Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

48 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Тыхст рӕстӕджыты дын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн

Тыхст рӕстӕджыты дын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн

«„Фидар ут... Ӕз уемӕ дӕн“,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ» (АГ. 2:4).

118 ЗАРӔГ «Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1, 2. Иерусалиммӕ чи ӕрыздӕхт, уыцы дзуттӕгтӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты ӕмӕ абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц? (Кӕс рамкӕ дӕр « Аггейы, Захарийы ӕмӕ Ездрӕйы заман».)

 ӔВӔЦЦӔГӔН, хатт фӕмӕт кӕнӕм, дарддӕр цард куыд уыдзӕн, зӕгъгӕ. Чидӕртӕ ӕнӕ куыстӕй баззайынц ӕмӕ фӕтыхсынц, сӕ бинонты куыд дардзысты, ууыл. Чидӕр та йӕ бинонтӕн фӕтӕрсы, сӕ бӕстӕйы змӕстытӕ кӕй цӕуы, Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ кӕй цӕуынц кӕнӕ сӕ хъусын кӕнын кӕй нӕ уадзынц, уый тыххӕй. Кӕд ды дӕр ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уӕд дын ацы статья стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн. Базондзыстӕм, Йегъовӕ израилӕгтӕн куыд ӕххуыс кодта, уыдон дӕр ахӕм зындзинӕдтыл куы ’мбӕлдысты, уӕд.

2 Цӕрӕнбонты Вавилоны чи цард, уыцы дзуттӕгты хъуыди уырнындзинад, цӕмӕй сӕ хорз цард ӕмӕ сӕ исбон ныууагътаиккой ӕмӕ, сӕ фылдӕрӕн ӕнӕзонгӕ чи уыд, уыцы бӕстӕмӕ ацыдаиккой. Уырдӕм куы ’рцыдысты, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕмбӕлдысты зындзинӕдтыл. Зын сын уыд сӕ бинонты дарын. Уымӕй уӕлдай ма Персы паддзахады уыди змӕстытӕ, стӕй, сӕ алыварс чи цард, уыцы адӕмтӕ сӕ ныхмӕ цыдысты. Уый тыххӕй кӕмӕндӕрты зын уыд Йегъовӕйы кувӕндон аразынмӕ раст цӕстӕй кӕсын. Ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддагыл ӕй нӕ нымадтой. Уымӕ гӕсгӕ н. э. размӕ 520 азмӕ ’ввахс Йегъовӕ дыууӕ пехуымпарӕн, Аггей ӕмӕ Захарийӕн, бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмӕн сӕ зӕрдӕты зынг ссыгътаиккой (Аг. 1:1; Зах. 1:1). Ацы статьяйы фендзыстӕм, уыцы пехуымпартӕн уый сӕ къухы кӕй бафтыд. Фӕлӕ уымӕй 50 азы бӕрц куы рацыд, уӕд та дзуттӕгты хъуыди ногӕй ныфс бауадзын. Уӕд Вавилонӕй Иерусалиммӕ ӕрцыд дӕсны писыр Ездрӕ, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы бафидар кодтаид ӕмӕ сӕ лӕггад сӕ царды фыццаг бынаты сӕвӕрдтаиккой (Езд. 7:1, 6).

3. Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм? (Ӕмбисӕндтӕ 22:19).

3 Аггейы ӕмӕ Захарийы пехуымпарӕдтӕ дзуттӕгтӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардтаиккой, се знӕгтӕ сӕ ныхмӕ куы цыдысты, уӕд. Ӕмӕ махӕн дӕр баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, цыфӕнды зындзинӕдтыл ма ’мбӕлӕм, уӕддӕр нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 22:19.) Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм Аггейы ӕмӕ Захарийы пехуымпарӕдтыл, стӕй ӕркӕсдзыстӕм Ездрӕйы цӕвиттонмӕ. Ӕмӕ базондзыстӕм дзуапп ахӕм фарстатӕн: Иерусалиммӕ чи ӕрыздӕхт, уыцы дзуттӕгтӕ цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты, уыдон сыл куыд фӕзындысты? Тыхст рӕстӕджыты нын царды ӕппӕты сӕйраг Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын цӕмӕн хъуамӕ уа? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр дарӕм?

