31 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Нӕ бон кувын кӕй у, уымӕн тынг аргъ кӕнӕм
«Мӕ куывд дын ӕхсызгон уӕд буды тӕфау» (ПС. 141:2).
47 ЗАРӔГ Алкӕд Йегъовӕмӕ кув
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *
1. Нӕ бон Йегъовӕмӕ кувын кӕй у, уымӕ цы цӕстӕй кӕсӕм?
НӔ БОН арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгмӕ кувын кӕй у, уый у стыр кад! Ахъуыды-ма кӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ скувӕм, уый тыххӕй йӕм нӕхи рагацау ныффыссын нӕ фӕхъӕуы. Нӕ бон ын у, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый кӕдфӕнды дӕр ӕмӕ кӕцыфӕнды ӕвзагыл дӕр дзурын. Рынчындоны уӕм кӕнӕ ахӕстоны,– уырдыгӕй дӕр нӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд фехъусдзӕн. Нӕ бон Йегъовӕмӕ кувын кӕй у, уымӕн тынг аргъ кӕнӕм.
2. Паддзах Давид куыд равдыста, йӕ бон Хуыцаумӕ кувын кӕй уыд, уымӕн тынг кӕй аргъ кодта?
2 Паддзах Давид дӕр тынг аргъ кодта, йӕ бон Хуыцаумӕ кувын кӕй уыд, уымӕн. Уый Йегъовӕйӕн зарыд: «Мӕ куывд дын ӕхсызгон уӕд буды тӕфау [комк. «будау цӕттӕ уӕд дӕ разы», фип.]» (Пс. 141:1, 2). Давиды заман-иу сауджынтӕ Хуыцауы раз цы буд сыгътой, уый-иу хъуыди бӕлвырд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕрцӕттӕ кӕнын (Рац. 30:34, 35). Ӕвӕццӕгӕн-иу Давид дӕр йӕ уӕларвон Фыдмӕ скувыны размӕ бӕстон ахъуыды кодта, цы зӕгъдзӕн, ууыл. Ӕмӕ буды кой дӕр уый тыххӕй скодта. Мах дӕр фӕнды Давиды фӕзмын, цӕмӕй нӕ куывдтытӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уой.
3. Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм ӕмӕ цӕмӕн?
3 Йегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд хъуамӕ бӕрӕг уа, кӕй йын кад кӕнӕм. Ахъуыды кӕнӕм, Исай, Йезекил, Данел ӕмӕ Иоанн цы диссаджы цӕстылуайӕнтӕ федтой, уыдоныл. Кӕд уыцы цӕстылуайӕнтӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц, уӕддӕр сын иумӕйагӕй цыдӕр ис. Цыппар цӕстылуайӕнӕй дӕр бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй у цытджын Паддзах. Исай федта, Йегъовӕ кӕй «бадти бӕрзонд ӕмӕ кадджын паддзахбадӕныл» (Ис. 6:1–3). Йезекил федта, Йегъовӕ кӕй бадти йӕ уӕларвон уӕрдоныл, «йӕ алыварс уыд ирд рухс», арвӕрдыны хуызӕн (Йез. 1:26–28). Данел та федта, «раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис», уымӕн йӕ дарӕс кӕй уыди урс, йӕ паддзахбадӕн та кӕй уыди пиллон арты хуызӕн (Дан. 7:9, 10). Иоанн цы цӕстылуайӕн федта, уым та Йегъовӕйы «паддзахбадӕны алыварс... уыди арвӕрдын, изумруды хуызӕн» (Рарг. 4:2–4). Йегъовӕ цы бӕрзонд ӕмӕ кадджын бынат ахсы, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд дзы ноджы тынгдӕр бузныг вӕййӕм, нӕ бон ӕм кувын кӕй у, уый тыххӕй. Стӕй ноджы хуыздӕр бамбарӕм, нӕ куывдтытӕй кӕй хъуамӕ уа бӕрӕг, Йегъовӕйӕн кӕй кад кӕнӕм, уый. Фӕлӕ цӕй тыххӕй хъуамӕ кувӕм?
«КУВГӔ ТА КӔНУТ АФТӔ»
4. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты кувын куы ахуыр кодта, уӕд фыццаг цы ныхӕстӕ загъта, уыдон нын цӕуыл дзурӕг сты? (Матфейы 6:9, 10).
