Зӕрдӕрайгӕйӕ зарут!
«Хорз у нӕ Хуыцауӕн зарын» (ПС. 147:1).
1. Зарджыты фӕрцы нӕ бон цы у?
ЗАРДЖЫТӔ чи фыссы, иу ахӕм зындгонд адӕймаг иухатт загъта: «Ныхӕстӕ ӕфтауынц хъуыдытыл. Музыкӕ агайы зӕрдӕ. Зарӕджы фӕрцы та хъуыдытӕ зӕрдӕйы ахизынц». Нӕ зарджытӕй нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм ӕмӕ йын ӕвдисӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый. Уӕдӕ бӕрӕг у, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ йын зарджытӕ зарын кӕрӕдзиимӕ ӕнгом баст кӕй сты, фӕнды сӕ иунӕгӕй зарай, фӕнды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ.
2, 3. а) Иуӕй-иутӕ ӕмбырды хъӕрӕй цӕуылнӕ фӕзарынц? б) Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?
2 Фӕлӕ, мыййаг, ӕмбырды хъӕрӕй зарын нӕ фӕуӕндыс? Иуӕй-иу адӕмыхӕттытӕм нӕлгоймӕгтӕ иннӕты раз зарын ӕфсӕрмы фӕкӕнынц. Ӕмӕ уый, чи зоны, ӕнӕхъӕн ӕмбырдыл дӕр фӕзына, уӕлдайдӕр та хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зарын куы ’фсӕрмы кӕной кӕнӕ-иу зарӕджы рӕстӕг истытӕ куы кусой, уӕд (Пс. 30:12).
3 Ӕмбырдты заргӕ кӕй фӕкӕнӕм, уый дӕр нӕ лӕггадмӕ хауы. Ӕмӕ уый куы ӕмбарӕм, уӕд-иу зарӕгмӕ нӕ рӕджы кӕндзыстӕм ӕмӕ-иу фӕстаг зарӕгӕй дӕр нӕ ацӕудзыстӕм, стӕй-иу зарӕджы рӕстӕг залӕй нӕ рахиздзыстӕм. Уӕдӕ нӕ хъуамӕ алчидӕр ахъуыды кӕна: «Ӕмбырдты кӕй фӕзарӕм, уымӕ цы цӕстӕй кӕсын? Кӕд адӕмы раз зарын ӕфсӕрмы кӕнын, уӕд мын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕппӕт зӕрдӕйӕ зарон?»
ЙЕГЪОВӔЙЫ ЙӔ АДӔМ АЛКӔДДӔР ЗАРДЖЫТӔЙ КАДДЖЫН КОДТОЙ
4, 5. Рагон Израилы цы ’рцыд арӕзт, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауӕн кады зарджытӕ зарыдаиккой?
4 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр сӕ Хуыцауы музыкӕйӕ ӕмӕ зарджытӕй кадджын кодтой. Рагон израилӕгтӕ-иу Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уыдысты, уӕд-иу кады зарджытӕ зарын тынг ахсджиаг хъуыддагыл нымадтой. Зӕгъӕм, паддзах Давид, кувӕндоны лӕггад кӕнынмӕ цы хауд, уыдӕттӕ куы цӕттӕ кодта, уӕд левиттӕй 4 000 адӕймаджы равзӕрста, цӕмӕй Йегъовӕйы сӕ цагъдӕй кадджын кодтаиккой. Уыдонӕй 288 левиты «сахуыр кодтой Йегъовӕйӕн зарын ӕмӕ се ’ппӕт дӕр уыцы хъуыддаджы уыдысты дӕсны» (1 Аз. 23:5; 25:7).
5 Йегъовӕйӕн кувӕндон куы нывонд кодтой, уӕд уым дӕр музыкӕ цагътой ӕмӕ зарджытӕ зарыдысты. Библийы фыст ис: «Йегъовӕйы кадджын кӕнгӕйӕ ӕмӕ йын арфӕ кӕнгӕйӕ уадындзты зӕлтӕ ӕмӕ зарӕггӕнджыты хъӕлӕстӕ куы баиу сты ӕмӕ ӕмхуызонӕй куы райхъуыстысты, ӕмӕ уадындзты уастмӕ, ӕрхуы тӕбӕгъты ӕмӕ музыкалон инструментты цагъдмӕ Йегъовӕйы кадӕн куы ныззарыдысты... уӕд... ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар байдзаг Йегъовӕйы кадӕй» (2 Аз. 5:13, 14; 7:6). Уыцы хабӕрттӕ израилӕгтӕн сӕ уырнындзинад куыннӕ бафидар кодтаиккой!
