Кӕсджыты фарстатӕ
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд публикацитӕ къопи кӕнӕн ӕмӕ сӕ алыхуызон сайтты ӕмӕ социалон сетьты ӕвӕрӕн цӕуылнӕ ис?
Нӕ организаци цы Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ уадзы, уыдон лӕвар кӕй фӕпарахат кӕнӕм, уый тыххӕй кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕ ис къопи кӕнӕн ӕмӕ сӕ интернеты алыхуызон сайтты ӕмӕ социалон сетьты ӕвӕрӕн. Фӕлӕ афтӕмӕй закъонмӕ гӕсгӕ нӕ организацийы бартӕ ссӕст цӕуынц, ӕмӕ уый ӕркӕны цавӕрдӕр зындзинӕдтӕм дӕр. Нӕ сайтты, «Условия использования» * чи хуыйны, уыцы хайы бӕлвырд фыст ис, уый бар кӕй никӕмӕн ис, цӕмӕй нӕ сайтты логотиптӕ, электронон публикацитӕ, нывтӕ, музыкӕ, къамтӕ, видеороликтӕ ӕмӕ статьятӕ къопи кӕна ӕмӕ сӕ интернеты ӕндӕр искӕцы сайтты кӕнӕ социалон сетьты ӕвӕра. Цымӕ афтӕ цӕмӕн у?
Ӕппӕт бартӕ дӕр хъахъхъӕд цӕуынц. Рӕстдзинад чи ныууагъта, уыдон, стӕй, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон дӕр сӕ сайтты нӕ публикацитӕй фӕпайда кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмӕ иннӕты уыцы сайттӕм басайой. Ахӕм цыдӕртӕ дзы ныффыссынц, цӕмӕй сӕ чи кӕса, уыдонмӕ-иу дызӕрдыггаг хъуыдытӕ фӕзына (Пс. 26:4; Ӕмб. 22:5). Чидӕртӕ та нын нӕ публикациты ӕрмӕгӕй кӕнӕ нӕ логотиптӕй спайда кӕнынц рекламӕйы ӕмӕ алыхуызон электронон приложениты. Кӕмӕндӕрты та сӕ продукцийыл вӕййы нӕ публикацитӕй ист нывтӕ кӕнӕ нӕ логотиптӕ. Фӕлӕ нӕ сайтты комкоммӕ фыст ис, ӕппӕт бартӕ дӕр хъахъхъӕд кӕй цӕуынц ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ӕрмӕг ӕмӕ логотиптӕ ис, уыдон закъонмӕ гӕсгӕ къопи кӕнӕн кӕй нӕй. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ организацийӕн уый бар ис, цӕмӕй уыцы адӕймӕгтыл тӕрхондонмӕ хъаст бадӕтта (Ӕмб. 27:12). Фӕлӕ адӕмӕн, уыимӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн дӕр, уый бар куы дӕттӕм, ӕмӕ нын нӕ публикацитӕ ӕндӕр сайтты ӕвӕрой кӕнӕ исты ауӕй кӕныны тыххӕй нӕ логотиптӕй пайда кӕной, уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдоныл ӕмӕ алыхуызон компанитыл хъаст бадӕттын.
Матф. 24:45). Ӕмӕ нын уыцы «цагъар» та хӕринаг дӕтты ӕрмӕстдӕр нӕ организацийы сайтты уылты. Стӕй нӕ организацийӕн ис ӕрмӕстдӕр ӕртӕ электронон приложенийы. Нӕ сайтты ӕмӕ нӕ приложениты рекламӕ нӕ вӕййы, стӕй фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ дзы, Хӕйрӕджы дунейы зондӕй хъӕстӕ чи у, ахӕм хъуыдытӕ дӕр кӕй нӕй. Фӕлӕ нӕ публикацитӕ ӕндӕр сайттӕй ӕмӕ приложенитӕй куы рафыссай, уӕд фидарӕй зӕгъӕн нӕ уыдзӕн, ӕмӕ дзы ивд ӕппындӕр ницы ӕрцыд (Пс. 18:26; 19:8).
Нӕ публикацитӕ нӕ сайттӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕр сайттӕй рафыссай, уый тӕссаг цӕмӕй у? Йегъовӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕттын бабар кодта ӕрмӕстдӕр «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» (Уымӕй уӕлдай ма, алкӕмӕн дӕр йӕ бон йӕ хъуыдытӕ ныффыссын кӕм у, ахӕм сайтты нӕ публикацитӕ куы сӕвӕрынц, уӕд, рӕстдзинад чи ныууагъта кӕнӕ, нӕ ныхмӕ чи у, уыдонӕн фадат фӕзыны Йегъовӕйы организацийы ныхмӕ дзурынӕн. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ ахӕм сайтты райдайынц нӕ организацийы сӕрыл дзурын. Фӕлӕ афтӕмӕй уыдон ахъаз кӕнынц, цӕмӕй не знӕгтӕ Йегъовӕйы номыл цъыф калой. Хъуамӕ нӕ рох ма уа: ахӕм сайттӕй, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн «зонд амонынӕн» пайда кӕнай, уый раст нӕу (2 Тим. 2:23–25; 1 Тим. 6:3–5). Ноджыдӕр ма куыд бафиппайдтам, афтӕмӕй чидӕртӕ нӕ организацийы номӕй, Разамонӕг советы номӕй кӕнӕ, Разамонӕг советы чи ис, уыцы ӕфсымӕрты номӕй хицӕн сайттӕ скӕнынц, стӕй алыхуызон социалон сетьты сӕ номӕй аккаунттӕ скӕнынц. Фӕлӕ Разамонӕг советы цы ӕфсымӕртӕ ис, уыдонӕй иуӕн дӕр нӕдӕр йӕхи сайт ис, нӕдӕр социалон сетьтӕй пайда кӕнынц.
Адӕмӕн се ’ргом нӕ сайттӕм здахӕм ӕмӕ афтӕмӕй «хорз хабар» парахат кӕнӕм (Матф. 24:14). Нӕ организаци ӕдзухдӕр фӕархайы, цӕмӕй нӕм хъусын кӕнынӕн цы кусӕнгӕрзтӕ ис, уыдон,– нӕ сайттӕ уой ӕви нӕ приложенитӕ,– хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕной. Мах фӕнды, цӕмӕй уыцы кусӕнгӕрзтӕ алкӕмӕн дӕр пайда хӕссой. Уымӕ гӕсгӕ, «Условия использования» чи хуыйны, уыцы хайы фыст ис, нӕ бон кӕй у электронон почтӕйӕ иннӕтӕм ӕрвитын нӕ электронон публикацитӕ кӕнӕ, нӕ сайтты цавӕрдӕр ӕрмӕг кӕй фӕрцы ссарӕн ис, ахӕм ссылкӕтӕ. Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмӕн се ’ргом нӕ сайттӕм куы здахӕм, уӕд сын афтӕмӕй ӕххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг исой, Йегъовӕ уыцы хъуыддаг кӕй бар бакодта, уыцы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй».
^ 1 абз. Ацы хаймӕ ссылкӕ ис нӕ сайтты сӕйраг фарсыл бынӕй. Ӕмӕ дзы цы амындтӕ ис, уыдон хауынц, нӕ сайтты цыдӕриддӕр публикацитӕ ис, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр.