Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы ’хсӕн цы иудзинад ис, ахӕм иудзинад уӕд не ’хсӕн дӕр
«Курын [дӕ]... цӕмӕй се ’ппӕт дӕр ӕмвӕндӕй архайой. Ды, мӕ Фыд, мемӕ иудзинады куыд дӕ... афтӕ уыдон дӕр уой немӕ иудзинады» (ИОАН. 17:20, 21).
1, 2. а) Йесо йӕ апостолты раз Йегъовӕмӕ фӕстаг хатт куы скуывта, уӕд дзы цы ракуырдта? б) Йесойӕн йӕ мӕт ӕмӕ йӕ сагъӕс иудзинадыл цӕмӕн уыд?
ЙЕСО йӕ апостолтимӕ фӕстаг хатт ӕхсӕвӕр куы хордта, уӕд йӕ мӕт ӕмӕ йӕ сагъӕс уыд иудзинадыл. Ӕмӕ йӕ апостолты раз йӕ уӕларвон Фыдмӕ куы скуывта, уӕд дзы ракуырдта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕмвӕндӕй архайой ӕмӕ, йӕхӕдӕг йӕ Фыдимӕ иудзинады куыд ис, афтӕ уыдон дӕр кӕрӕдзиимӕ уой иудзинады. (Бакӕс Иоанны 17:20, 21.) Ахӕм иудзинад уыдаид фидар бӕлвырдгӕнӕн, Йесойы зӕхмӕ Йегъовӕ кӕй рарвыста, уымӕн. Йесойы ӕцӕг ахуыргӕнинӕгты-иу адӕм базыдтаиккой, сӕ кӕрӕдзийы куы уарзтаиккой, уымӕй. Ӕмӕ уыцы уарзондзинады фӕрцы сӕ иудзинады тӕгтӕ ноджы фидардӕр уыдаиккой (Иоан. 13:34, 35).
2 Йесо уыцы изӕр иудзинады кой уыйбӕрц уымӕн кодта, ӕмӕ йӕ уыдта, йӕ апостолты ’хсӕн ӕцӕг иудзинад кӕй нӕ уыд. Зӕгъӕм, уымӕй гыццыл раздӕр йӕ апостолты ’хсӕн быцӕу рауад, «уӕлдӕр сӕ чи хъуамӕ уа, ууыл» (Лук. 22:24–27; Мар. 9:33, 34). Иухатт та Иаков ӕмӕ Иоанн Йесойӕ куырдтой, цӕмӕй сӕ йӕ Паддзахады йӕ фарсмӕ кадджын бынӕтты ӕрбадын кодтаид (Мар. 10:35–40).
3. Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты ’хсӕн иудзинад цӕуылнӕ уыдаид? Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?
3 Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты ’хсӕн иудзинад кӕй нӕ уыд, уымӕн йӕ аххосаг, ӕвӕццӕгӕн, ӕрмӕст уый нӕ уыд, ӕмӕ фылдӕр кад ӕмӕ бартӕм бӕллыдысты. Йесойы заман адӕмы ’хсӕн иудзинад нӕ уыд, кӕрӕдзийӕ се сӕфт кӕй уыдтой ӕмӕ хъулон митӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй. Ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты дӕр хъуыди уыцы ӕвзӕр миниуджытӕ ныууадзын. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм цалдӕр фарстамӕ: Йесо хъулон митӕм цы цӕстӕй каст? Йӕ фӕдылдзӕуджытӕн куыд бамбарын кодта, сӕ хъулон митӕ кӕй хъуамӕ ныууагътаиккой ӕмӕ се ’хсӕн иудзинад кӕй хъуамӕ уыдаид, уый? Йесойы цӕвиттон ӕмӕ нын йӕ уынаффӕтӕ куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй не ’хсӕн алкӕддӕр иудзинад уа?
ЙЕСОМӔ ӔМӔ ЙӔ ФӔДЫЛДЗӔУДЖЫТӔМ ХЪУЛОН ЦӔСТӔЙ КАСТЫСТЫ
4. Йесомӕ хъулон цӕстӕй чи каст ӕмӕ цӕмӕн?
