Йегъовӕ де ’мбӕхсӕн бынат у?
«Йегъовӕ ирвӕзын кӕны йӕ лӕггадгӕнджыты. Йӕхи йе уазӕг чи бакодта, уыдонӕй иу дӕр аххосджыныл нымад не ’рцӕудзӕн» (ПС. 34:22).
1. Тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уый тыххӕй нын алы хатт цы нӕ рауайы ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ куыд фӕхъуыды кӕнынц?
«МӔНӔ цы мӕгуыр дӕн!» – ныффыста апостол Павел (Ром. 7:24). Абон дӕр Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц афтӕ. Не ’ппӕт дӕр нӕ туджы рахастам тӕригъӕд ӕмӕ стӕм ӕнӕххӕст. Ӕмӕ нӕ кӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕддӕр нын уый алы хатт нӕ рауайы, ӕмӕ уӕд нӕ ныфс асӕтты. Стыр тӕригъӕд чи ракодта, уыцы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ суанг афтӕ дӕр фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сын ӕй Йегъовӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн.
2. а) Хуыцауы лӕггадгӕнджыты сӕ рӕдыдтыты тыххӕй ӕгӕр маст кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый 34-ӕм псаломы 22-ӕм стихӕй куыд зыны? б) Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн? (Кӕс рамкӕ « Уыцы хабӕрттӕй цӕуылдӕр ахуыр кӕнӕм ӕви цӕмӕдӕр амонынц?».)
2 Фӕлӕ Библийӕ бӕрӕг у, йӕхи Йегъовӕйы уазӕг чи бакодта, кӕнӕ Йегъовӕ йе ’мбӕхсӕн кӕмӕн у, уыдоны сӕ рӕдыдтыты тыххӕй ӕгӕр маст кӕнын кӕй нӕ хъӕуы. (Бакӕс Псалом 34:22.) Куыд ӕмбарын хъӕуы, дӕхи Йегъовӕйы уазӕг бакӕнай, кӕнӕ, Йегъовӕ де ’мбӕхсӕн суа, уый? Цы саразын фӕхъӕуы, цӕмӕй-иу нын Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ ныххатыр кӕна? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм, рагон Израилы цы ӕмбӕхсӕн горӕттӕ уыди, уыдоны хабармӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд. Уыцы горӕттӕ хъуыдысты, израилӕгтӕ Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ куы цардысты, уӕд. Уыцы Закъоны бадзырд та н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны ӕндӕрӕй ивд ӕрцыд. Фӕлӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, Моисейы закъон Йегъовӕ кӕй радта. Уӕдӕ ӕмбӕхсӕн горӕтты хабарӕй базонӕн ис, Йегъовӕ тӕригъӕдмӕ, тӕригъӕд чи ракӕны ӕмӕ, йӕ тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Фыццаг уал аныхас кӕнӕм, уыцы горӕттӕ цӕмӕн хъуыдысты, ууыл.
«УӔХИЦӔН РАХИЦӔН КӔНУТ... ӔМБӔХСӔН ГОРӔТТӔ»
3. Израилы-иу исчи искӕй барӕй куы амардта, уӕд-иу ын цы бакодтой?
3 Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ каст, израилӕгтӕй-иу исчи искӕй кӕй амардта, уымӕ. Адӕймаджы-иу барӕй чи амардта, уымӕн-иу йӕхи дӕр хъуыди амарын. Маргӕ та-иу ӕй хъуамӕ акодтаид, кӕй туг ныккалдта, уымӕн йе ’ввахсдӕр хӕстӕг, нӕлгоймаг, хуыдтой йӕ «тугисӕг» (Ным. 35:19). Афтӕмӕй-иу лӕгмар, ӕнаххос туг кӕй ныккалдта, уый йӕхи тугӕй бафыста. Йегъовӕ израилӕгтӕн бафӕдзӕхста: «Цы зӕххыл цӕрут, уый ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ зӕхх чъизи кӕны [адӕймаджы] тугӕй». Уӕдӕ-иу лӕгмарӕн уайтагъд кӕй стӕрхон кодтой, уый фӕрцы-иу Зӕрдӕвӕрд зӕхх нӕ фӕчъизи (Ным. 35:33, 34).
4. Адӕймаг-иу искӕй барӕй куы нӕ амардта, уӕд-иу куыд бакӕнын хъуыд?