6. Нееми Иерусалимы хицау куы уыд, уӕд цы сарӕзта, цӕмӕй израилӕгтӕ Йегъовӕйы музыкӕйӕ ӕмӕ зарджытӕй скадджын кодтаиккой?
6 Нееми израилӕгтӕн Иерусалимы къул ногӕй саразынӕн разамынд куы лӕвӕрдта, уӕд ма левиттӕй зарӕггӕнджыты ӕмӕ цӕгъдджыты дӕр сӕвӕрдта. Ӕмӕ ногарӕзт къул Йегъовӕйӕн куы нывонд кодтой, уӕд сӕ цӕгъдынӕй ӕмӕ сӕ зарынӕй адӕмы циныл ноджы фылдӕр цин бафтыд. Нееми, «Хуыцауӕн чи арфӕ кодта, уыцы зарӕггӕнджыты дыууӕ стыр къордыл адих кодта». Къулы сӕрмӕ сӕ скодта, ӕмӕ дзы иу къорд иуырдӕм араст, иннӕ та – иннӕрдӕм. Ӕппынфӕстаг дыууӕ къорды дӕр къулыл кувӕндоны раз фембӕлдысты ӕмӕ сӕ цагъд ӕмӕ сӕ зарӕг баиу сты ӕмӕ дардмӕ хъуыстысты (Неем. 12:27, 28, 31, 38, 40, 43). Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыд, йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ сӕ зӕрдӕбын зарджытӕй кӕй скадджын кодтой, уый.
7. Чырыстӕттӕ Хуыцауӕн кады зарджытӕ кӕй хъуамӕ зарой, уый Йесо куыд равдыста?
7 Йегъовӕйӕн кады зарджытӕ зарын раст дины ахсджиаг хъуыддагыл нымад уыд, Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд дӕр. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, зӕххыл ӕппӕты ахсджиагдӕр бон цы ’рцыд, уый. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Хицауы ӕхсӕвӕр куы сбӕрӕг кодта, уӕд се ’ппӕт дӕр Йегъовӕйӕн кады зарджытӕ азарыдысты. (Бакӕс Матфейы 26:30.)
8. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Хуыцауӕн кады зарджытӕ куыд зарыдысты, уымӕй нын фӕзминаг цӕмӕн сты?
8 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Хуыцауӕн кады зарджытӕ куыд зарыдысты, уымӕй нын сты фӕзминаг. Израилӕгтӕй уӕлдай, уыдон Йегъовӕйӕн бакувынмӕ кувӕндонмӕ нӕ цыдысты, фӕлӕ ӕмбырд кодтой хӕдзӕртты. Уыцы хӕдзӕрттӕ израилӕгты кувӕндоны хуызӕн стыр ӕмӕ рӕсугъд нӕ уыдысты, фӕлӕ-иу уӕддӕр чырыстӕттӕ зӕрдӕбынӕй зарыдысты. Апостол Павел сӕм ныффыста: «Кӕрӕдзийы ахуыр кӕнут ӕмӕ фидар кӕнут псаломтӕй, кады зарджытӕй ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ дины зарджытӕй ӕмӕ Йегъовӕйӕн зӕрдӕбынӕй зарут» (Кол. 3:16). Нӕ зарджыты чиныджы цы «дины зарджытӕ» ис, уыдон, ӕцӕгдӕр, зӕрдӕбынӕй зарын хъӕуы, цӕмӕй бӕрӕг уа, Йегъовӕйӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ бузныг кӕй стӕм. Уыцы зарджытӕ дӕр хауынц, «ӕууӕнкджын ӕмӕ [нын] зондджын цагъар» нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы хӕринаг дӕтты, уымӕ (Матф. 24:45).
ЦЫ ИС САРАЗӔН, ЦӔМӔЙ УӔНДОНДӔРӔЙ ЗАРАЙ?
9. а) Иуӕй-иутӕн ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты зӕрдиагӕй зарын зын цӕмӕн вӕййы? б) Йегъовӕйӕн кады зарджытӕ куыд хъуамӕ зарӕм ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы фӕзминаг чи хъуамӕ уа? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
9 Мыййаг, зарын ӕфсӕрмы кӕныс? Чи зоны, дӕ бинонтӕ йе та, цы адӕмы ’хсӕн схъомыл дӕ, Езд. 3:11; бакӕс Псалом 147:1). Абон Паддзахады залтӕй бирӕты зарджыты ныхӕстӕ февдисынц экраныл, ӕмӕ уый фӕрцы хъӕрӕй зарын ӕнцондӕр вӕййы. Цымыдисаг ма у уый, ӕмӕ ныр Паддзахады зарджытӕ фӕзарынц Бӕрнон ӕфсымӕрты скъолайы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цы хай вӕййы, уым дӕр. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды иннӕтӕн фӕзминаг уой, зарджытӕ куыд зарынц, уымӕй.