ДЗУТТӔГТӔ ЦЫ ЗЫНДЗИНӔДТЫЛ СӔМБӔЛДЫСТЫ, УЫДОН СЫЛ КУЫД ФӔЗЫНДЫСТЫ?

4, 5. Дзуттӕгтӕн сӕ зӕрдӕты зынг цӕмӕн ӕрмынӕг?

4 Дзуттӕгтӕ Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд сын куыст тынг бирӕ уыд. Йегъовӕйы нывондхӕссӕн аразын райдыдтой, ӕмӕ йӕ тагъд фесты, стӕй кувӕндонӕн бындур ӕрӕвӕрдтой (Езд. 3:1–3, 10). Фӕлӕ уый фӕстӕ сӕ зӕрдӕты зынг ӕрмынӕг. Цымӕ цӕмӕн? Кувӕндон аразынӕй уӕлдай ма сӕ хъуыди сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ аразын, сӕ хуымтӕ кусын ӕмӕ сӕ бинонты дарын (Езд. 2:68, 70). Стӕй се знӕгтӕ сӕ ныхмӕ цыдысты. Уыдоны фӕндыд дзуттӕгты бахъыгдарын, цӕмӕй кувӕндон мауал арӕзтаиккой (Езд. 4:1–5).

5 Дзуттӕгтӕ ма зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, сӕ бӕстӕйы экономикӕйы ӕмӕ политикӕйы уавӕр ӕвзӕр кӕй уыд, уый тыххӕй дӕр. Ныр уыдысты Персы паддзахады дӕлбар. Н. э. размӕ 530 азы Персы паддзах Кир куы амард, уӕд йӕ бӕсты паддзах сси Камбиз (кӕнӕ Камбис). Уый сфӕнд кодта Египет бацахсын. Ӕмӕ йе ’фсӕдтӕ Египетмӕ куы цыдысты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дзуттӕгтӕй домдтой, цӕмӕй сын лӕвӕрдтаиккой хӕринаг, дон ӕмӕ цӕрӕнбынӕттӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй дӕр сӕ цард фӕзындӕр. Камбизы фӕстӕ Дари Фыццаг куы сси паддзах, уӕд Персы паддзахады цыди змӕстытӕ. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй дзуттӕгтӕй бирӕтӕ мӕт кодтой, сӕ бинонтӕн хӕринаг ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнг цы хъуыд, уыдӕттӕ куыд самал кӕной, ууыл. Уыцы зындзинӕдты тыххӕй чидӕртӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, ныр Йегъовӕйы кувӕндон аразыны афон нӕу (Аг. 1:2).

6. Дзуттӕгтӕ ма ноджыдӕр цавӕр цӕлхдурыл сӕмбӕлдысты ӕмӕ сӕ Захари ныфс куыд бауагъта? (Захари 4:6, 7).

6 Бакӕс Захарийы 4:6, 7. Дзуттӕгтӕн ма се знӕгтӕ дӕр сӕ ныхмӕ цыдысты. Ӕмӕ н. э. размӕ 522 азы сӕ фӕнд сӕ къухы бафтыд. Персы паддзахы сардыдтой, ӕмӕ уый кувӕндон аразыны куыст ӕрлӕууын кодта. Фӕлӕ Захари адӕмы ныфс бауагъта. Загъта сын, Йегъовӕ сын йӕ хъомысджын сыгъдӕг тыхы фӕрцы цыфӕнды цӕлхдуртӕ дӕр сӕ разӕй кӕй айсдзӕн. Н. э. размӕ 520 азы паддзах Дари дзуттӕгтӕн бар радта, цӕмӕй кувӕндон дарддӕр арӕзтаиккой. Ӕмӕ ма сын ӕхцайӕ дӕр баххуыс кодта. Стӕй бынӕттон хицӕуттӕн бардзырд радта, цӕмӕй сын ӕххуыс кодтаиккой (Езд. 6:1, 6–10).

7. Уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыцы дзуттӕгтӕн Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын сӕйраг кӕй уыд, уый тыххӕй цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты?

 7 Аггейы ӕмӕ Захарийы уылты Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ бавӕрдта, кувӕндон аразын сын сӕйраг куы уа, уӕд сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Аг. 1:8, 13, 14; Зах. 1:3, 16). Уыцы пехуымпарты ныхӕстӕ сӕ ныфс бауагътой. Ӕмӕ н. э. размӕ 520 азы ногӕй уыцы хъуыддагмӕ бавнӕлдтой. 5 азы дӕр нӕ рацыд, афтӕ кувӕндон арӕзт фесты. Кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уӕддӕр сын сӕйраг уыд Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ сын уый тыххӕй Йегъовӕ ӕххуыс кодта: лӕвӕрдта сын, цӕрынӕн сӕ ӕнӕмӕнг цы хъуыд, уыдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад дӕр фидар кодта. Гъемӕ Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтой (Езд. 6:14–16, 22).

ХУЫЦАУЫ ФӔНДОН ӔХХӔСТ КӔНЫН ДЫН СӔЙРАГ УӔД

8. Аггей 2:4 стих нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын сӕйраг уа? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)

8 Стыр бӕллӕх къӕсӕрыл ис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ абон тынг ахсджиаг у Йесойы фӕдзӕхстмӕ хъусын ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын (Мар. 13:10). Фӕлӕ нын, чи зоны, зын у нӕ тыхтӕ хъусын кӕнынмӕ саразын, уымӕн ӕмӕ ӕхцайӕ фӕтыхстыстӕм кӕнӕ та нӕ бӕстӕйы Хуыцауы адӕмы хъусын кӕнын нӕ уадзынц. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын Хуыцауы хъуыддаг царды фыццаг бынаты уа? Хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, «ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ» немӕ кӕй ис b. Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ нын нӕхи хъуыддӕгтӕй ахсджиагдӕр куы уой, уӕд нын ӕнӕмӕнгдӕр ӕххуыс кӕндзӕн. Уӕдӕ хъуамӕ мацӕмӕй тӕрсӕм. (Бакӕс Аггейы 2:4.)

9, 10. Иу лӕг ӕмӕ ус сӕхиуыл куыд бавзӕрстой, Матфейы 6:33 стихы фыст ныхӕстӕ раст кӕй сты?

9 Ӕркӕсӕм Олег ӕмӕ Иринӕйы хабармӕ c. Уыдон лӕггад кӕнынц пионертӕй. Иуафон ӕндӕр ранмӕ цӕрынмӕ ацыдысты, цӕмӕй уым ӕмбырдӕн ӕххуыс кодтаиккой. Фӕлӕ сӕ бӕстӕйы экономикӕйы уавӕр фӕфыддӕр, ӕмӕ ӕнӕ куыстӕй баззадысты. Афӕдзы бӕрц сӕ бон куыст ссарын нӕ уыд, кӕд-иу искуы иу хатт кӕмдӕрты акуыстой, ӕндӕр. Фӕлӕ ӕдзух уыдтой, Йегъовӕ сын кӕй ӕххуыс кӕны, уый. Стӕй-иу сын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр цӕмӕйдӕрты баххуыс кодтой. Уыцы уавӕры ма сын ноджыдӕр цы баххуыс кодта? Олегӕн фыццаг йӕ ныфс асаст. Фӕлӕ уый фӕстӕ радзырдта: «Ӕдзух хъусын кӕй кодтам, уый фӕрцы фылдӕр хъуыды кодтам, царды ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, ууыл». Олег ӕмӕ йӕ бинойнаг куыст дӕр агуырдтой ӕмӕ хорз хабар дӕр хъусын кодтой.

