ЦАВӔРДӔР ХЪУЫДЫ БИБЛИЙӔ
Хуыцау адӕмӕн хатыр кодта, ивгъуыд заманты цы тӕригъӕдтӕ кодтой, уыдон
Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны, Чырысти йӕхи нывондӕн кӕй ӕрхаста ӕмӕ нӕ йӕ тугӕй кӕй балхӕдта, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы (Еф. 1:7). Фӕлӕ Библийы фыст ис, Хуыцау адӕмӕн кӕй быхста ӕмӕ сын кӕй хатыр кодта, «ивгъуыд заманты [ома, Чырысти йӕ цард нывондӕн куы ’рхаста, уый размӕ] цы тӕригъӕдтӕ кодтой, уыдон» (Ром. 3:25). Йегъовӕ адӕмы тӕригъӕдтӕ хатыр кодта, фӕлӕ уыимӕ йӕ уагӕвӕрдты сӕрты дӕр нӕ ахызт. Уымӕн гӕнӕн куыд уыд?
Йегъовӕ «байзӕддагӕй» зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ афтӕ нымадта, цыма Чырыстийы нывонд хаст ӕрцыд. Уыцы байзӕддаг хъуамӕ фервӕзын кодтаид, чи йыл баууӕндыдаид, уыцы адӕмы (Райд. 3:15; 22:18). Хуыцау ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, цы рӕстӕг снысан кодта, уыцы рӕстӕг йӕ иунӕг Фырт цӕттӕ кӕй уыдзӕн йӕ цард нывондӕн ӕрхӕссынмӕ (Гал. 4:4; Дзут. 10:7–10). Йесо зӕххыл куы цард, уӕд ын Хуыцау радта бар, цӕмӕй адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кодтаид, кӕд нырма йӕ нывонд хаст не ’рцыд, уӕддӕр. Чи йыл баууӕндыд, уыдонӕн сӕ хатыр кодта, уымӕн ӕмӕ зыдта, йӕ нывонд сын сӕ тӕригъӕдтӕ кӕй бамбӕрздзӕн (Матф. 9:2–6).