уыдон арӕх нӕ фӕзарынц. Йе та, чи зоны, радиойӕ кӕнӕ телевизоры зарӕггӕнджытӕм куы фӕхъусыс ӕмӕ дӕхи семӕ куы фӕбарыс, уӕд дӕ ныфс асӕтты. Фӕлӕ, куыдфӕнды ма уа, Йегъовӕйы не ’ппӕт дӕр хъуамӕ зарджытӕй кадджын кӕнӕм. Уӕдӕ-иу дӕ зарджыты чиныг бӕрзонддӕр сис, дӕ сӕрыл-иу схӕц ӕмӕ-иу зӕрдиагӕй зар! (10. Хъӕрӕй зарын куы нӕ уӕндӕм, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ ’рлӕууын кӕнӕм?
10 Бирӕтӕ хъӕрӕй зарын нӕ фӕуӕндынц, иннӕты мӕхимӕ ӕркӕсын кӕндзынӕн, кӕнӕ, рӕсугъд хъӕлӕс мын нӕй, зӕгъгӕ. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕнӕм иу хъуыддагыл. Не ’ппӕт дӕр стӕм ӕнӕххӕст, ӕмӕ ныхасӕй «арӕх рӕдийӕм» (Иак. 3:2). Фӕлӕ, мауал дзурӕм, ууыл никуы ахъуыды кодтам. Уӕдӕ зарынмӕ дӕсны кӕй не стӕм, уый тыххӕй Йегъовӕйӕн кады зарджытӕ куыннӕуал хъуамӕ зарӕм?
11, 12. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хуыздӕр зарын райдайӕм?
11 Чи зоны, зарын уый тыххӕй ӕфсӕрмы кӕныс, ӕмӕ, зарын куыд хъӕуы, уый нӕ зоныс. Фӕлӕ дын цалдӕр хуымӕтӕг уынаффӕйы баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй хуыздӕр зарын райдайай.
12 Раст куы улӕфай, уӕд дӕ хъӕлӕсы фылдӕр тых уыдзӕн ӕмӕ дын хъӕрӕй зарын ӕнцондӕр уыдзӕн. Электрон тыхы фӕрцы цырагъ куыд ссудзы, афтӕ улӕфты фӕрцы дӕр дзургӕ-дзурын кӕнӕ заргӕ-зарын дӕ хъӕлӕсы тых фӕзыны. Зарын хъӕуы, ӕнӕуи куыд фӕдзурыс, афтӕ хъӕрӕй йе та ноджы хъӕрдӕрӕй. Цӕмӕй раст улӕфын сахуыр уай, уый тыххӕй афӕлвар Пс. 81:1).
ахӕм фӕлтӕрӕн: ӕмраст слӕуу, де уӕхсчытӕ сраст кӕн ӕмӕ афтӕ сулӕф, цӕмӕй дӕ рӕуджыты бинаг хай уӕлдӕфӕй байдзаг уа. Уӕлдӕф фӕстӕмӕ суадз сындӕггай, иу раулӕфтӕн, цас дӕ бон у, уыйас фылдӕрмӕ куыд анымайай, афтӕ. Стӕй афтӕ улӕфын бафӕлвар заргӕйӕ дӕр. Библийы фыст кады зарджытӕй иуӕй-иуты ахӕм ныхӕстӕ дӕр ис, Йегъовӕйӕн «фырцинӕй хъӕр кӕнут ӕмӕ зарут», зӕгъгӕ (13. Уӕндондӕрӕй зарынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?
13 Бинонты ахуыр уын куы уа кӕнӕ Библи дӕхӕдӕг куы ахуыр кӕнай, уӕд нӕ зарджыты чиныгӕй равзар, тынгдӕр кӕй уарзыс, уыцы зарджытӕ. Фыццаг уал зарӕджы ныхӕстӕ хъӕрӕй ӕмӕ фидарӕй бакӕс. Стӕй та сӕ фӕстӕмӕ уыцы хъӕлӕсыуагӕй афтӕ бакӕс, иу улӕфт дын ӕнӕхъӕн рӕнхъы фаг куыд суа. Уый фӕстӕ уыцы рӕнхъ, кӕсгӕ йӕ куыд хъӕрӕй кодтай, афтӕ хъӕрӕй заргӕ дӕр акӕн (Ис. 24:14). Уый фӕрцы дӕ хъӕлӕс фӕтыхджындӕр уыдзӕн, фӕлӕ-иу ма фӕтӕрс ӕмӕ-иу ма фефсӕрмы у – уый афтӕ хъуамӕ уа!