4 Фӕлӕ-иу адӕймаг искӕй барӕй куы нӕ амардта, уӕд та-иу куыд бакӕнын хъуыд? Кӕд-иу барӕй нӕ уыди, уӕддӕр-иу тугныккалды аххосджын уыд (Райд. 9:5). Фӕлӕ Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ ахӕм адӕймагмӕ уыд фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисӕн – бар ын уыди, цӕмӕй тугисӕгӕй алыгъдаид, Израилы цы ӕхсӕз ӕмбӕхсӕн горӕты уыди, уыдонӕй искӕцымӕ. Кӕд ын-иу уыцы горӕты баззайыны бар радтой, уӕд-иу йӕ цардӕн тӕссаг нал уыд. Фӕлӕ уым хъуамӕ цардаид хистӕр сауджыны мӕлӕты онг (Ным. 35:15, 28).
5. Израилы ӕмбӕхсӕн горӕттӕ кӕй уыд, уый нын куыд ӕххуыс кӕны Йегъовӕйы хуыздӕр базонынӕн?
5 Ӕмбӕхсӕн горӕттӕ израилӕгтӕ сӕхӕдӕг не ’рхъуыды кодтой. Йегъовӕ загъта Йесо Навинӕн: «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Уӕхицӕн рахицӕн кӕнут, Моисейы уылты уын кӕй тыххӕй дзырдтон, уыцы ӕмбӕхсӕн горӕттӕ“». Уӕдӕ уыцы горӕттӕ «рахицӕн кодтой» Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ (Йес. Н. 20:1, 2, 7, фип., 8). Ӕмбӕхсӕн горӕттӕ скӕнын Йегъовӕ йӕхӕдӕг кӕй бафӕдзӕхста, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Ацы закъон нын куыд ӕххуыс кӕны, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый хуыздӕр бамбарынӕн? Нӕ бон дзы цы у базонын, Йегъовӕ махӕн дӕр не ’мбӕхсӕн цӕй фӕрцы уыдзӕн, уый тыххӕй?»
«ЦЫ ’РЦЫДИ, УЫЙ ГОРӔТЫ ХИСТӔР ЛӔГТӔН РАДЗУРӔД»
6, 7. а) Адӕймаджы-иу барӕй чи нӕ амардта, уымӕн-иу хистӕр лӕгтӕ куыд хъуамӕ баххуыс кодтаиккой? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Тугисӕгӕй-иу чи алыгъд, уый-иу хистӕр лӕгтӕм кӕй бацыд, уый зондыл дзурӕг цӕмӕн уыд?
6 Адӕймаджы-иу барӕй чи нӕ амардта, уый-иу хъуамӕ ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ алыгъдаид ӕмӕ, «цы ’рцыди, уый» горӕты кулдуары раз хистӕр лӕгтӕн радзырдтаид, ӕмӕ-иу ӕй уыдон хъуамӕ горӕтмӕ бауагътаиккой (Йес. Н. 20:4). Фӕстӕдӕр-иу ӕй арвыстой, лӕгмард кӕм ӕрцыд, уыцы горӕты хистӕр лӕгтӕм, ӕмӕ-иу уыдон хъуамӕ хъуыддаг равзӕрстаиккой. (Бакӕс Нымӕцтӕ 35:24, 25.) Ӕмӕ-иу кӕд уыдон дӕр загътой, барӕй йӕ нӕ амардта, зӕгъгӕ, уӕд-иу йӕ бон уыди фӕстӕмӕ ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ аздӕхын.
7 Ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ-иу чи алыгъд, уый-иу хистӕр лӕгтимӕ аныхас кӕнын цӕмӕн хъуыд? Хистӕр лӕгтӕ хъуамӕ сӕ хъус дардтаиккой, цӕмӕй Израилы адӕм ма фӕчъизи уыдаиккой. Стӕй-иу, адӕймаджы барӕй чи нӕ амардта, уымӕн хъуамӕ баххуыс кодтаиккой, цӕмӕй йын Йегъовӕ йӕ тӕригъӕд ныххатыр кодтаид. Иу библииртасӕг ныффыста, зӕгъгӕ, ахӕм адӕймаг хистӕр лӕгтӕм куы нӕ бацыдаид, уӕд йӕхи тӕссаг уавӕры баппӕрстаид. Стӕй ма загъта: «Йӕ туг уыдаид йӕхи сӕрыл, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау йӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй цы фадат радта, уымӕй не спайда кодта». Цӕмӕй ахӕм адӕймаг удӕгасӕй баззадаид, уый тыххӕй хъуамӕ ӕххуыс бацагуырдтаид ӕмӕ йын куыд загътаиккой, афтӕ бакодтаид. Ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ куы нӕ алыгъдаид, уӕд, кӕй амардта, уымӕн йе ’ввахсдӕр хӕстӕгӕн бар уыди, цӕмӕй йӕ амардтаид.