4 Бакӕс Матфейы 6:9, 10. Йесо йӕ зындгонд раныхас куы дзырдта, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бацамыдта, Хуыцаумӕ кувын куыд хъӕуы, уый. Фыццаг уал ракодта ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддӕгты кой. Загъта, кӕй хъӕуы кувын, цӕмӕй Хуыцауы ном срухс уа, Хуыцауы знӕгты чи фесафдзӕн, уыцы Паддзахад ӕрцӕуа ӕмӕ, Хуыцаумӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст уа. Уыдӕтты тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд равдисӕм, кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон сӕххӕст уа. Ӕмӕ ахӕм куывдтытӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййынц.
5. Нӕхимӕ цы хауы, уыдӕтты тыххӕй Йегъовӕмӕ кувын ӕмбӕлы?
5 Уый фӕстӕ Йесо йӕ куывды цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, нӕ бон кӕй у, нӕхимӕ цы хауы, уыдӕтты тыххӕй дӕр кувын. Нӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй нын боны фаг хӕринаг ратта, нӕ тӕригъӕдтӕ нын ныххатыр кӕна, фӕлварӕны рӕстӕг нӕ хъахъхъӕна, цӕмӕй ма фӕрӕдийӕм ӕмӕ-иу нӕ Фыдбылызӕй фервӕзын кӕна (Матф. 6:11–13). Ахӕм куывдӕй бӕрӕг вӕййы, кӕй ӕмбарӕм, йе ’ххуыс нӕ кӕй хъӕуы ӕмӕ нӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй нӕ райгонд уа.
6. Йесо йӕ куывды цӕй кой кодта, ӕрмӕст уыдӕтты тыххӕй ис кувӕн? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.
6 Йесо уый зӕгъинаг нӕ уыд, ӕмӕ, кувын куыд амыдта, ӕрмӕстдӕр афтӕ хъуамӕ кувӕм. Уый-иу йӕхӕдӕг ӕндӕр цӕйдӕрты тыххӕй дӕр куывта, зӕгъӕм, цӕуыл хъуыды кодта ӕмӕ цӕуыл мӕт кодта, уыдӕтты тыххӕй (Матф. 26:39, 42; Иоан. 17:1–26). Махӕн дӕр нӕ бон у кувын, цӕуыл фӕмӕт кӕнӕм, уыдӕтты тыххӕй. Зӕгъӕм, уынаффӕ рахӕссын нӕ куы фӕхъӕуы, уӕд нӕ бон вӕййы Йегъовӕйӕ зонд ӕмӕ ӕмбарындзинад курын (Пс. 119:33, 34). Нӕ бар нын исты зын хъуыддаг куы бакӕнынц, уӕд дзы нӕ бон вӕййы ӕххуыс ракурын, цӕмӕй бамбарӕм, куыд бакӕнын ӕй хъӕуы, уый (Ӕмб. 2:6). Ныййарджытӕн сӕ бон у сӕ сывӕллӕтты тыххӕй кувын, сывӕллӕттӕн та – сӕ ныййарджыты тыххӕй. Стӕй не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм ӕмӕ кӕмӕн фӕхъусын кӕнӕм, уыдоны тыххӕй кувын. Уый тынг ахсджиаг у. Фӕлӕ Хуыцауӕй ӕрмӕст истытӕ курын раст нӕ уыдзӕн.
7. Кувгӕйӕ Йегъовӕйы цӕмӕн хъуамӕ кадджын кӕнӕм?
7 Нӕ куывдтыты ма хъуамӕ Йегъовӕйы кадджын дӕр кӕнӕм. Нӕ Хуыцауы хуызӕн кады аккаг ничи у. Уый у «хӕларзӕрдӕ» ӕмӕ «цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ». Стӕй у «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау», мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст (Пс. 86:5, 15). Йегъовӕ ахӕм кӕй у ӕмӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ кӕй аразы, уый тыххӕй йӕ куыннӕ хъуамӕ кадджын кӕнӕм!
8. Нӕ бон цӕй тыххӕй у Йегъовӕйӕн бузныг дзурын? (Псалом 104:12–15, 24).
8 Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ Йегъовӕйӕн бузныг дзурӕм, цы лӕвӕрттӕ нын кӕны, уыдоны тыххӕй. Цӕст кӕсынӕй нӕ фефсӕды алыхуызон рӕсугъд дидинджытӕм, нӕ бон у алыхуызон хӕрзад хӕринӕгтӕ хӕрын ӕмӕ не ’мбӕлттимӕ нӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвитын. Ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ цыдӕртӕ ис ранымайӕн. Нӕ уарзӕгой Фыд нын уыдӕттӕ дӕтты, цӕмӕй амондджын уӕм. (Бакӕс Псалом 104:12–15, 24.) Ӕмӕ нӕ фӕнды ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй йын алы бон дӕр бузныг дзурын. Уӕлдайдӕр ын бузныг фӕзӕгъӕм, уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг нын парахатӕй кӕй дӕтты ӕмӕ нын диссаджы цард кӕй ӕрцӕттӕ кодта, уый тыххӕй.
9. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн бузныг дзурын ма рох кӕнӕм? (1 Фессалоникӕгтӕм 5:17, 18).
9 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу нӕ ма ферох уа Йегъовӕйӕн йӕ хорздзинӕдты тыххӕй бузныг зӕгъын? Нӕ бон у ныффыссын, Йегъовӕмӕ цӕй тыххӕй куывтам, уыдӕттӕ. Ӕмӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ вӕййы уыцы фыстытӕм ӕркӕсӕн, цӕмӕй фенӕм, дзуапп нын куыд радта, уый. Ӕмӕ-иу ын уый фӕстӕ бузныг зӕгъ. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:17, 18.) Исчи нын бузныг куы фӕзӕгъы, уӕд нын ӕхсызгон нӕ вӕййы? Ӕмӕ мах дӕр Йегъовӕйӕн бузныг куы фӕзӕгъӕм, нӕ куывдтытӕн нын дзуапп кӕй радта, уый тыххӕй, уӕд уымӕн дӕр тынг ӕхсызгон вӕййы (Кол. 3:15). Фӕлӕ ма нӕ бон у ноджыдӕр иу ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй Йегъовӕйӕн бузныг дзурын.
ЙЕГЪОВӔЙӔН БУЗНЫГ ДЗУРӔМ, ЙӔ ФЫРТЫ КӔЙ РАРВЫСТА, УЫЙ ТЫХХӔЙ
10. 1 Петры 2:21 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕйӕн бузныг цӕмӕн хъуамӕ дзурӕм, Йесойы зӕхмӕ кӕй рарвыста, уый тыххӕй?
10 Бакӕс 1 Петры 2:21. Хъуамӕ Йегъовӕйӕн бузныг дзурӕм, йӕ уарзон Фырты кӕй рарвыста, цӕмӕй нын рӕстдзинад бацамыдтаид. Йесо куыд цард ӕмӕ куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд бирӕ цыдӕртӕ базонӕм Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ барухс кӕнӕн куыд ис, уый тыххӕй. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм ӕмӕ йемӕ фӕрнӕй цӕрӕм, уӕд хъуамӕ ӕууӕндӕм, Йесо йӕ цард адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕныны тыххӕй кӕй радта, ууыл (Ром. 5:1).
11. Йегъовӕмӕ Йесойы номӕй цӕмӕн фӕкувӕм?
11 Йегъовӕйӕн ма бузныг фӕдзурӕм, нӕ бон ӕм йӕ Фырты номӕй кувын кӕй у, уый тыххӕй дӕр. Йесойы номӕй йӕм куы скувӕм, уӕд нын нӕ куывд фехъусы ӕмӕ нын дзуапп дӕр уый уылты ратты. Йесо загъта: «Мӕ номӕй цыфӕнды ма ракурат,– сараздзынӕн уын ӕй, цӕмӕй Фырт скадджын кӕна Фыды» (Иоан. 14:13, 14).
12. Йегъовӕйӕн ма йӕ Фырты тыххӕй бузныг цӕмӕн хъуамӕ дзурӕм?
12 Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны Йесойы нывонды фӕрцы. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «махӕн ис, уӕлӕрвты Цытджын Хуыцауы паддзахбадӕны рахиз фарс чи ӕрбадт, ахӕм хистӕр сауджын» (Дзут. 8:1). Йесо у не ’ххуысгӕнӕг Фыды раз (1 Иоан. 2:1). Уый нын нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ ӕмбары ӕмӕ мах тыххӕй Йегъовӕйӕн «фӕлӕгъстӕ кӕны» (Ром. 8:34; Дзут. 4:15). Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, ахӕм тӕригъӕдгӕнаг Хистӕр сауджын нын кӕй радта, уый тыххӕй. Мах стӕм ӕнӕххӕст, ӕмӕ Йесо йӕ цард нывондӕн куы не ’рхастаид, уӕд нӕ бон Йегъовӕмӕ кувын дӕр нӕ уыдаид. Йегъовӕ мах тыххӕй йӕ зынаргъ Фырты кӕй нӕ бавгъау кодта, уый тыххӕй дзы куыд бузныг стӕм, уый зӕгъынӕн фаг ныхӕстӕ никуы ссардзыстӕм!
КУВӔМ НӔ ХОТЫ ӔМӔ НЕ ’ФСЫМӔРТЫ ТЫХХӔЙ
13. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кӕй уарзта, уый йӕ мӕлӕты размӕ изӕр куыд равдыста?
13 Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй бирӕ фӕкуывта. Йӕ Фыдӕн загъта, цӕмӕй сӕ Хӕйрӕгӕй хъахъхъӕдтаид (Иоан. 17:15). Ахъуыды-ма кӕн, Йесомӕ разӕй ӕнхъӕлмӕ каст уӕззау фӕлварӕн, фӕлӕ уӕддӕр йӕ апостолтыл хъуыды кодта. Куыд тынг сӕ уарзта!
14. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?
14 Мах фӕзмӕм Йесойы ӕмӕ ӕрмӕст нӕхиуыл нӕ хъуыды кӕнӕм. Ӕмӕ ӕдзухдӕр нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй фӕкувӕм. Афтӕмӕй ӕххӕст кӕнӕм Йесойы фӕдзӕхст, «уӕ кӕрӕдзийы уарзут», зӕгъгӕ (Иоан. 13:34). Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр фӕуыны, не ’мчырыстӕтты кӕй уарзӕм, уый. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй кӕй фӕкувӕм, уый сын стыр ӕххуыс у. Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывдӕн стыр тых ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ фехъуысы» (Иак. 5:16).
15. Не ’мчырыстӕтты тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?
15 Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй кувын уымӕн хъӕуы, ӕмӕ бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. Нӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй ӕххуыс кӕна, рынчын чи у, ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, хӕст кӕм цӕуы, уым чи цӕры, сӕ фӕдыл кӕмӕн зилынц ӕмӕ ӕндӕр зындзинӕдтыл чи ’мбӕлы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн. Нӕ бон ма у кувын, ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхӕссынц, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн удуӕлдайӕ чи феххуыс кӕны, уыцы чырыстӕтты тыххӕй дӕр. Ды дӕр, ӕвӕццӕгӕн, кӕйдӕрты зоныс, ахӕм зындзинӕдтыл чи ’мбӕлы. Дӕ бон у уыдоны тыххӕй номгай кувын. Ахӕм куывдтытӕй равдисӕм, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕцӕгдӕр кӕй уарзӕм.
16. Не ’мбырдтӕн ӕмӕ нӕ организацийӕн разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕрты тыххӕй кувын цӕмӕн хъӕуы?
16 Не ’мбырдтӕн ӕмӕ нӕ организацийӕн разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕ тынг бузныг сты, уыдоны тыххӕй кӕй фӕкувӕм, уый тыххӕй. Нӕ куывдтытӕ сын тынг ӕххуыс кӕнынц. Апостол Павел дӕр аргъ кодта иннӕты куывдтытӕн. Уый йе ’мчырыстӕттӕм ныффыста, зӕгъгӕ, кувут «мӕн тыххӕй дӕр, цӕмӕй мын Хуыцау баххуыс кӕна ӕмӕ мӕ бон уа сӕрибарӕй хъусын кӕнын, хорз хабары сусӕгдзинад адӕмӕн куыд ӕргом кӕнон» (Еф. 6:19). Абон дӕр бӕрнон ӕфсымӕртӕ куыд фыдӕбон кӕнынц, уымӕн аргъ нӕй! Ӕмӕ Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, цӕмӕй сын сӕ фыдӕбонӕн раарфӕ кӕна, уӕд равдисӕм, кӕй сӕ уарзӕм.
ИННӔТЫ НОМӔЙ НӔ ХЪӔРӔЙ СКУВЫН КУЫ ХЪӔУА
17, 18. Иннӕты номӕй скувын нӕ кӕд фӕхъӕуы ӕмӕ-иу нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
17 Хатт нӕ фӕхъӕуы иннӕты номӕй хъӕрӕй скувын. Иуӕй-иу хатт, Библийы ахуыр чи фӕуадзы, уыцы хо иннӕ хойӕн фӕзӕгъы, цӕмӕй скува. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, уыцы хо, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнынц, уый хорз ма зона ӕмӕ йӕ бафӕнда ахуыры кӕрон скувын. Афтӕмӕй йын уыдзӕн рӕстӕг, цӕмӕй бамбара, уыцы адӕймаджы тыххӕй кувгӕйӕ цы зӕгъа, уый.