4 Йесойӕн йӕхимӕ дӕр хъулон цӕстӕй кастысты. Филипп Нафанаилӕн куы загъта, Мессийӕйы ссардтон, зӕгъгӕ, уӕд ын уый афтӕ бакодта: «Назаретӕй хорзӕй исты рацӕуа?» (Иоан. 1:46). Ӕвӕццӕгӕн, Нафанаил зыдта Михейы 5:2 стихы фыст пехуымпарад, ӕмӕ Назарет ахӕм кадджын горӕтыл нӕ нымадта, цӕмӕй Мессийӕ уырдыгӕй рацыдаид. Стӕй ма Иудейӕйы кадджын адӕм дӕр Йесомӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты, Галилейӕйӕ кӕй уыд, уый тыххӕй (Иоан. 7:52). Иудейӕйы цӕрджытӕй бирӕтӕ галилейӕгтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кастысты. Дзуттӕгтӕй чидӕртӕ та Йесойы схуыдтой самариаг, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ ныхасӕй бафхӕрдтаиккой (Иоан. 8:48). Самариӕгтӕ уыдысты ӕндӕр адӕмыхатт ӕмӕ сӕ дин дӕр дзуттӕгты динӕй хицӕн кодта. Ӕмӕ Иудейӕйы цӕрджытӕ дӕр ӕмӕ галилейӕгтӕ дӕр самариӕгтӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты ӕмӕ сӕ сӕхи дард ластой (Иоан. 4:9).
5. Йесойы фӕдылдзӕуджытӕм хъулон цӕстӕй кӕй кастысты, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд?
5 Дзуттаг разамонджытӕ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕм дӕр ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты. Фарисейтӕ сӕ хуыдтой «ӕлгъыст адӕм» (Иоан. 7:47–49). Дзуттаг дины скъолаты чи нӕ ахуыр кодта ӕмӕ сын се ’гъдӕуттыл чи нӕ хӕцыд, уыдоны нымадтой хуымӕтӕг ӕмӕ ницӕйаг адӕмыл (Хъуыд. 4:13, фип.). Йесомӕ ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм хъулон цӕстӕй уымӕн кастысты, ӕмӕ уыцы заман алчи сӕрыстыр уыд йӕ динӕй, йӕ адӕмыхаттӕй ӕмӕ йын ӕхсӕнады цы бынат уыд, уымӕй. Стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхӕдӕг дӕр хъулон митӕ кодтой. Ӕмӕ цӕмӕй се ’хсӕн иудзинад уыдаид, уый тыххӕй сӕ хъуыди сӕ зондахаст фӕивын.
6. Адӕймаг искӕмӕ хъулон цӕстӕй куы фӕкӕсы, уӕд ыл уый куыд фӕзыны? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.
6 Абон ахӕм дунейы цӕрӕм, ӕмӕ кӕдӕмфӕнды ма акӕсай,– алы ран дӕр ис хъулон митӕ. Чи зоны нӕм чидӕр хъулон цӕстӕй кӕсы, чи зоны та нӕхӕдӕг дӕр кӕмдӕр хъулон митӕ кӕнӕм. Австралийы чи цӕры ӕмӕ ныртӕккӕ пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо загъта: «Нӕ бӕстӕйы урсцъар адӕм бынӕттон сауцъар адӕмы раздӕр дӕр ӕфхӕрдтой ӕмӕ сӕ ныр дӕр ӕфхӕрынц. Ӕмӕ ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ урсцъар адӕммӕ фыдзӕрдӕ хӕссын райдыдтон. Мӕхи дӕр мын ӕфхӕрдтой, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй бынтондӕр ме сӕфт федтон». Канадӕйы чи цӕры, иу ахӕм ӕфсымӕр та загъта: «Раздӕр французаг ӕвзагыл дзурӕг адӕмы иннӕтӕй хуыздӕрыл нымадтон. Ӕмӕ уый тыххӕй, англисагау чи дзырдта, уыдонмӕ знаджы цӕстӕй кӕсын райдыдтон».