8, 9. Чырыстон стыр тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс цӕмӕн хъуамӕ бацагура?
Иак. 5:14–16). Дыккаджы та уый, ӕмӕ, йӕ тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уый хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуысы фӕрцы ногӕй Хуыцауы хорзӕх ссары ӕмӕ йӕ тынгдӕр фӕфӕнды йӕхи тӕригъӕдӕй хизын (Гал. 6:1; Дзут. 12:11). Ӕртыккаджы та уый, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс у ӕмӕ сӕ ахуыр дӕр кӕнынц, йӕ тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сӕ ныфс уадзын, цӕмӕй мауал маст кӕной ӕмӕ сӕхи мауал хӕрой. Уыцы хистӕр нӕлгоймӕгты Йегъовӕ хоны, «тӕрккъӕвдайӕ дӕхи кӕм бааууон кӕнай, ахӕм бынат» (Ис. 32:1, 2). Уӕдӕ ӕмбырды ахӕм ӕгъдау кӕй ис, уый Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл дзурӕг у.
8 Абон чырыстӕттӕй исчи стыр тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд, цӕмӕй ногӕй Йегъовӕмӕ баввахс уа, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс бацагура. Уый афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ, ахӕм хъуыддӕгтӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕй хъуамӕ ӕвзарой, уый Йегъовӕйы фӕнд у (9 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ зонынц, адӕймагӕн куыд фенцондӕр вӕййы, хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ куы аныхас кӕны ӕмӕ сын сӕ уынаффӕтӕм куы байхъусы, уӕд. Зӕгъӕм, иу ӕфсымӕр, Дэниел, стыр тӕригъӕд ракодта, фӕлӕ цалдӕр мӕйы хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕнынмӕ йӕ ныфс нӕ хаста. Дэниел радзырдта: «Дзӕвгар рӕстӕг кӕй рацыд, уый тыххӕй афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ мын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ницӕмӕйуал баххуыс кӕндзысты. Фӕлӕ ӕдзух тарстӕн, цы сарӕзтон, уый исчи куы базона. Йегъовӕмӕ дӕр сӕрибарӕй кувын мӕ бон нал уыд – куы-иу ӕм куывтон, уӕд-иу дзы алы хатт дӕр фыццаг хатыр ракуырдтон, цы сарӕзтон, уый тыххӕй». Ӕппынфӕстаг Дэниел сфӕнд кодта хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕнын. Хабар куыд уыд, уый тыххӕй загъта: «Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тарстӕн. Фӕлӕ семӕ куы аныхас кодтон, уӕд мын цыма исчи ме ’ккойӕ уӕззау уаргъ аппӕрста, афтӕ мын фенцон. Ныр мӕ бон у Йегъовӕмӕ сӕрибарӕй кувын». Абон Дэниелӕн Хуыцауы раз йӕ цӕсгом сыгъдӕг у, ӕмӕ йӕ ӕрӕджы снысан кодтой кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй.
«ХЪУАМӔ АЛИДЗА УЫЦЫ ГОРӔТТӔЙ ИУМӔ»
10. Адӕймаджы-иу барӕй чи нӕ амардта, уый-иу цы бакӕнын хъуыди, цӕмӕй йын уыцы хъуыддаг ныххатыр кодтаиккой?