18 Ӕфсымӕртӕй искӕй та фӕхъӕуы уацамындон фембӕлды кӕрон йе та ӕмбырды райдианы кӕнӕ ӕмбырды кӕрон скувын. Ахӕм кад кӕмӕ ӕрхауы, уыцы ӕфсымӕр-иу хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, цы фембӕлды рӕстӕг кувы, уымӕн йӕ нысан цы у, уый. Кувгӕйӕ-иу хъуамӕ ӕмбырдӕн уынаффӕтӕ ма дӕтта, стӕй, ӕмбырд кӕй тыххӕй нӕма зоны, уыцы хъусинӕгты кой дӕр ма кӕна. Фембӕлдты арӕхдӕр зарӕгӕн ӕмӕ куывдӕн фондз минуты йеддӕмӕ нӕ вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ, кувгӕ чи кӕны, уыцы ӕфсымӕр хъуамӕ йӕ куывд ма ныддаргъ кӕна, уӕлдайдӕр та фембӕлды райдианы (Матф. 6:7).
ӔНӔ КУВГӔЙӔ ДЫЛ ИУ БОН ДӔР МА АЦӔУӔД
19. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы тӕрхоны бонмӕ цӕттӕ уӕм?
19 Йегъовӕйы тӕрхоны бон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ ноджы ахсджиагдӕр у, цӕмӕй йӕм ӕдзух кувӕм. Йесо загъта: «Уӕдӕ ма бафынӕй ут. Ӕдзухдӕр зӕрдиагӕй кувут, цӕмӕй уӕ бон бауа, ӕрцӕуинаг цы у, ӕппӕт уыдӕтты сӕрты ахизын» (Лук. 21:36). Ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд нӕ уырнындзинад не ’рлӕмӕгъ уыдзӕн ӕмӕ нӕ Хуыцауы бон ӕдзӕттӕйӕ не ’рӕййафдзӕн.
20. Нӕ куывдтытӕ Йегъовӕйӕн буды адджын тӕфау ӕхсызгон кӕд уыдзысты?
20 Уӕдӕ ацы статьяйы цӕуыл аныхас кодтам? Нӕ бон Йегъовӕмӕ кувын кӕй у, уымӕн тынг аргъ кӕнӕм. Фыццаджыдӕр хъуамӕ кувӕм, комкоммӕ Йегъовӕйы фӕндимӕ баст чи у, уыцы хъуыддӕгты тыххӕй. Стӕй йын хъуамӕ бузныг дзурӕм йӕ Фырты тыххӕй ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ кувӕм не ’мчырыстӕтты тыххӕй ӕмӕ, нӕхимӕ цы хауы ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕтты тыххӕй. Ӕмӕ дзы хъуамӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа. Кувгӕйӕ цы зӕгъдзыстӕм, ууыл-иу дзӕбӕх куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд равдисдзыстӕм, уыцы диссаджы лӕварӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Ӕмӕ уӕд нӕ ныхӕстӕ Йегъовӕйӕн уыдзысты буды адджын тӕфау ӕхсызгон (Ӕмб. 15:8).
45 ЗАРӔГ Мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ
^ Нӕ бон Йегъовӕмӕ кувын кӕй у, уымӕн тынг аргъ кӕнӕм. Мах фӕнды, цӕмӕй йын нӕ куывдтытӕ буды адджын тӕфау ӕхсызгон уой. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон цӕй тыххӕй у кувын, ууыл. Ноджыдӕр ма аныхас кӕндзыстӕм, нӕ зӕрдыл-иу цы хъуамӕ дарӕм, иннӕты номӕй куы кувӕм, уӕд.
^ НЫВ. Ӕфсымӕр йӕ бинойнагимӕ кувы, цӕмӕй сын Йегъовӕ сӕ сывӕллоны скъолайы бахъахъхъӕна, цӕмӕй йын йӕ рынчын каисӕн баххуыс кӕна ӕмӕ цӕмӕй, йӕ ус Библи кӕимӕ ахуыр кӕны, уыцы сылгоймаджы уырнындзинад фидар кӕна.
^ НЫВ. Ӕрыгон ӕфсымӕр Йегъовӕйӕн бузныг дзуры Чырыстийы нывонды тыххӕй, нӕ диссаджы рӕсугъд зӕххы тыххӕй ӕмӕ пайда хӕринӕгты тыххӕй.
^ НЫВ. Хо Йегъовӕмӕ кувы, цӕмӕй дарддӕр дӕр Разамонӕг советӕн йӕ сыгъдӕг тыхӕй дӕтта ӕмӕ, ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, стӕй, кӕй фӕдыл зилынц, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕна.