Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ уарзы, фӕразонӕй чи хъусын кӕны, уыдоны

Йегъовӕ уарзы, фӕразонӕй чи хъусын кӕны, уыдоны

«Хорз зӕххыл цы нӕмгуытӕ ӕрхауд, уыдон... сты, хорз ӕмӕ фӕлмӕн зӕрдӕ кӕмӕн ис, ахӕм адӕймӕгтӕ: уыдон... фӕразон кӕй вӕййынц, уый фӕрцы раттынц тыллӕг» (ЛУК. 8:15).

ЗАРДЖЫТӔ: 68, 72

1, 2. а) Адӕм хорз хабармӕ уазал цӕстӕй кӕм кӕсынц, ахӕм рӕтты чи хъусын кӕны, уыдоны цӕвиттонтӕ махӕн ныфсы хос цӕмӕн сты? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Адӕймаг «йӕ райгуырӕн бӕстӕйы» хъусын кӕна, уый фӕдыл Йесо цы загъта? (Кӕс фиппаинаг.)

ИУГОНД ШТАТТЫ чи цӕры, иу ахӕм бинонтӕ, Сержо ӕмӕ Олиндӕ, лӕггад кӕнынц пионертӕй. Сӕ дыууӕйыл дӕр цӕуы 80 азӕй фылдӕр. Фӕстаг рӕстӕг сӕ къӕхтӕ кӕй риссынц, уый тыххӕй сын цӕуын фӕзындӕр. Фӕлӕ уӕддӕр, дӕсгай азты дӕргъы куыд кодтой, афтӕ ныр дӕр райсомӕй авд сахатмӕ ӕрбацӕуынц горӕты фӕзмӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм ранмӕ. Уым автобусты лӕууӕндоны раз фӕлӕууынц ӕмӕ, сӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуы, уыдонӕн Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ фӕдӕттынц. Адӕмӕн сӕ фылдӕр се ’рдӕм кӕсгӕ дӕр нӕ ракӕнынц, фӕлӕ уыдон уӕддӕр фӕлӕууынц ӕмӕ сӕм чи бакӕсы, уыдонмӕ сӕ мидбылты бахудынц. Стӕй сихорафон сабыргай сӕхимӕ ацӕуынц. Ӕмӕ та иннӕ бон дӕр райсомӕй авд сахатыл уыцы ран вӕййынц. Афӕдзӕй-афӕдзмӕ къуыри ӕхсӕз боны уым фӕхъусын кӕнынц.

2 Сержо ӕмӕ Олиндӕйау нӕ иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ дӕсгай азты дӕргъы сӕ райгуырӕн бӕстӕты хъусын кӕнынц, кӕд дзы адӕм хорз хабармӕ уазал цӕстӕй кӕсынц, уӕддӕр. Кӕд ды дӕр Йегъовӕйӕн ахӕм уавӕрты фӕразонӕй лӕггад кӕныс, уӕд раппӕлинаг дӕ *. Дӕ фидардзинад бирӕты, суанг фӕлтӕрд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты дӕр, стыр ныфс уадзы. Дӕ хъус-ма ӕрдар, иуӕй-иу районон цӕстдарджытӕ уый фӕдыл цы зӕгъынц, уымӕ. Сӕ иу мӕнӕ цы загъта: «Ахӕм иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ куы фӕлӕггад кӕнын, уӕд мӕ сӕ цӕвиттон хъарутӕ бауадзы». Иннӕ та афтӕ загъта: «Сӕ иузӕрдиондзинадмӕ кӕсгӕйӕ мӕ фӕфӕнды дарддӕр дӕр фыдӕбон кӕнын ӕмӕ хъӕбатырӕй хъусын кӕнын». Ӕндӕр районон цӕстдарӕг та загъта: «Сӕ цӕвиттон мын мӕ зӕрдӕ тынг агайы».

3. Цавӕр ӕртӕ фарстамӕ ӕркӕсдзыстӕм ӕмӕ цӕмӕн?

3 Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ фарстамӕ: 1) Хатгай нӕ ныфс цӕй тыххӕй асӕтты? 2) Нӕ бон куыд у тыллӕг дӕттын, кӕнӕ дыргъ хӕссын? 3) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕразон уӕм ӕмӕ уый фӕрцы тыллӕг дӕттӕм? Ацы фарстатӕн дзуапп куы базонӕм, уӕд дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй кӕндзыстӕм, Йесо нын кӕй бахӕс кодта, уыцы хъуыддаг.