10 Адӕймаджы барӕй чи нӕ амардта, уымӕн цӕмӕй уыцы хъуыддаг ныххатыр кодтаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ ӕнцад ма бадтаид. Хъуамӕ алыгъдаид, хӕстӕгдӕр ӕм чи уыд, уыцы ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ, ӕмӕ цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр. (Бакӕс Йесо Навины 20:4.) Ӕмӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ бакодтаид, кӕд ӕмӕ йӕ цард уымӕй кӕнгӕ уыд?! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый афтӕ ӕнцон нӕ уыдаид. Хъуамӕ ныууагътаид йӕ куыст, йӕ хӕдзар, стӕй йын ӕндӕр рӕттӕм цӕуыны бар дӕр нал уыдаид, ӕмӕ афтӕ – цалынмӕ хистӕр сауджын нӕ амардаид, уӕдмӕ * (Ным. 35:25). Фӕлӕ уӕддӕр уый хуыздӕр уыди. Горӕтӕй куы рацыдаид, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдаид, ӕмӕ, туг кӕй ныккалдта, уый йӕм нымады дӕр нӕ уыд, стӕй уымӕй йӕхи цард дӕр тӕссаг уавӕры баппӕрстаид.
11. Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, йӕ тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы чырыстон Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй бузныг кӕй у?
11 Абон дӕр, тӕригъӕд чи ракӕны ӕмӕ йыл чи ӕрфӕсмон кӕны, ахӕм чырыстоны фӕхъӕуы цавӕрдӕр къахдзӕфтӕ скӕнын, цӕмӕй йын Хуыцау ныххатыр кӕна. Хъуамӕ тӕригъӕд мауал араза, стӕй хъуамӕ йӕхи хиза, тӕригъӕдмӕ чи ӕркӕны, ахӕм хъуыддӕгтӕй дӕр. Коринфаг чырыстӕттӕ сӕ тӕригъӕдыл куыд зӕрдӕбынӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый тыххӕй апостол Павел ныффыста: «Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ кӕй ӕрӕнкъард стут, уый фӕрцы куыд зӕрдиагӕй райдыдтат архайын, уӕ ном куыд ссыгъдӕг кодтат, куыд тынг смӕсты стут ӕмӕ уӕ Хуыцауы раз цы тас бацыд, куыд тынг уӕ бафӕндыд ӕрфӕсмон кӕнын, уӕ зӕрдӕты зынг куыд ссыгъд ӕмӕ хъуыддаг куыд сраст кодтат!» (2 Кор. 7:10, 11). Уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм, цӕмӕй тӕригъӕд мауал ракӕнӕм, уӕд Йегъовӕ уындзӕн, нӕ уавӕрмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсӕм ӕмӕ афтӕ кӕй нӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын ӕй Хуыцау ӕнӕуи дӕр ныххатыр кӕндзӕн.
12. Цӕмӕй чырыстон Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай ма фӕуа, уый тыххӕй йӕ цавӕр хъуыддӕгтӕ фӕхъӕуы ныууадзын?
12 Цӕмӕй чырыстон Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай ма фӕуа, уый тыххӕй йӕ, чи зоны, цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ хъӕуа ныууадзын. Ӕмӕ хъуамӕ цӕттӕ уа, йӕ зӕрдӕйӕн тынг адджын цы у, суанг уыдӕттӕ ныууадзынмӕ дӕр, кӕд ӕй рӕдийын кӕнынц, уӕд (Матф. 18:8, 9). Зӕгъӕм, кӕд дӕ де ’мбӕлттӕй исчи ахӕм зондыл ардауы, цӕмӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ кӕнай, уӕд ма йыл дӕхи бӕтдзынӕ? Кӕнӕ, мыййаг, иу куы аназыс, уӕд дын стӕй дӕхи бауромын зын вӕййы, уӕд дӕхи хиздзынӕ, ӕгӕр бирӕ бануазынӕй дын тӕссаг кӕм уыдзӕн, ахӕм уавӕртӕй? Йе та дӕм кӕд ӕнӕгъдау фӕндтӕ фӕзыны, уӕд дӕхи хиздзынӕ, чъизи хъуыдытӕ чи сцырен кӕны, ахӕм хъуыддӕгтӕй ӕмӕ ахӕм сайттӕ ӕмӕ кинотӕй? Рох дӕ ма уӕд: Йегъовӕйы коммӕ кӕсын нын цыфӕнды зын ма уа, уӕддӕр уый йӕ фыдӕбоны аргъ у. Уымӕй зындӕр ницы ис, афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ ныууагъта. Ӕмӕ уымӕй хуыздӕр ницы ис, фидарӕй йӕ куы зонай, «ӕнувыд уарзтӕй» дӕ кӕй уарзы (Ис. 54:7, 8).