7. Йесо хъулон митӕм цы цӕстӕй каст?
7 Йесойы рӕстӕджы куыд уыд, раст афтӕ абон дӕр адӕймагӕн йӕ хъулон митӕ ныууадзын, чи зоны, ӕнцон ма уа, уымӕн ӕмӕ хатгай уыцы миниуӕг зӕрдӕйы арф уидаг ауадзы. Цымӕ Йесо хъулон митӕм цы цӕстӕй каст? Фыццаг уый, ӕмӕ йӕхӕдӕг хъулон митӕ никуы кодта. Уый хъусын кодта хъӕздгуытӕн дӕр ӕмӕ мӕгуыртӕн дӕр, фарисейтӕн дӕр ӕмӕ самариӕгтӕн дӕр, стӕй ма суанг хъалонисджытӕн ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕн дӕр. Дыккаг та уый, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмбарын кодта ӕмӕ сын хъуыддагӕй дӕр ӕвдыста, иннӕтыл ӕнӕууӕнк кӕй хъуамӕ ма кӕной ӕмӕ сӕм хъулон цӕстӕй кӕй хъуамӕ ма кӕсой.
ХЪУЛОН МИТӔ НЫУУАДЗЫНӔН ХЪӔУЫ УАРЗОНДЗИНАД ӔМӔ СӔРНЫЛЛӔГДЗИНАД
8. Чырыстӕтты сӕйраджыдӕр цы иу кӕны? Бамбарын ӕй кӕн.
8 Йесо бамбарын кодта, сӕйраджыдӕр нӕ цы иу Матфейы 23:8, 9.) «Ӕфсымӕртӕ» нӕ уымӕн ис схонӕн, ӕмӕ не ’ппӕт дӕр Адамы цот стӕм (Хъуыд. 17:26). Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ уымӕн кӕй сты, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Йегъовӕйы нымайынц сӕ уӕларвон Фыдыл (Матф. 12:50). Уыдон иууылдӕр систы Хуыцауы стыр бинонтӕй, ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийыл баста уарзондзинад ӕмӕ уырнындзинад. Ӕмӕ-иу апостолтӕ сӕ фыстӕджыты се ’мчырыстӕтты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр уымӕн схуыдтой (Ром. 1:13; 1 Пет. 2:17; 1 Иоан. 3:13) *.
кӕны, уый. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Сымах... уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут». (Бакӕс9, 10. а) Дзуттӕгтӕн уый ӕфсон цӕуылнӕ уыд, цӕмӕй сӕ адӕмыхаттӕй сӕрыстыр уыдаиккой? б) Ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, уыдонмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсын раст кӕй нӕу, уый Йесо куыд бамбарын кодта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
9 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уый куы бамбарын кодта, ӕмӕ кӕрӕдзи хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл кӕй хъуамӕ нымайой, уӕд ма сын сӕ хъус ӕрдардта, сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уой, уымӕ дӕр. (Бакӕс Матфейы 23:11, 12.) Куыд зонӕм, афтӕмӕй-иу апостолтӕ сӕ сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй иуӕй-иу хатт кӕрӕдзи ныхмӕ систы. Уымӕй уӕлдай ма сыл, чи зоны, иннӕ дзуттӕгты зондахаст фӕзынд. Дзуттӕгтӕй бирӕтӕ сӕхицӕй тынг буц уыдысты, Авраамы байзӕддӕгтӕ кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ зӕххыл уыдонӕй хуыздӕр адӕмыхатт нӕй. Фӕлӕ сын Аргъауӕг Иоанн загъта: «Хуыцауӕн мӕнӕ ацы дуртӕй дӕр йӕ бон у Авраамӕн сывӕллӕттӕ скӕнын» (Лук. 3:8).