10 Иу бон уацамындӕй хӕдзармӕ куы ’рбацыдысты, уӕд сын сӕ сыхаг афтӕ, уе ’мбал, дам, уын дыууӕ дзӕкъулы дзаг хӕринӕгтӕ ӕрбаласта. Уый тыххӕй йӕ бахъуыд 160 километры бӕрц цӕуын. Олег загъта: «Уыцы бон та ногӕй федтам, Йегъовӕ ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куыд тынг уарзынц. Гӕнӕн ис, адӕймаджы ныфс мацӕмӕйуал уа. Фӕлӕ йӕ мах фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй никуы ферох кӕны» (Матф. 6:33).

11. Йегъовӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, йӕ фӕндон ын куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд?

11 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй сӕйраджыдӕр нӕ тыхтӕ саразӕм ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй фервӕзой.  7-ӕм абзацы куыд загътам, афтӕмӕй Аггей Хуыцауы адӕмӕн загъта, цӕмӕй та Хуыцауы хъуыддагмӕ ногӕй бавнӕлдтаиккой. Йегъовӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта, афтӕ куы бакӕной, уӕд сын кӕй арфӕ кӕндзӕн (Аг. 2:18, 19). Мах дӕр хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм: Йегъовӕ нын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн, цы хъуыддаг нын бахӕс кодта, уый нын царды фыццаг бынаты куы уа, уӕд.

ДӔ ЗӔРДӔ ЙЕГЪОВӔЙЫЛ НОДЖЫ ТЫНГДӔР ДАР

12. Ездрӕйы ӕмӕ, йемӕ Вавилонӕй чи здӕхт, уыцы дзуттӕгты фидар уырнындзинад цӕмӕн хъуыд?

12 Н. э. размӕ 468 азы дзуттӕгтӕй ноджыдӕр чидӕртӕ Вавилонӕй Иерусалиммӕ ацыдысты. Семӕ уыд Ездрӕ дӕр. Цӕмӕй уыцы балцы ацыдаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди фидар уырнындзинад. Уыди сӕм бирӕ сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист, уыдон сын паддзах кувӕндонӕн радта. Ӕмӕ сын тӕссаг уыд, абырджытӕ сын сӕ кӕй байсдзысты, уымӕй (Езд. 7:12–16; 8:31). Стӕй, куы ’рхӕццӕ сты, уӕд бамбӕрстой, Иерусалим дӕр ӕдас ран кӕй нӕ уыд. Цӕрджытӕ дзы бирӕ нӕ уыд, стӕй йӕ къултӕ ӕмӕ йӕ кулдуӕрттӕ аразинӕгтӕ уыдысты. Фӕлӕ Ездрӕ йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардта. Йӕ хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13. Ездрӕйӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр дардтаид? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)

13 Ездрӕ федта, Йегъовӕ йӕ адӕмы фыдӕвзарӕны рӕстӕг куыд аирвӕзын кодта, уый. Н. э. размӕ 484 азы паддзах Ахашверош бардзырд радта, цӕмӕй, Персы паддзахады дӕлбар чи цард, уыцы дзуттӕгты се ’ппӕты дӕр ныццагътаиккой (Есф. 3:7, 13–15). Уӕд Ездрӕ, ӕвӕццӕгӕн, Вавилоны цард, ӕмӕ йӕ цард дӕр тӕссаг уавӕры уыд. Дзуттӕгтӕ уыцы бардзырды тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд «паддзахы дӕлбар бӕстӕты» алкӕмдӕр ком дардтой ӕмӕ маст кодтой. Ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕмӕ дзынӕзтой, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид (Есф. 4:3). Ахъуыды-ма кӕн, Ездрӕ ӕмӕ иннӕ дзуттӕгтӕ куыд цин кодтаиккой, се знӕгтӕ сын цы саразынмӕ хъавыдысты, уый сӕхи сӕр куы баййӕфта, уӕд! (Есф. 9:1, 2). Ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабар Ездрӕйы бацӕттӕ кодта фидӕны фӕлварӕнтӕм ӕмӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр дардтаид. Ездрӕ фидарӕй зыдта, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у йӕ адӕмы бахъахъхъӕнын d.