НӔ НЫФС ЦӔЙ ТЫХХӔЙ АСӔТТЫ?

4. а) Дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр хорз хабарӕй се сӕфт кӕй уыдтой, уый Павелыл куыд фӕзынд? б) Павелмӕ ахӕм ӕнкъарӕнтӕ цӕмӕн уыд?

4 Кӕд, хорз хабармӕ уазал цӕстӕй кӕм кӕсынц, ахӕм ран хъусын кӕнгӕйӕ нӕ ныфс асӕтты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, апостол Павелы ӕнкъарӕнтӕ бамбардзыстӕм. Павел хорз хабар хъусын кодта иу-30 азы дӕргъы ӕмӕ бирӕтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суыдаиккой (Хъуыд. 14:21; 2 Кор. 3:2, 3). Фӕлӕ дзуттӕгтӕй чырыстон фӕндагыл стӕмтӕ йеддӕмӕ не слӕууыд, кӕд уыдонӕн баххуыс кӕныныл дӕр архайдта, уӕддӕр. Сӕ фылдӕр ын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой, чидӕртӕ та ма суанг йӕ фӕдыл дӕр зылдысты (Хъуыд. 14:19; 17:1, 4, 5, 13). Цымӕ, уыцы дзуттӕгтӕ хорз хабарӕй се сӕфт кӕй уыдтой, уый Павелыл куыд фӕзынд? Уый загъта: «Куыд Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг, афтӕ, ӕцӕг цы у, уый зӕгъын... тынг зын мын... у ӕмӕ ӕдзух мӕ зӕрдӕ... риссы» (Ром. 9:1–3). Павелмӕ ахӕм ӕнкъарӕнтӕ цӕмӕн уыд? Хъусын кӕныны хъуыддагыл ӕнувыд кӕй уыд ӕмӕ адӕмы кӕй уарзта, уый тыххӕй. Дзуттӕгтӕн дӕр, тынг сыл кӕй тыхст, уый тыххӕй хъусын кодта. Ӕмӕ Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн кӕй не саргъ кодтой, уый йын тынг зын уыд.

5. а) Цы нӕ разӕнгард кӕны адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнынмӕ? б) Хатгай нӕ ныфс кӕй асӕтты, уый диссаг цӕуылнӕ у?

5 Павелау мах дӕр адӕмӕн уый тыххӕй хъусын кӕнӕм, ӕмӕ сыл зӕрдӕйӕ тыхсӕм (Матф. 22:39; 1 Кор. 11:1). Мах ӕй нӕхицӕй зонӕм, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр кӕй ницы ис. Нӕ территорийы цӕрӕг адӕмыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕхицӕн фӕзӕгъӕм: «Тӕхуды, куы сын баххуыс кӕнин, сӕхи цӕмӕй цух кӕнынц, уый бамбарынӕн!» Ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ фӕразӕнгард кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый базоной. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ сын фӕдзурӕм: «Диссаджы лӕвар дын ӕрбахастам, ӕмӕ йӕ, дӕ хорзӕхӕй, айс». Ӕмӕ адӕм уыцы лӕвар куы ницӕмӕ ӕрдарынц, уӕд, чи зоны, махӕн дӕр Павелау нӕ зӕрдӕ фӕриссы, ӕмӕ уый диссаг дӕр нӕу. Нӕ зӕрдӕ ууыл кӕй фӕриссы ӕмӕ нӕ ныфс кӕй асӕтты, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын уырнындзинад нӕ фаг кӕны, фӕлӕ, хъусын кӕныны хъуыддагыл ӕнувыд кӕй стӕм, ууыл. Уӕдӕ кӕд иуӕй-иу хатт нӕ ныфс асӕтты, уӕддӕр дарддӕр дӕр фӕразонӕй хъусын кӕнӕм. Ӕвӕццӕгӕн нӕ бирӕтӕ сразы уаиккой, 25 азӕй фылдӕр пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Еленӕ, цы загъта, уыимӕ: «Хъусын кӕнын мын афтӕ ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр ацы куыст куыд цӕуы мӕ зӕрдӕмӕ, афтӕ никӕцы».

