Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи цы дзуры?

Библи цы дзуры?

Цымӕ искуы зӕххыл рӕстдзинад уыдзӕн?

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

  • О

  • Нӕ

  • Чи зоны

Библийы фыст ис

«Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ кӕй рахӕцдзӕн ӕфхӕрд адӕймаджы сӕрыл, мӕгуыртӕн кӕй тӕрхон кӕндзӕн рӕстӕй» (Псалом 140:12). Хуыцауы Паддзахады фӕрцы зӕххыл уыдзӕн рӕстдзинад.

Библийӕ ма цы ис базонӕн

  • Хуыцау уыны, абон дунейы цы хӕрам хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдон ӕмӕ сын кӕрон скӕндзӕн (Екклесиаст 5:8).

  • Хуыцауы рӕстдзинады фӕрцы зӕххыл уыдзӕн сабыр ӕмӕ ӕдас цард (Исай 32:16–18).

Цымӕ Хуыцау иу адӕмыхатт иннӕтӕй хуыздӕрыл нымайы?

Иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, Хуыцау кӕцыдӕр адӕмтӕн арфӕ кӕны, иннӕты та йӕ фыдӕх баййафы. Кӕйдӕрты та уырны, Хуыцау адӕмы кӕй нӕ хъулон кӕны. Дӕумӕ та куыд кӕсы?

Библийы фыст ис

«Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35). Хуыцауы цӕсты адӕм иууылдӕр ӕмхуызон сты.

Библийӕ ма цы ис базонӕн

  • Библийы цы «хорз хабары» кой ис, уый фыст ӕрцыд «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн» (Раргомад 14:6).