14. а) Цы ма у нӕ бон саразын, цӕмӕй нын хъӕрӕй зарын уайа? (Кӕс рамкӕ « Хуыздӕр зарынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн».) б) Дӕ хъӕлӕсыуаг фӕхуыздӕр кӕнынӕн дын цавӕр уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты?
14 Цӕмӕй дын хъӕрӕй зарын уайа, уый тыххӕй хъуамӕ дӕ дзых дзӕбӕх гом кӕнай. Уӕдӕ-иу куы зарай, уӕд-иу дӕ дзых, дзургӕ-дзурын ӕй куыд фӕгом кӕныс, уымӕй тынгдӕр гом кӕн. Фӕлӕ дӕм кӕд, мыййаг, афтӕ кӕсы, ӕмӕ дын лӕмӕгъ кӕнӕ ӕгӕр цъӕхснаг хъӕлӕс ис, уӕд та дӕ бон цы у саразын? Архай, цӕмӕй-иу заргӕ-зарын дӕхи ма ныхъхъӕбӕр кӕнай. Стӕй-иу афӕлвар ӕхгӕд дзыхӕй азарын, «м-м-м», зӕгъгӕ, ӕрмӕст-иу дӕ былтӕ кӕрӕдзимӕ ӕгӕр ма нылхъив. Хъуамӕ афтӕ зарай, дӕ сӕр ӕмӕ дӕ риуыгуыдыр куыд зыр-зыр кӕной. Ма рох кӕн арф улӕфын дӕр.
ХУЫЦАУӔН КАДЫ ЗАРДЖЫТӔ ӔППӔТ ЗӔРДӔЙӔ ЗАР
15. а) 2016 азы ӕрвылазон фембӕлды цы фехъусын кодтой? б) Ног зарджыты чиныг рауадзын цӕмӕн бахъуыд?
15 2016 азы Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библиты «Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ зарут!», зӕгъгӕ, ӕмӕ дзы тагъд рӕстӕджы ӕмбырдты пайда кӕнын кӕй райдайдзыстӕм. Фембӕлды чи уыд, уыдонӕн сӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд! Ӕфсымӕр Летт бамбарын кодта, зарджытӕм ногӕй ӕркӕсын цӕмӕн бахъуыд, уый. Иу уый, ӕмӕ «Ног дунейы тӕлмац»-ыл ногӕй бакуыстой, ӕмӕ уый тыххӕй зарджыты ныхӕстӕ дӕр хъуыди аивын. 2013 азы уагъд «Ног дунейы тӕлмац»-ы цы ныхӕстӕ нал ис, уыдон айстой зарджытӕй дӕр. Стӕй ма сӕм бафтыдтой, хъусын кӕныны тыххӕй ӕмӕ Чырыстийы нывонды тыххӕй цы ног зарджытӕ рацыд, уыдон дӕр. Уымӕй уӕлдай, зарджытӕ зарын дӕр нӕ лӕггадмӕ кӕй хауы ӕмӕ арӕх кӕй фӕзарӕм, уымӕ гӕсгӕ Разамонӕг советы фӕндыд, цӕмӕй зарджыты чиныг хӕрзхъӕддӕр уыдаид. Ӕмӕ ныр ног зарджыты чиныджы цъар у, 2013 азы уагъд «Ног дунейы тӕлмац»-ӕн цыхуызӕн у, ахӕм.
ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнадӕн цы ӕрвылазон фембӕлд уыд, уым Разамонӕг советӕй ӕфсымӕр Стивен Летт фехъусын кодта, кӕй рацыд ног зарджыты чиныг,16, 17. Ног зарджыты чиныджы ма ноджыдӕр цы аивтой?
16 Цӕмӕй ног зарджыты чиныгӕй ӕнцондӕр пайда кӕнӕн уа, уый тыххӕй дзы зарджытӕ кӕрӕдзи фӕдыл ӕвӕрд сты темӕтӕм гӕсгӕ. Зӕгъӕм, фыццаг 12 зарӕджы сты Йегъовӕйы тыххӕй, уыдоны фӕстӕ 8 зарӕджы сты Йесойы ӕмӕ йӕ нывонды тыххӕй, ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Зарджыты темӕтӕ се ’ппӕт дӕр фенӕн ис чиныджы райдианы. Уый хорз ӕххуыс у, зӕгъӕм, раныхасӕн зарӕг равзарынӕн.
