Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи иртасын дын фылдӕр пайда ӕмӕ циндзинад цӕй фӕрцы хӕсдзӕн

Библи иртасын дын фылдӕр пайда ӕмӕ циндзинад цӕй фӕрцы хӕсдзӕн

ЙЕСО НАВИНЫ хъуыди иу зын хӕс сӕххӕст кӕнын – хъуамӕ Израилы адӕмы бакодтаид Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ. Разӕй сӕм ӕнхъӕлмӕ каст стыр фӕлварӕнтӕ, ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ ныфс бауагъта: «Хъӕбатыр у ӕмӕ фидар лӕуу... [Мӕ] закъонӕй мадӕр рахизырдӕм аздӕх, мадӕр галиуырдӕм. [...] Ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ... кӕс, цӕмӕй дзы цы фыст ис, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнай. Уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ зондджынӕй архайдзынӕ» (Йес. Н. 1:7, 8).

Мах дӕр стыр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлӕм, уымӕн ӕмӕ цӕрӕм «тынг уӕззау рӕстӕджы» (2 Тим. 3:1). Ӕмӕ цӕмӕй Йесойау ӕнтыстджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ архайӕм, Йегъовӕ йын цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ. Хъуамӕ алы бон дӕр Библи кӕсӕм ӕмӕ-иу цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ бон уа раст уынаффӕтӕ хӕссын.

Чидӕртӕ нӕ, гӕнӕн ис, нӕ зонынц, иртасын куыд хъӕуы, уый кӕнӕ та цыдӕртӕ ахуыр кӕнын нӕ уарзынц. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, Библи иртасын тынг ахсджиаг кӕй у. Уыцы хъуыддаджы дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн рамкӕ, « Ацы уынаффӕтӕй спайда кӕн», зӕгъгӕ. Цы уынаффӕтӕ дзы ис, уыдоны фӕрцы дын Библи иртасын фылдӕр пайда ӕмӕ циндзинад хӕсдзӕн.

Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Кӕн мӕ, дӕ фӕдзӕхстытӕ цы фӕндаг амонынц, ууыл, уымӕн ӕмӕ мын ӕхсызгон у уыцы фӕндагыл цӕуын» (Пс. 119:35). Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг куы иртасай, уӕд дын уыцы хъуыддаг аразын ӕхсызгон уыдзӕн. Цас арфдӕр ӕй иртасай, уыйас-иу дзы фылдӕр хӕзнатӕ ссардзынӕ.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо Навинау дӕуыл ахӕм хӕс нӕй, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы кӕдӕмдӕр бакӕнай. Фӕлӕ ды дӕр ӕмбӕлыс цавӕрдӕр фӕлварӕнтыл. Уӕдӕ Йесойау Хуыцауы Ныхас иртас ӕмӕ-иу, цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ архай. Афтӕмӕй ӕнтысджын уыдзынӕ ӕмӕ зондджынӕй архайдзынӕ.