НӔ БОН КУЫД У ТЫЛЛӔГ ДӔТТЫН?

6. Цавӕр фарстайыл аныхас кӕндзыстӕм?

6 Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ, кӕмфӕнды ма хъусын кӕнӕм, уӕддӕр нӕ бон у нӕ лӕггадӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын? Цӕмӕй ацы ахсджиаг фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй ӕркӕсдзыстӕм, тыллӕг дӕттын, кӕнӕ дыргъ хӕссын, ӕнӕмӕнг кӕй у, уый Йесо цы дыууӕ фӕсномыг ныхасы фӕрцы бамбарын кодта, уыдонмӕ (Матф. 13:23). Фыццаг фӕсномыг ныхас у сӕнӕфсирбӕласы тыххӕй.

7. а) «Сӕнӕфсиры куыстгӕнӕг», «ӕцӕг сӕнӕфсирбӕлас» ӕмӕ «къалиутӕ» кӕмӕ амонынц? б) Цавӕр фарстайӕн ма хъӕуы дзуапп ссарын?

7 Бакӕс Иоанны 15:1–5, 8. Йесо бамбарын кодта, ацы фӕсномыг ныхасы «сӕнӕфсиры куыстгӕнӕг» Йегъовӕмӕ кӕй амоны, «ӕцӕг сӕнӕфсирбӕлас» – йӕхимӕ, «къалиутӕ» та – йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм *. Ӕмӕ стӕй йӕ апостолтӕн загъта: «Бирӕ дыргъ куы хӕссат ӕмӕ, мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый хъуыддагӕй куы ’вдисат, уӕд уымӕй мӕ Фыд скадджын уыдзӕн». Уӕдӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ дыргъ кӕй хъуамӕ хӕссой, уый цӕмӕ амоны? Ацы фӕсномыг ныхасы Йесо комкоммӕ нӕ загъта, уыцы дыргъ цы у, уый, фӕлӕ уӕддӕр йӕ ныхӕсты фӕрцы нӕ бон у уыцы фарстайӕн дзуапп базонын.

8. а) Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ ацы фӕсномыг ныхасы дыргъ хӕссын ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ нӕ амоны? б) Йегъовӕ нӕ цы домы, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн?

8 Йесо йӕ Фыды тыххӕй загъта: «Мӕ къалиутӕй дыргъ чи нӕ хӕссы, уый алыг кӕны». Ӕндӕр ныхасӕй, Йегъовӕ нӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл нымайдзӕн, дыргъ куы хӕссӕм, кӕнӕ тыллӕг куы дӕттӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд (Матф. 13:23; 21:43). Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, ацы фӕсномыг ныхасы дыргъ хӕссын ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ кӕй нӕ амоны (Матф. 28:19). Кӕннод афтӕ рауаид, ӕмӕ, ахуыргӕнинӕгтӕ бацӕттӕ кӕнын кӕмӕн нӕ бантысы, уыцы иузӕрдион Ӕвдисӕнтӕ, дыргъ чи нӕ хӕссы, ахӕм «къалиутӕ» сты. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн нӕй! Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ махӕн нӕ бон нӕу искӕй чырыстон фӕндагыл тыххӕй слӕууын кӕнын. Стӕй нын нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕ дӕр, зынӕххӕстгӕнӕн цы у, ахӕмӕй ницы фӕаразын кӕны. Йегъовӕ адӕймагӕй домы, йӕ бон цы у, ӕрмӕстдӕр уый (Дык. з. 30:11–14).

9. а) Дыргъ кӕй хӕссӕм, уый цӕмӕ амоны? б) Цавӕр фӕсномыг ныхасмӕ ӕркӕсдзыстӕм ӕмӕ цӕмӕн?

9 Уӕдӕ дыргъ хӕссын цӕмӕ амоны? Уый хъуамӕ уа, махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон аразын кӕй у, ахӕм хъуыддаг. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр цавӕр хъуыддаг бахӕс кодта? Йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын * (Матф. 24:14). Ӕмӕ уый бӕрӕг у, Йесо тауӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй дӕр. Цӕй ӕмӕ уыцы фӕсномыг ныхасмӕ дӕр ӕркӕсӕм.

10. а) Ацы фӕсномыг ныхасы «нӕмыг» ӕмӕ «зӕхх» цӕмӕ амонынц? б) Мӕнӕуы зӕнг цавӕр тыллӕг радта?

10 Бакӕс Лукайы 8:5–8, 11–15. Тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы «нӕмыг» амоны «Хуыцауы дзырдмӕ», ома Паддзахады хабармӕ, «зӕхх» та амоны адӕймаджы зӕрдӕмӕ. Хорз зӕххыл чи ӕрхауд, уыцы нӕмыг уидаг ауагъта, ӕвзар суагъта ӕмӕ дзы сзади, зӕгъӕм, мӕнӕу. Стӕй мӕнӕуы зӕнг «сӕдӕ хатты фылдӕр» тыллӕг радта. Цымӕ цавӕр тыллӕг? Ног зӕнгтӕ? Нӕ, мӕнӕуы зӕнг радта ног нӕмгуытӕ. Ӕмӕ уыцы ног нӕмгуытӕ фӕстӕдӕр ӕвзар суагътой ӕмӕ та дзы мӕнӕуы зӕнгтӕ сзад. Йесойы фӕсномыг ныхасы иу нӕмыг радта сӕдӕ нӕмыджы. Ацы фӕсномыг ныхас нӕ лӕггадмӕ куыд хауы?

Фӕразон кӕй стӕм, уый фӕрцы тыллӕг куыд дӕттӕм? (кӕс 11 абзац)

11. а) Тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас нӕ лӕггадмӕ куыд хауы? б) Ног нӕмгуытӕ кӕй фӕтауӕм, уый цӕмӕ амоны?

11 Нӕ чырыстон ныййарджытӕ кӕнӕ нын ӕндӕр Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фыццаг хатт куы радзырдтой, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕмыг хорз зӕххы байтыдтой. Ӕмӕ уыцы хабар нӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстам, уый уынгӕйӕ тынг цин кодтой. Уыцы нӕмыг нӕ зӕрдӕйы уидаг ауагъта, ӕвзар суагъта ӕмӕ ӕппынфӕстаг цӕттӕ уыд тыллӕг раттынмӕ. Ӕмӕ гыццыл раздӕр цы мӕнӕуы зӕнджы кой скодтам, уымӕн йӕ тыллӕг ног зӕнгтӕ нӕ, фӕлӕ ног нӕмгуытӕ куыд уыдысты, раст афтӕ махӕн дӕр нӕ тыллӕг ног ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ вӕййынц, фӕлӕ ног нӕмгуытӕ *. Цымӕ уыцы тыллӕг куыд фӕдӕттӕм? Иннӕтӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд зӕгъӕн ис, нӕ зӕрдӕйы цы нӕмыг тыд ӕрцыд, раст ахӕм нӕмгуытӕ фӕтауӕм (Лук. 6:45; 8:1). Уӕдӕ кӕд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ тыллӕг дӕттӕм.

12. а) Йесо сӕнӕфсирбӕласы тыххӕй ӕмӕ тауӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уыдонӕй цы ис базонӕн? б) Цы базыдтам, уый дын дӕ зӕрдӕ куыд агайы?

12 Йесо сӕнӕфсирбӕласы тыххӕй ӕмӕ тауӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уыдонӕй цы ис базонӕн? «Дыргъ хӕсдзыстӕм» ӕви нӕ, уый, адӕм хорз хабармӕ хъусдзысты ӕви нӕ, уымӕй кӕнгӕ нӕу. Уый кӕнгӕ у, дарддӕр хъусын кӕндзыстӕм ӕви нӕ, уымӕй. Павел дӕр афтӕ загъта: «Алчидӕр райсдзӕн йӕхи хӕрзиуӕг, куыд бафыдӕбон кӕна, уымӕ гӕсгӕ» (1 Кор. 3:8). Йегъовӕ нӕ схорзӕхджын кӕндзӕн, нӕ фыдӕбон цы тыллӕг ӕрхӕсдзӕн, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ, куыд фыдӕбон кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ. 20 азы пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Матильдӕ, загъта: «Йегъовӕ нӕ схорзӕхджын кӕны нӕ фыдӕбоны тыххӕй, ӕмӕ мын уый у стыр цины хос».

ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ФӔРАЗОН УӔМ ӔМӔ УЫЙ ФӔРЦЫ ТЫЛЛӔГ ДӔТТӔМ?