14. Иу хо цы бамбӕрста, Йегъовӕ йын зын уавӕры кӕй баххуыс кодта, уый фӕрцы?

14 Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм ӕмӕ нын Йегъовӕ куы баххуыс кӕны, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр бауырны, алкӕддӕр нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Ӕркӕсӕм хо Анастасийӕйы хабармӕ. Уый цӕры Скӕсӕн Европӕйы. Бахъуыд ӕй йӕ куыст ныууадзын, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд политикӕимӕ баст фарстаты искӕй фарс хӕцын. Уый загъта: «Ӕнӕ ’хцайӕ фыццаг хатт баззадтӕн». Стӕй ма загъта: «Алцыдӕр Йегъовӕйы бар бакодтон. Ӕмӕ федтон, фӕлмӕн уарзтӕй мӕ кӕй уарзы ӕмӕ мын кӕй ӕххуыс кӕны. Искуы ма ӕнӕ куыстӕй куы баззайон, уӕд ӕппындӕр ницӕмӕй тӕрсдзынӕн. Кӕд мын мӕ уӕларвон Фыд абон ӕххуыс кӕны, уӕд мын райсом дӕр баххуыс кӕндзӕн».

15. Ездрӕйӕн цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй алкӕддӕр йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардтаид? (Ездрӕ 7:27, 28).

15 Ездрӕ уыдта, Йегъовӕ йын йӕхицӕн куыд ӕххуыс кодта, уый. Йегъовӕ-иу ын уый размӕ куыд баххуыс кодта, уыдӕттыл кӕй хъуыды кодта, уый йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй йыл алкӕддӕр йӕ зӕрдӕ дардтаид. Дӕ хъус-ма ӕрдар ацы ныхӕстӕм: «мӕ Хуыцау Йегъовӕ... [мын] ӕххуыс кодта [комк. «йӕ арм дардта»]». (Бакӕс Ездрӕйы 7:27, 28.) Ахӕм ныхӕстӕ Ездрӕйы чиныджы ӕмбӕлынц 6 хатты (Езд. 7:6, 9; 8:18, 22, 31).

Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый нӕ бон ноджы тынгдӕр цавӕр уавӕрты вӕййы фенын? (кӕс 16 абзац) e

16. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, уый нӕ бон цавӕр уавӕрты вӕййы фенын? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

16 Йегъовӕ нын баххуыс кӕны алыхуызон зын уавӕрты. Зӕгъӕм, нӕхи куыстӕй куы ракурӕм, цӕмӕй конгресмӕ ацӕуӕм кӕнӕ та нӕ хицауӕн куы зӕгъӕм, цӕмӕй нын нӕ график фӕива ӕмӕ иу ӕмбырд дӕр ма цух кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйӕн ратдзыстӕм фадат, цӕмӕй нын баххуыс кӕна. Ӕмӕ, алцыдӕр куыд рауайдзӕн, ууыл ма дис дӕр кӕндзыстӕм. Ӕмӕ уӕд нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл тынгдӕр дарын райдайдзыстӕм.