«УЫЦЫ ГОРӔТТӔ УЫН УЫДЗЫСТЫ ТУГИСДЖЫТӔЙ БАМБӔХСЫНӔН»
13. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ-иу ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ чи алыгъд, уымӕн уым йӕ бон уыди ӕдасӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрын?
13 Адӕймаджы-иу барӕй чи нӕ амардта, уымӕн-иу ӕмбӕхсӕн горӕты тӕссаг ницӕмӕйуал уыд. Йегъовӕ загъта: «Уыцы горӕттӕ уын уыдзысты тугисджытӕй бамбӕхсынӕн» (Йес. Н. 20:2, 3). Йегъовӕ нӕ домдта, цӕмӕй-иу, адӕймаджы барӕй чи нӕ амардта, уымӕн йӕ хъуыддаг ногӕй ӕвзӕрстаиккой. Стӕй-иу тугисӕгӕн дӕр ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ бацӕуын ӕмӕ туджджыны амарыны бар нӕ уыд. Уӕдӕ дзы тугисӕг йӕ маст кӕй райсдзӕн, уымӕй тӕрсын ӕй нӕ хъуыди. Цалынмӕ-иу уыцы горӕты уыд, уӕдмӕ-иу ӕй Йегъовӕ хъахъхъӕдта. Ӕмбӕхсӕн горӕт туджджынӕн ахӕстон нӕ уыд. Йӕ бон уыди кусын, иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ Йегъовӕйӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын. Уӕдӕ уым дӕр йӕ бон уыди амондджынӕй цӕрын!
14. Йӕ тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы чырыстӕтты цӕуыл нӕ хъӕуы дызӕрдыг кӕнын?
14 Хуыцауы адӕмӕй стыр тӕригъӕд чи ракодта ӕмӕ йыл чи ӕрфӕсмон кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ уӕддӕр сӕхи фӕхӕрынц, ӕмӕ сын уыцы хъуыдытӕ раст ахӕстоны хуызӕн свӕййынц. Суанг сӕм афтӕ дӕр фӕкӕсы, ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ тӕригъӕд ӕнустӕм дӕр нӕ ферох кӕндзӕн. Кӕд дӕумӕ дӕр афтӕ кӕсы, уӕд, дӕ хорзӕхӕй, уыцы хъуыдытӕ дӕ сӕрӕй фӕсур, ӕмӕ дӕхи мауал хӕр. Ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ дын дӕ рӕдыд куы ныххатыр кӕна, уӕд дын ӕй дӕ цӕстмӕ нал дардзӕн. Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕр, Псалом 103:8–12.)
Дэниел, уый йӕхицӕй зоны. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йын йӕ хъуыддагмӕ ӕркастысты ӕмӕ йын баххуыс кодтой, цӕмӕй та йын Хуыцауы раз сыгъдӕг цӕсгом уа. Дэниел загъта: «Уӕд бамбӕрстон, цы ’рцыд, уый тыххӕй мӕ мӕхи хӕрын кӕй нал хъӕуы. Хатыргонд чи ’рцыд, уыцы тӕригъӕд хатыр кӕнын нал хъӕуы. Йегъовӕ йӕхӕдӕг зӕгъы, нӕ уӕргътӕ нын не уӕхсчытӕй кӕй райсдзӕн ӕмӕ сӕ дард кӕй фехсдзӕн. Ӕмӕ сӕ уынгӕ дӕр никуыуал фӕкӕндзынӕ». Ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ-иу чи ’рлыгъд, уыцы туджджыны-иу фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс кӕнын нал хъуыди, тугисӕг мӕ ма ссара ӕмӕ мӕ йӕ маст ма райса, зӕгъгӕ. Уӕдӕ кӕд махӕн дӕр Йегъовӕ нӕ тӕригъӕд ныххатыр кодта, уӕд нӕ уымӕй тӕрсын нӕ хъӕуы, ӕмӕ нын ӕй искуы нӕ цӕстмӕ бадардзӕн кӕнӕ та нын ногӕй тӕрхон кӕндзӕн. (Бакӕс15, 16. Чырысти нӕ йӕ тугӕй кӕй балхӕдта ӕмӕ нӕ Хистӕр сауджын кӕй у, уый дын куыд ӕххуыс кӕны, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны, ууыл ӕууӕндынӕн?