13, 14. Ромӕгтӕм 10:1, 2 стихтӕм гӕсгӕ, хорз хабарӕй йе сӕфт чи уыдта, уыдоныл Павел йӕ къух цӕуылнӕ систа?

13 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕразон уӕм ӕмӕ уый фӕрцы тыллӕг дӕттӕм? Гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй, дзуттӕгтӕ хорз хабарӕй се сӕфт кӕй уыдтой, уый Павелӕн тынг зын уыд. Фӕлӕ сыл уый уӕддӕр йӕ къух нӕ систа. Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, цы зӕрдӕ сӕм дардта, уый тыххӕй ромӕгтӕм йӕ фыстӕджы дарддӕр цы ныффыста, уымӕ: «Уый мӕ фӕнды ӕмӕ Хуыцауӕн дӕр уый тыххӕй фӕлӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй уыдон фервӕзой. Уыдоны тыххӕй мӕ бон зӕгъын у, ӕмӕ Хуыцауыл тынг ӕнувыд сты, фӕлӕ, чи у, уый бӕлвырдӕй нӕ зонынц» (Ром. 10:1, 2). Уӕдӕ сын Павел дарддӕр дӕр цӕмӕн хъусын кодта?

14 Фыццаг, Павел загъта, дзуттӕгтӕн уый тыххӕй кӕй хъусын кодта, ӕмӕ йӕ «фӕндыд», цӕмӕй сын баххуыс кодтаид. Павелы зӕрдиагӕй фӕндыд, цӕмӕй дзы иуӕй-иутӕ уӕддӕр фервӕзтаиккой (Ром. 11:13, 14). Дыккаг, Павел загъта, уыдоны тыххӕй «Хуыцауӕн... фӕлӕгъстӕ кӕнын», зӕгъгӕ. Уый Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид Паддзахады хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсынӕн. Ӕртыккаг, Павел загъта: «Хуыцауыл тынг ӕнувыд сты». Уый йе ’ргом здӕхта, хорзӕй сӕм цы уыд, уымӕ ӕмӕ йӕ ныфс уыд, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй райдайдзысты. Павел йӕхицӕй зыдта, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ, йӕ диныл ӕнувыд чи у, уыцы дзуттӕгтӕй чидӕртӕ Чырыстийы ӕнувыд ахуыргӕнинӕгтӕ суой.

15. Нӕ бон куыд у Павелы бафӕзмын? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

15 Нӕ бон куыд у Павелы бафӕзмын? Фыццаг, хъуамӕ нӕ зӕрдиагӕй фӕнда, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», ахӕм адӕймӕгты агурын. Дыккаг, хъуамӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй-иу сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ байгом кӕна (Хъуыд. 13:48; 16:14). 30 азы бӕрц пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Силванӕ, загъта: «Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ искӕй дуар бахойыны размӕ Йегъовӕмӕ скувын, цӕмӕй-иу адӕймагимӕ зӕрдиагӕй аныхас кӕнон». Нӕ бон ма у Хуыцаумӕ уый тыххӕй дӕр кувын, цӕмӕй-иу нын зӕдтӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгты ссарынӕн баххуыс кӕной (Матф. 10:11–13; Рарг. 14:6). 30 азӕй фылдӕр пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр, Роберт, загъта: «Кӕмӕ фӕцӕуӕм, уыдонӕн сӕ царды тыххӕй зӕдтӕ алцыдӕр фӕзонынц. Ӕмӕ семӕ кӕй ӕмгуыст кӕнӕм, уый диссаг куыннӕ у!» Ӕртыккаг, хъуамӕ не ’ргом здахӕм, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонмӕ хорзӕй цы ис, уымӕ. 50 азӕй фылдӕр донаргъуыд чи у, иу ахӕм хистӕр нӕлгоймаг, Карл, загъта: «Адӕймаг сыгъдӕгзӕрдӕ кӕй у, уый гыццыл цӕмӕйдӕрты дӕр бӕрӕг вӕййы, зӕгъӕм, йӕ мидбылты дӕм кӕй бахуды, хӕлар цӕстӕй дӕм кӕй ракӕсы кӕнӕ дӕм ӕнӕхинӕй исты фарста кӕй ратты, уымӕй. Ӕмӕ уыдӕттӕм мӕ хъус фӕдарын». Уӕдӕ Павелау махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ фӕразон уӕм ӕмӕ уый фӕрцы тыллӕг дӕттӕм.

