ӔРЫГӔТТӔН
12. Дӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕр
УЫЙ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ
Нысан ӕнӕуи бӕллиц нӕу. Цӕмӕй дӕ нысӕнттӕ дӕ къухы бафтой, уый тыххӕй хъӕуы пълан кӕнын, цыдӕртӕ-иу фӕивын ӕмӕ фыдӕбон кӕнын.
Нысӕнттӕ вӕййынц алыхуызӕттӕ: гыццылтӕ (сӕ сӕххӕст кӕнынӕн бахъӕуы цалдӕр боны кӕнӕ цалдӕр къуырийы), уыдонӕй стырдӕртӕ (уыдонӕн та бахъӕуы цалдӕр мӕйы) ӕмӕ стыртӕ (бахъӕуы сын иу аз кӕнӕ фылдӕр). Цӕмӕй адӕймагӕн стыр нысӕнттӕ йӕ къухы бафтой, уый тыххӕй йӕ хатт бахъӕуы цалдӕр къаддӕр нысаны сӕххӕст кӕнын.
УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У
Адӕймаг цавӕрдӕр нысӕнттӕм куы фӕтырны, уӕд фӕныфсджындӕр вӕййы, йе ’мбӕлттимӕ ноджы тынгдӕр балымӕн вӕййы ӕмӕ амондджындӕр вӕййы.
Фӕныфсджындӕр уыдзынӕ. Дӕ разы гыццыл нысӕнттӕ куы ’вӕрай ӕмӕ-иу дӕ къухы куы бафтой, уӕд-иу фӕныфсджындӕр уыдзынӕ ӕмӕ-иу дӕ разы стырдӕр нысӕнттӕ сӕвӕрдзынӕ. Стӕй дын ӕнцондӕр уыдзӕн зындзинӕдты сӕрты хизын дӕр. Зӕгъӕм, де ’мгӕрттӕ дын исты ӕвзӕрӕй куы аразын кӕной, уӕд-иу сӕм нӕ байхъусдзынӕ.
Де ’мбӕлттимӕ ноджы тынгдӕр балымӕн уыдзынӕ. Йӕ разы хорз нысӕнттӕ чи ӕвӕры ӕмӕ сӕм чи тырны, ахӕм ӕмбӕлттӕ алкӕй дӕр хъӕуы. Уыдон фӕзонынц, цы сӕ фӕнды, уый ӕмӕ фӕархайынц, цӕмӕй сӕ нысӕнттӕ сӕ къухы бафтой. Уымӕй уӕлдай дын де ’мбӕлттимӕ иухуызон нысан куы уа ӕмӕ йӕм иумӕ куы тырнат, уӕд ноджы тынгдӕр балымӕн уыдзыстут.
Амондджындӕр уыдзынӕ. Дӕ разы нысӕнттӕ куы ’вӕрай ӕмӕ-иу дӕ къухы куы бафтой, уӕд дын уый циндзинад хӕсдзӕн.
«Ӕз уарзын мӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрын. Уый фӕрцы мӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ фӕцӕуы ӕмӕ, цӕмӕ тырнон, уый мын вӕййы. Ӕмӕ мӕ нысан мӕ къухы куы бафты, уӕд тынг фӕцин кӕнын ӕмӕ фӕзӕгъын: „Цы мӕ фӕндыд, уый мын рауад“» (Кристофер).
БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Дымгӕмӕ йӕ хъус чи дары, уый ницы байтаудзӕн, ӕмӕ мигътӕм чи кӕсы, уый ницы ӕркӕрддзӕн» (Екклесиаст 11:4).
ЦЫ ИС САРАЗӔН
Дӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу дӕ разы нысӕнттӕ сӕвӕрай ӕмӕ-иу дӕ къухы бафтой.
Дӕ разы нысӕнттӕ сӕвӕр. Ахъуыды кӕн, дӕ разы дӕ бон цавӕр нысӕнттӕ у сӕвӕрын ӕмӕ сӕ чи куыд ахсджиагдӕр у, уымӕ гӕсгӕ сӕ ныффысс.
Пълан скӕн. Цӕмӕй-иу дӕ нысан дӕ къухы бафта, уый тыххӕй-иу...
рӕстӕг снысан кӕн, дӕ къухы кӕдмӕ хъуамӕ бафта, уымӕн;
цы саразын дӕ хъӕуы, уый спълан кӕн;
ахъуыды кӕн, цавӕр цӕлхдуртыл сӕмбӕлдзынӕ ӕмӕ сӕ сӕрты куыд ахиздзынӕ.
Архай. Цӕмӕй дӕ нысанмӕ цӕуын райдайай, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй алы лыстӕг хабарыл дӕр бӕстон ахъуыды кӕнай. Ахӕм фарстайыл ахъуыды кӕн: «Цӕмӕй мӕ нысан мӕ къухы бафта, уый тыххӕй мӕ ’ппӕты фыццаг цы саразын хъӕуы?» Ӕмӕ йӕ стӕй аразын райдай. Дӕ нысанмӕ цӕугӕйӕ дӕ къухы цы бафты, уый-иу фӕнысан кӕн.
БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда» (Ӕмбисӕндтӕ 21:5).