17 Иуӕй-иу зарджыты ныхӕстӕ ивд ӕрцыдысты, цӕмӕй ӕнцондӕр ӕмбарӕн ӕмӕ рӕсугъддӕр уой ӕмӕ зӕрдӕ тынгдӕр агайой. Уый фӕрцы сӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон уыдзӕн зӕрдӕбынӕй зарын. Кӕцыдӕр ӕвзӕгтыл ног зарджыты чиныджы аивтой, адӕм кӕмӕй нал пайда кӕнынц, ахӕм ныхӕстӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕ. Зӕгъын ма хъӕуы, «Дӕ зӕрдӕ хъахъхъӕн» чи хуынди, уыцы зарӕджы тыххӕй дӕр. Ныр хуыйны «Нӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнӕм». Цымӕ йӕ цӕмӕн хъуыди аивын? Уымӕн ӕмӕ раздӕр йӕ ныхӕстӕ уыдысты бардзырды хуызӕн, ӕмӕ йӕ чи зарыд, уый цыма иннӕты ахуыр кодта, афтӕ уади. Не ’мбырдты ӕмӕ нӕ конгрессты та вӕййы, фылдӕр базонын кӕй фӕфӕнды, ахӕм адӕм, стӕй ног хъусынгӕнджытӕ, сывӕллӕттӕ ӕмӕ хотӕ дӕр. Ӕмӕ уыдон иннӕтӕн зонд амыдтаиккой, уый бынтон аив нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ зарӕджы ном дӕр ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ дӕр ивд ӕрцыдысты.
18. Нӕ ног зарджыты чиныджы цы зарджытӕ ис, уыдон сахуыр кӕнын нӕ цӕмӕн хъӕуы? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)
18 Ног зарджыты чиныджы цы зарджытӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕ сты куывды хуызӕн. Уыдоны фӕрцы дӕ бон у Йегъовӕйӕн дӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ ӕргом кӕнын. Иннӕ зарджыты фӕрцы та нӕ бон у нӕ кӕрӕдзийы «уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» разӕнгард кӕнын (Дзут. 10:24). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’ппӕты дӕр фӕнды нӕ зарджыты мелодитӕ ӕмӕ ныхӕстӕ сахуыр кӕнын. Хӕдзары сӕ куы зарай, уӕд сӕ ӕмбырды дӕр уӕндонӕй ӕмӕ зӕрдӕбынӕй зардзынӕ *.
19. Ӕмбырды алкӕмӕн дӕр йӕ бон куыд у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын?
19 Дӕ зӕрдыл дар, кады зарджытӕ зарын дӕр нӕ лӕггадмӕ кӕй хауы. Уый у диссаджы фадат, цӕмӕй Йегъовӕйӕн равдисӕм, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ дзы бузныг кӕй стӕм. (Бакӕс Исайы 12:5.) Зӕрдӕрайгӕйӕ куы зарай, уӕд иннӕты дӕр уымӕ разӕнгард кӕндзынӕ. Ӕмбырды алкӕмӕн дӕр,– ӕрыгӕттӕн дӕр, ацӕргӕтӕн дӕр ӕмӕ ногтӕн дӕр,– сӕ бон у афтӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Уӕдӕ-иу ма ’фсӕрмы кӕн ӕмӕ-иу зӕрдиагӕй зар. Псаломзарӕггӕнӕг Хуыцауы адӕмы разӕнгард кодта: «Зарут Йегъовӕйӕн». Ӕмӕ ды дӕр афтӕ кӕн – Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ зар! (Пс. 96:1).
^ 18 абз. Алы конгрессы дӕр райсомӕй ӕмӕ фӕссихор программӕ райдайы, 10 минуты чи фӕцӕуы, ахӕм музыкалон видеороликӕй. Уый фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зонд бацӕттӕ кӕнӕм зарӕг азарынмӕ ӕмӕ программӕмӕ лӕмбынӕг байхъусынмӕ. Уӕдӕ-иу цалынмӕ музыкӕ нӕ райдайа, уӕдмӕ-иу хъуамӕ нӕ бынӕтты сбадӕм ӕмӕ-иу стӕй музыкӕмӕ лӕмбынӕг байхъусӕм.