10 Дӕ адӕмыхаттӕй сӕрыстыр уай, уый Йесо растыл нӕ нымадта. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, иу чиныджыдӕсныйы фарстайӕн цавӕр дзуапп радта, уымӕй. Уыцы лӕг Йесойы бафарста: «Кӕй хъуамӕ уарзон, уыцы иннӕтӕ чи сты?» Ӕмӕ йын уӕд Йесо иу фӕсномыг ныхас радзырдта. Иу дзуттаг лӕджы абырджытӕ фӕнадтой ӕмӕ йӕ фӕндагыл ӕрдӕгмардӕй ныууагътой. Йӕ рӕзты иу дзуттаг лӕг фӕцӕйцыд, фӕлӕ лӕугӕ дӕр не ’ркодта. Афтӕ иннӕ дӕр. Фӕлӕ йын иу самариаг лӕг фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын баххуыс кодта. Фӕстагмӕ Йесо уыцы чиныджыдӕсныйӕн загъта, цӕмӕй уыцы самариаг лӕгау архайдтаид (Лук. 10:25–37). Афтӕмӕй Йесо бамбарын кодта, дзуттӕгтӕн сӕ бон кӕй у, ӕмӕ самариӕгтӕй хорз истӕуыл сахуыр уой, зӕгъӕм, алкӕй дӕр уарзын.
11. Йесойы ахуыргӕнинӕгты хъулон митӕ ныууадзын цӕмӕн хъуыд ӕмӕ сын уыцы хъуыддаг бамбарынӕн куыд баххуыс кодта?
11 Йесо уӕлӕрвтӕм ацӕуыны размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй «ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» хъусын кодтаиккой (Хъуыд. 1:8). Ӕмӕ цӕмӕй уыцы хӕс ӕххӕст кодтаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди сӕ сӕрбӕрзонддзинад сӕ къӕхты бын ныссӕндын ӕмӕ сӕ хъулон митӕ ныууадзын. Йесо-иу арӕх ракодта, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд, уыдоны хорзы кой, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгты бацӕттӕ кодта, цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъусын кодтаиккой. Зӕгъӕм, дзуттаг чи нӕ уыд, иу ахӕм ӕфсӕддон хицауӕй йӕ диссаджы уырнындзинады тыххӕй раппӕлыд (Матф. 8:5–10). Йӕ райгуырӕн горӕт Назареты та радзырдта, Йегъовӕ, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд, уыдонӕн куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй. Сӕ иу уыд, Сарептӕйы чи цард, уыцы идӕдз сылгоймаг, иннӕ та – хъотырӕй рынчын чи уыд, уыцы сириаг лӕг, Нееман (Лук. 4:25–27). Уымӕй уӕлдай, Йесо хорз хабар радзырдта иу самариаг сылгоймагӕн. Ӕмӕ ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма самариаг горӕты дыууӕ боны дӕр фӕци, уымӕн ӕмӕ уыцы горӕты цӕрджыты бафӕндыд Йесойы ныхӕстӕм байхъусын (Иоан. 4:21–24, 40).
ФЫЦЦАГ ӔНУСЫ ЧЫРЫСТӔТТӔ СӔ ХЪУЛОН МИТӔ КУЫД НЫУУАГЪТОЙ
12, 13. а) Апостолтӕ Йесойы самариаг сылгоймагимӕ ныхасгӕнгӕ куы федтой, уӕд уымӕ цы цӕстӕй ракастысты? б) Уыцы хабар цӕуыл дзурӕг уыд, уый Иаков ӕмӕ Иоанн кӕронмӕ кӕй нӕ бамбӕрстой, уый куыд рабӕрӕг?
12 Апостолтӕн афтӕ ӕнцон нӕ уыд сӕ хъулон митӕ ныууадзын. Йесойы самариаг сылгоймагимӕ ныхасгӕнгӕ куы федтой, уӕд сӕм уый диссаг фӕкаст (Иоан. 4:9, 27). Цымӕ цӕмӕн? Ӕвӕццӕгӕн, уымӕн, ӕмӕ-иу дзуттаг дины разамонджытӕ сылгоймагимӕ адӕмы раз нӕ ныхас кодтой. Уӕлдайдӕр та самариаг сылгоймагимӕ нӕ ныхас кодтаиккой, уымӕй дӕр, хорз ном кӕмӕн нӕ уыд, ахӕмимӕ. Апостолтӕ Йесойӕн загътой, цом, исты ахӕр, зӕгъгӕ, фӕлӕ уымӕн уыцы сылгоймагимӕ рӕстдзинадыл аныхас кӕнын хӕрдӕй ахсджиагдӕр уыд. Хуыцауы фӕндон уыд, цӕмӕй Йесо алкӕмӕн дӕр, суанг самариаг сылгоймагӕн дӕр, хорз хабар хъусын кодтаид, ӕмӕ Йесойӕн та йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнын хӕринагӕй уӕлдай нӕ уыд (Иоан. 4:31–34).
