатт нӕ дзурдзыстӕм, фӕлӕ, уавӕр куы амона, уӕд. Мах тынг фӕнды, цӕмӕй нӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон рӕстдзинады фӕндагыл размӕ цӕуой ӕмӕ донаргъуыд райсой!
14. Иннӕтӕн донаргъуыд тыххӕй цӕуылнӕ хъуамӕ исын кӕнӕм?
14 Фӕлӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, уый бар кӕй никӕмӕн ис, ӕмӕ йӕ сывӕллонӕн кӕнӕ, Библи чи ахуыр кӕны, уымӕн донаргъуыд тыххӕй исын кӕна. Йегъовӕ дӕр йӕхицӕн тыххӕй никӕй лӕггад кӕнын кӕны (1 Иоан. 4:8). Уый бӕсты сын хъуамӕ ӕмбарын кӕнӕм, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ суой. Донаргъуыд райсынмӕ сӕ цы хъуамӕ баразӕнгард кӕна? Рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстой ӕмӕ сӕ Чырыстийы фӕдыл цӕуын кӕй бафӕндыд, уый (2 Кор. 5:14, 15).
15, 16. а) Адӕймаг донаргъуыд цавӕрдӕр бӕлвырд кары хъуамӕ райса? Бамбарын ӕй кӕн. б) Кӕд адӕймаг раздӕр ӕндӕр дины аргъуыд уыд, уӕддӕр ӕй донаргъуыд райсын цӕмӕн хъӕуы?
15 Цымӕ адӕймаг донаргъуыд цавӕрдӕр бӕлвырд кары хъуамӕ райса? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Иутӕн сӕ уырнындзинад цыбыр рӕстӕгмӕ сфидар вӕййы, иннӕты та уымӕн фылдӕр рӕстӕг бахъӕуы. Бирӕтӕ донаргъуыд гыццылӕй райсынц ӕмӕ стырӕй дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй фӕлӕггад кӕнынц. Иннӕтӕ та рӕстдзинад базонынц сӕ зӕронды бонты ӕмӕ донаргъуыд уыцы кары райсынц. Се ’хсӕн вӕййы, 100 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, суанг ахӕмтӕ дӕр!
16 Иу хо Библи цы ацӕргӕ сылгоймагимӕ ахуыр кодта, уый йӕ бафарста, зӕгъгӕ мӕ донаргъуыд ногӕй райсын ӕнӕмӕнг хъӕуы. Ахӕм фарста йӕм уый тыххӕй фӕзынд, ӕмӕ раздӕр ӕндӕр динты уыд аргъуыд. Нӕ хо йын Библийӕ кӕцыдӕр стихты фӕрцы йӕ фарстайӕн дзуапп радта. Уыцы сылгоймаг бамбӕрста, уыцы къахдзӕф скӕнын ӕй ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы, уый. Ӕмӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ донаргъуыд райста, кӕд ыл 80 азы бӕрц цыд, уӕддӕр. Ацы хабар нын цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕйы цӕсты донаргъуыд раст уӕд уыдзӕн, ӕмӕ адӕймаг, Хуыцауы фӕндон цы у, уый бӕлвырд куы зона. Уӕдӕ кӕд раздӕр ӕндӕр дины аргъуыд уыдыстӕм, уӕддӕр хъуамӕ ногӕй донаргъуыд райсӕм. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 19:3–5.)
17. Адӕймаг йӕ донаргъуыды бон цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕна?
17 Донаргъуыды бон у стыр цины бон. Фӕлӕ ма уыцы бон адӕймаг хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕна, Йегъовӕйӕн хи снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын адӕймагыл цы хӕс ӕвӕры, ууыл. Дӕ цард дӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ аразай, уый стыр фыдӕбон у. Йесо дӕр уыцы хъуыддаг ӕфсондзимӕ уымӕн абарста. Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ «сӕхицӕн мауал цӕрой, фӕлӕ уыдоны тыххӕй чи амард ӕмӕ чи райгас, уымӕн» (2 Кор. 5:15; Матф. 16:24).
18. Иннӕ статьяйы дзырд цавӕр фарстатыл цӕудзӕн?
18 Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй донаргъуыд райсын адӕймагыл стыр хӕс ӕвӕры. Ӕмӕ Марийӕйы мад дӕр, статьяйы райдианы цы фарстаты кой скодтам, уыцы фарстатыл уый тыххӕй хъуыды кодта. Кӕд дын сывӕллон ис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фӕхъуыды кӕныс: «Цымӕ ӕцӕгдӕр цӕттӕ у донаргъуыд райсынмӕ? Йегъовӕйы тыххӕй фаг зоны, цӕмӕй йын йӕхи снывонд кӕна? Мыййаг, хуыздӕр нӕ уаид, цӕмӕй уал исты ахуыр райса ӕмӕ куыст ссара, ӕмӕ стӕй донаргъуыд дӕр райса? Ӕмӕ, донаргъуыд куы райса, фӕлӕ стӕй исты уӕззау тӕригъӕд куы сараза, уӕд та?» Ацы фарстатыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы ӕмӕ базондзыстӕм, ныййарджытӕн уыцы хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн цы баххуыс кӕндзӕн, уый.