«ДӔ КЪУХТӔН ӔНЦОЙ МА ДӔТТ»

16, 17. а) Екклесиасты 11:6 стихы цы уынаффӕ ис, уый нын цӕуыл дзурӕг у? б) Фӕрсырдыгӕй нӕм чи кӕсы, уыдонӕй нын чидӕртӕ нӕ хъусын кӕныны хъуыддагмӕ цы цӕстӕй ракӕсынц?

16 Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ хорз хабар никӕй хъӕуы, уӕддӕр хъуамӕ ӕмбарӕм, кӕй хъусын кӕнӕм, уый адӕмыл ӕнӕфӕзынгӕ кӕй нӕ фӕвӕййы. (Бакӕс Екклесиаст 11:6.) Кӕд нӕм адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ хъусынц, уӕддӕр нӕм фӕрсырдыгӕй кӕсынц. Сӕ хъус фӕдарынц, аив конд кӕй вӕййӕм, нӕхи уӕздан кӕй фӕдарӕм ӕмӕ нӕ мидбылты кӕй фӕхудӕм, уымӕ. Ӕвзӕр цӕстӕй нӕм чи кӕсы, уыдонӕй чидӕртӕ нӕ уагахаст уынгӕйӕ фӕстӕдӕр, чи зоны, сӕ хъуыды фӕивой. Статьяйы райдианы кӕй кой кодтам, уыцы Сержо ӕмӕ Олиндӕ дӕр уый сӕхицӕй зонынц.

17 Сержо радзырдта: «Цасдӕр рӕстӕг горӕты фӕзмӕ нал ацыдыстӕм, рынчын кӕй уыдыстӕм, уый тыххӕй. Ӕмӕ стӕй куы ацыдыстӕм, уӕд нын, нӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыд, уыдон дзырдтой: „Кӕм фесӕфтыстут? Ӕрымысыдыстӕм уӕ“». Олиндӕ та йӕ мидбылты худгӕйӕ загъта: «Автобусты шофыртӕ-иу нӕм сӕ къухтӕ батылдтой, чидӕртӕ та-иу сӕ рахъӕр кодтой: „Хорз куыст кӕнут!“ Иуӕй-иу шофыртӕ та-иу нӕ журналтӕ дӕр ракуырдтой». Иу хабар та сӕ бынтондӕр дисы бафтыдта. Иу нӕлгоймаг сӕм стендмӕ бацыд, дидинджытӕ сын балӕвар кодта ӕмӕ сын, цы куыст кӕнынц, уый тыххӕй фӕарфӕтӕ кодта!

18. Цӕмӕн дӕ фӕнды дарддӕр дӕр тыллӕг дӕттын?

18 Уӕдӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнгӕйӕ нӕ къухтӕн ӕнцой куы нӕ дӕттӕм, уӕд афтӕмӕй ахъаз кӕндзыстӕм ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддагӕн – хорз хабар «ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» хъусын кӕнынӕн (Матф. 24:14). Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм ӕмӕ нын уый уыдзӕн стыр цины хос. Йегъовӕ уарзы, фӕразон чи у ӕмӕ уый фӕрцы тыллӕг чи дӕтты, уыдоны!

^ 2 абз. Суанг ма Йесо дӕр загъта, адӕймаг «йӕ райгуырӕн бӕстӕйы» хъусын кӕна, уый ӕнцон хъуыддаг кӕй нӕу. Ӕмӕ уый тыххӕй фыст ис Евангелитӕй алкӕцыйы дӕр (Матф. 13:57; Мар. 6:4; Лук. 4:24; Иоан. 4:44).

^ 7 абз. Кӕд ацы фӕсномыг ныхасы «къалиутӕ», уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ амонынц, уӕддӕр дзы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон у зондӕн бирӕ цыдӕртӕ райсын.

^ 9 абз. Дыргъ хӕссын фӕамоны, Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдон ӕвдисынмӕ дӕр ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ дӕр. Ацы ӕмӕ иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныныл.

^ 11 абз. Ӕндӕр хӕттыты Йесо тауын ӕмӕ кӕрдыны хъуыддаг абарста ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагимӕ (Матф. 9:37; Иоан. 4:35–38).