13 Уыцы хабар цӕуыл дзурӕг уыд, уый Иаков ӕмӕ Иоанн кӕронмӕ нӕ бамбӕрстой. Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ фӕндаг Самарийыл куы акодтой, уӕд уыцы ран иу хъӕумӕ, ӕхсӕв кӕм ӕрлӕууыдаиккой, ахӕм бынат агурӕг бацыдысты. Фӕлӕ сӕ уыцы хъӕуы цӕрӕг самариӕгтӕ нӕ бауагътой. Ӕмӕ уӕд Иаков ӕмӕ Иоанн рамӕсты сты ӕмӕ Йесойӕн загътой, зӕгъгӕ, дам, уӕларвӕй арт ӕрцӕуӕд ӕмӕ сӕ аныхъуырӕд. Фӕлӕ сын Йесо карзӕй бауайдзӕф кодта (Лук. 9:51–56). Цымӕ Иаков ӕмӕ Иоанн ахӕм ӕдзӕстуарзон адӕмыл сӕ райгуырӕн бӕстӕ Галилейӕйы куы сӕмбӕлдаиккой, уӕд дӕр сӕм афтӕ тынг смӕсты уыдаиккой? Ӕвӕццӕгӕн, уыцы адӕммӕ уый тыххӕй рамӕсты сты, ӕмӕ сӕм хъулон цӕстӕй кастысты. Фӕстӕдӕр апостол Иоанн самариӕгтӕн куы хъусын кодта ӕмӕ сӕ бирӕтӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ куы айстой, уӕд, хӕрзаг, йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт, уый размӕ сӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕй ракаст, уый тыххӕй (Хъуыд. 8:14, 25).
14. Ӕмбырды чидӕртӕ хъулон митӕ кӕй кодтой, уыцы хъуыддаг апостолтӕ куыд банывыл кодтой?
14 Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ чырыстон ӕмбырды чидӕртӕ хъулон митӕ кӕнын райдыдтой. Ӕфсымӕртӕ-иу мӕгуыр идӕдзтӕн хӕринаг куы уӕрстой, уӕд-иу, грекъагау чи дзырдта, уыцы идӕдзты ницӕмӕ ӕрдардтой (Хъуыд. 6:1). Афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн кодтой, ӕмӕ, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзырдта, ахӕм адӕммӕ хъулон цӕстӕй кастысты. Апостолтӕ уайтагъд хъуыддагмӕ ӕркастысты ӕмӕ хӕринаг уарын ӕууӕнкджын ӕфсымӕртӕн бабар кодтой. Уыцы фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыд грекъаг нӕмттӕ. Ахӕмты, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй равзӕрстой, цӕмӕй, кӕй фӕхъыг кодтой, уыцы идӕдзтӕн ӕнцондӕр уыдаид сӕ ныхасмӕ хъусын.
