Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау тӕригъӕдгӕнаг у?

Хуыцау тӕригъӕдгӕнаг у?

ХУЫЦАУ ЦЫ СФӔЛДЫСТА, УЫДӔТТӔМ КӔСГӔЙӔ ЦЫ ИС БАЗОНӔН?

Тӕригъӕд кӕнын у, адӕймаг иннӕты рыст куы фембары кӕнӕ йӕ йӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг куы фӕисы, йӕхи иннӕйы бынаты кӕй сӕвӕры, уый фӕрцы. Психолог Рик Хансон загъта: «Тӕригъӕд кӕнын нӕ туджы ис».

АХЪУЫДЫ КӔН: Цымӕ иннӕтӕн тӕригъӕд кӕнын ӕрмӕст адӕймаджы бон цӕмӕн у? Библи нын ӕмбарын кӕны, Хуыцау адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ кӕй сфӕлдыста (Райдиан 1:26). Хуыцау нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ уыцы хуызы скодта, ӕмӕ нӕ бон у йӕ миниуджытӕ ӕвдисын. Уӕдӕ адӕм иннӕтӕн куы фӕтӕригъӕд кӕнынц ӕмӕ сын куы баххуыс кӕнынц, уӕд се Сфӕлдисӕг Йегъовӕ Хуыцауы миниуӕг равдисынц (Ӕмбисӕндтӕ 14:31).

ХУЫЦАУ ТӔРИГЪӔДГӔНАГ КӔЙ У, УЫЙ ТЫХХӔЙ БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС?

Хуыцау нын тӕригъӕд кӕны ӕмӕ йын зын вӕййы нӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсын. Рагон израилӕгтӕ Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар сты ӕмӕ 40 азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры куы цардысты, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Уыдонӕн зын куы уыди, уӕд-иу зын уыди уымӕн дӕр» (Исай 63:9). Дӕ хъус-ма ӕрдар, зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарынц, уый Хуыцау ӕрмӕст зонгӕ нӕ кодта, фӕлӕ ма сын сӕ зын дӕр ӕмбӕрста. Хуыцау загъта: «Зонын ӕй, куыд удхар кӕнынц» (Рацыд 3:7). «Сымахмӕ чи ӕвналы,– загъта Хуыцау,– уый мын мӕ цӕстыгагуымӕ ӕвналы» (Захари 2:8). Иннӕтӕ нӕ куы фефхӕрынц, уӕд Хуыцауӕн дӕр йӕ зӕрдӕ фӕриссы.

Библи нын ныфс ӕвӕры, нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл куы худа ӕмӕ нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ нын Хуыцау тӕригъӕд кӕна, уый аккаг не стӕм, уӕддӕр «Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕй стырдӕр у ӕмӕ алцыдӕр зоны» (1 Иоанны 3:19, 20). Хуыцау нӕ нӕхицӕй хуыздӕр зоны. Хорз нын зоны нӕ уавӕртӕ, нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕмӕ нын тӕригъӕд кӕны.

Мах ныфс ис, Хуыцау нын удӕнцой ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ зонӕм, зындзинӕдтӕ чи ’взары, уыдонмӕ ’ххуысмӕ кӕй фӕзыны

Библи нын зӕгъы

  • «Йегъовӕмӕ сдзыназдзынӕ, ӕмӕ дын дзуапп ратдзӕн, ӕххуысмӕ йӕм фӕсиддзынӕ, ӕмӕ дын зӕгъдзӕн: „Мӕнӕ дӕн!“» (ИСАЙ 58:9).

  • «„Ӕз ӕй хорз зонын, сымах тыххӕй мӕ зӕрды цы ис, уый,– зӕгъы Йегъовӕ.– Мӕнӕн мӕ зӕрды ис сымах бӕллӕхы хай бакӕнын нӕ, фӕлӕ фарнӕй схайджын кӕнын, цӕмӕй уын уа фидӕн ӕмӕ ныфс. Дзурдзыстут мӕм, ӕрбацӕудзыстут ӕмӕ мӕм кувдзыстут, ӕмӕ уӕ ӕз фехъусдзынӕн“» (ЙЕРЕМИ 29:11, 12).

  • «Мӕ цӕссыгтӕ мын дӕ лалымы сӕвӕр. Дӕ чиныджы фыст не сты?» (ПСАЛОМ 56:8).

ХУЫЦАУ НӔ УЫНЫ, ӔМБАРЫ НӔ ӔМӔ НЫЛ ТЫХСЫ

Хуыцау нын кӕй тӕригъӕд кӕны, уый куы зонӕм, уӕд нын уый зын рӕстӕг куыд ӕххуыс кӕндзӕн? Ӕркӕсӕм-ма Марийӕйы хабармӕ.

«Ме ’стдӕсаздзыд лӕппу дыууӕ азы ракимӕ фӕтох кодта ӕмӕ стӕй амард. Уый мын стыр рыст ӕмӕ маст бавзарын кодта. Хъуыдытӕ кодтон, цард афтӕ зын цӕмӕн у ӕмӕ мыл ахӕм хабар цӕмӕн ӕрцыд, ууыл. Йегъовӕмӕ мӕсты кодтон, кӕй йын нӕ баххуыс кодта, уый тыххӕй!

Ӕхсӕз азы фӕстӕ ӕмбырды мӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг ӕмбалӕн фӕхъӕстытӕ кодтон, Йегъовӕ мӕ нӕ уарзы, зӕгъгӕ. Уый мӕм цалдӕр сахаты фӕхъуыста, стӕй мын бакаст 1 Иоанны 3:19, 20 стихты фыст ныхӕстӕ. Уым фыст ис: „Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕй стырдӕр у ӕмӕ алцыдӕр зоны“. Уыцы ныхӕстӕ мӕ зӕрдӕмӕ бахъардтой. Стӕй загъта, Йегъовӕ нын нӕ зӕрдӕйы рыст кӕй ӕмбары.

Фӕлӕ уӕддӕр мӕ маст не ’рсабыр. Уый фӕстӕ бакастӕн Псалом 94:19 стихы фыст ныхӕстӕ: „Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уӕд мын дӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд“. Афтӕ мӕм фӕкаст, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ мӕнӕн фыст ӕрцыдысты! Ӕппынфӕстаг мӕ бон сси Йегъовӕйӕн, цы мӕ тыхсын кодта, уый радзурын, уымӕн ӕмӕ зыдтон, кӕй мӕ хъусы ӕмӕ мӕ кӕй ӕмбары».

Хуыцау нӕ кӕй ӕмбары ӕмӕ ныл кӕй тыхсы, уый зонын стыр удӕнцой у! Фӕлӕ уӕддӕр уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарӕм? Цымӕ афтӕ уымӕн у, ӕмӕ нӕ Хуыцау нӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕфхӕры? Цымӕ искуы Хуыцау ӕппӕт зындзинӕдтӕн кӕрон скӕндзӕн? Ацы фарстатыл ныхас цӕудзӕн иннӕ статьяты.