Ездрӕ кувӕндоны кӕугӕйӕ кувы. Маст кӕны адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй. Адӕм дӕр тынг кӕуынц. Шехани Ездрӕйӕн ныфсытӕ ӕвӕры: «Уӕддӕр Израилӕн ныфс ис. ...Мах дӕр демӕ уыдзыстӕм» (Езд. 10:2, 4) (кӕс 17 абзац)

17. Ездрӕ-иу зын уавӕрты сӕрныллӕгдзинад куыд равдыста? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

17 Ездрӕ сӕрныллӕгӕй Йегъовӕйӕ ӕххуыс куырдта. Ездрӕ-иу куы мӕт кодта, йӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕндзӕн, ууыл, уӕд-иу алы хатт дӕр Йегъовӕмӕ сӕрныллӕгӕй скуывта (Езд. 8:21–23; 9:3–5). Йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый тыххӕй-иу иннӕтӕ йӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй уыдонӕн дӕр йӕ уырнындзинады хуызӕн уырнындзинад уыдаид (Езд. 10:1–4). Кӕд ӕхцайӕ фӕтыхстыстӕм кӕнӕ нӕ бинонтыл мӕт кӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ Йегъовӕмӕ скувӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нын баххуыс кӕндзӕн, ууыл.

18. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл тынгдӕр дарӕм?

18 Йегъовӕйӕ сӕрныллӕгӕй ӕххуыс куы курӕм ӕмӕ-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты куы бауадзӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕной, уӕд ыл уый фӕстӕ нӕ зӕрдӕ тынгдӕр дардзыстӕм. Ӕркӕсӕм Эрикӕйы хабармӕ. Ис ын 3 сывӕллоны. Цыбыр рӕстӕгмӕ йыл ӕрцыд дыууӕ зианы: йӕ сывӕллон амард, нырма йӕ гуыбыны уыд, афтӕмӕй, стӕй амард йӕ зынаргъ цардӕмбал дӕр. Фӕлӕ уыцы зын рӕстӕджы дӕр Эрикӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта. Уый фӕстӕ афтӕ загъта: «Адӕймаг ӕй рагацау нӕ фӕзоны, Йегъовӕ йын куыд баххуыс кӕндзӕн, уый. Гӕнӕн ис, ӕнхъӕл дӕр куыд не стӕм, афтӕ нын баххуыс кӕна. Йегъовӕ мын мӕ куывдтытӕй бирӕтӕн дзуапп радта ме ’мбӕлтты уылты. Цыдӕр-иу загътой кӕнӕ-иу цыдӕр сарӕзтой ӕмӕ мын-иу афтӕмӕй баххуыс кодтой. Цӕмӕй дын де ’мбӕлттӕ баххуыс кӕной, уый тыххӕй-иу сын хъуамӕ дӕ зӕрдӕ раргом кӕнай».

ДӔ ЗӔРДӔ ЙЕГЪОВӔЙЫЛ КӔРОНМӔ ДАР

19, 20. Иерусалиммӕ аздӕхын йӕ бон кӕмӕн нӕ баци, уыцы дзуттӕгтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

19 Иерусалиммӕ аздӕхын йӕ бон кӕмӕн нӕ баци, уыцы дзуттӕгтӕй дӕр бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Чидӕртӕ дзы, ӕвӕццӕгӕн, нӕ аздӕхтысты, ацӕргӕ кӕнӕ рынчын кӕй уыдысты, уый тыххӕй йе та сӕ бинонты тыххӕй. Фӕлӕ, Иерусалиммӕ чи цыд, уыдонӕн зӕрдиагӕй баххуыс кодтой. Кувӕндонӕн цы бахъуыдаид, уымӕй сӕм фӕкастысты (Езд. 1:5, 6). Куыд зыны, афтӕмӕй, дзуттӕгтӕй фыццӕгтӕ Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕхтысты, уымӕй иу-19 азы фӕстӕ дӕр, Вавилоны чи баззад, уыцы дзуттӕгтӕ Иерусалиммӕ мысайнӕгтӕ ӕрвыстой (Зах. 6:10).