15. Петр йӕ хъулон митӕ куыд ныууагъта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
15 Нӕ эрӕйы 36 азы Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ райдыдтой ӕндӕр адӕмтӕн дӕр хъусын кӕнын. Уый размӕ апостол Петрӕн иумӕйаг хъуыддӕгтӕ ӕрмӕстдӕр дзуттӕгтимӕ уыд. Фӕлӕ нӕ эрӕйы 36 азы Хуыцау бамбарын кодта, чырыстӕттӕн искӕй хъулон кӕнын кӕй не ’мбӕлы, ӕмӕ уӕд Петр ромаг ӕфсӕддон Корнилийӕн хорз хабар радзырдта. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 10:28, 34, 35.) Уый фӕстӕ-иу Петр, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы чырыстӕттимӕ йӕ рӕстӕг ӕрвыста ӕмӕ-иу семӕ иу фынгыл дӕр бадт. Фӕлӕ цалдӕр азы фӕстӕ Петр горӕт Антиохийы куы уыд, уӕд, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы чырыстӕттимӕ иу фынгыл нал бадт (Гал. 2:11–14). Павел Петрӕн уый тыххӕй карзӕй бауайдзӕф кодта, ӕмӕ, куыд зыны, афтӕмӕй Петр йӕ зондахаст фӕивта. Уый цӕмӕй бӕрӕг у? Петр йӕ фыццаг фыстӕг ныффыста Къаннӕг Азийы цӕрӕг чырыстӕттӕм – дзуттӕгтӕм дӕр ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдонмӕ дӕр – ӕмӕ сӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй ӕфсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзой (1 Пет. 1:1; 2:17).
16. Фыццаг чырыстӕтты цавӕр адӕмӕй зыдтой?
16 Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, апостолтӕ Йесойӕ кӕй сахуыр сты «алыхуызон адӕмы» уарзын (Иоан. 12:32; 1 Тим. 4:10). Кӕд сӕ уымӕн цасдӕр рӕстӕг бахъуыд, уӕддӕр ӕппынфӕстаг сӕ зондахаст фӕивтой. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕтты зыдтой, кӕрӕдзи чи уарзта, ахӕм адӕмӕй. Нӕ эрӕйы 2 ӕнусы цӕрӕг фыссӕг Тертуллиан ныффыста, чырыстӕтты тыххӕй иннӕ адӕм цы дзырдтой, уый, зӕгъгӕ, дам, уыдон кӕрӕдзи уарзынц ӕмӕ кӕрӕдзийы тыххӕй сӕ цард дӕр ратдзысты. Уыцы чырыстӕттӕ сӕ удыхъӕд ногмӕ кӕй раивтой, уый фӕрцы сахуыр сты адӕммӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсын, ӕмӕ никӕйуал хъулон кодтой (Кол. 3:10, 11).
17. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъулон цӕстӕй макӕмӕуал кӕсӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.
17 Мах дӕр, чи зоны, рӕстӕг бахъӕуа, цӕмӕй хъулон митӕ ӕппындӕр мауал кӕнӕм. Францийы чи цӕры, иу ахӕм хо загъта, йӕ зондахаст ивын ын куыд зын у, уый тыххӕй: «Йегъовӕ мын
бамбарын кодта, цы у ӕцӕг уарзондзинад ӕмӕ ӕцӕг хӕларзӕрдӕдзинад, бамбарын мын кодта, цӕуыл дзурӕг у, алыхуызон адӕмы уарзай, уый. Фӕлӕ мӕ ныр дӕр ма фӕхъӕуы тох кӕнын, цӕмӕй макӕй хъулон кӕнон. Уый мын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцаумӕ ныр дӕр ма фӕкувын, цӕмӕй мын мӕ зондахаст ивынӕн ӕххуыс кӕна». Испанийы чи цӕры, иу ахӕм хо та загъта, ныр дӕр ма иуӕй-иу хатт кӕцыдӕр адӕмыхатты тыххӕй ӕвзӕр кӕй фӕхъуыды кӕны. Уыцы хо загъта: «Фылдӕр хатт мын рауайы уыцы хъуыдытӕ фӕсурын. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр ӕмбарын, дарддӕр дӕр мӕ кӕй хъӕуы мӕхиуыл кусын. Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, йӕ адӕмӕй кӕй дӕн ӕмӕ не ’ппӕт дӕр иу бинонтау кӕй стӕм, уый тыххӕй». Хорз уаид, алчидӕр нӕ йӕ зӕрдӕмӕ куы ныккӕсид ӕмӕ куы ахъуыды кӕнид: «Мыййаг, мӕн дӕр ацы дыууӕ хойау цавӕрдӕр хъулон митӕ ныууадзын нӕ хъӕуы?»УАРЗОНДЗИНАД НӔМ ЦАС ФЫЛДӔР УА, УЫЙАС НӔМ ХЪУЛОН МИТӔ КЪАДДӔР УЫДЗӔН
18, 19. а) Алкӕмӕ дӕр хӕларзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм? б) Нӕ бон куыд у уый хъуыддагӕй ӕвдисын?