15 Раст куы зӕгъӕм, уӕд мах израилӕгтӕй тынгдӕр хъуамӕ ӕууӕндӕм, Йегъовӕ нын кӕй хатыр кӕны, ууыл. Павел йӕхицӕй загъта, мӕнӕ цы мӕгуыр дӕн, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ бон нӕ уыд алы хъуыддаджы дӕр, Йегъовӕ куыд зӕгъы, афтӕ кӕнын. Фӕлӕ уый фӕстӕ загъта: «Ӕз бузныг зӕгъын Хуыцауӕн, уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы!» (Ром. 7:25). Уӕдӕ кӕд Павел йӕ тӕригъӕдджын буаримӕ тох кодта ӕмӕ, цалынмӕ чырыстон не сси, уӕдмӕ тӕригъӕдтӕ ракодта, уӕддӕр ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндыд, Хуыцау ын Чырыстийы нывонды фӕрцы кӕй ныххатыр кодта. Йесо Чырысти нӕ йӕ тугӕй кӕй балхӕдта, уый фӕрцы нын Хуыцауы раз ис сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ нӕ зӕрдӕты ис фарн (Дзут. 9:13, 14). Йесо у нӕ Хистӕр сауджын ӕмӕ, «Хуыцаумӕ уый фӕрцы чи ӕввахс кӕны, уыдоны йӕ бон у бынтондӕр фервӕзын кӕнын, уымӕн ӕмӕ алкӕддӕр ӕгас у ӕмӕ йӕ бон у уыдоны тыххӕй Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын» (Дзут. 7:24, 25). Рагон Израилы-иу хистӕр сауджын адӕмӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй-иу сын Йегъовӕ сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодтаид. Ӕмӕ кӕд махӕн Йесо у нӕ Хистӕр сауджын, уӕд нын куыннӕ хъуамӕ баххуыс кӕна ӕмӕ нӕ фидарӕй куыннӕ хъуамӕ уырна, Хуыцау нӕм «бахъуаджы сахат фӕлмӕнзӕрдӕ [кӕй] уыдзӕн ӕмӕ нын йе стыр хорзӕхӕй [кӕй] бахай кӕндзӕн»! (Дзут. 4:15, 16).
16 Цӕмӕй Йегъовӕ не ’мбӕхсӕн бынат уа, уый тыххӕй хъуамӕ Чырыстийы нывондыл ӕууӕндӕм. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ Чырысти йӕ цард ӕнӕуи ӕппӕт адӕмы тыххӕй радта. Фидарӕй зон, йӕ цард дӕу тыххӕй кӕй радта (Гал. 2:20, 21). Фидарӕй зон, Чырыстийы нывонды фӕрцы Йегъовӕ дӕуӕн кӕй хатыр кӕны дӕ тӕригъӕдтӕ. Фидарӕй зон, Чырыстийы нывонды фӕрцы дӕуӕн кӕй ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Чырыстийы нывонд у Йегъовӕйы лӕвар дӕуӕн!
17. Йегъовӕ де ’мбӕхсӕн бынат уа, уый дӕ цӕмӕн фӕнды?
17 Израилы ӕмбӕхсӕн горӕттӕ кӕй уыд, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыди, стӕй цард табуйагыл кӕй нымайы, уый. Уыцы хабары фӕрцы ма бамбарӕн ис, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, ӕмӕ, адӕймаг йӕ тӕригъӕдыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый цӕмӕй бӕрӕг вӕййы. Стӕй ма дзы базонӕн ис, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕд кӕй ныххатыр кӕны, ууыл фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм. Уӕдӕ Йегъовӕ де ’мбӕхсӕн бынат у? Уымӕй ӕдасдӕр бынат нӕй! (Пс. 91:1, 2). Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, ӕмбӕхсӕн горӕтты тыххӕй цы зонӕм, уый фӕрцы нӕ бон куыд у Йегъовӕйы рӕстдзинад ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад фӕзмын.
^ 10 абз. Дзуттаг иртасӕн чингуыты фыст ис, зӕгъгӕ-иу адӕймаджы барӕй чи нӕ амардта, уымӕн-иу йӕ бинонтӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ йемӕ цӕрынмӕ ӕрцыдысты.