20 Кӕд Йегъовӕйы хъуыддаджы, цас нӕ фӕндид, уыйбӕрц аразын нӕ бон нӕу, уӕддӕр хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм: Йегъовӕ уыны, йӕ зӕрдӕ барухс кӕныны тыххӕй цы аразӕм, уый. Ӕмӕ уымӕн тынг аргъ кӕны. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Йегъовӕ пехуымпар Захарийӕн загъта, цӕмӕй, дзуттӕгтӕ Вавилонӕй Иерусалиммӕ цы сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист ӕрбарвыстой, уымӕй кадыхуд скодтаид (Зах. 6:11). Уыцы «рӕсугъд кадыхуд» уыди зӕрдыл дарынӕн, цӕмӕй сӕ рӕдау мысайнӕгтӕ рох ма уыдаиккой (Зах. 6:14). Ӕмӕ Йегъовӕ никуы ферох кӕндзӕн, мах дӕр ын тыхст рӕстӕджы зӕрдиагӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, уый (Дзут. 6:10).

21. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, фидӕны цавӕрфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм?

21 Ацы фӕстаг бонты зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзыстӕм. Ӕмӕ фидӕны та уавӕр, гӕнӕн ис, ноджы фыддӕр фӕуа (2 Тим. 3:1, 13). Фӕлӕ-иу хъуамӕ мӕты ма бафтӕм ӕмӕ ма стыхсӕм. Аггейы рӕстӕджы Йегъовӕ йӕ адӕмӕн загъта: «Ӕз уемӕ дӕн... [...] Ма тӕрсут» (Аг. 2:4, 5). Ӕмӕ немӕ дӕр уыдзӕн, йӕ фӕндон ын зӕрдиагӕй куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд. Ацы статьяйы аныхас кодтам Аггейы ӕмӕ Захарийы пехуымпарӕдтыл, стӕй ӕркастыстӕм Ездрӕйы цӕвиттонмӕ. Цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд, фидӕны цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр нӕ зӕрдӕ дардзыстӕм Йегъовӕйыл.

122 ЗАРӔГ Фидар, ӕнӕфӕцудгӕ ут!

a Ацы статья нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл тынгдӕр дарӕм, экономикӕйы ӕмӕ политикӕйы уавӕр ӕвзӕр куы уа кӕнӕ нӕ хицауад хъусын кӕнын куы нӕ уадза, уӕд.

b Дзырдбаст «ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ» Аггейы чиныджы ӕмбӕлы 14 хатты. Уый дзуттӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта ӕмӕ махӕн дӕр нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йегъовӕ кӕй у ӕгӕрон тыхы хицау ӕмӕ йӕ дӕлбар кӕй ис стыр ӕфсӕдтӕ – йӕ зӕдтӕ (Пс. 103:20, 21).

c Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

d Ездрӕ уыд дӕсны писыр. Хъуыди-иу ӕй Хуыцауы закъон рафыссын. Уымӕ гӕсгӕ, цалынмӕ Иерусалиммӕ нӕ ацыд, уӕдмӕ дӕр ӕй фидарӕй уырныдта, Йегъовӕйы пехуымпарӕдтӕ кӕй сӕххӕст вӕййынц (2 Аз. 36:22, 23; Езд. 7:6, 9, 10; Йер. 29:14).

e НЫВТӔ. Ӕфсымӕр йӕ куысты хицауӕй йӕхи конгресмӕ ракуырдта, фӕлӕ йӕ уый нӕ ауагъта. Ӕфсымӕры та фӕнды ногӕй йемӕ аныхас кӕнын, ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс ӕмӕ разамынд куры. Йӕ хицауӕн дӕтты конгресмӕ хуынды гӕххӕтт. Ӕмӕ йын ӕмбарын кӕны, Библи нӕ цӕуыл ахуыр кӕны, уый фӕрцы хуыздӕрырдӕм кӕй ивӕм. Уый хицауы зӕрдӕмӕ фӕцыд, ӕмӕ йӕ ауагъта.