18 Хорз уаид, нӕ зӕрдыл куы дариккам, кӕддӕр не ’ппӕт дӕр Хуыцауӕй дард кӕй уыдыстӕм (Еф. 2:12). Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ бауарзта ӕмӕ нӕ йӕхимӕ ӕрбакодта (Оси 11:4; Иоан. 6:44). Стӕй нӕ Чырысти дӕр суазӕг кодта. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ нын дуар байгом кодта, ӕмӕ уый фӕрцы ныр стӕм Хуыцауы бинонтӕй. (Бакӕс Ромӕгтӕм 15:7, фип.) Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ Йесо хӕларзӕрдӕйӕ суазӕг кодта. Ӕмӕ уӕд мах та искӕуыл нӕхи куыд хъуамӕ тигъ кӕнӕм!
19 Ацы дунейы кӕрон цас хӕстӕгдӕр кӕна, уыйас адӕм хъулон митӕ фылдӕр кӕндзысты, кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй тынгдӕр кӕсдзысты ӕмӕ къордтыл тынгдӕр дихтӕ кӕндзысты (Гал. 5:19–21; 2 Тим. 3:13). Фӕлӕ мах Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ агурӕм «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд», цӕмӕй хъулон митӕ ма кӕнӕм ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй цӕрӕм (Иак. 3:17, 18). Стыр цины хос нын у, ӕндӕр бӕстӕтӕй дӕр нын хӕлӕрттӕ кӕй ис. Мах сын се ’гъдӕуттӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ ма сын се ’взаг дӕр сахуыр кӕнӕм. Афтӕмӕй нӕ фарн свӕййы «цӕугӕдоны хуызӕн», нӕ рӕстдзинад та – «денджызы уылӕнты хуызӕн» (Ис. 48:17, 18).
20. Адӕймаг уарзондзинады руаджы йӕ зондахаст куы фӕивы, уӕд уый хорзӕй цы ӕрхӕссы?
20 Статьяйы райдианы кӕй кой кодтам, уыцы австралиаг хо Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд, фыдзӕрдӕ кӕмӕ хаста, уыцы адӕмыхатмӕ сабыргай хорз цӕстӕй кӕсын райдыдта. Уый йӕ къухы бафтыд уарзондзинады фӕрцы. Канадӕйӕ чи у, уыцы ӕфсымӕр та загъта, зӕгъгӕ, дам, бамбӕрстон, адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй кӕй фӕуынынц, ӕмӕ кӕрӕдзи рӕстмӕ нӕ фӕзонынц. Стӕй ма загъта: «Адӕймагмӕ цавӕр миниуджытӕ ис, уый, кӕм райгуырд, уымӕй кӕнгӕ нӕу». Уыцы ӕфсымӕр йӕ цард баиу кодта, англисагау чи дзуры, ахӕм хоимӕ! Ацы цӕвиттонтӕй бӕрӕг у, уарзондзинад хъулон митӕн кӕрон кӕй скӕны. Уарзондзинад нӕ кӕрӕдзийыл бӕтты, аскъуыйӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм фидар тӕгтӕй (Кол. 3:14).
^ 8 абз. Дзырд «ӕфсымӕртӕ», гӕнӕн ис, ӕмӕ амона ӕмбырды хотӕм дӕр. Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ Павел Ромы цӕрӕг «ӕфсымӕртӕм» цы фыстӕг ныффыста, уый хотӕм дӕр кӕй хауди, уымӕн ӕмӕ дзы кӕйдӕрты номгай ранымадта (Ром. 16:3, 6, 12). «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» рагӕй фӕстӕмӕ дӕр чырыстӕтты хоны «хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ».